Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы фӕндон ныр хизы йӕ кульминацион пунктмӕ

Хуыцауы фӕндон ныр хизы йӕ кульминацион пунктмӕ

Хуыцауы фӕндон ныр хизы йӕ кульминацион пунктмӕ

Зӕхх сфӕлдисгӕйӕ, Хуыцауы фӕндон уыд, амондджын адӕмӕй йӕ байдзаг кӕнын, кӕцытӕ цардаиккой рӕстаг дунейы. Адӕм цӕмӕй дарддӕр цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыстаиккой Хуыцауы Закъӕттӕм. Фӕлӕ фыццаг адӕймагон къай фехӕлдта закъон ӕмӕ тӕригъӕд саразгӕйӕ, мӕлӕтмӕ тӕрхонгонд ӕрцыд. Уый йӕ фӕдыл расайдта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт йӕ фӕлтӕртӕй алкӕмӕн дӕр (Уӕвынад 1:27, 28; 2:16, 17; 3:1—19; Ромӕгтӕм 5:12).

Хуыцау, кӕцыйӕн йӕ ном — Иегъовӕ, сфӕнд кодта аиуварс кӕнын зӕххӕй ӕгоммӕгӕс ӕмӕ тӕригъӕды фӕстиуджытӕ. Йӕ рӕстӕджы Хуыцау йӕ хъус дардта зӕхмӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн федта иузӕрдыг адӕймаг Аврамы, йӕ ном кӕмӕн баивта Авраамӕй. Хуыцау Авраамӕн ныфс бавӕрдта, йӕ фӕлтӕртӕ стыр адӕм кӕй суӕвдзысты ӕмӕ уыцы адӕмӕй кӕй рацӕудзӕн мыггаг ӕмӕ уый уылты арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты зӕххы ӕппӕт знӕмтӕ (Уӕвынад 12:1—3; 18:18, 19; 22:18; Рацыд 33:19; Дзуттытӕм 11:8—16).

Нӕ эрӕйы агъоммӕ XVI ӕнусы кӕрон Авраамы фырты фыртӕй, Иаковы кӕнӕ Израилы байзӕддӕгтӕй, рацыдысты 12 фӕлтӕры, кӕцытӕ Египеты уыдысты цагъарады. Иегъовӕ уыцы израилӕгты ссӕрибар кодта Египетӕй ӕмӕ сӕ скодта адӕм. Моисейы уылты сын Синайы хохыл ратта Закъон, — сӕ националон конституци. Иегъовӕ уыд сӕ Паддзах, сӕ Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ сӕ Закъондӕттӕг. Израиль сси Хуыцауы ӕвзӕрст дзыллӕ, йе ’вдисӕн, кӕцыйы скодта, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Уымӕй хъуамӕ рацыдаид Месси, кӕцы ӕнусон паддзахад сфидар кодтаид ӕппӕт дзыллӕтӕй адӕмы пайдайӕн (Рацыд 19:5, 6; 1 Паралипоменон 17:7—14; 3 Паддзахӕдты 4:20, 25; Исай 33:22; 43:10—12; Ромӕгтӕм 9:4, 5).

Уымӕй 15 ӕнусы куы рацыд, иу-дыууӕ мин азы размӕ, уӕд Хуыцау рарвыста уӕларвӕй йӕ иузӕрдион Фырты зӕхмӕ, цӕмӕй райгуырдаид ӕрыгон дзуттаг ӕнӕцыд чызг, Мариайӕ. Схуыдтой йӕ Йесо, ӕмӕ йын хъуамӕ баззадаид йӕ фыдӕл Давидӕн Хуыцауӕй ныфсӕвӕрд Паддзахад. Йесо 30-аздзыдӕй Аргъауӕг Иоаннмӕ аргъуыд райста, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъусын кӕнын байдыдта. Рынчынты ӕнӕнизгӕнгӕйӕ, ӕргом равдыста, уыцы ралӕууӕг Паддзахад адӕймагадӕн куыд арфӕ кӕндзӕн. Притчӕтӕй уый ӕмбарын кодта, цы домдӕуы ӕнусон цардмӕ чи тырны, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр. Уый фӕстӕ Йесо мӕлӕтмӕ лӕвӕрд ӕрцыд цӕджындзыл; йе ’ххӕст адӕймагон цардӕй балхӕдта адӕймагады (Матфейы 1:18—24; 3:13—16; 4:17—23; 6:9, 10; сӕр 13; 20:28; Лукайы 1:26—37; 2:14; 4:43, 44; 8:1; Иоанны 3:16; Куыстытӕ 10:37—39).

Йесо бамбарын кодта, мессианон Паддзахад фидаргонд кӕй ӕрцӕудзӕн дард фидӕны, цардыуагон системӕйы кӕрон. Уыцы рӕстӕджы уый ӕнӕзынгӕйӕ уӕвдзӕн уӕлӕрвты, куыд къухдариуӕггӕнӕг Паддзах, ӕмӕ йӕ уӕвынад базонын кӕндзӕн, йе ’ргом зӕхмӕ скӕнгӕйӕ. Дунеон цаутӕ ӕвдисынц, 1914 азӕй уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Йесо рагзагъд куыд скодта, афтӕмӕй Паддзахады тыххӕй цины хабар хъуыст цӕуы ӕппӕт зӕххыл, ӕппӕт адӕмӕн ӕвдисӕнӕн. Афтӕмӕй адӕм ӕппӕт дзыллӕтӕй Хуыцауы Паддзахады фарс слӕууынц. Ныры цардыуагон системӕйы кӕрон уыдон фервӕздзысты ӕмӕ сӕ къухы бафтдзӕн ӕнусон цард зӕххыл мессианон Паддзахады разамындӕй (Матфейы, сӕртӕ 24 ӕмӕ 25; Раргомад 7:9—17).

Абон бирӕ аргъуантӕ дзурынц, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц. Фӕлӕ куыд сбӕлвырд кӕнӕм ӕцӕг чырыстон ӕмбырд? Сыгъдӕг Фыстад лӕмбынӕг иртасгӕйӕ, гӕнӕн ис фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ӕмбырдимӕ базонгӕ уын, уый фӕстӕ та сбӕлвырд кӕнын, чи цӕуы абон уыцы хуызӕджы фӕдыл.

• Цавӕр роль уыд Авраам ӕмӕ Израилӕн Хуыцауы фӕндоны сӕххӕсты?

• Цы бафтыд Йесойы къухы йӕ лӕггаддзинадӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй?

• Нӕ рӕстӕг бӕрӕггӕнӕг цавӕр цаутӕ уыдысты рагзагъд?