Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕнды нӕ баххуыс кӕнын

Фӕнды нӕ баххуыс кӕнын

Фӕнды нӕ баххуыс кӕнын

Ацы брошюрӕ уагъд у, цӕмӕй дӕ базонгӕ кӕна Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайдимӕ ӕмӕ сӕ мадзӕлттимӕ, кӕцытӕн сӕ нысан у, цӕмӕй дын баххуыс кӕной Библийы базонынад фӕарфдӕр кӕнынӕн. Ӕвӕццӕгӕн дӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты кӕнӕ, чи зоны, уынджы кӕнӕ ӕндӕр искуы семӕ ныхас кодтай. Гӕнӕн ис, Ӕвдисӕнтӕй исчи ныртӕккӕ демӕ Библи ахуыр кӕны.

Хъуыстгонд дын у, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады уац ӕппӕт зӕххыл кӕй парахат кӕнынц? Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы, не Скӕнӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕппӕт дзыллӕтӕй уымӕн кувынады баиу уой. Нӕ рӕстӕджы тыххӕй Уый рагзагъд скодта: «Ӕмӕ ацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ зӕгъдзысты: ӕрцӕут ӕмӕ ссӕуӕм Хицауы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, ӕмӕ нӕ Уый сахуыр кӕндзӕн Йӕ фӕндӕгтыл; ӕмӕ йын цӕудзыстӕм Йӕ къахдзӕфтыл» (Исай 2:2, 3).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайд — иннӕтӕн Хуыцауы фӕндӕгты тыххӕй хъусын кӕнын — уыцы пехуымпарады сӕххӕст. Иннӕ фӕрстыл ӕвдыст цӕудзӕн, уыцы архайд абон цӕмӕн у ахсджиаг ӕмӕ куыд дӕ бон у уымӕй пайда райсын.