Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕнды сӕ дӕуӕн хорз хабар фехъусын кӕнын

Фӕнды сӕ дӕуӕн хорз хабар фехъусын кӕнын

ЙЕСО зӕххыл куы уыди, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй дӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн?» (НД). Ӕмӕ сын Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыдзӕн стыр хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, сарӕх уыдзысты хӕцгӕ низтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕнӕзакъондзинӕдтӕ, мӕнг дины ахуыргӕнджытӕ сӕ фӕдыл асайдзысты бирӕты, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ уыдзысты адӕмӕн ӕнӕуынон, сурдзысты сӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ рӕстдзинад нал уарздзысты. Ацы цаутӕ цӕуын куы райдыдтаиккой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис ӕмӕ уӕларвон Паддзахады ӕрцыд къӕсӕрыл кӕй ис. Ӕмӕ уый хъуамӕ уыдаид хорз хабар, ӕцӕг цины хабар! Йесо ма ноджыдӕр бацамыдта уыцы нысаны иу ахсджиаг хаймӕ: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:3—14).

Кӕд абон дунейы цытӕ цӕуы, уым хорзӕй ницы ис, уӕддӕр дзы ӕхсызгон уый у, ӕмӕ Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис. Уӕлдӕр цы хабӕрттӕ ранымадтам, уыдон ӕгас зӕххы къорийыл адӕм уынынц 1914 азӕй фӕстӕмӕ! Уӕд фесты муртатты рӕстӕджытӕ ӕмӕ райдыдта адӕмы хицауиуӕгадӕй Чырыстийы Миназон Паддзахиуӕгадмӕ ахизӕны дуг.

Уыцы фӕлдзӕуӕн дуджы тыххӕй развӕлгъау загъд уыди 109-ӕм псалмы фыццаг дыууӕ стихы ӕмӕ Раргомады 12:7—12-ӕм стихты. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Чырыстийӕн цалынмӕ паддзахиуӕг кӕныны рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ уыдзӕн уӕларвыл Хуыцауы рахизфарс. Уый фӕстӕ арвыл уыдзӕн хӕст, ӕмӕ Сайтан ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн зӕхмӕ; уӕд зӕххыл цӕудзӕн стыр бӕллӕхтӕ, ӕмӕ Чырысти хицауиуӕг кӕнын райдайдзӕн йе знӕгты ’хсӕн. Фыддзинад бынтондӕр фесӕфдзӕн, Армагеддоны хӕстыл чи ахицӕн уыдзӕн, уыцы «стыр зындзинады». Уый фӕстӕ ралӕудзӕн Чырыстийы Миназон фӕрнджын паддзахиуӕгад (Матфейы 24:21, 33, 34; Раргомад 16:14—16).

«Хъуамӕ йӕ зонай,— дзуры нын Библи,— фӕстаг бонты зын рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уый: уымӕн ӕмӕ адӕм суыдзысты хиуарзаг, ӕхца уарзаг, зынӕрвӕссон, фыддзых, ныййарджытӕм ӕгоммӕгӕс, ӕбузн, ӕдзӕсгом, лымӕнзнаг, нӕфидауӕг, хахуырӕвзаг, хиуыл нӕхӕцӕг, хорздзинад нӕ уарзаг, нымудзаг, къӕйных, стырзӕрдӕ, Хуыцауӕй фылдӕр адджын цард чи уарзы,— ахӕмтӕ. Ӕрмӕст ӕддейӕ бакастӕй Хуыцауы ӕфсарм кӕмӕ ис, фӕлӕ йӕ тыхыл ӕвдисӕн чи бакодта,— ахӕмтӕ. Ахӕмтӕй хиз дӕхи» (2 Тимофеймӕ 3:1—5, НФ).

Чи зоны исчи зӕгъа, ахӕм хабӕрттӕ рагӕй цӕуынц дунейы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ алчидӕр сразы уыдзӕн, ахӕм бӕллӕхтӕ уыцы иу рӕстӕджы ӕгас дунейыл кӕй никуы цыдысты. Историктӕ ӕмӕ уацхӕсджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, 1914 азӕй цы заман скодта, ахӕм заман нырмӕ никуы уыди. (Кӕс 7-ӕм фарсыл.) Алыхуызон бӕллӕхтӕ ныры хуызӕн арӕх никуы ма уыдысты. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, фӕстаг бонты ӕрцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый тыххӕй ма Чырысти ноджыдӕр цы загъта, уый. Бӕлвырддӕр та, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй ӕгас зӕххы къорийыл кӕй цӕудзӕн хъуыстгонд, уый тыххӕй. Уӕдӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй нӕ дуджы цы удхӕрдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, ахӕм никуы ма бавзӕрстой. Сӕдӕгӕйтты дзы фыдмард акодтой нацистон концлагерты. Суанг сын абоны онг дӕр иуӕй-иу рӕтты нӕ дӕттынц бар сӕрибарӕй хъусын кӕнынӕн, ӕндӕр рӕтты та сӕ ахсынц, ахӕстӕтты сӕ бадын кӕнынц, фыдмитӕ сын кӕнынц ӕмӕ сӕ марынц. Ӕппӕт уыдӕттӕ та сты, Йесо цы нысаны кой кодта, уымӕн йӕ иу хай.

Раргомады 11:18-ӕм стихы (НФ) куыд загъд уыд, афтӕ адӕмтӕ «мӕстӕй ссыгъдысты» Иегъовӕйы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕм ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, тагъд рӕстӕджы уыцы адӕмты Иегъовӕйы «азар» кӕй баййафдзӕн. Уыцы библион стих ма нын ноджыдӕр дзуры, Хуыцау кӕй фесафдзӕн «зӕхх чи сафы, уыдон». Нырмӕ зӕххӕн тӕссаг никуы ма уыди, йӕ бон адӕмы дарын куы нал уа, уымӕй. Фӕлӕ абон афтӕ нал у! Бирӕ ахуыргӕндтӕ фӕдис хъӕр кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг дарддӕр дӕр афтӕ куы сафа зӕхх, уӕд ыл цӕрыны фадат нал уыдзӕн. О, фӕлӕ Иегъовӕ зӕхх «уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм цӕрой», ӕмӕ йӕ цалынмӕ чи сафы, уыдон ӕй бынтондӕр нӕ фесӕфтой, уӕдмӕ сын сӕхи фесафдзӕн (Исай 45:18).

ПАДДЗАХАД ЗӔХМӔ ЦЫ ХОРЗДЗИНӔДТӔ ӔРХӔСДЗӔН

Адӕм Хуыцауы Паддзахады разамындӕй зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уый Библийыл ӕууӕндӕг адӕмӕй бирӕтӕм тынг ӕнахуыр кӕсы, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хорз адӕм иууылдӕр ацӕуынц уӕларвмӕ. Ӕцӕгӕй та Библи дзуры, зӕгъгӕ, уӕларвмӕ цӕуы адӕмӕй ӕрмӕстдӕр бӕрӕг нымӕц, кӕд ӕмӕ зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн та банымайӕн дӕр нӕй (Псалом 36:11, 29; Раргомад 7:9; 14:1—5). Йесойы сӕргълӕудӕй Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн, уый бӕрӕг у, Библийы Данелы чиныджы цы пехуымпарад ис фыст, уымӕй.

Уыцы пехуымпарады Чырыстийы Паддзахад ӕвдыст у, Иегъовӕйы хицаудзинады хохӕй чи фӕиртӕст, ахӕм дуры хуызы. Уыцы дур сӕмбӕлд, зӕххыл цӕрӕг стыр ӕмӕ тыхджын адӕмты цы гуымиры ӕвдисы, ууыл, ӕмӕ йӕ ныппырх кодта, йӕхӕдӕг та «стыр хох фестад ӕмӕ ӕгас зӕххондон бацахста». Пехуымпарад дарддӕр дзуры: «Уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:34, 35, 44).

Уӕдӕ дын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр раст уыцы Паддзахады тыххӕй фӕнды радзурын ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ зӕхх сыгъдӕггонд кӕй ӕрцӕудзӕн, кӕй срӕсугъд уыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый тыххӕй дӕр. Абон зӕххыл цы милуангай адӕм цӕры, уыдон дӕр ӕмӕ ныртӕккӕ ингӕнты цы бирӕ милуантӕ хуыссы, уыдонӕн дӕр ис зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Чырыстийы Миназон паддзахиуӕгады рӕстӕджы сӕххӕст уыдзӕн, Иегъовӕ зӕхх иууыл райдианы цӕй тыххӕй сфӕлдыста ӕмӕ йыл фыццаг дыууӕ адӕймаджы цӕй тыххӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы фӕндон. Уым, зӕххон Дзӕнӕты адӕймаг цардӕй никуы сфӕлмӕцдзӕн. Едемы цӕхӕрадоны Адамӕн куыд уыди куыст, афтӕ уым дӕр адӕм зилдзысты зӕхмӕ, зайӕгойтӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕм, ӕмӕ алкӕмӕндӕр йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райдзӕн. Адӕм «сӕ къухты куыстӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй» (Исай 65:22; Уӕвынад 2:15).

Хуыцау, Йесо дзы йӕ дӕнцон куывды цы куырдта, уый куы сӕххӕст кӕна, ома «Йӕ Паддзахад куы ӕрцӕуа; Йӕ фӕндон зӕххыл дӕр куы уа, куыд арвыл», уӕд царды уавӕртӕ цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй Библийы бирӕ рӕтты дзырдӕуы (Матфейы 6:10). Фӕлӕ дзы ныртӕккӕ ӕрхӕсдзыстӕм ӕрмӕстдӕр иу: «Ӕмӕ фехъуыстон арвӕй тыхджын хъӕлӕсы дзурын: — Кӕс! Хуыцауы куывддоны цатыр адӕммӕ! Ӕмӕ уый цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты Йӕхи адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕн уыдонӕн сӕхи Хуыцау. Ӕмӕ сын Хуыцау ӕрсӕрфдзӕн сӕ цӕстытӕй алы цӕстысыг, ӕмӕ мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн, нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, низ дӕр дзы нал уыдзӕн,— уымӕн ӕмӕ фыццагон аивгъуыдта! Ӕмӕ, троныл чи бадт, Уый загъта: — Кӕс, алцыппӕтдӕр кӕнын Ӕз ног! — Ӕмӕ мӕм дзуры: Афысс-иу, цӕмӕйдӕриддӕр ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст!» (Раргомад 21:3—5, НФ).

[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]

«Зын рӕстӕг уыдзӕн»,

ФӔЛӔ «уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».

[Ныв 18 фарсыл]

Нидерландтӕ

[Ныв 18 фарсыл]

Нигери