Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хизут Хуыцауы дзуг иудзинады

Хизут Хуыцауы дзуг иудзинады

Хизут Хуыцауы дзуг иудзинады

Иуӕй-иутӕ бафӕрсынц: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон ӕмбырдыл куыд цӕуы разамынд? Нӕ дзуапп у ахӕм: фыццаг ӕнусы ӕмбырды цӕвиттонмӕ гӕсгӕ цӕуы разамынд.

Чарлз Т. Расселл ӕмӕ йе ’мкусджытӕ 1870 азты равдыстой Библи ахуыры фӕстиуджыты парахат кӕныны хъӕппӕрисдзинад докладтӕ ӕмӕ мыхуыры руаджы. Ӕппӕт бӕстӕйы ацы хъуыддагмӕ ӕрбаиу кӕнын цы адӕмы фӕндыд, уыдон Расселлы ӕмӕ йе ’ввахсдӕр ӕмкусджыты фарстой, куыд Хуыцауы хъуыддаг уадзӕг нӕлгоймӕгты фӕлтӕрдджын къорд, кӕцытӕй сӕ бон уыд сӕ архайдӕн уынаффӕ ракурын.

Сионы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы ӕмӕ Трактатты Ӕхсӕнад 1884 азы Пенсильваны штаты регистраци ӕрцыд, куыд юридикон иуӕг, афтӕ. Расселл ӕмӕ йӕ бӕрнджын ӕмкусджытӕ ӕнӕвдӕлон уыдысты Ӕхсӕнады разамындӕй, ӕмӕ ма Библи Иртасджыты архайдӕй дӕр. Сӕйраг хайад 1909 азы аивтой Бруклинмӕ (Нью-Йорк). Ныр бирӕ азты дӕргъы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады правленийы уӕнгтӕ ӕмӕ семӕ ӕнгом баст иннӕ курдиатджын, тыхӕй сӕрст нӕлгоймӕгтӕ сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы.

Разамонӕг совет конд у тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕй (1997 азы — 10 адӕймаджы). Уыдонӕй авд сты Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады правленийы уӕнгтӕ. Разамонӕг совет разамынд дӕтты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон архайдӕн. Йӕ уӕнгтӕ Хуыцауӕй удцырын кӕй не сты, уый тыххӕй ӕнӕрӕдийгӕ не сты, фӕлӕ уыдон сӕ ныфс ӕвӕрынц Хуыцауы ӕнӕрӕдыд Ныхасыл, куыд зӕххыл иуыл стырдӕр авторитетыл, ӕмӕ сын ис Хуыцауы фӕндонмӕ хъусыны бирӕазон фӕлтӕрддзинад. Уыдонӕй алкӕцы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕн уӕвгӕйӕ, иу-50 азы бӕрц кӕнӕ фылдӕр арвыста ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады.

Разамонӕг совет йӕ хъус дары ӕхсӕнад цы уадзы, уымӕ. Цыдӕриддӕр мыхуыр цӕуы, уый иуылдӕр бындуриуӕг кӕны дзугы духовон хъуагдзинӕдтӕм хауӕг хъусдардыл ӕмӕ у зӕрдӕбын куывтыты ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы лӕмбынӕг ахуыр ӕмӕ иртасыны фӕстиуӕг. Библи иудадзыг ахуыргӕнгӕйӕ, Хуыцауы фӕндӕттӕ ӕмӕ дунеон цаутимӕ баст пехуымпарӕдтӕ сабыргай куыд ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ ма ӕппӕт дунейы Хуыцауы адӕмы хъуыддӕгты уавӕрмӕ хъусдаргӕйӕ, уыдон хаттӕй-хатт ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл нымайынц иуӕй-иу ахуырӕдты ӕмбарынадмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын. Афтӕмӕй фылдӕр кӕны ӕцӕгады базонынад (Псалом 96:11; Притчӕтӕ 4:18; Данел 12:4).

Ӕппӕт зӕххыл ис 100 филиалӕй фылдӕр, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр Разамонӕг совет снысан кӕны филиалы Комитет, кӕцы конд у иуыл къаддӕр духовон ахасты ӕртӕ курдиатджын нӕлгоймагӕй, цӕмӕй разамынд кӕной 200 бӕстӕйӕ фылдӕр ӕмӕ сакъадахон территориты архайдӕн. Филиалтӕн ис бастдзинад, сӕ цӕстдарды чи ис, уыцы ӕмбырдтимӕ. Разамонӕг совет ӕппынӕдзух уыцы иу рӕстӕджы ис филиалты Комитеттимӕ бастдзинады, ӕмӕ Разамонӕг советы уӕнгтӕ ӕрвылаздӕр сӕрмагондӕй вӕййынц бирӕ филиалты, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ зоной.

Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иннӕты уырнындзинадыл хицӕуттӕ не сты, фӕлӕ лӕггадгӕнджытӕ, кӕцытӕ стыр фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас сахуыр кӕнын сӕ бон суа бирӕ адӕмӕн. Уыдон материалон пайдайы тыххӕй нӕ лӕггад кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ материалон домӕнтӕ ифтонг цӕуынц Вефилы бинонты уӕнгты ӕмвӕз. Уыдон иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый бӕлвырдгӕнӕн у ӕнувыддзинад, иудзинад, бӕрзонд хӕрзӕгъдау нормӕтӕ ӕмӕ библион ахуырӕдтыл иузӕрдыгдзинад — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕт дунейы цы хицӕн кӕны, уый (1 Петры 5:2, 3; 1 Коринфӕгтӕм 3:5—9; 4:1, 2; 2 Коринфӕгтӕм 1:24; 3:1—3).

• Куыд арӕзт у разамынд?

• Чи кусы абон Разамонӕг советы ӕмӕ сыл цавӕр хӕстӕ ис?

• Куыд ӕххӕст цӕуы цӕстдард ӕндӕр бӕстӕты архайды?

[Картӕ 26 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон кӕм ӕххӕст кӕнынц, уыцы областтӕ.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады раздӕры президенттӕ.

Ч. Т. Расселл (1884 — 1916).

Дж. Ф. Рутерфорд (1917 — 1942).

Н. Х. Норр (1942 — 1977).

Ф. У. Френц (1977 — 1992).

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайдыл цы 100 филиалы уылты цӕуы цӕстдард ӕппӕт дунейы, уыдонӕй сӕ иуӕй-иутӕ.

Канадӕ

Замби

Герман

Япон

Австрали

Бразили