Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуӕг цӕстдарджытӕ — ӕцӕгады ӕмкусджытӕ

Цӕуӕг цӕстдарджытӕ — ӕцӕгады ӕмкусджытӕ

Цӕуӕг цӕстдарджытӕ — ӕцӕгады ӕмкусджытӕ

Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды уыд цӕуӕг цӕстдарджытӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кодтой ӕмбырдтӕ фӕныфсджын кӕнынӕн. Уыдон сӕхи пайдайӕн нӕ агуырдтой, фӕлӕ се ’ппӕт тыхтӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй Хуыцауӕн аккаг уӕвынӕн ӕмбырды алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕной (Куыстытӕ 11:23, 24; 14:21, 22; 15:32; 20:2, 31—35; Филиппӕгтӕм 2:20—22, 29; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:5—12).

Абон дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ исынц пайда цӕуӕг цӕстдарджыты бацыдӕй. Уыцы нӕлгоймӕгтӕн бирӕазон фӕлтӕрддзинад ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уацамындгӕнӕн архайды ӕмӕ цӕстдарджыты лӕггаддзинады. Уыдон ныууагътой сӕ куыст дунейы, ссӕрибар сты хӕдзарон хӕстӕй ӕмӕ систы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ. Кӕд бинонджын сты, уӕд арӕх сӕ бинонтӕ дӕр хайад фӕисынц семӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады.

Районон цӕстдарӕгӕн бахӕс кӕнынц, цӕмӕй йӕ хъус дара районы 18—25 ӕмбырдтӕм. Уый районы алы ӕмбырд дӕр бӕрӕг кӕны афӕдз иу-дыууӕ хатты, ӕмӕ йӕ дыууӕ-ӕртӕ азы фӕстӕ та ӕндӕр районмӕ снысан кӕнынц. Афтӕмӕй ӕмбырдтӕ исынц пайда алкӕцы районон цӕстдарӕджы хъӕздыг фӕлтӕрддзинадӕй ӕмӕ курдиӕттӕй дӕр.

Районон цӕстдарӕг бӕрӕг кӕны ӕмбырды духовон уавӕр ӕмӕ йӕ архайд. Уый ӕмбырды радзуры цалдӕр раныхасы ӕмӕ ма фембӕлы хистӕртимӕ, ӕмӕ службӕйон лӕггадгӕнджытимӕ, куыд у сӕ бон хуыздӕр лӕггад кӕнын ӕмбырдӕн, ууыл уынаффӕ кӕнынӕн.

Ӕнӕхъӕн къуырийы дӕргъы йӕ бинойнагимӕ, кӕд усджын у, бынӕттон Ӕвдисӕнтимӕ цӕуынц, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн сын ӕххуысгӕнгӕйӕ. Уый ма йӕ бинойнагимӕ ног интересгӕджыты дӕр бабӕрӕг кӕны, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕной. Дӕ бон у ӕмӕ сӕ ахӕм бацыд ракурай.

Областон цӕстдарӕгӕн дӕр ис ахӕм духовон миниуджытӕ ӕмӕ ӕмбӕлон фӕлтӕрддзинад. Уый цӕуы районӕй-районмӕ районон конгрестимӕ бастдзинады лӕггадгӕнгӕйӕ. Ӕвдисӕнтимӕ уацамынды, уый дӕр йӕ бинойнагимӕ афтӕ исы хайад районы ӕмбырдтӕй сӕ иуы. Уый йӕ хъус дары районон конгрессы программӕйы фӕстаг цӕттӕдзинадмӕ ӕмӕ йын конгрессы рӕстӕджы вӕййы цалдӕр раныхасы уыимӕ публикон доклад дӕр.

Цӕуӕг цӕстдарджытӕн сӕ уӕвынад куы фӕвӕййы ӕмбырды кӕнӕ районы, уӕд ӕндӕр бынатмӕ ацӕуынц, уыцы программӕ уым дӕр ауадзынц, цалынмӕ не ’рзилынц ӕппӕт ӕмбырдтыл кӕнӕ районтыл ӕхсӕз мӕймӕ ’ввахс; уый фӕстӕ ногӕй райдайынц алцыдӕр.

Бирӕ бӕстӕты цӕуӕг цӕстдарджытӕ пайда кӕнынц автомобилтӕй кӕнӕ ӕхсӕнадон транспортӕй. Иуӕй-иу бӕстӕты уыдон пайда кӕнынц велосипедтӕй кӕнӕ та фистӕгӕй цӕуынц. Цӕуӕг цӕстдарджыты фӕндаджы хӕрдзтӕ фиды Ӕхсӕнад ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕн дӕр лыстӕг хӕрдзтӕн чысыл ӕхца дӕр дӕтты. Цӕуӕг цӕстдарӕгӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн, цы ӕмбырдмӕ фӕцӕуынц, уыцы ӕмбырды уӕнгтӕ ссарынц ӕхсӕвиуат ӕмӕ хӕрд.

Удуӕлдайдзинад хъӕуы ахӕм лӕггаддзинадӕн. Цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ тырнынц, цӕмӕй ӕмбырдтӕн лӕггад кӕной, материалон ахасты сӕ нӕ батыхсынгӕнгӕйӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 2:9).

● Цавӕр роль ӕххӕст кодтой фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты цӕуӕг цӕстдарджытӕ?

● Куыд свӕййынц цӕуӕг цӕстдарджытӕ абон арӕхстджын ӕмӕ аккаг ахӕм лӕггаддзинадӕн?

● Ӕрфысс районон ӕмӕ областон цӕстдарджыты лӕггаддзинад ӕмӕ сӕ цард?

[Ныв 20 фарсыл]

Областон цӕстдарӕг районон конгрессы ныхасы рацыд.

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Районон цӕстдарджытӕ амонынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куыд хъӕуы хъусын кӕнын, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фӕныхас кӕнынц, Библи ахуыр кӕныны рӕстӕджы вӕййынц ног интересгӕнджытимӕ, ӕмбырды ныхасы рацӕуынц.