Ахуырадон программӕтӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕгас дунейы дӕр зонынц, адӕмимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ Библи ахуыр кӕнын тынг ахсджиагыл кӕй нымайынц, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕм ӕнӕуи ахуырад нымады дӕр нӕу. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Цӕмӕй ахуыргӕнӕгӕн йӕ бон иннӕты ахуыр кӕнын уа, уый тыххӕй фыццаг хъуамӕ йӕхӕдӕг райса ахуырад. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ скъолайы кӕй фӕахуыр кӕнынц, уый сын хӕссы пайда.
Уымӕй уӕлдай ма сын пайда хӕссынц, сӕ организаци бирӕ азты дӕргъы цы скъолатӕ уадзы ӕмӕ цы ахуырадон программӕтӕ цӕттӕ кӕны, уыдон. Уый фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ иннӕтӕ дӕр бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, хӕрзӕгъдау цард кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы дӕр хуыздӕр базыдтой.Бирӕ бӕстӕты скъолайы ахуыр кӕныны фадат алкӕмӕн нӕй, ӕмӕ дзы кӕсын ӕмӕ фыссын алчи нӕ зоны. Уый тыххӕй уыцы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын зын вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ райдыдтой курсытӕ уадзын, цӕмӕй адӕмы кӕсын ӕмӕ фыссын ахуыр кӕной.
Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Нигерийы ахӕм курсытӕ уадзынц 1949 азӕй фӕстӕмӕ. Уый фӕрцы дзы мингай адӕм кӕсын сахуыр сты. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, Нигерийы чи цӕры, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ 90 процентӕй фылдӕр зонынц кӕсын ӕмӕ фыссын. Бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕй та кӕсын ӕмӕ фыссын зонынц 50 процентӕй къаддӕр. Мексикӕйы та ахӕм курсытӕ уадзынц 1946 азӕй фӕстӕмӕ. Иу азмӕ дзы кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр сты 6 500 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕдӕппӕтӕй дзы кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтой 100 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ахӕм курсытӕ ма бирӕ азты дӕргъы уадзынц ӕндӕр бӕстӕты дӕр, зӕгъӕм, Боливийы, Камеруны, Непалы ӕмӕ Замбийы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 100 ӕвзагӕй фылдӕрыл рауагътой брошюрӕ «Ахуыр кӕн кӕсын ӕмӕ фыссын». Йӕ тираж у авд милуан экземплярӕй фылдӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ курсытӕ кӕм фӕуадзынц, уыцы бӕстӕты сӕ ахуырады министрад арӕх раппӕлы сӕ фыдӕбоны тыххӕй. Зӕгъӕм, Мексикӕйы хицауады кусджытӕй иу загъта: «Стыр бузныг уын, цы куыст кӕнут, уый тыххӕй. Нӕ штаты хицауады номӕй уын ӕппӕт зӕрдӕйӕ арфӕ кӕнын уӕ фыдӕбоны тыххӕй. Тынг зӕрдиагӕй архайут, ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, уыцы адӕмы ахуыр кӕныныл. [...] Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕй уын ноджы фылдӕр ӕнтыса».
Ахуыр кӕнынц ӕмбырдты
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг ахсджиагыл нымайынц иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ архайынц, цӕмӕй уымӕ хуыздӕр арӕхсой. Зӕгъӕм, ӕнӕхъӕн дунейы сын ис 119 000 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ дзы ахуыр кӕнынц, цӕмӕй хорз кӕсой ӕмӕ адӕмы раз дзурынмӕ арӕхсой. Ууыл сӕ бон ахуыр кӕнын вӕййы суанг сывӕллӕттӕн дӕр, куыддӕр кӕсын базонынц, афтӕ. Уый сын бирӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕны, уыимӕ скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр. Ахуыргӕнджытӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ хорз кӕй арӕхсынц.
Уымӕй уӕлдай ма алы ӕмбырд дӕр архайы, цӕмӕй сӕ Паддзахады залы кӕнӕ, кӕм фембырд кӕнынц, уым библиотекӕ уа. Уыцы библиотекӕты вӕййы публикацитӕ Библи ахуыр кӕнынӕн, дзырдуӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр иртасӕн чингуытӕ.
Ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у уыцы библиотекӕйӕ пайда кӕнын. Ӕмбырды се ’ппӕты дӕр фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй фылдӕр кӕсой, стӕй цӕмӕй алы бинонтӕн хӕдзары уа сӕхи библиотекӕ ӕмӕ дзы уа публикацитӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ стыртӕн дӕр.Ахуыр кӕнынц алыхуызон скъолаты
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма уадзынц, миссионерты кӕм цӕттӕ кӕнынц, ахӕм скъолатӕ. Фӕахуыр дзы кӕнынц нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Стӕй ма уадзынц скъолатӕ, бынӕттон ӕмбырдты цавӕрдӕр хӕстӕ чи ӕххӕст
кӕны, уыцы нӕлгоймӕгты ахуыр кӕнынӕн. Уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуырмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц.