Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуыл ӕууӕндынц?

Цӕуыл ӕууӕндынц?

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ уырны, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ кӕй у, уый. Нӕ алфамбылай дунейы цы диссӕгтӕ уынӕм, ӕрмӕст уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, стыр зонд ӕмӕ хъомыс кӕмӕ ис, ахӕм Сфӕлдисӕг кӕй скодта ӕппӕтдӕр. Адӕймаг цавӕр миниуджыты хицау у, уый йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куыд вӕййы, афтӕ Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый дӕр фенӕн ис, цы сарӕзта, уымӕ кӕсгӕйӕ. Библийы дзырдӕуы: «Уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕнӕуынгӕ [«миниуджытӕ», НД], Йӕ мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинад, дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зынынц». Ӕцӕгдӕр, ӕнӕдзургӕйӕ «ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад» (Ромӕгтӕм 1:20; Псалом 18:2—5).

Адӕймаг исты куы фӕаразы, ӕлыг мигӕнӕн уа, телевизор уа ӕви компьютер, алцыдӕр аразы цыдӕр нысанӕн, цӕйдӕр тыххӕй. Ӕмӕ уӕд зӕхх, зӕххыл цы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдон та бирӕ вазыгджындӕр ӕмӕ диссагдӕр арӕзт сты! Адӕймаджы буар триллион чырӕгӕй конд куыд у, уый нӕ зонд никуыд ахсы: хъуыды цы магъзы руаджы кӕнӕм, уый йӕхӕдӕг дӕр диссаг у! Ӕмӕ кӕд, адӕймаг цы гыццыл цыдӕртӕ саразы, уыдонӕй алцӕмӕндӕр йӕхи нысан ис, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ Хуыцау цы диссаг цыдӕртӕ скодта, уыдон дӕр ӕнӕхъуаджы конд не сты! Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн сты Ӕмбисӕндты 16:4-ӕм стихы ныхӕстӕ: «Иегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, алцӕмӕндӕр дзы ис йӕхи нысан».

Иегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, зӕхх бӕлвырд нысанӕн кӕй сарӕзта: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут... уӕ бар цӕуӕнт денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ зӕххыл хилӕг алкӕцы цӕрӕгойыл» (Уӕвынад 1:28). Фӕлӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон не сси зӕхх байдзаг кӕнын, зӕххӕн йӕхимӕ дӕр, стӕй зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм дӕр чи зылдаид, ахӕм рӕстаг бинонтӕй. Фӕлӕ хъуыддаг афтӕ кӕй рауад, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндон нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Уыцы хабарӕй миназтӕ фӕстӕдӕр фыст ӕрцыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау, зӕххы Скӕнӕг... дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста». Хуыцау «ӕй цӕрынӕн сарӕзта». Зӕхх никуы фесӕфдзӕн, уый «лӕудзӕн ӕнустӕм» (Исай 45:18; Екклесиаст 1:4). Иегъовӕ цы сфӕнд кодта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дзуры: «Мӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ мӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сараздзынӕн» (Исай 46:10).

Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн, фӕлӕ абоны адӕмӕй дӕр ӕмӕ, чи амарди, уыдонӕй дӕр Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕхх срӕсугъд кӕнын ӕмӕ йӕ адӕмӕй байдзаг кӕныныл чи архайа, уыдон ыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Адӕм иууылдӕр Адам ӕмӕ Евӕйӕ сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сты тӕригъӕдджын (Ромӕгтӕм 5:12). Библи нын афтӕ дзуры: «Тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт». «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц». «Тӕригъӕд ракӕнӕг уд — амӕлдзӕн» (Ромӕгтӕм 6:23; Екклесиаст 9:5; Иезекил 18:4, 20). Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕм цардмӕ раздӕхой ӕмӕ зӕххыл цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдонӕй ӕфсӕст уой? Уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард; мӕныл ӕууӕндӕг, куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн». «Ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29; 11:25; Матфейы 20:28).

Куыд ӕрцӕудзысты ӕппӕт уыдӕттӕ? Ацы фарст адӕймаг бамбары, Йесо зӕххыл цы «Паддзахады Евангели» райдыдта хъусын кӕнын, уыимӕ куы базонгӕ вӕййы, уӕд (Матфейы 4:17—23). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уыцы цины хабар хъусын кӕнынц ӕгас дунейыл.

[Таблицӕ 13 фарсыл]

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫНЦ

Цӕуыл ӕууӕндынц Фыстад цы дзуры

Библи у Хуыцауы Ныхас 2 Тим. 3:16, 17;

ӕмӕ у ӕцӕгад 2 Пет. 1:20, 21; Иоан. 17:17

Адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕй Матф. 15:3; Кол. 2:8

Библийыл фылдӕр ис

ӕууӕндӕн

Хуыцауы ном у Иегъовӕ Пс. 82:19, МГТ; Ис. 26:4;

Ис 42:8; Рац. 6:3

Чырысти у Хуыцауы Фырт Матф. 3:17; Иоан. 8:42; 14:28;

ӕмӕ у Уымӕй дӕлдӕр Ин 20:17; 1 Кор. 11:3; 15:28

Хуыцау иууыл фыццаг Кол. 1:15; Рар. 3:14

сфӕлдыста Чырыстийы

Чырысти дзуарыл нӕ амард, Гал. 3:13; Ап. к. 5:30

фӕлӕ цӕджындзыл

Чырысти йӕ зӕххон цард радта Матф. 20:28; 1 Пет. 2:24, НД;

коммӕгӕс адӕмы балхӕнынӕн 1 Тим. 2:5, 6

Чырысти йӕ цард иу хатт радта Ром. 6:10; Дзут. 9:25—28

нывондӕн, ӕмӕ уый фаг уыди

Чырысти райгас 1 Пет. 3:18; Ром. 6:9;

ӕнӕуынгӕ уӕларвон гоймагӕй Рар. 1:17, 18

Чырысти не ’хсӕн ис Иоан. 14:19; Матф. 24:3, НД;

ӕнӕуынгӕ хуызы 2 Кор. 5:16; Пс. 109:1, 2

Ныртӕккӕ мах цӕрӕм Матф. 24:3—14; 2 Тим. 3:1—5;

«фӕстаг бонты» Лук. 17:26—30

Чырысти цы Паддзахады сӕргъы Ис. 9:6, 7; 11:1—5;

ис, уый зӕххыл хицауиуӕг Дан. 7:13, 14; Матф. 6:10

кӕндзӕн рӕстдзинад ӕмӕ

сабырдзинады

Паддзахад зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн Пс. 71:1—4; Рар. 7:9, 10, 13—17;

ӕххӕст царды уавӕртӕ Рар 21:3, 4

Зӕхх никуы фесӕфдзӕн ӕмӕ Екк. 1:4; Ис. 45:18;

ӕдзӕрӕг дӕр никуы уыдзӕн Пс. 77:69

Хуыцау абоны цардӕвӕрд Рар. 16:14, 16; Соф. 3:8;

фесафдзӕн Армагеддоны Дан. 2:44; Ис. 34:2;

хӕсты Ис 55:10, 11

Ӕвзӕргӕнджытӕ ӕнустӕм Матф. 25:41—46; 2 Фес. 1:6—9

сӕфт ӕрцӕудзысты

Хуыцау рӕстгӕнӕгыл Иоан. 3:16; 10:27, 28; 17:3;

кӕй банымайа, уыдон Маркы 10:29, 30

цӕрдзысты ӕнустӕм

Ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг Матф. 7:13, 14; Еф. 4:4, 5

кӕны цардмӕ

Адӕм мӕлынц Адамы Ром. 5:12; 6:23

тӕригъӕды аххосӕй

Адӕймаг куы амӕлы, Иез. 18:4; Екк. 9:10;

уӕд амӕлы йӕ уд дӕр Пс. 6:6; 145:4; Иоан. 11:11—14

Зындон у ӕппӕт адӕмы Иов 14:13, Рар. 20:13, 14

иумӕйаг ингӕн

Мӕрдтӕн ис райгасы ныфс 1 Кор. 15:20—22; Иоан. 5:28, 29;

Ин 11:25, 26

Адамы мӕлӕт нал уыдзӕн 1 Кор. 15:26, 54; Рар. 21:4;

Ис. 25:8

Уӕларвмӕ ацӕудзӕн ӕрмӕстдӕр Лук. 12:32; Рар. 14:1, 3;

«гыццыл дзуг», 144 000 1 Кор. 15:40—53; Рар. 5:9, 10

адӕймаджы, ӕмӕ уыдон

паддзахиуӕг кӕндзысты

Чырыстиимӕ

144 000 райгуырдысты ногӕй 1 Пет. 1:23; Иоан. 3:3;

Хуыцауы монон фырттӕй Рар. 7:3, 4

Ног цӕдис арӕзт у Иер. 31:31; Дзут. 8:10—13

монон Израилимӕ

Чырыстон ӕмбырд арӕзт Еф. 2:20; Ис. 28:16;

у Чырыстийӕн йӕхиуыл Матф. 21:42

Кувын хъӕуы ӕрмӕстдӕр Иоан. 14:6, 13, 14, НФ;

Иегъовӕмӕ Чырыстийы уылты 1 Тим. 2:5

Хуыцаумӕ кувынӕн дзуӕртты Рац. 20:4, 5; Лев. 26:1;

нывтӕй пайда кӕнын 1 Кор. 10:14; Пс. 113:12—16

нӕ хъӕуы

Спиритизмимӕ нын хъуамӕ Дык. з. 18:10—12; Гал. 5:19—21;

мацы иудзинад уа Лев. 19:31

Ацы дунейы ӕнӕуынгӕ хицау 1 Иоан. 5:19; 2 Кор. 4:4;

у Сайтан Иоан. 12:31

Чырыстон хъуамӕ ӕндӕр 2 Кор. 6:14—17; 11:13—15;

дины хъуыддӕгты ма архайа Гал. 5:9; Дык. з. 7:1—5

Чырыстон хъуамӕ дунеимӕ Иак. 4:4; 1 Иоан. 2:15;

лымӕн ма уа Иоан. 15:19; 17:16

Адӕмы закъӕттӕ Хуыцауы Матф. 22:20, 21;

закъӕтты ныхмӕ куы нӕ уой, 1 Пет. 2:12; 4:15

уӕд сӕ хъӕуы ӕххӕст кӕнын

Хуыцауы закъон нӕ дӕтты Уӕв. 9:3, 4; Лев. 17:14;

буары туг ауадзыны бар, Ап. к. 15:28, 29

нӕдӕр дзыхы, нӕдӕр

тугдадзинты уылты

Чырыстон хъуамӕ цӕра 1 Кор. 6:9, 10; Дзут. 13:4;

Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ 1 Тим. 3:2; Ӕмб. 5:1—23

Сабатбон кӕнын хъуыди Дык. з. 5:15; Рац. 31:13;

ӕрмӕстдӕр израилӕгты Ром. 10:4; Гал. 4:9, 10;

ӕмӕ Моисейы Закъонимӕ Кол. 2:16, 17

иумӕ ӕрцыд йӕ кӕрон

Сауджынтӕй нысан кӕнын Матф. 23:8—12; 20:25—27;

ӕмӕ сӕ сӕрмагонд нӕмттӕй Иов 32:21, 22

хонын раст нӕу

Адӕймаг йӕхигъӕдӕй нӕ Ис. 45:12; Уӕв. 1:27;

фӕзынд, Хуыцау ӕй Матф. 19:4

сфӕлдыста

Хуыцауӕн хъуамӕ лӕггад 1 Пет. 2:21; Дзут. 10:7;

кӕнӕм, Чырысти нын цы Иоан. 4:34; 6:38

дӕнцӕг ныууагъта,

уымӕ гӕсгӕ

Аргъауын хъӕуы, адӕймаджы Маркы 1:9, 10; Иоан. 3:23;

доны фӕныгъуылынгӕнгӕйӕ; Ап. к. 19:4, 5

уый ӕвдисы, адӕймаг йӕхи

Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта

Чырыстӕттӕ ӕхсызгонӕй Ром. 10:10; Дзут. 13:15;

хъусын кӕнынц Библийы Ис. 43:10—12

ӕцӕгад

[Ныв 12 фарсыл]

ЗӔХХ... сфӕлдыста йӕ Иегъовӕ... базылдысты йӕм адӕм... цӕрдзысты йыл ӕнустӕм.