Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ рӕзт ӕмӕ сӕ размӕцыд

Сӕ рӕзт ӕмӕ сӕ размӕцыд

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ куы фӕзындысты, уӕдӕй нырмӕ рацыд сӕдӕ азӕй фылдӕр. 1870-ӕм азты райдианы Аллегейнийы (АИШ, штат Пенсильвани; ныртӕккӕ хауы Питтсбургмӕ) фӕзынд, Библи чи ахуыр кодта, ахӕм адӕмы гыццыл къорд. Къорд арӕзт ӕрцыди Чарлз Тейз Расселы хъӕппӕрисӕй. 1879 азы июлы мӕйы мыхуыры рацыд журнал «Сионы Хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырысти не ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн, уый фидиуӕджы» фыццаг номыр. 1880-ӕм азмӕ уыцы гыццыл къордӕй сырӕзт ӕнӕхъӕн ӕмбырдтӕ сыхаг штатты. 1881 азы фӕзынд Сионы Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад, 1884 азы та регистрацигонд ӕрцыд закъонмӕ гӕсгӕ. Йӕ президент сси Рассел. Фӕстӕдӕр Ӕхсӕнадӕн йӕ ном фӕивта ӕмӕ сси Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад. Ӕхсӕнады уӕнгтӕй бирӕтӕ хъусын кодтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ адӕмыл парахат кодтой библион литературӕ. 1888 азы ӕххӕст рӕстӕг хъусынгӕнджыты нымӕц уыди 50 адӕймаджы, абон та ӕгас дунейы сӕ нымӕц рӕстӕмбис нымадӕй у 700 000 адӕймаджы.

1909 азы хъусын кӕныны хъуыддаг анхъӕвзта ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр. Ӕхсӕнады сӕйраг хайад та хаст ӕрцыд Бруклинмӕ (Нью-Йорк), ӕмӕ абоны онг дӕр ис уым. Библион лекцитӕ мыхуыр цыдысты алыхуызон газетты. Цӕвиттон, 1913-ӕм азмӕ Иугонд Штатты, Канадӕйы ӕмӕ Европӕйы уыдон мыхуыргонд цыдысты цыппар ӕвзагыл мингай газетты. Парахат кодтой милуангай чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ трактаттӕ.

1912 азы ӕрӕвнӕлдтой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» саразынмӕ. Слайдтӕ ӕмӕ дзургӕ кинонывты ӕвдыст ӕрцыд цард, зӕхх сфӕлдисынӕй суанг Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады онг. Ӕвдисын ӕй райдыдтой 1914 азы ӕмӕ-иу ӕм алы бон дӕр бакасти 35 000 адӕймаджы бӕрц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы «фотодрамӕ» уыди фыццаг дзургӕ киноныв.

1914 АЗ

Ӕрцӕйхӕстӕг кодта, ӕгас дунейы историйы цалх цӕхгӕр куы фӕзылд, уыцы рӕстӕг. 1876 азы Бруклины (Нью-Йорк) журнал «Библииртасӕджы» («Bible Examiner») октябры номыры рацыд Библииртасӕг Чарлз Тейз Расселы фыст уац: «Муртатты рӕстӕджытӕ. Кӕд фӕуд кӕнынц?» Уыцы номыры 27-ӕм фарсыл дзырдӕуыд: «Авд рӕстӕджы фӕуыдзысты 1914 азы». Уыцы дуг, ома муртатты рӕстӕджытӕ, Библийы ӕндӕр тӕлмацы та хуыйны «адӕмтӕн нысангонд рӕстӕджытӕ» (Лукайы 21:24, НД). 1914 азы цы цаутӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыдон кӕд се ’ппӕт уыцы аз не ’рцыдысты, уӕддӕр муртатты рӕстӕджытӕ уӕд фесты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы аз сси тынг ахсджиаг аз. Историктӕ ӕмӕ уацхӕсджытӕй бирӕтӕ разы кӕнынц, 1914 азы дунейы историйы цалх цӕхгӕр кӕй фӕзылд, ууыл. Уымӕн ӕвдисӕн сты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:

«Дунейы историйы фӕстаг „сабыр“ аз уыди 1913 аз, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ аз» («Таймс-Геральд»-ы фыццаг фарсыл мыхуыргонд статья, 1949 аз, 13 мартъи, Вашингтон, АИШ, Колумбийы зылд).

«Историктӕ арӕхӕй-арӕхдӕр разы кӕнынц, 1914—1989 азты ӕмгъуыд, дыууӕ дунеон хӕсты ӕмӕ уазал хӕсты рӕстӕджы ӕмгъуыд, кӕй уыди бынтон ӕнахуыр, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм дуг, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дунейы бӕстӕтӕн сӕ фылдӕр ӕдзухдӕр уыдысты хӕсты лӕуд — кӕнӕ хӕсты фӕстӕ сӕ къахыл слӕууыныл архайдтой кӕнӕ та сӕхи цӕттӕ кодтой ног хӕстмӕ» («Нью-Йорк таймс», 1995 аз, 7 май).

«Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд дуне бынтондӕр ныддихтӕ, ӕмӕ йӕ аххосаг цы у, уый абоны онг дӕр бӕрӕг нӕма у. Уӕды онг адӕммӕ афтӕ касти, цыма сӕ алцӕмӕй ӕххӕст ӕхсӕнад саразынмӕ бирӕ нал хъуыди. Дуне уыди сабыр, адӕм сӕхицӕн ӕнӕмастӕй цардысты. Фӕлӕ уыцы сабыр цард ӕвиппайды ӕрбайсӕфт. Абоны онг дӕр уавӕр нӕ фӕхуыздӕр... Ацы ӕнусы цас адӕм фӕцагъды, дунейы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ уыйбӕрц нӕ фӕцагъды» (д-р Уокер Перси, «Америкэн медикл ньюс», 1977 аз, 21 ноябрь).

1914 азӕй фӕндзай азы фӕстӕдӕр немыцаг паддзахадон архайӕг Конрад Аденауэр ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «1914 азӕй фӕстӕмӕ сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад цы у, уый адӕм нал зонынц» («Уэст паркер», 1966 аз, 20 январь, Кливленд, АИШ, штат Огайо).

Ӕхсӕнады фыццаг президент Ч. Т. Рассел амард 1916 азы, ӕмӕ йын иннӕ аз йӕ бынат бацахста Джозеф Рутерфорд. Йӕ рӕстӕджы бирӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-имӕ иумӕ уадзын райдыдтой журнал «Сыгъзӕрин ӕнус». (Абон хуыйны «Райхъал ут!», алы номыры рӕстӕмбис тираж у 21 милуан экземплярӕй фылдӕр, 85 ӕвзагӕй фылдӕрыл.) Фылдӕр ӕргом здӕхт ӕрцыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ. Цӕмӕй сӕ чырыстон дунейы динтимӕ ма хӕццӕ кодтаиккой, уый тыххӕй 1931 азӕй уыцы чырыстӕттӕ хуыйнынц «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Ацы ном райстой Исайы 43:10—12-ӕм стихтӕй.

1920-ӕм ӕмӕ 1930-ӕм азты уӕрӕх пайда кӕнын райдыдтой радиойӕ. 1933-ӕм азмӕ Библийы бындурыл лекцитӕ кӕсынӕн Ӕхсӕнад пайда кодта 403 радиостанцӕйӕ. Куыдфӕстагмӕ Ӕвдисӕнтӕ радиойӕ афтӕ арӕх нал пайда кодтой. Фылдӕр хъусын кодтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, ӕмӕ адӕмӕн хӕсгӕ фонографтыл цагътой Библийы бындурыл арӕзт раныхӕстӕ. Фылдӕр-иу кӕй фӕндыд базонын, уыдонимӕ та сӕ хӕдзӕртты ахуыр кодтой Библи.

УӔЛАХИЗТӔ ТӔРХОНДӔТТЫ

1930-ӕм ӕмӕ 1940-ӕм азты уыцы куыст кӕй кодтой, уый тыххӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты ӕрцахстой. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ рӕтты тӕрхондӕтты тох кодтой сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын, литературӕ мыхуыр кӕнын, ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ Хуыцауӕн кувыны бар бахъахъхъӕныныл. Америкӕйы Иугонд Штатты Ӕвдисӕнтӕ хъаст бахастой дӕлдӕр къӕпхӕны тӕрхондӕтты цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдоныл, ӕмӕ АИШ-ы Сӕйраг тӕрхондоны рамбылдтой 43 хъуыддаджы. Ахӕм уӕлахизтӕ сӕ къухы бафтыд ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Уый тыххӕй профессор Ч. С. Браден йӕ чиныджы «Уыдоны дӕр уырны», зӕгъгӕ, мӕнӕ цы дзуры Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй: «Сӕ ӕхсӕнадон бартыл кӕй тох кӕнынц, уымӕй стыр ӕххуыс фесты демократийӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй стыр ахъаз фесты Америкӕйы цыдӕриддӕр гыццыл къордтӕ ис, уыдон бартӕ хъахъхъӕныны хъуыддагӕн» («These Also Believe»).

СӔРМАГОНД АХУЫРАДОН ПРОГРАММӔТӔ

1942 азы президент Джозеф Рутерфорд амарди, ӕмӕ Ӕхсӕнады ног президент сси Нейтан Норр. Райдыдта ӕмвӕндӕй арӕзт ахуырадон программӕ. 1943 азы байгом сӕрмагонд скъола миссионертӕ цӕттӕ кӕнынӕн — Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Библион скъола Галаад. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы скъола каст чи фӕци, уыдон ӕрвыстой алы бӕстӕттӕм. Ӕмӕ уый руаджы фӕзынд ног ӕмбырдтӕ, уӕдмӕ иу Ӕвдисӕн дӕр кӕм нӕ уыди, ахӕм бӕстӕты. Афтӕмӕй абоны бонмӕ ӕгас зӕххы къорийыл ис 100 филиалӕй фылдӕр. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вӕййы сӕрмагонд курсытӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, филиалты бархи кусджытӕ ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг (пионертӕй) чи хъусын кӕны, уыдоны бацӕттӕ кӕнынӕн. Сӕрмагонд ахуыры курсытӕй иуӕй-иутӕ уагъд цӕуынц ахуырадон центры Паттерсоны (АИШ, штат Нью-Йорк).

1977 азы амард Нейтан Норр. Йӕ мӕлӕты размӕ ма цы ивддзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонӕй иу уыди Разамонӕг советы уӕнгты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны хъуыддаг (Разамонӕг совет ис дунеон сӕйраг хайады, Бруклины). 1976 азы административон бӕрндзинад иу адӕймагыл нал уыди, фӕлӕ йӕ цалдӕр хицӕн комитеты бӕрны бакодтой ӕмӕ уыцы комитетты куысты архайдтой Разамонӕг советы уӕнгтӕ дӕр, дӕсгай азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ.

ФЫЛДӔР КӔНЫНЦ ТИПОГРАФИТӔ

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нырыккон историйы бирӕ ахсджиаг цаутӕ ӕрцыд. 1870 азы Пенсильванийы цы Библииртасджыты гыццыл къорд фӕзынд, уый сырӕзт ӕмӕ 2000 азмӕ ӕгас дунейы уыд 90 000 ӕмбырды. Райдианы ӕппӕт литературӕ дӕр мыхуыр кодтой ӕхцайыл кӕйдӕр типографиты; стӕй 1920 азы Ӕвдисӕнтӕ сӕ литературӕйы иу хай мыхуыр кӕнын райдыдтой сӕхӕдӕг, аренды-иу цы мыхуыргӕнӕн цехтӕ райстой, уым. Фӕлӕ 1927 азӕй литературӕйӕн йӕ фылдӕр хай уадзын райдыдтой Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадӕн йӕхи астуӕладзыгон типографийы Бруклины (Нью-Йорк). Ныртӕккӕ уыцы бӕстыхай фестырдӕр кодтой, ӕмӕ ма йӕм бафтыд ӕндӕр агъуыстытӕ дӕр, уыимӕ офистӕ дӕр. Уырдӕм хӕстӕг та ис, типографийы бархи кусджытӕ кӕм цӕрынц, уыцы бӕстыхӕйттӕ. Уымӕй дарддӕр Уолкилмӕ хӕстӕг (штат Нью-Йорк) ис фермӕ ӕмӕ типографи. Уым мыхуыр кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», уадзынц дзы хойрӕгтӕ дӕр, алы рӕтты цы бархи лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕн. Уыцы бархи кусджытӕ алы мӕй дӕр исынц иу гыццыл ӕхца лыстӕг хӕрдзтӕн.

ӔХСӔНАДӔМОН КОНГРЕСТӔ

1893 азы Чикагойы (АИШ, штат Иллинойс) ауагътой фыццаг стыр конгресс. Уыцы конгресмӕ ӕрбацыд 360 адӕймаджы, 70 адӕймаджы та дзы райстой донаргъуыд. Ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы чи уыд, ахӕм ӕхсӕнадӕмон конгресс фӕстаг хатт ацыд 1958 азы Нью-Йорчы. Конгресс цыди дыууӕ стадионы: стадион «Янки» ӕмӕ иннӕ та «Поло Граундс» (уыцы стадион ныртӕккӕ нал ис). Конгрессы уыди 253 922 мин адӕймаджы, уыдонӕй 7 136 адӕймаджы райстой донаргъуыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕхсӕнадӕмон конгрестӕ иу азы мидӕг фӕд-фӕдыл фӕуадзынц бирӕ бӕстӕты. Афтӕмӕй иу афӕдзы мидӕг ахӕм конгрестӕ вӕййы иу мины бӕрц.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Стыр ӕххуыс — ӕхсӕнады мидӕг алы адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы.

[Ныв 6 фарсыл]

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» иууыл райдианы мыхуыр цыди иу ӕвзагыл 6 мин экземплярӕй, абон та — 144 ӕвзагыл 24 милуан экземплярӕй фылдӕр.

[Ныв 7 фарсыл]

Дунейы историйы цалх цӕхгӕр фӕзылд.

[Ныв ӕнӕхъӕнӕй ис 10 фарсыл]