Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕм арӕхдӕр цӕмӕй фӕфӕрсынц

Адӕм арӕхдӕр цӕмӕй фӕфӕрсынц

Кӕд Хуыцау уарзондзинад у, уӕд фыддзинад цӕмӕн уадзы?

ХУЫЦАУ фыддзинад уадзы, ӕмӕ милуангай адӕм зонгӕ-зонын кӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, сидынц хӕстытӕ, сывӕллӕттыл ӕппарынц бомбӕтӕ, зӕхх сафынц ӕмӕ уый аххосӕй адӕм сыдӕй мӕлынц. Бирӕтӕ дымынц тамако, ӕмӕ сӕ рӕуджыты рак фӕзыны; хӕтынц, ӕмӕ сыл ӕвзӕр низтӕ бахӕцы; нуазынц, ӕмӕ сӕ игӕртӕ ныппырх вӕййынц. Ахӕмты нӕ фӕнды, фыддзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, уый. Уыдон ӕрмӕстдӕр ууыл хъуыды кӕнынц, се ’взӕр миты тыххӕй сӕ дзуапп радтын куы нӕ бахъӕуид. Цы байтауынц, уый куы ӕркӕрдынц, уӕд та фердиаг кӕнынц: «Цӕмӕн, цы ракодтон?» Ӕмӕ ӕлгъитын райдайынц Хуыцауы, раст Ӕмбисӕндты 19:3-ӕм стихы (Синодалон тӕлмац) куыд фыст ис, афтӕ: «Адӕймаг йе ’нӕзондӕй йӕ цард фехалы, аххосджын та ДУНЕДАРӔДЖЫ фӕкӕны». Хуыцау сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон куы скӕнид, уӕд та дзуриккой, куыд нӕ фӕнды, афтӕ цӕрын нӕ нӕ уадзы!

Иегъовӕ фыддзинад сӕйраджыдӕр уый тыххӕй уадзы, цӕмӕй Сайтан цы дзырддаг фарстатӕ сӕвӕрдта, уыдон алыг кӕна. Сайтан Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ бон не суыдзӕн, фӕлварӕнты йыл иузӕрдион чи уа, зӕхх ахӕм адӕмӕй байдзаг кӕнын (Иов 1:6—12; 2:1—10). Уӕдӕ Иегъовӕ Сайтаны уый тыххӕй нӕ фесӕфта, цӕмӕй цы загъта, уый йӕхӕдӕг сбӕлвырд кӕна (Рацыд 9:16). Ӕмӕ уый дӕр йӕ кӕнон кӕны: абоны онг адӕмы алыхуызон бӕллӕхты ӕппары, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхмӕ скӕна ӕмӕ афтӕмӕй цы дзырддаг фарстатӕ сӕвӕрдта, уыдон сбӕлвырд кӕна (Раргомад 12:12). О, фӕлӕ Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдион уыд Йесо дӕр. Афтӕ ӕнувыд ыл сты абон ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр (Иов 27:5; 31:6; Матфейы 4:1—11; 1 Петры 1:6, 7).

Адӕм зӕххыл Дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты, зӕгъгӕ, ууыл куыннӕ баууӕндин, фӕлӕ уӕм афтӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй?

Адӕймагмӕ афтӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕсы, ӕмӕ фыддзинад рагӕй фӕстӕмӕ кӕй ис. Иегъовӕ зӕхх куы скодта, уӕд адӕмӕн загъта, зӕгъгӕ йӕ байдзаг кӕнут, зӕхмӕ дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕм дӕр чи зила, чи сыл ауда, ӕмӕ йын йӕ рӕсугъддзинад сафгӕ нӕ, фӕлӕ хъахъхъӕнгӕ чи кӕна, ахӕм рӕстаг адӕмӕй. (Кӕс 12-ӕм ӕмӕ 17-ӕм фӕрстӕ.) Уӕдӕ Дзӕнӕты цард ӕгӕр хорз кӕй у, хъуыддаг уый мидӕг нӕй, фӕлӕ зӕххыл уавӕр къуырцдзӕвӕнмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ ивд кӕй ӕрцӕудзӕн Дзӕнӕтӕй.

Библимӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи кӕсы ӕмӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, дзы цыдӕр ӕрымысӕггаг таурӕгътӕ фыст ис ӕмӕ зонады ныхмӕ у, уыдонӕн цы ис зӕгъӕн?

Адӕймаг Библийы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕнды, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ куырмӕджы ӕууӕнды. «Уырнындзинад у фехъусынӕй». Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ, мах ӕмбарын райдайӕм, цы стыр зонд дзы ис, уый, ӕмӕ нын уый фидар кӕны нӕ уырнындзинад дӕр (Ромӕгтӕм 10:17; Дзуттытӕм 11:1).

Библийы фыст цаутӕ ӕцӕг кӕй сты, уый бӕлвырд кӕнынц археологон къӕхтытӕ. Библи раст кӕй у, ууыл дзурӕг сты зонадон бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Библийы бирӕ цыдӕртӕ раст фыст ӕрцыд, ахуыргӕндтӕ сӕ куы сбӕлвырд кодтой, уымӕй бирӕ раздӕр. Зӕгъӕм, зӕххыл кӕд цы фӕзынди, уый; зӕхх къори кӕй у ӕмӕ тыгъдады йӕхигъӕдӕй кӕй лӕууы ӕмӕ мӕргътӕ хуссармӕ кӕй тӕхынц, уый дӕр (Уӕвынады чиныг 1-аг сӕр; Исай 40:22; Иов 26:7; Иереми 8:7).

Библи Хуыцауы удцырынӕй фыст кӕй у, уый ма бӕрӕг у, йӕ пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕй дӕр. Пехуымпар Данел развӕлгъау загъта, дунейы стыр ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕ куыд фӕзындзысты ӕмӕ куыд фесӕфдзысты, стӕй Мессиа кӕд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ кӕд амардзысты, уый дӕр (Данелы чиныг 2-аг, 8-ӕм сӕртӕ ӕмӕ 9:24—27). Абон ӕххӕст кӕны ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр, ӕмӕ уыдон ӕвдисынц «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Матфейы Евангели 24-ӕм сӕр). Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу ахӕм хабӕрттӕ развӕлгъау зӕгъын (Исай 41:23). Уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чингуыты «Библи — Хуыцауы Ныхас у ӕви адӕймаджы?» (уыр.) ӕмӕ «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?»; мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цӕмӕй Библийы тыххӕй цы фарстатӕ сӕвзӕры, уыдонӕн дзуапп дӕттын мӕ бон уа, уый тыххӕй мӕ цы хъӕуы?

Уый тыххӕй дӕу хъӕуы Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг уды ӕххуыс курын, цӕмӕй цы ахуыр кӕныс, уый ӕмбарай (Ӕмбисӕндтӕ 15:28; Лукайы 11:9—13). «Кӕд сымахӕй искӕмӕ нӕ фаг кӕны зонд,— дзуры Библи,— уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,— ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн» (Иаковы 1:5). Афтӕ ма тынг хорз у, Библи ахуыр кӕнынӕн цы ӕххуысчингуытӕ ис, уыдон кӕсын дӕр. Ӕнӕмӕнг хъӕуы искӕй ӕххуыс, ефиопаг лӕджы Филиппы ӕххуыс куыд хъуыди, афтӕ (Куыстытӕ 8:26—35). Кӕй фӕнды, уыдонимӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыр кӕнынц сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕхца нӕ исынц. Кӕд дӕу дӕр фӕнды, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ афтӕ бирӕ адӕм цӕмӕн цӕуы ӕмӕ мӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын цӕуылнӕ уадзынц?

Йесо кӕй хъусын кодта, уый дӕр бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цыди, ӕмӕ загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсдзысты. Йесо цы амыдта, уый-иу искӕй зӕрдӕмӕ куы фӕцыди, уӕд-иу сын йӕ динон ныхмӕлӕуджытӕ дзырдтой: «Ау, сымах дӕр афӕлывта? Хицӕуттӕй кӕнӕ фарисейтӕй искӕй мыййаг бауырныдта?» (Иоанны 7:46—48, НФ; 15:20). Дӕуӕн афтӕ чи дзуры, Ӕвдисӕнтимӕ ма ахуыр кӕн Библи, зӕгъгӕ, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ нӕ зонынц, хъуыддаг ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, уый, йе та, чи зоны, кӕмӕйдӕр цыдӕр фехъуыстой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ раст ахаст нӕй. Ӕвдисӕнтимӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, Библи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтай ӕви нӕ (Матфейы 7:17—20).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма цӕмӕн цӕуынц, сӕхи дин кӕмӕн ис, ахӕм адӕммӕ?

Афтӕмӕй уыдон фӕзмынц Йесойы. Уый цыди иудейтӕм. Кӕд уыцы адӕмӕн сӕхи дин уыди, уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ кодтой (Матфейы 15:1—9). Абон алы адӕмтӕ дӕр хӕст сты цавӕрдӕр диныл — чи чырыстон, чи та ӕндӕр цавӕрдӕр. О, фӕлӕ адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уый хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ сӕ уарзынц.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон дин у раст?

Йӕ динмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи нӕ кӕсы, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ йӕ дин нымайа растыл. Кӕд афтӕ нӕу, уӕд та йыл цӕмӕн хӕцы? Чырыстӕттӕн ахӕм уынаффӕ цӕуы лӕвӕрд: «Ӕппӕтдӕр-иу раиртасут, хорзыл та-иу хӕцгӕ ныккӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21, НФ). Адӕймаг хъуамӕ йӕхицӕн сбӕлвырд кӕна, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры. Уымӕн ӕмӕ иу раст уырнындзинад йеддӕмӕ нӕй. Уый бӕрӕг у Ефесӕгтӕм 4:5-ӕм стихӕй дӕр, зӕгъгӕ, ис ӕрмӕстдӕр «иу Хицау, иу уырнындзинад, иу аргъуыд». Абон бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, динтӕ иууылдӕр ирвӕзындзинадмӕ кӕнынц, фӕлӕ Йесо афтӕ никуы дзырдта. Уый загъта: «Уынгӕг сты дуӕрттӕ, ӕмӕ нарӕг у цардмӕгӕнӕг фӕндаг, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ нӕ арынц». Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фидарӕй зонынц, уыцы фӕндаг кӕй ссардтой. Куы нӕ йӕ зониккой, уӕд та ӕндӕр дин агуриккой (Матфейы 7:14, НФ).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты?

Нӕ, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Ивгъуыд заманты зӕххыл цард, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм адӕм, ӕмӕ уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн цӕрыны фадат. Цалынмӕ «стыр уынгӕгдзинад» нӕ райдыдта, уӕдмӕ та абоны адӕмӕй дӕр бирӕтӕн сӕ бон у ӕцӕгад ӕмӕ рӕстдзинады фарс слӕууын ӕмӕ фервӕзын. Стӕй ма нын Йесо фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, тӕрхон макӕмӕн кӕнут. Мах кӕсӕм ӕддагбакастмӕ, Хуыцау та — зӕрдӕмӕ. Уый алцыдӕр лӕмбынӕг сбары ӕмӕ тӕрхон кӕны фӕлмӕнзӕрдӕйӕ. Тӕрхон кӕныны хъуыддаг уый бакодта Йесойы бар, мах бар нӕ, фӕлӕ (Матфейы 7:1—5; 24:21, НФ; 25:31).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм чи бацӕуы, уыдонӕй ӕхца фембырд кӕнынц?

Мысайнӕгты тыххӕй апостол Павел афтӕ загъта: «Алчидӕр хай кӕнӕд йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ тыххӕй кӕнӕгау нӕ; уымӕн ӕмӕ барвӕндонӕй дӕттӕджы уарзы Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залтӕм ӕмӕ конгресстӕм чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй ӕхца не ’мбырд кӕнынц. Уый бӕсты бӕрӕг рӕтты вӕййы асыччытӕ, ӕмӕ кӕй фӕфӕнды, уыдон дзы мысайнӕгтӕ ныппарынц. Чи цас дӕтты, уый ничи зоны. Кӕмӕндӕр йӕ бон у иннӕтӕй фылдӕр радтын, кӕмӕндӕр та — бынтондӕр ницы. Уыцы хъуыддагмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа, уый равдыста Йесо, Иерусалимы хӕзнадоны мысайнӕгтӕ чи ӕппӕрста, уыдонмӕ куы каст, уӕд. Уый загъта, зӕгъгӕ, сӕйраг уый нӕу, адӕймаг цас ратдзӕн, фӕлӕ йӕ йӕ уавӕртӕ куыд амонынц ӕмӕ цы зӕрдӕйӕ дӕтты, уый (Лукайы 21:1—4).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суон, уӕд мӕн дӕр хъӕудзӕн хъусын кӕнын?

Чырыстийы Паддзахады разамындӕй зӕхх Дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй адӕймаг куы базоны, уӕд ӕй бафӕнды уыцы хабар иннӕтӕн дӕр радзурын. Афтӕ уыдзӕн демӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ уый у хорз хабар! (Куыстытӕ 5:41, 42).

Уымӕй ӕвдисдзынӕ, Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕ, уый. Библийы Йесо хуыйны «иузӕрдыг ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн». Уый зӕххыл куы уыд, уӕд дзырдта: «Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг и», ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр ӕрвыста, зӕгъгӕ, цӕут ӕмӕ афтӕ дзурут адӕмӕн (Раргомад 3:14, НФ; Матфейы 4:17, НФ; 10:7). Фӕстӕдӕр та йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ахӕм хӕс радта: «Уӕдӕ цӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй... ӕмӕ сын амонут». Афтӕ ма загъта, зӕгъгӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ «хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн» (Матфейы 24:14; 28:19, 20, НД).

Хорз хабар хъусын кӕнынӕн бирӕ фадӕттӕ ис. Арӕх уый тыххӕй аныхасгӕнӕн вӕййы не ’ввахс хӕлӕрттӕ кӕнӕ нӕ зонгӕтимӕ. Иуӕй-иутӕ фӕфыссынц фыстӕджытӕ дӕр, йе та телефонӕй фӕхъусын кӕнынц. Иннӕтӕ та постӕй арвитынц литературӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕймагӕн цымыдисаг чи уыдзӕн, ахӕм фарстайыл. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хабар алчидӕр фехъуса, уый тыххӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕммӕ цӕуынц сӕ хӕдзӕрттӕм.

Библи алкӕмӕдӕр сиды: «Уд ӕмӕ ног чындз дзурынц: — Ӕрцу! Ӕмӕ ай чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: — Ӕрцу! Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, [уый] ӕрбацӕуӕд; кӕй фӕнды, уый лӕвар нуазӕд царды дон» (Раргомад 22:17, НФ). Зӕххон дзӕнӕт ӕмӕ дзы цы диссаджы уавӕртӕ уыдзӕн, уый тыххӕй адӕймаг иннӕтӕн дзурдзӕн ӕви нӕ, уый йӕхи хъуыддаг у, ӕмӕ афтӕ кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕнда, уӕд.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй ма дӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр фарстытӕ дӕр ис. Чи зоны, цӕуылдӕр семӕ разы нӕ дӕ. Ӕхсызгонӕй дын дзуапп радтиккам дӕ фарстытӕн. Фӕлӕ нын ацы брошюрӕйы алцы ныффыссыны фадат кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ дӕ курӕг стӕм, Ӕвдисӕнтӕй дӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдонӕй искӕй бафӕрс. Дӕ бон у, ӕмӕ сӕм Паддзахады залмӕ сӕ фембӕлдтӕм бацӕуай, йе та дӕм хӕдзармӕ куы ӕрбацӕуой, уӕд семӕ аныхас кӕнай. Кӕннод та дӕ фарстытӕ арвит Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадмӕ ацы адристӕй иуыл.