Ахуыргӕнинӕгтӕ алыхуызон динтыл хӕст бинонтӕй куы вӕййынц
Ахуыргӕнджытӕ, раздӕры ӕнусты ахуыргӕнджытимӕ абаргӕйӕ абон сымахӕн бирӕ зындӕр у, уымӕн ӕмӕ уӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сты алыхуызон динтыл хӕст бинонтӕй.
АСТӔУККАГ ӕнусты иу бӕстӕйы цӕрджытӕ арӕхдӕр иу диныл хӕст уыдысты. 19 ӕнусы кӕрон Европӕйы цалдӕр сӕйраг дины йеддӕмӕ нӕ уыд: ныгуылӕны – католицизм ӕмӕ протестантизм, скӕсӕны – православон ӕмӕ пысылмон динтӕ, стӕй иудаизм. Абон та Европӕйы дӕр, стӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр бирӕ алыхуызон динтӕ ис. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕ ныххӕцынц ӕндӕр динтыл. Науӕд та ӕрлидзджытӕ кӕнӕ, уырдӕм цӕрынмӕ чи ӕрцӕуы, уыцы адӕм апарахат кӕнынц, сӕхӕдӕг цы динтыл хӕст вӕййынц, уыдон.
Абон Австралийы, Великобританийы, Францийы, Германийы ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты ис бирӕ пысылмӕттӕ, буддисттӕ ӕмӕ индустӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ис 239 бӕстӕйы ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй адӕмӕн дзурынц. 14 бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц у 150 минӕй фылдӕр. (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕрынц алы бӕстӕты».)
Сывӕллӕттӕ алыхуызон динтыл хӕст бинонтӕй кӕй вӕййынц, уый тыххӕй ахуыргӕнӕгӕн, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, чи зоны йӕм фӕзына фарста зындгонд бӕрӕгбӕтты фӕдыл: алы ахуыргӕнинаг дӕр сӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕна, цыфӕнды диныл хӕст ма уа, уӕддӕр? Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы бӕрӕгбӕтты ӕвзӕрӕй ницы уынынц. Фӕлӕ сӕ чи нӕ бӕрӕг кӕны, уыдоны хъуыдыйӕн аргъ кӕнын нӕ хъӕуы? Стӕй ма хъӕуы ахъуыды кӕнын ноджы иу цӕуылдӕр. Иуӕй-иу бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ дин ӕмӕ паддзахад кӕрӕдзимӕ ницы бар дарынц ӕмӕ скъолайы программӕйы дины уроктӕ нӕй. Цымӕ ахӕм уавӕры раст уаид, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы бӕрӕгбӕттӕ тыххӕй бӕрӕг кӕнын кӕной?
Гуырӕнбонтӕ
Хатт ахуыргӕнджытӕ нӕ фембарынц, сӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц, бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, динимӕ баст чи
нӕу, суанг уыцы бӕрӕгбӕттӕ дӕр, зӕгъӕм, гуырӕнбонтӕ. Кӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у, уӕддӕр сӕхӕдӕг ахӕм бӕрӕгбӕтты нӕ фӕархайынц. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр бафиппайдтай. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр гуырӕнбонты цӕуылнӕ архайынц, уый, чи зоны, ӕмӕ нӕ зоныс.Иу французаг энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, гуырӕнбон у, бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц, ахӕм ӕгъдау ӕмӕ хаст ӕрцыд «адӕмон ӕгъдӕутты» номхыгъдмӕ (Le livre des religions). Абон бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг йӕ гуырӕнбон бӕрӕг кӕна, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ ацы ӕгъдау равзӕрд, ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ куывта, уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕй.
Ӕндӕр энциклопедийы та фыст ис: «Рагон Египеты, Грецийы, Ромы ӕмӕ Персы бӕрӕг кодтой хуыцӕутты, паддзӕхты ӕмӕ номдзыд адӕмы гуырӕнбонтӕ» («The Encyclopedia Americana», 1991 аз). Гуырӕнбоны ӕгъдӕуттӕ куыд равзӕрдысты, уый тыххӕй Ральф ӕмӕ Аделинӕ Линтон сӕ чиныджы ныффыстой: «Цивилизаци фыццаг фӕзынд Месопотамийы ӕмӕ Египеты. Стӕй фыццаг уыцы бӕстӕты райдыдтой гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнын. Адӕймаг-иу кӕд райгуырд, уый-иу ныффыстой ӕмӕ-иу уыцы фыстытӕ ӕфснайдӕй дардтой, уымӕн ӕмӕ гороскоптӕ райгуырӕн бонмӕ гӕсгӕ арӕзтой» (The Lore of Birthdays). Гуырӕнбонтӕ астрологиимӕ баст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ чидӕртӕ гуырӕнбонтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, Библи астрологийы ныхмӕ кӕй у (Исай 47:13–15).
Уӕдӕ диссаг нӕу, иу энциклопедийы афтӕ фыст кӕй ис: «Фыццаг чырыстӕттӕ йын йӕ [Чырыстийы] гуырӕнбон нӕ бӕрӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ гуырӕнбон бӕрӕг кӕнын нымадтой, ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ кувы, уыцы адӕмы ӕгъдауыл» («The World Book Encyclopedia», 3 том, 416 фарс).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдӕттӕ зонынц, ӕмӕ исчи йӕ гуырӕнбон куы Лукайы 15:22–25; Хъуыддӕгтӕ 20:35).
фӕбӕрӕг кӕны, уӕд дзы нӕ фӕархайынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллоны райгуырд амондджын хабар у. Ӕмӕ ныййарджытӕ се ’ппӕт дӕр фӕцин кӕнынц, сӕ сывӕллон азӕй-азмӕ куыд фестырдӕр кӕны, ууыл. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма уарзынц сӕ бинонтӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн лӕвӕрттӕ кӕнын ӕмӕ семӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитын. Фӕлӕ лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй фервитынц ӕндӕр бонты, уымӕн ӕмӕ зонынц, гуырӕнбон кӕныны ӕгъдау кӕцӕй равзӕрд, уый (Рождество
Рождество бӕрӕг кӕнынц ӕнӕхъӕн дунейы дӕр, суанг ма, адӕм чырыстон диныл хӕст кӕм не сты, уыцы бӕстӕтӕй дӕр бирӕты. Ацы бӕрӕгбон чырыстон динтӕн сӕ фылдӕр кӕй бӕрӕг кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм диссаг кӕсы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уый. Фӕлӕ йӕ цымӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
25 декабрь нымад у Чырыстийы гуырӕнбоныл. Фӕлӕ бирӕ энциклопедиты фыст ис, уыцы бон уый тыххӕй кӕй равзӕрстой, цӕмӕй йӕ баиу кодтаиккой ромаг бӕрӕгбӕттӕй иуимӕ.
Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, уый фӕдыл алыхуызон энциклопедиты цы фыст ис, уый.«Чырысти кӕд райгуырд, уый бӕрӕг нӕу. Евангелиты фыст нӕй, кӕцы бон ӕмӕ кӕцы мӕй райгуырд, уый» («New Catholic Encyclopedia», 3 том, 656 фарс).
«Рождествойы ӕгъдӕуттӕй абон Европӕйы тынг кадджын чи сты кӕнӕ ӕрмӕст зонгӕ кӕй тыххӕй кӕнӕм, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕцӕг чырыстон ӕгъдӕуттӕ не сты. Аргъуан сӕ райста мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмты ӕгъдӕуттӕй, йе та бауагъта, цӕмӕй сӕ уыцы адӕм чырыстон динмӕ ӕрбахастаиккой. [...] Рождествойы бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕн сӕ фылдӕр райстой ромаг бӕрӕгбон Сатурналийӕ» («Encyclopædia of Religion and Ethics», Эдинбург, 1910 аз, редактор Джеймс Хейстингс, 3 том, 608, 609 фӕрстӕ).
«Чырыстон аргъуаны нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Митрӕйӕн куывтаиккой. Митрӕйӕн чи табу кодта, уыдон бӕрӕг кодтой „ӕнӕбасӕтгӕ Хуры-хуыцауы райгуырд“ (25 декабры). 4-ӕм ӕнусы астӕу чырыстон аргъуан уыцы бӕрӕгбон баивта Рождествойӕ. Рождество фыццаг бӕрӕг кӕнын райдыдтой Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕ» («Большая Советская Энциклопедия», 1975 аз, 22 том, 171 фарс).
«Рождество Ромы бӕрӕг кӕнын райдыдтой, адӕмӕй бирӕтӕ Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ Митрӕйӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй (бӕрӕг ӕй кодтой 25 декабры, Митрӕйы райгурӕн бон куы бӕрӕг кодтой, уыцы бон). [...] Чырыстон дин гермайнаг ӕмӕ славяйнаг адӕмы ’хсӕн куыд парахат кодта, афтӕ Рождество сабыргай баиу зымӕгон хурхӕтӕны бӕрӕгбонимӕ (бӕрӕг ӕй кодтой, чырыстон дин куы нӕма фӕзынд, уӕдмӕ). Ӕмӕ уыцы бӕрӕгбонӕн йӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст ӕгъдӕуттӕ абоны онг дӕр адӕммӕ тынг кадджын сты» («Энциклопедический словарь русского библиографического института Гранат», 7-ӕм рауагъд, 36 том, 83 фарс).
Рождество куыд равзӕрд, уый чи базоны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? «Бритайнаг энциклопеди»-йы фыст ис: «1644 азы Английы пуритантӕ парламентӕн ахӕм закъон рауадзын кодтой, цӕмӕй адӕм Рождество ма бӕрӕг кодтаиккой ӕмӕ йӕ номыл аргъуанты службӕтӕ ма цыдаид, уымӕн ӕмӕ уый уыд, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы бӕрӕгбон. Уыдон домдтой, цӕмӕй уыцы рӕстӕг иууылдӕр ком дардтаиккой.
Карл Дыккаг ногӕй бар радта Рождество бӕрӕг кӕнынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр шотландиӕгтӕ уыцы бӕрӕгбонмӕ кастысты, пуритантӕ йӕм цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй». Фыццаг чырыстӕттӕ Рождество нӕ бӕрӕг кодтой, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр нӕ бӕрӕг кӕнынц, стӕй йемӕ баст хъуыддӕгты дӕр нӕ архайынц.Фӕлӕ, Библимӕ гӕсгӕ, ӕндӕр бонты лӕвӕрттӕ кӕнын кӕнӕ хиуӕтты ӕмӕ ӕмбӕлтты уазӕгуаты хонын хорз у. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй рӕдау уой ӕмӕ искӕмӕн лӕвар скӕныны тыххӕй бӕлвырд бонмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой (Матфейы 6:2, 3). Стӕй ма сӕ ахуыр кӕнынц, цӕмӕй иннӕты нымайой ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕной, зӕгъӕм, иннӕтӕ Рождество кӕй бӕрӕг кӕнынц, уый тыххӕй сыл фаутӕ ма ’вӕрой. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхицӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, Рождество кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уый тыххӕй сын иннӕтӕ куы нӕ фӕуайдзӕф кӕнынц ӕмӕ сыл куы нӕ фӕхудынц.
Ӕндӕр бӕрӕгбӕттӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц, скъолаты ма кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уыцы бӕрӕгбӕттӕм дӕр – комкоммӕ динимӕ баст чи у ӕмӕ чи нӕу, уыдонмӕ. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты, Бразилийы июны чи вӕййы, уыцы фестивальтӕ, Францийы кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уыцы бӕрӕгбон Епифани, карнавал Германийы, бӕрӕгбон Сэцубун Японийы ӕмӕ Хеллоуин Америкӕйы Иугонд Штатты. Кӕд уӕм ацы бӕрӕгбӕтты ӕмӕ, ам кӕй кой не скодтам, уыцы бӕрӕгбӕтты тыххӕй исты фарстатӕ ис, уӕд уын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕнӕ сӕ сывӕллӕттӕ ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.