Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад хъусын кӕнынӕн уагыл арӕзт ӕмбырдтӕ

Хуыцауы Паддзахад хъусын кӕнынӕн уагыл арӕзт ӕмбырдтӕ

Хуыцауы Паддзахад хъусын кӕнынӕн уагыл арӕзт ӕмбырдтӕ

Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд цыд хъӕуӕй-хъӕумӕ, горӕтӕй-горӕтмӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Паддзахад. Уый ма йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта ӕмӕ сӕ ӕрвыста уыцы куыст кӕнынмӕ. Уӕлӕрвтӕм цалынмӕ не ссыд, уӕдмӕ уал йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ратта ӕппӕт адӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны бардзырд. Рагон чырыстон ӕмбырд йӕ райдианӕй дӕр цины хабар хъусын кӕнынӕн уыд арӕзт. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, алы ран дӕр Хуыцауы Паддзахад хъусын кодтой (Матфейы 4:17, 23; 10:1—16; 28:19, 20; Лукӕйы 4:43, 44; 8:1; 10:1—9; Куыстытӕ 1:8; 4:31; 5:42; 8:12; 19:8; 28:23, 30, 31; Ромӕгтӕм 10:9, 10, 14).

Цардыуагон системӕйы кӕроны тыххӕй Йесо йӕ пехуымпарады загъта: «Ӕмӕ хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Уыцы уацамынд у абон чырыстон ӕмбырды сӕйраг хӕс (Матфейы 24:14; Маркы 13:10).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ ӕппӕт дунейы арӕзт сты афтӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады цины хабар ӕмхуызонӕй хъуыстгонд ӕрцӕуа бынӕттон районты дӕр. Цӕмӕй уый куыд ӕмбӕлы афтӕ арӕзт цӕуа, уый тыххӕй ӕппӕт бӕстӕты дӕр Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады филиалтӕ алы ӕмбырдӕн дӕр хицӕн кӕнынц ӕвдисӕйнадӕн бӕлвырд район. Уыцы территори ӕмбырд дих кӕны чысыл хӕйттыл, кӕцыты фӕстӕдӕр раттынц, йӕхимӕ уыцы адӕммӕ бацӕуыны бӕрн чи исы, уыдонӕн (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40).

Ӕвдисӕнтӕ фылдӕр хатт сӕмбӕлынц адӕмимӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕцӕуынц, уӕд. Уыдон ӕмбырды фембӕлдты сӕхи ахуыр кӕнынц дуары цур Паддзахады хабар Библийы ӕххуысӕй цыбыртӕй зӕгъыныл. Ӕвдисӕнтӕ библион литературӕ бахӕссынц ӕмӕ йӕ, Хуыцауы Ныхасы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмӕн ныууадзынц.

Цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хайы Паддзахады тыххӕй ахсджиаг хъуыддаг фехъусын кӕныны фадат уа, уый тыххӕй Ӕвдисӕнтӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕцӕуынц, уӕд бӕлвырд фыссынц, хӕдзары кӕй нӕ баййӕфтой ӕмӕ цӕй аххосӕй нӕ фӕцис гӕнӕн ӕххӕст ӕвдисӕнад раттынӕн. Ахӕм адӕммӕ ӕндӕр хатт ӕрбацӕуынц. Уыдон ма нысан кӕнынц кӕм ӕмӕ чи баинтерес кодта ӕмӕ йӕм ногӕй ӕрбацӕуынц, цӕмӕй йын Библийы тыххӕй фылдӕр радзурой. Кӕд исчи сразы вӕййы, уӕд йемӕ регуляронӕй Библи ахуыр кӕнынц. Уыдӕттӕ иуылдӕр лӕвар аразынц.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма уынджы цӕуӕг адӕмӕн дӕр дӕттынц журналтӕ. Афтӕмӕй ӕмбӕлынц бирӕ адӕмыл, кӕцыты хӕдзары ссарӕн нӕ вӕййы. Ӕцӕгдӕр, уыдон ӕппӕт тыхтӕ дӕттынц, цӕмӕй хъусынмӕ цӕттӕ чидӕриддӕр у, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр бахӕццӕ уой (Куыстытӕ 17:17; Раргомад 14:6, 7; 22:17).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма цӕмӕн цӕуынц ногӕй адӕммӕ, кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ интерес кӕнынц? Адӕмӕн сӕ уавӕртӕ арӕх кӕм ивынц, уым бафиппайдтой, уыдон бирӕ зӕрдӕхӕлардӕрӕй кӕй хъусынц ахӕм бацыды, ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай фембӕлӕн ис бинонты уӕнгтӕй искӕуыл, кӕцы баинтерес кӕндзӕн.

Йесо загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад». Хуыцауы Паддзахады уацамындӕн ис ахсджиаг роль Паддзахады агуырды ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн та уый у сӕ царды ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрд (Матфейы 6:33; 2 Тимофеймӕ 4:2).

• Цавӕр хъуыддаг уагъта Йесо рагон чырыстӕттимӕ, кӕцы рагзагъд куыд у, афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уа нӕ рӕстӕджы дӕр?

• Куыд организацигонд у Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уацамынд?

• Цӕмӕн ма цӕуынц Ӕвдисӕнтӕ ногӕй адӕммӕ, кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ интерес кӕнынц?

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц алы бӕстӕты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Тайланд

Мексикӕ

Нидерландтӕ

Корей

Кюрасао

Ганӕ

Стыр Британи

Австрали