Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ ӕппӕтдунеон организаци ӕмӕ сӕ архайд

Сӕ ӕппӕтдунеон организаци ӕмӕ сӕ архайд

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ хъусын кӕнынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры; уыцы хъуыддагӕн лӕвӕрд цӕуы сӕрмагонд разамынд. Сӕ организаци ӕгас дунейыл куыд архайы, уымӕ йӕ хъус дары Разамонӕг совет, кӕцы ис ӕппӕтдунеон сӕйраг хайады Бруклины (Нью-Йорк). Разамонӕг советы ӕрвыст лӕгтӕ алы аз дӕр ацӕуынц, дунейы алы бӕстӕты цы филиалтӕ ис, уырдӕм, цӕмӕй ӕрныхас кӕной алы ӕмӕ алы фарстатыл. Алы филиалы дӕр ис йӕхи комитет ӕртӕ-авд адӕймагӕй. Уыдон сӕ хъус дарынц, сӕ филиалы бӕрны цы бӕстӕтӕ ис, уым хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ. Филиалтӕй иуӕй-иутӕн ис сӕхи типографитӕ. Уыцы типографитӕй цалдӕры та ис, тынг тагъд чи кусы, ахӕм мыхуыргӕнӕн машинӕтӕ. Алы филиалы бӕрны дӕр цы бӕстӕ кӕнӕ бӕстӕтӕ ис, уыдон дих сты облӕсттыл, уыцы облӕсттӕ та — районтыл. Иу районы вӕййы 20 ӕмбырды бӕрц. Облӕстон цӕстдарӕг радгай бабӕрӕг кӕны йӕ облӕсты районтӕй алкӕцыдӕр. Ӕппӕт районты дӕр аз дыууӕ хатт вӕййы конгресстӕ. Афтӕ ма аз дыууӕ хатты, иу районы цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕй алкӕцыдӕр бабӕрӕг кӕны районы цӕстдарӕг; уый уыцы ӕмбырдты Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕны, се ’мбырдмӕ цы территори хауы, уым хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрнывыл кӕнынӕн ӕмӕ йӕ дарддӕр ӕнтыстджынӕй кӕнынӕн.

Бынӕттон ӕмбырд ӕмӕ ӕмбырды уӕнгтӕ фембӕлдтӕ кӕм уадзынц, уыцы Паддзахады залтӕ сты, хорз хабар дарддӕр кӕцӕй анхъӕвзы, ахӕм бынӕттӕ. Ӕмбырды территори дих цӕуы гыццыл участоктыл ӕмӕ дзы алкӕцыдӕр фидаргонд ӕрцӕуы хицӕн хъусынгӕнджытыл, цӕмӕй уыцы ран цы адӕм цӕры, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурой ӕмӕ фылдӕр кӕй фӕнды базонын, уыдоны рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бӕрӕг кӕной. Ӕмбырдты вӕййы кӕм цалдӕр Ӕвдисӕны, кӕм та 200 Ӕвдисӕны бӕрц, ӕмӕ алыхуызон хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы тынг зынаргъ у хорз хабар хъусынгӕнджытӕй алчидӕр. Алы Ӕвдисӕн дӕр кӕмфӕнды ма лӕггад кӕна, ӕппӕтдунеон сӕйраг хайады уа, филиалы уа ӕви ӕмбырды, уӕддӕр йӕхӕдӕг ныхас кӕны адӕмимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уый тыххӕй хыгъдтӕ ӕрвыст ӕрцӕуынц ӕппӕтдунеон сӕйраг хайадмӕ. Уыцы хыгъдты бындурыл алы аз дӕр арӕзт ӕмӕ уагъд ӕрцӕуы «Ӕрвылазон чиныг». Афтӕ ма уыцы хыгъдты таблицӕ алы аз дӕр мыхуыр ӕрцӕуы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1 январы номыры. Уыцы дыууӕ публикацийы дӕр бӕстон дзырдӕуы Ӕвдисӕнтӕн, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахад Йесо Чырыстийы сӕргълӕудӕй кӕй паддзахиуӕг кӕны, уый тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ сӕ къухы цы ӕнтыстытӕ бафты, ууыл. Фӕстаг азты, Йесойы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕры ӕрвылазон бӕрӕгбонмӕ цы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ цымыдисгӕнӕг адӕм ӕрбацыд, уыдоны нымӕц уыди 14 милуаны бӕрц. Алы аз дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ арвитынц 1 миллиард сахатӕй фылдӕр, 300 мин адӕймаджы та райсынц донаргъуыд. Афтӕ ма апарахат кӕнынц библион литературӕ сӕдӕгай милуан экземпляртӕ.