Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмбырдтӕ сты уарзондзинад ӕмӕ иудзинад фидар кӕнынӕн

Ӕмбырдтӕ сты уарзондзинад ӕмӕ иудзинад фидар кӕнынӕн

Ӕмбырдтӕ сты уарзондзинад ӕмӕ иудзинад фидар кӕнынӕн

Чи зоны, дӕ хӕдзармӕ хӕстӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй искӕцыйы уыдтӕ. Уым уыд ӕхсӕнады ӕппӕт дзыллӕтӕй дӕр — бинонтӕ, ӕнӕкъайтӕ, кардзыд ӕмӕ ӕрыгон адӕм. Уыдонӕй алкӕй дӕр иу кодта кувынад ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕныны фӕндон.

Цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, бирӕ адӕмы разыйӕ кусын кӕм фӕнды, уым ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у цӕстдард. Хуыцау у фӕткы Хуыцау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмы ӕмбырдты фӕтк хъуамӕ зына. Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр, кардзыд ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ нысан цӕуынц хистӕртӕй кӕнӕ цӕстдарджытӕй. Уыдон сӕ хъус дарынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ йын йӕ духовон хъуагдзинӕдтыл тыхсынц. Уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ — службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр нӕ исы мызд, нӕдӕр ницавӕр ӕндӕр материалон хорзӕхтӕ, фӕлӕ барвӕндонӕй лӕггад кӕнынц, сӕ хӕрдзтӕ сӕхӕдӕг фидынц, дунейы сын цы хуымӕтӕг куыст ис, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40; Филиппӕгтӕм 1:1; 1 Тимофеймӕ 3:8, 9).

Куыд цӕуынц ӕвзӕрст уыцы нӕлгоймӕгтӕ? Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, цӕмӕй уыдон уой бӕлвырд библион миниуджытӕ ӕвдисӕг, Хуыцауӕн ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ. Зӕгъӕм, уыдон ‘хъуамӕ уой ӕвронг, хӕрзӕгъдау, ӕууӕнкджын, уазӕгуарзаг, зондамонӕг, зыдгӕнаг нӕ; сӕ хӕдзарӕн хорз уынаффӕгӕнӕг, хъуамӕ ма уой ног баууӕндджытӕй, ӕмбӕлы уыдонӕн афтӕ дӕр хорз ӕвдисӕнад ӕддагонтӕй, ӕмӕ ӕцӕгады дзырдыл хӕцӕг ахуырадмӕ гӕсгӕ уын’ (1 Тимофеймӕ 3:1—15; Титмӕ 1:7—9).

Уыцы нӕлгоймӕгты ӕмбырд не ’взары, кӕцы арӕхдӕр вӕййы ног чырыстӕттӕй. Карджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ рекамендаци кӕнынц ахӕмты, кӕцытӕн сӕ бон у хицӕн кӕнын, цас ӕмбӕлон у алы адӕймаг дӕр Фыстады домӕнтӕм, уый. Уый фӕстӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды хуызӕгмӕ гӕсгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы хъусдардӕй, нысан ӕрцӕуынц хистӕртӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ.

Уыцы хистӕртӕ кӕнӕ цӕстдарджытӕ не сты сауджынты къорд; уыдон иннӕтыл нӕ хицауиуӕг кӕнынц. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонӕй алчи дӕр алкӕмӕн дӕр хъуамӕ уа куыд цагъар. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды хистӕртӕ ӕцӕгдӕр сты Хуыцауы Паддзахадӕн ӕмкусджытӕ (Матфейы 20:26, 27; 23:8—11; Ромӕгтӕм 12:8; 1 Коринфӕгтӕм 3:5; 4:1, 2; Колоссӕгтӕм 4:11; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12—14).

Цӕстдарджытау уыдон сӕ хъус дарынц ӕмбырды фембӕлдты ахуырад ӕмӕ хъусын кӕныны ахуырадмӕ инициативӕ ӕвдисынц. Ӕмбырды ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй сӕ иу — Паддзахады тыххӕй цины хабар хъусын кӕнын ӕппӕт уымӕн хицӕнгонд территорийы. Цӕстдарджытӕ ма ноджы дӕр сты фыййӕуттӕ, ӕмбырды уӕнгты бӕрӕггӕнгӕйӕ ӕмӕ сын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс кӕнгӕйӕ (Матфейы 24:14; Куыстытӕ 1:8; Иаковы 5:13—16; 1 Петры 5:1—4; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:11, 12; 5:14, 15; 2 Тимофеймӕ 2:24—26; Дзуттытӕм 13:17).

Хистӕртӕ ма уымӕй уӕлдай хӕсджын сты, цӕмӕй ӕфхӕрой ӕмӕ коммӕгӕс кӕной ӕмбырды духовон ӕмӕ хӕрзӕгъдау сыгъдӕгдзинад ӕмӕ иудзинадӕн тӕссаг чи у, уыдоны, кӕцытӕ, чи зоны, ӕнӕраст фӕндагыл цӕуынц (1 Коринфӕгтӕм 5:4, 5, 7, 11—13; Титмӕ 1:9; 2:15; 3:10, 11).

Ӕмбырдимӕ дын регулярон бастдзинад баххуыс кӕндзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕхсӕнад ссарын, ӕмӕ дын стыр духовон пайда ӕрхӕсдзӕн (Псалом 34:18; 83:11).

• Ӕмбырды хъуыддӕгтӕм йӕ хъус чи дары?

• Цӕмӕ гӕсгӕ ӕвзӕрст цӕуынц цӕстдарджытӕ?

• Цавӕр хӕслӕвӕрдтӕ сыл ис?

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Цӕстдарджытӕ ахуыр кӕнынц ӕмбырд, инициативӕ ӕвдисынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ уацамынды, ӕххуыс кӕнынц фыййауы бабӕрӕгтӕ кӕнгӕйӕ, уынаффӕтӕ дӕттынц ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куы вӕййы, уӕд та бафхӕрынц.