Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд

Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд

Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд

Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон, Йесойы 120 ахыргӕнинагыл ӕрцыд сыгъдӕг тых, ӕмӕ уыдон Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл бирӕ ӕвзӕгтыл райдыдтой дзурын. Уыцы цау бындур ӕрӕвӕрдта чырыстӕтты ӕмбырдӕн. Уыцы бон аргъуыд райстой 3 000 ног ахуыргӕнинаджы (Куыстытӕ, сӕр 2).

Ӕмбырдты нымӕц алы рӕтты фылдӕр кӕм кодта, уым дарддӕр ныфсхастӕй дзырдтой Хуыцауы ныхас апостолтӕ ӕмӕ иннӕтӕ. Апостолты Куыстыты чиныджы куыд фыст у, афтӕмӕй уацамынд тагъд апарахат Зӕххыастӕу денджызы ӕппӕт бӕстӕты, Вавилонӕй ӕмӕ Цӕгат Африкӕйӕ Ром ӕмӕ, чи зоны, Испанийы онг (1 Петры 5:13; Ромӕгтӕм 15:18—29; Колоссӕгтӕм 1:23).

Кӕмдӕриддӕр-иу адӕм Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ систы, уым-иу арӕзтой ӕмбырдтӕ. Аккаг, карджын нӕлгоймӕгтӕ нысан цыдысты хистӕртӕй кӕнӕ цӕстдарджытӕй, цӕмӕй ӕмбырдтӕ раст ахуырады ӕмӕ уагахасты нормӕтыл хӕцыдаиккой. Фӕлӕ уыдон нӕ арӕзтой сауджынты номдарад; уыдон уыдысты Хуыцауы Паддзахады интерестӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ (Куыстытӕ 14:23; 20:28; 1 Петры 5:1—4; 1 Коринфӕгтӕм 3:5; 5:13; Колоссӕгтӕм 4:11; 1 Тимофеймӕ 3:1—15; Дзуттытӕм 13:17).

Апостолтӕ ӕмӕ се ’ннӕ ӕввахс ӕмкусджытӕ лӕггад кодтой, куыд разамонӕг совет. Уыдон уацамынды сӕхимӕ истой разамынд. Скъуыддзаг кодтой Иерусалимы ӕмбырды проблемӕтӕ. Ӕрвыстой аккаг ӕфсымӕрты Самаримӕ ӕмӕ Антиохимӕ, ног уырнджыты бафидар кӕнынмӕ. Аскъуыддзаг кодтой сунӕты тыххӕй быцӕу, ӕмӕ сӕ уынаффӕ алӕвӕрдтой ӕппӕт ӕмбырдтӕм ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕддӕр уыцы нӕлгоймӕгтӕ нӕ уыдысты хицӕуттӕ иннӕтыл, фӕлӕ ӕппӕт ӕмбырды лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ (Куыстытӕ 4:33; 6:1—7; 8:14—25; 11:22—24; 15:1—32; 16:4, 5; 1 Коринфӕгтӕм 3:5—9; 4:1, 2; 2 Коринфӕгтӕм 1:24).

Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыстгонд уыдысты, куыд чырыстӕттӕ, кӕцы сын Хуыцауӕй лӕвӕрд ном уыд. Иннӕтӕй ма хицӕн кодтой ахуырӕдтӕй дӕр, кӕцытӕ хуындысты — апостолты ахуырад кӕнӕ раст ныхасы хуызӕг. Фыстадмӕ ӕмбӕлон ахуырад ма зындгонд уыд, куыд ӕцӕгад (Иоанны 17:17; Куыстытӕ 2:42; 11:26; 2 Петры 2:2; 2 Иоанны 1, 4, 9; Ромӕгтӕм 6:17; 1 Тимофеймӕ 4:6; 6:1, 3; 2 Тимофеймӕ 1:13).

Чырыстӕттӕ уыдысты уарзондзинадӕй иугонд ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрад. Уыдон баинтерес кодтой се ’муырнӕг ӕфсымӕртӕй ӕндӕр бӕстӕты. Ӕцӕгӕлон бӕстӕтӕм-иу балцы куы ацыдысты, уӕд-иу сын се ’муырнӕг ӕфсымӕртӕ уыдысты уазӕгуарзон фысымтӕ. Уыдон бахъахъхъӕдтой моралы бӕрзонд нормӕтӕ, куыд дунейӕ хибаргонд сыгъдӕг адӕм. Сӕ зӕрдыл хорз лӕууыд Иегъовӕйы боны ӕрлӕуды рӕстӕг ӕмӕ ӕнувыдӕй, ӕргом хъусын кодтой сӕ уырнындзинад (Иоанны 13:34, 35; 15:17—19; Куыстытӕ 5:42; 11:28, 29; 1 Петры 1:14—16; 2:9—12; 5:9; 2 Петры 3:11—14; 3 Иоанны 5—8; Ромӕгтӕм 10:9, 10, 13—15; Титмӕ 2:11—14; Дзуттытӕм 10:23; 13:15).

Фӕлӕ рагзагъд куыд уыд, афтӕмӕй дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг ӕнусы дардыл парахат кӕнын райдыдта фӕстӕмӕцыд. Афтӕмӕй фӕзындысты егъау аргъуанон системӕтӕ, кӕцытӕ нӕ бахъахъхъӕдтой чырыстӕтты рагон ӕмбырды сыгъдӕгдзинад, ахуырад, уагахаст, организаци ӕмӕ дунемӕ ахастыты (Матфейы 13:24—30, 37—43; 2 Фессалоникӕгтӕм, сӕр 2).

Уӕддӕр Йесо рагзагъд скодта, цардыуагон системӕйы кӕрон раст кувынады къӕхтыл слӕуд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕууӕндынц, уыцы слӕуд бӕрӕг кӕй цӕуы се ’ппӕтдунеон архайды абон, Йесойы пехуымпарадӕй иу-1900 азы фӕстӕ. Уыдон цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнынц, уый иннӕ фӕрстыл ӕмбӕрст цӕудзӕн.

• Куыд райдыдта чырыстон ӕмбырды райдиан ӕмӕ куыд фылдӕр кодта?

• Куыд разамынд кодта уыцы ӕмбырд?

• Цы хицӕн кодта ӕргом фыццаг ӕнусы чырыстӕтты?

[Картӕ 7 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Сау денджыз

Къаспы денджыз

Зӕххастӕу денджыз

Сырх денджыз

Персы бакӕлӕн

Фыццаг ӕнусы цины хабар кӕдӕм бахӕццӕ, уыцы областтӕ.

ИТАЛИ

Ром

ГРЕЦИ

МАЛЬТӔ

КРИТ

КИПР

ВИФИНИ

ГАЛАТИ

АЗИ

КАППАДОКИ

КИЛИКИ

СИРИ

ИЗРАИЛЬ

Иерусалим

МЕСОПОТАМИ

Вавилон

Иуӕй-иу адӕймӕгтӕ систы уырнджытӕ, уыцы областты.

ИЛЛИРИК

МИДИ

ПАРФИ

ЕЛАМ

АРАВИ

ЛИВИ

ЕГИПЕТ

ЭФИОПИ

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Рагон чырыстӕттӕ ӕнувыдӕй хъусын кодтой Хуыцауы Ныхас.

Чырыстӕттӕ кӕдӕм-фӕнды ма цыдаиккой, се ’муырнӕг ӕфсымӕртӕ сӕ уазӕгуарзонӕй истой сӕ хӕдзары.