Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгардгӕнӕг фембӕлдтӕ

Уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгардгӕнӕг фембӕлдтӕ

Уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгардгӕнӕг фембӕлдтӕ

Рагон чырыстӕттӕ цӕмӕй разамынд райстаиккой ӕмӕ сын ныфсдӕттӕг ныхас уыдаид, уый тыххӕй фылдӕр хатт ӕмбырд кодтой сӕрмагонд хӕдзӕртты. Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн фембӕлдтӕ вӕййы къуыри ӕртӕ хатты. Уыцы фембӕлдтӕй дӕ алкӕцымӕ дӕр хонынц. Уыдон вӕййынц ӕнӕ ницавӕр ритуалтӕй, Хуыцауы зондамындтӕм хъус ӕрдаргӕйӕ. Ӕмбырды фембӕлдтӕ райдайынц ӕмӕ фӕвӕййынц зарӕг ӕмӕ куывдӕй. Бацӕуӕн сӕрибар, ӕмӕ дзы ӕхца не ’мбырд кӕнынц (Куыстытӕ 4:23—31; 14:22; 15:32, 35; Ромӕгтӕм 16:5; Колоссӕгтӕм 4:15).

Фыццаг хатт уал дын, чи зоны, хуыздӕр уаид публикон докладмӕ бацӕуын, кӕцы 45 минут цӕуы, кӕцыйы дзырд фӕцӕуы библион ахуырӕдтӕ ӕмӕ пехуымпарӕдтыл, кӕнӕ лӕвӕрд фӕцӕуы чырыстон уагахастмӕ хауӕг уынаффӕ. Доклады фӕстӕ вӕййы Библийы ахуыр, сӕрмагондӕй ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн нысангонд «Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы» статьяйы ӕххуысӕй. Ахуырад фӕцӕуы ахӕм ӕгъдауӕй: раздӕр уал «Хъахъхъӕнӕг Мӕсыг»-ӕй абзац хъӕрӕй каст цӕуы, уый фӕстӕ ахуырады разамонӕг дӕтты фарстытӕ ӕрмӕгмӕ, ӕмӕ дзуапп дӕттын кӕй фӕнды, уый йӕ къухыл схӕцы. Арӕхдӕр алы абзацмӕ цалдӕр комментари фӕдӕттынц. Уыцы фембӕлд фӕцӕуы иу сахат.

Къуырийы бонтӕй сӕ иуы вӕййынц иннӕ дыууӕ фембӕлды, фӕйнӕ 45 минуты. Фыццаг — Теократон лӕггаддзинады скъола. Уый ахуыр кӕны, библион темӕтыл информаци куыд ӕмбырдгӕнгӕ у ӕмӕ йӕ иннӕтӕн ӕнтыстджынӕй куыд дӕттын хъӕуы. Сӕрмагонд ахуырад фӕцӕуы 21 минуты дӕргъы, уый фӕстӕ рагацау нысангонд ахуыргӕнинӕгтӕ цыбыртӕй радзурынц ахуырады ӕрмӕг. Алы раныхасы фӕстӕ скъолайы разамонӕг уынаффӕ дӕтты, кӕцы ӕвдисы, ахуыргӕнинагӕн йӕ бон куыд у фӕхуыздӕр уын. Ацы скъолайӕн рагхыгъд сты алыхуызон ӕххуысчингуытӕ. Ӕмбырды фембӕлдтӕ чи нӕ цух кӕны, уымӕн йӕ бон у скъолайы йӕхи ныффыссын, кӕд йӕ уагахаст чырыстон принциптӕн ӕмбӕлон у, уӕд.

Уый фӕстӕ иннӕ фембӕлд та хуыйны «службӕйон фембӕлд». Уый конд у ӕртӕ кӕнӕ цыппар хайӕ, кӕцыты дзырд фӕцӕуы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цины хабар куыд дзурын хъӕуы, ӕмӕ уацамынды ӕндӕр фӕрстыл. Программӕйы хӕйттӕ дзурынц раныхасы, уынаффӕтӕ ӕмӕ демонстрациты хуызы иуӕй-иу уӕвджыты хайад истӕй. Программӕ бындуриуӕг кӕны сӕйраджыдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Ӕхсӕнады ӕрвылмӕйон рауагъды цыппарфарсон бюллетены «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы ӕрмӕгыл.

Чысыл къордтӕй ма уагъд фӕцӕуы иу ӕрвылкъуырион ахуырад ӕмбырды ӕппӕт территорийы, арӕхдӕр сӕрмагонд фатерты. Уыцы ахуырад цӕуы Библийы ӕмӕ Ӕхсӕнады ӕрӕджы уагъд чингуытӕй иуы бындурыл. Къордтӕ стыр кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр хорз гӕнӕн ис ныхасы хайад райсынӕн ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хуыздӕр базонгӕ уӕвынӕн.

Ӕмбырды фембӕлдтӕн сӕ фылдӕр фӕуадзынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты амад Паддзахады Залты. Хӕрдзтӕ ӕмбӕрзт цӕуынц Ӕвдисӕнтӕн сӕхи бархи мысайнӕгтӕй ӕмӕ фылдӕр хатт кусынц бархи кусджытӕ лӕвар. Ӕмбырды ӕппӕт фембӕлдты дӕр ис асыччытӕ барвӕдон мысайнӕгтӕн.

Ӕмбырды фембӕлдтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕнынц Дзуттытӕм 10:24, 25 фӕдыл цӕуын: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг».

• Цавӕр характерон хицӕндзинӕдтӕ ис фенӕн рагон чырыстӕтты фембӕлдтӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдты?

• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ регуляронӕй кӕй уадзынц, ӕмбырды уыцы фондз фембӕлды цӕуыл дзырдӕуы?

• Куыд ӕфты сӕ къухы залтӕ фембӕлдтӕн?

[Нывтӕ 14 фарсыл]

Хистӕр къухдариуӕг кӕны «Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы» ахуырыл (АИШ).

Теократон лӕггаддзинады скъолайы сценкӕ (Фареры сакъадахтӕ).

Къорд Библи ахуыр кӕны сӕрмагонд хӕдзары (Яп).

Паддзахадон Зал, кӕцы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дыууӕ бонмӕ сарӕзтой Нью-Браунфелсы (Техас, АИШ).

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Паддзахадон Залтӕ алы бӕстӕты.

Япон

Австрали

Австри

Испани