Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы брошюрӕйы нысан

Ацы брошюрӕйы нысан

НИДЕРЛАНДАГ философ Спинозӕ ныффыста: «Адӕмыл нӕдӕр худгӕ кӕнын, нӕдӕр кӕугӕ, нӕдӕр сӕ ме сӕфт уынын. Фӕлӕ архайын, цӕмӕй, цы аразынц, уый ӕмбарон». Ахуыргӕнджытӕ, сымах фӕхъӕуы бамбарын, уӕ ахуыргӕнинӕгтӕ (уыимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ дӕр) цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, цавӕр бинонты ’хсӕн хъомыл кӕнынц ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый. Ӕмӕ уый та алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ цавӕрдӕр уавӕрты сӕхи куыд фӕдарынц, уый уӕм, чи зоны, хатт ӕнахуыр фӕкӕсы. Арӕхдӕр уый баст вӕййы, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл. Ӕмӕ уый хуымӕтӕг хъуыддагыл нымайӕн нӕй. Ацы брошюрӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ йӕ нысан у, цӕмӕй сын сӕ сывӕллӕтты хуыздӕр ӕмбарат. Ныфс нӕ ис, рӕстӕг кӕй ссардзыстут ӕмӕ ацы брошюрӕ лӕмбынӕг кӕй бакӕсдзыстут.

Иннӕтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый зонын ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сымах дӕр хъуамӕ ууыл баууӕндат. Ӕмӕ уын сӕ дины тыххӕй кӕй фӕдзурынц, уый дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын хъуамӕ сӕ дин райсат. Ацы брошюрӕ уый тыххӕй нӕ рауагътам, цӕмӕй уын уӕхи кӕнӕ уӕ ахуыргӕнинӕгты, мах цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл баууӕндын кӕнӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕ сывӕллӕттӕн дӕр амонынц. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдӕттӕ сымах дӕр зонат. Уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты ӕмбарын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн цы фӕамонӕм, уый алы хатт сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ алы сывӕллон дӕр йе ’фсарм йӕхӕдӕг ахуыр кӕны.

Иннӕ ныййарджытау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ хорз ахуыр кӕной. Уымӕ гӕсгӕ сын фӕдзурынц, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнджыты нымайой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр ахуыргӕнджытӕй бузныг вӕййынц, куы сӕ фембарынц ӕмӕ сын куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты чырыстӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр зонынц. Фӕлӕ сӕ иуӕй-иу хатт иннӕтӕ раст нӕ фембарынц. Ныфс нӕ ис, ацы брошюрӕ уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ӕмбарат, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй уӕм чи ахуыр кӕны, уыдоны. Зӕгъӕм, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын кӕцыдӕр уавӕрты уый бар кӕй ис, цӕмӕй, иннӕтӕ куыд кӕнынц, афтӕ ма кӕной.