Кӕронбӕттӕн
АЦЫ брошюрӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд нӕ нысан уый нӕ уыд, цӕмӕй уын радзырдтаиккам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Мах фӕндыд радзурын, цы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц, уыдонӕй цалдӕры тыххӕй. Стӕй ма нӕ фӕндыд бамбарын кӕнын, уӕ ахуыргӕнинӕгты ныййарджытӕй сӕ иу кӕнӕ сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыдон сӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый тыххӕй.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг ахсджиагыл нымайынц сӕ сывӕллӕтты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ахуыр кӕнын, ӕмӕ йӕ зонынц, уый сӕ сывӕллӕттыл хуыздӕрырдӕм кӕй фӕзындзӕн. Цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц, уыдон сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ цардӕй райгонд уой ӕмӕ-иу зындзинӕдты рӕстӕг сӕ къухтӕ ма ’руадзой, стӕй цӕмӕй хорз ахуыр кӕныныл архайой ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ ахуыр ахсджиаг хъуыддагыл нымайынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уын ӕххуыс кӕной сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырдты дӕр сӕ сывӕллӕттӕн фӕдзурынц, цӕмӕй коммӕгӕс уой. Сывӕллӕттӕ коммӕгӕс куы вӕййынц, уӕд ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцондӕр вӕййы.