Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хабар ӕхсӕнадӕн цы пайда хӕссы

Хорз хабар ӕхсӕнадӕн цы пайда хӕссы

АБОН арӕх фехъусӕн ис ахӕм ныхӕстӕ: «Чырыстон дин куыд амоны, афтӕ цӕрӕн нӕй. Абон цард афтӕ тыхст у, ӕмӕ ӕхсӕнадӕн уыцы уагӕвӕрдтыл хӕцын йӕ бон нӕу». Фӕлӕ алчи афтӕ нӕ хъуыды кӕны. Цӕвиттон, бынтон ӕндӕр хъуыды загъта Индийы зындгонд разамонӕг Мохандас Ганди, иу хатт Индийы раздӕры бритайнаг вице-къарол лорд Ирвинимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Уыцы фембӕлды рӕстӕджы, дам, лорд Ирвин Гандийы бафарста, дӕумӕ гӕсгӕ, дам, куыд алыггӕнӕн ис, Инди ӕмӕ Британийы ’хсӕн цы дзырддаг фарстатӕ ис, уыдон. Уӕд Ганди райста Библи, байгом кодта Матфейы Евангелийы 5-ӕм сӕр ӕмӕ загъта: «Дӕ бӕстӕ ӕмӕ мӕ бӕстӕ сӕ ахастытӕ, Чырысти Уӕлхох уацамынды цы загъта, уымӕ гӕсгӕ куы аразиккой, уӕд канд нӕ бӕстӕты дзырддаг фарстатӕ нӕ алыг кӕниккам, фӕлӕ ма ӕгас дунейы фарстатӕ дӕр».

Уыцы уацамынд нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы базонынмӕ, амоны нын, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ, тырнӕм сабырдзинадмӕ ӕмӕ раст цы у, уый уарзӕм. Уым фыдракӕндыл нымад цӕуы, канд лӕг амарын нӕ, фӕлӕ ма адӕймагмӕ фыдӕхзӕрдӕ хӕссын дӕр; адӕймаг хӕтаг, ӕддӕхъус куы уа, канд уый нӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ искӕмӕ куы хъаза, уый дӕр. Йесо ма дзуры, лӕг ӕмӕ ус гыццыл ницӕй тыххӕй куы ахицӕн вӕййынц, уый ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ баззайынц ӕнӕ фыд, йе та ӕнӕ мадӕй. Афтӕ ма нӕм сиды, цӕмӕй уарзӕм, чи нӕ нӕ уарзы, уыдоны дӕр, цӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм, хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн, макӕй фыдкой кӕнӕм ӕмӕ, нӕ зӕрдӕ нӕхицӕн цы зӕгъы, уый аразӕм иннӕтӕн дӕр. Адӕм уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕриккой, уӕд алкӕмӕн дӕр стыр пайда куыннӕ хӕссикой. Цас фылдӕр адӕм цӕра афтӕ, уыйас хуыздӕр уыдзӕн ӕгас ӕхсӕнады уавӕр дӕр!

Уыцы хъуыддаджы бирӕ аразынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Библийӕ уыдон зонынц, ӕмкъайадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй, уый. Сӕ сывӕллӕтты аразынц раст зондыл, раст фӕндагыл. Сӕ царды стыр нысаниуӕг ис бинонтӕн. Ӕмӕ бинонтӕ ӕнгом куы уой, уӕд ӕгас ӕхсӕнад дӕр уыдзӕн фидардӕр ӕмӕ ӕнгомдӕр. Бинонты царды бындуртӕ куы нынкъуысынц ӕмӕ ӕгъдау куы нал вӕййы, уӕд та, цард уымӕн ӕвдисӕн, ныппырх вӕййынц стыр паддзахӕдтӕ дӕр. Уӕдӕ адӕмӕй, куыд хицӕнӕй райсгӕйӕ, афтӕ ӕгас бинонтӕй дӕр, цас фылдӕр бафӕзма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ Библийы амындтӕм гӕсгӕ цӕра, уыйас нӕ алыварс къаддӕр уыдзӕн ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр, ӕнӕгъдаудзинад дӕр ӕмӕ фыдракӕндтӕ дӕр.

Дунейы стырдӕр бӕллӕхтӕй иу у, алы адӕмыхатт дӕр йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр кӕй ӕнхъӕлы, кӕрӕдзиуыл ӕнӕууӕнк кӕй фӕкӕнынц, уый. Апостол Петр та загъта: «Ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн». Апостол Павел дӕр фыста: «Нал ис ныр Иудей, нӕдӕр муртат; нӕй цагъар, нӕдӕр сӕрибар; нӕй нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг: уымӕн ӕмӕ сымах иуылдӕр стут иу Йесо Чырыстийы мидӕг» (Куыстытӕ 10:34, 35; Галатӕгтӕм 3:28). Афтӕ хъуыды кӕнынц абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр. Сӕ ӕппӕтдунеон сӕйраг хайады дӕр, филиалты дӕр ӕмӕ ӕмбырдты дӕр иумӕ хӕларӕй цӕрынц ӕмӕ кусынц алы адӕмты минӕвӕрттӕ.

Африкӕйы цы бирӕ знӕмтӕ цӕры, уыдон иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕнӕхылӕй ахицӕн уой. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты та алы знӕмты минӕвӕрттӕ сӕ къӕбӕр иумӕ хӕрынц, иу агъуысты цӕрынц ӕмӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ уый стыр дисы ӕфтауы хицауады бӕрнон кусджыты. Ӕцӕг чырыстон дин адӕмы куыд иу кӕны, уый тыххӕй дзырдӕуыд Нью-Йорчы газет «Амстердам ньюс»-ы 1958 азы 2 августы номыры. Уымӕй размӕ Нью-Йорчы ацыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнадӕмон конгресс, цыран уыд 250 мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы хабар газеты уацхӕссӕгыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста:

«Саутӕ, урсытӕ ӕмӕ азиаттӕ, ӕхсӕнады сӕ уавӕр алыхуызон кӕмӕн у, ахӕм адӕм дунейы алы къуымтӕй ӕрӕмбырд сты иумӕ ӕмӕ сӕрибарӕй хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕбын ныхас кодтой... 120 бӕстӕйӕ цы Ӕвдисӕнтӕ ӕрцыд, уыдон иумӕ хӕларӕй цардысты ӕмӕ лӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уымӕй америкӕгтӕн фенын кодтой, афтӕ цӕрӕн куыд ӕнцонӕй ис, уый. [...] Ацы конгресс хорз ӕвдисы, адӕмӕн сӕ бон иумӕ цӕрын ӕмӕ кусын куыд у, уый».

О, бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, абон Чырыстийы амындтӕм гӕсгӕ нӕй цӕрӕн. Фӕлӕ уӕд уымӕй хуыздӕр исты ис? Адӕм Чырыстийы амындтӕм гӕсгӕ куы цӕриккой, уӕд уый ныридӕгӕн дӕр стыр пайда хӕссид ӕхсӕнадӕн. Фидӕны та Хуыцауы Паддзахады сӕргълӕудӕй уыцы уагӕвӕрдты бындурыл баиу уыдзысты зӕххыл «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ фӕлтӕртӕ, ӕмӕ адӕмтӕ» (Раргомад 7:9, 10).

[Хицӕнгонд текст 23 фарсыл]

Алы адӕмты минӕвӕрттӕ кусынц иумӕ.

[Хицӕнгонд текст 24 фарсыл]

Чырыстийы амындтӕм гӕсгӕ ис цӕрӕн. Уымӕй хуыздӕр ма исты ис?