Финансон ӕххуыс барвӕндон мысайнӕгтӕй
Финансон ӕххуыс барвӕндон мысайнӕгтӕй
Уӕлдӕр лӕвӕрд архайд иуылдӕр ӕххӕст цӕуы барвӕндон ӕмкусджытӕй, кӕцы хӕрдзтӕ къаддӕр кӕны. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ барвӕндонӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ литературӕ парахат кӕнынц. Сӕ хӕрдзтӕ уыдон сӕхӕдӕг фидынц. Ӕмбырдтыл разамонӕг хистӕртӕ ӕмӕ ма уыдонӕн ӕххуысгӕнӕг службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц лӕвар. Уыдон сӕхӕдӕг ӕмбӕрзынц сӕ хӕрдзтӕ.
Суанг ма Разамонӕг советы уӕнгтӕ, иннӕтау иуылдӕр ӕххӕстрӕстӕг кусынц Библи ӕмӕ библион литературӕ цӕттӕ кӕныны, уыдон исынц ӕрмӕстдӕр цӕрӕнуат, хӕлц ӕмӕ лыстӕг хӕрдзтӕн чысыл ӕхца. Ӕххӕстрӕстӕг цӕуӕг цӕстдарджытӕн дӕр афтӕ у сӕ хъуыддаг.
Нӕ литературӕ уый тыххӕй цӕуы мыхуыр, цӕмӕй Библийӕ зӕрдӕбынӕй чи интерес кӕны, уыцы адӕмӕн баххуыс кӕна. Ӕрмӕджы сӕйраг аргъ, кондад ӕмӕ разӕууӕлтӕ ӕмбӕрзт цӕуынц интересгӕнӕг адӕмы, стӕй ма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи барвӕндон мысайнӕгтӕй, афтӕ ма мысайнӕгтӕ, уасиаттӕ, ӕмӕ ахӕм фӕрӕзтӕй.
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕт фембӕлдты, бынӕттон ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты, ӕвӕрд вӕййы асыччытӕ мысайнӕгтӕн, цӕмӕй кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕй бон дӕр уа йӕ лӕвар бахӕссын. Ӕхцайы ӕмбырдтӕ дзы нӕ вӕййы. Нӕй дзы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фиддонтӕ кӕнӕ пайдайӕ дӕсӕм хайы фидын. Фыстады куыд дзырдӕуы алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, йӕ зӕрдӕ йын цас дзуры, уыйбӕрц балӕвар кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 8:12; 9:7).
• Цӕй ӕххуысӕй ӕххӕст цӕуы финансон ахасты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕт архайд?