Куыд хъусын кӕнынц хорз хабар
ЧЫРЫСТИ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта «ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕмы фӕнда, нӕ фӕнда, уӕддӕр сын сӕ дин ивын кӕнынц. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд «сӕрныллӕг адӕмӕн хорз хабар дзурынмӕ», «зӕрдӕсаст чи у, уыдоны дзӕбӕх кӕнынмӕ» ӕмӕ «маст чи кӕны, ӕппӕт уыдоны зӕрдӕтӕ фидар кӕнынмӕ» (Матфейы 28:19, НД; Исай 61:1, 2; Лукайы 4:18, 19). Раст афтӕ кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, Библийӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Хуыцауы рагон пехуымпар Иезекилау уыдон дӕр агурынц, абон дунейы «цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы», ахӕм адӕмы (Иезекил 9:4).
Абоны цардӕй чи сфӕлмӕцыд, ахӕм адӕмы агургӕйӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕхдӕр хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Йесо куыд «цыдис сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд хъусын кӕнгӕйӕ», афтӕ уыдон дӕр, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, цӕуынц адӕммӕ ӕмӕ семӕ ныхас кӕнынц. Афтӕ кодтой Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ I ӕнусы дӕр (Лукайы 8:1; 9:1—6; 10:1—9). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, гӕнӕн кӕм ис, уым алы хӕдзармӕ дӕр бацӕуынц аз дыууӕ-ӕртӕ хатты, цӕмӕй йӕ цӕрджытимӕ цалдӕр минуты аныхас кӕной, ӕгас дунейы, йе та кӕм цӕрынц, уым адӕмы цы тыхсын кӕны, ууыл. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хӕдзары хицауӕн бакӕсынц Библийӕ иу кӕнӕ дыууӕ стихы, бамбарын ын сӕ кӕнынц, ӕмӕ йӕ кӕд фылдӕр базонын фӕфӕнды, уӕд йемӕ баныхас кӕнынц, рӕстӕг ын кӕд уа, уӕд ӕм ногӕй кӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ ныхас кӕй адарддӕр кӕндзысты. Уый фӕстӕ йын ныууадзынц Библи, стӕй йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ ӕмӕ йӕ кӕд фӕнды, уӕд йемӕ райдайынц Библи лӕвар ахуыр кӕнын. Ӕгас дунейы дӕр Библи ахӕм хуызы ахуыр кӕнынц милуангай хӕдзӕртты, кӕм хицӕн адӕймӕгтимӕ, кӕм та ӕгас бинонтимӕ.
«Паддзахады хорз уацхъуыд» хъусын кӕнынӕн стыр ахъаз сты, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Паддзахады залты ӕрвылкъуыри дӕр цы фембӕлдтӕ уадзынц, уыдон. Уыцы фембӕлдтӕй иуы вӕййы раныхас, адӕмы чи цымыдис кӕны, ахӕм фарстайыл. Уый фӕстӕ журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕххуысӕй ӕвзӕрст фӕцӕуы Библийӕ цавӕрдӕр фарста кӕнӕ пехуымпарӕдтӕ. Иннӕ фембӕлд
та схонӕн ис скъола, уым Ӕвдисӕнтӕ ахуыр кӕнынц хорз хабар хуыздӕр хъусын кӕнын; йӕ хӕдфӕстӕ ма вӕййы ноджыдӕр иу фембӕлд — уым сӕрмагондӕй дзырд фӕцӕуы, хъусын кӕныны хъуыддаг сӕ территорийы куыд цӕуы, ууыл. Афтӕ ма къуыри иу хатт Ӕвдисӕнтӕ ӕрӕмбырд вӕййынц искӕмӕ хӕдзары ӕмӕ гыццыл къордтӕй фӕахуыр кӕнынц Библи.Уыцы фембӕлдтӕм бацӕуын йӕ бон у алкӕмӕндӕр. Ӕхца дзы не ’мбырд кӕнынц. Ахӕм фембӕлдтӕ ахъаз сты алы адӕймагӕн дӕр. Библи дзуры: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг». Библи нӕхӕдӕг кӕй ахуыр кӕнӕм, уый ницы баивдзӕн, фӕлӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдты та разӕнгард кӕнӕм нӕ кӕрӕдзийы дӕр: «Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы куыд цыргъ кӕны, афтӕ иу адӕймаг дӕр зонд ӕфтауы иннӕйы зондыл» (Дзуттытӕм 10:24, 25; Ӕмбисӕндтӕ 27:17, «The New English Bible»).
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма Хуыцауы Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн фӕдзурынц, сӕ хъуыддӕгты фӕдыл искуы куы вӕййынц, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, аныхас кӕнынц кӕм сыхӕгтимӕ, кӕм автобусы кӕнӕ та хӕдтӕхӕджы кӕимӕ фӕбадынц, уыдонимӕ. Бӕстондӕр та аныхас кӕнынц сӕ хорз зонгӕтӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕджытимӕ, йе та се ’мкусджытимӕ сихоры улӕфты рӕстӕджы. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд адӕмимӕ алы рӕтты ӕмӕ алы уавӕрты дзырдта Паддзахады тыххӕй — денджызгӕрон, хохы фахсыл бадгӕйӕ, уазӕгуаты, чындзӕхсӕвы ӕмӕ Галилейы денджызы бӕлӕгъыл бадгӕйӕ. Адӕмы ахуыр кодта ӕмбырдгӕнӕнты, стӕй ма Иерусалимы кувӕндоны дӕр. Иудзырдӕй, кӕмфӕндыдӕр-иу ссардта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй аныхас кӕныны фадат. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй фӕзмынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр (1 Петры 2:21).
ХЪУСЫН КӔНЫНЦ ХЪУЫДДӔГТӔЙ
О, фӕлӕ хорз хабар куыдфӕнды ма цӕуа хъуыстгонд, уӕддӕр ӕй чи хъусын кӕны, уый йӕхӕдӕг афтӕ куы нӕ кӕна, уӕд ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы. Дзургӕ иу куы кӕнай, аразгӕ та ӕндӕр, уӕд уый у цӕстмӕ ми, ӕмӕ динтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый аххосӕй адӕмӕй бирӕтӕ нал ӕууӕндынц Библийыл. Дины кусджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Библийы афтӕ ӕмӕ афтӕ фыст ис, кӕд дзы ахӕмӕй ницы ис, уӕддӕр. Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕм дӕр уыд Дзуттаг Фыстытӕ, фӕлӕ сӕ Йесо схуыдта цӕстмӕхъустӕ. Йесо банысан кодта, адӕмӕн Моисейы Закъон кӕй кастысты, уый, ӕмӕ стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы уын зӕгъынц, уыдон иууылдӕр кӕнут; фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, цӕмӕйдӕриддӕр уыдон дзурынц, фӕлӕ [сӕхӕдӕг афтӕ] нӕ кӕнынц» (Матфейы 23:3, НФ). Чырыстон адӕймаг царды алцӕмӕйдӕр фӕзминаг куы уа, уӕд уый цыфӕнды ныхӕстӕй дӕр тынгдӕр ахады. Сӕ лӕгтӕ ӕнӕуырнӕг кӕмӕн уыдысты, ахӕм чырыстон устытӕн уымӕн уыди афтӕ загъд: «Цӕмӕй... [лӕгтӕ] ӕрбаздӕхой ӕнӕ дзыхыдзырдӕй, сӕ устыты цардмӕ гӕсгӕ, уӕ сыгъдӕг цард Хуыцауы раз уынгӕйӕ» (1 Петры 3:1, 2, НФ).
Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хъусын кӕнынц сӕ хорз чырыстон хъуыддӕгтӕй. Уыдон зӕрдӕбынӕй архайынц, сӕхицӕн сӕ цы фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр кӕнын (Матфейы 7:12). Уыдон хорз зӕрдӕ дарынц канд се ’мчырыстӕттӕ, сӕ хӕлӕрттӕ, сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕм нӕ, фӕлӕ алкӕмӕдӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыддӕгтӕ алыхатт зӕрдӕзӕгъгӕ нӕ рауайынц. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: уыдон хорздзинад аразын фӕнды ӕппӕт адӕмӕн дӕр, стӕй сын Паддзахады хорз хабар кӕй дзурынц, канд уымӕй нӕ, фӕлӕ сӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, се ’ххуысы къух кӕй фӕдарынц, уымӕй дӕр (Иаковы 2:14—17).
[Ныв 19 фарсыл]
Гавайы сакъадӕхтӕ
[Ныв 19 фарсыл]
Венесуэлӕ
[Ныв 19 фарсыл]
Югослави
[Нывтӕ 20 фарсыл]
Паддзахады залтӕ — иттӕг хорз бынӕттӕ Библи ахуыр кӕнынӕн.
[Нывтӕ 21 фарсыл]
Хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй иннӕтӕн куыд амонынц, сӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕной.