Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ уацамынды цӕуынц разӕй

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ уацамынды цӕуынц разӕй

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ уацамынды цӕуынц разӕй

Чи зоны, демӕ дзурӕг, фыццаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг, ома пионер кӕнӕ миссионер. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ лӕвар кӕм хъусын кӕнынц, уым, чи зоны, дӕхимӕ фарст дӕттыс, куыд сӕ бон у ацы адӕмӕн уыцы лӕггаддзинадӕн се ’ппӕт рӕстӕг рауӕлдай кӕнын.

Хи снывонд гӕнӕг ӕмӕ аргъуыдрайсӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иуылдӕр сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Сӕ фылдӕрӕн бинонтӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у хъусын кӕнын къуыри цалдӕр сахаты. Фӕлӕ ӕппӕт зӕххыл мингай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цард афтӕ схуымӕтӕг кодтой, ӕмӕ сӕ бон у сӕ хӕрдзтӕ ӕмбӕрзын, ӕнӕххӕст кусгӕ бон кусын, ӕмӕ афтӕмӕй уацамындӕн ссарынц афӕдз 1 000 сахаты ӕмӕ уымӕй фылдӕр.

Кӕд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ-пионертӕн сӕхиуыл бирӕ ӕхца бахардз кӕнын сӕ бон нӕу, уӕддӕр афтӕмӕй уыдон агурынц фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад. Ӕмӕ уыдон стыр арфӕгонд цӕуынц. Уый диссаг цыдӕр у — Хуыцауы Ныхасыл мӕй 90 сахатӕй фылдӕр иннӕтимӕ дзурыны фадат. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ уӕрӕх кӕнынц сӕ лӕггаддзинады фӕлтӕрддзинӕдтӕ ӕмӕ архайынц сӕвзӕргӕ интерес райтынг кӕныныл. Уый хӕссы диссаджы дыргътӕ. Материалон ахастыты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг цы у, уымӕй ифтонг уӕвгӕйӕ, уыдон тынг аргъ кӕнынц, цы сын ис, уымӕн (Матфейы 6:33).

Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад 1943 азы, февралы сарӕзта Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Галаады Библион скъола, цӕмӕй дзы цӕттӕ кӕной фӕлтӕрдджын ӕххӕстрӕстӕг пионерты алы бӕстӕты миссионерон куыстӕн. Фондзмӕйон курсмӕ хауы Библийы интенсивон ахуыр, библион историтӕ, Иегъовӕйы организацийы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы лӕггаддзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ.

Миссионерты нысангонд бынатмӕ ацӕуынӕн фӕндаггаг фидыныл, хӕрзгъӕд хӕринаг ӕмӕ миссионерон ӕмдзӕрӕнты хуымӕтӕг цӕрӕн уавӕртыл тыхсы Ӕхсӕнад. Алы миссионер дӕр лыстӕг хӕрдзтӕн исы чысыл ӕхца. Ӕмдзӕрӕны миссионертӕ радгай хӕдзарон куыстытӕ кӕнынц, зӕгъӕм: ӕлхӕнынмӕ цӕуынц, хӕринаг цӕттӕ кӕнынц, ӕфснайынц. Ахӕм аккаг ӕгъдауы руаджы миссионерты бон у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн ӕмӕ интересгӕнӕг адӕмимӕ библион ахуыртӕ уадзынӕн мӕй 140 сахат ссарын.

Миссионертӕй бирӕты арвитынц сӕ хӕдзарӕй ӕмӕ сӕ хиуӕттӕй мингай километры дарддӕр. Уыдоны фӕхъӕуы сахуыр уӕвын ӕндӕр царды уавӕртыл, культурӕйыл, ӕнахуыр хӕринагыл, ӕндӕр климӕтыл, ӕцӕгӕлон ӕвзагыл дзурын. Уыдон адӕмы кӕй уарзынц, ӕмӕ сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй фӕнды баххуыс кӕнын уыдонӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базонынӕн, уыцы куыст дӕр уый тыххӕй кӕнынц.

Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Галаады Библион скъола 1943 азӕй райдайгӕ суанг 1996 азы онг рауагъта 101 къласы, 7 000 миссионерӕй фылдӕр. Ӕхсӕнады разамындӕй уыцы миссионертӕ разӕй цӕуынц библион рухсады хъуыддаджы Африкӕйы, Централон ӕмӕ Хуссар Америчы, Скӕсӕны бӕстӕты, Сабыр океаны хуссар хӕйтты сакъадахты, ӕмӕ стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд сӕ къухы Европӕйы.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕххӕстрӕстӕг пионерон кӕнӕ миссионерон лӕггаддзинады сты ӕви ӕрмӕстдӕр сӕ рӕстӕджы хай дих кӕнынц, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, лӕггад кӕнынц лӕвар. Уыдон дӕттынц сӕ рӕстӕг, сӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ тыхтӕ, цӕмӕй ӕнусон цардмӕ кӕнӕг зонындзинӕдтӕ райсынӕн баххуыс кӕной иннӕтӕн (Иоанны 17:3).

• Цӕмӕн у Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕ иуӕй-иуты бон ӕппӕт рӕстӕг лӕггаддзинадӕн раттын ӕмӕ йӕ цӕмӕн аразынц?

• Куыд цӕттӕ кӕнынц хъусынгӕнджыты миссионерон лӕггаддзинадмӕ?

• Куыд ӕххуыс кӕнынц миссионертӕн се снысангонд бынӕтты?

[Нывтӕ 22 фарсыл]

Галиуырдыгӕй: Галаады скъолайы аудитори Бруклины (Нью-Йорк, АИШ).

Рахизырдыгӕй: Миссионер Хуыцауы Ныхасыл ахуыр кӕны Папуа-Ног Гвинейы.

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Пионертӕ ӕмӕ миссионертӕ алы бӕстӕты хъусын кӕнынц Хуыцауы Ныхас.

Бразили

Доминиканон республикӕ

Испани

Сьеррӕ-Леоне (Африкӕ)