Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджыты хӕс

Ныййарджыты хӕс

Абон тынг зын у сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа.

АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТЫ психиатрийы институт скодта иу ӕрфарст. Архайдтой дзы, хорз сывӕллӕттӕ чи схъомыл кодта, ахӕм ныййарджытӕ. Сӕ сывӕллӕттыл цӕуы 21 азӕй уӕлӕмӕ. Институт цы статья ныммыхуыр кодта, уым фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон «ӕхсӕнадӕн пайда хӕссынц ӕмӕ, зӕгъӕн ис, царды сӕ бынат ссардтой». Ныййарджытӕм радтой ахӕм фарста: «Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй иннӕ ныййарджытӕн цавӕр уынаффӕ раттиккат?» Сӕ фылдӕрӕн сӕ дзуаппытӕ уыдысты ахӕмтӕ: «Тынг сӕ уарзут», «Цӕй тыххӕй сӕ ӕфхӕрут, уый хъуамӕ ӕмбарой», «Семӕ рӕстӕг ӕрвитут», «Ахуыр сӕ кӕнут хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын», «Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут», «Исты куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъусут», «Лекцитӕ-иу сын ма кӕсут, фӕлӕ-иу сын бацамонут, куыд бакӕной, уый» ӕмӕ «Ӕгӕр бирӕ сӕ ма домут».

Ахуыргӕнджытӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ у, цӕмӕй сывӕллӕттӕй хорз адӕймӕгтӕ рауайа

Фӕлӕ ӕрмӕст ныййарджыты хӕс нӕу, сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа. Уыцы хъуыддаджы ахуыргӕнджытӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ у. Скъолайы бирӕ азты дӕргъы консультантӕй чи фӕкуыста, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Скъолайӕн йӕ сӕйраг нысан у ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зоной, фаг зонындзинӕдтӕ сӕм уа, ӕнӕниз уой ӕмӕ се ’нкъарӕнтыл сӕ бар цӕуа».

Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн сӕ нысан иу у: сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕззаузонд уой, цардыл цин кӕнын зоной ӕмӕ царды сӕ бынат ссарой.

Ерыс нӕ кӕнынц, сӕ нысан иу у

Ныййарджытӕ ахуыргӕнджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг ссарыныл куы нӕ фӕархайынц, уӕд хъуыддаг хорз нӕ рауайы. Иуӕй-иу ныййарджытӕм нымады дӕр нӕу, сӕ сывӕллӕттӕ куыд ахуыр кӕнынц, уый. Иннӕтӕ та сӕхи афтӕ фӕдарынц, цыма ахуыргӕнджытимӕ ерыс кӕнынц. Уый тыххӕй иу французаг журналы фыст уыди: «Ахуыргӕнӕгӕн йӕ уавӕр фӕзындӕр. Иуӕй-иу ныййарджытӕн, сӕ сывӕллӕттӕ куыд ахуыр кӕнынц, уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ахӕм ныййарджытӕн ахуыргӕнӕн чингуытӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, сывӕллӕтты куыд ахуыр кӕнынц, уымӕй хъаст кӕнынц ӕмӕ, зӕгъгӕ, сӕ сывӕллон ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн райста, уӕд уый та бынтон диссаг вӕййы». Сӕхи афтӕ кӕй дарынц, уый ахуыргӕнӕджы хъыгдары, бар ын цӕмӕн ис, уый аразын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕн хуыздӕр уыдзӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн сӕ нысан иу куы уа ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуырмӕ сӕ хъус куы дарой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕн хуыздӕр уыдзӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн сӕ нысан иу куы уа ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуырмӕ сӕ хъус куы дарой, уый. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахуыргӕнджытӕн уый стыр ӕххуыс у, уымӕн ӕмӕ сӕ куыст зынӕй-зындӕр кӕны.

Цавӕр зындзинӕдтӕ ис абон скъолаты

Ӕхсӕнад цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уыцы зындзинӕдтӕй скъолатӕ дӕр хызт не сты. Ӕмӕ фӕстаг азты уавӕр фӕфыддӕр. Америкӕйы Иугонд Штатты скъолатӕй иуы цытӕ цӕуы, уый тыххӕй газет «Нью-Йорк таймс»-ы фыст уыди: «Скъоладзаутӕ урокты фынӕй кӕнынц, переменӕты кӕрӕдзиимӕ хыл кӕнынц, къӕлидорты къултӕ та алы нывтӕ ӕмӕ фыстытӕй зынгӕ дӕр нӕ кӕнынц, хорз чи ахуыр кӕны, уыдонӕй хынджылӕг кӕнынц... Скъоладзаутӕй, ӕвӕццӕгӕн, иуӕн дӕр ӕнцон нӕу – чидӕртӕ дзы сывӕллӕттӕм кӕсынц, кӕмӕндӕрты сӕ ныййарджытӕ ахӕстоны бадынц, кӕйдӕрты та фыдгӕнджытӕ ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц. Зӕгъӕн ис, алы бон дӕр скъоладзаутӕн сӕ фӕндзӕм хай уроктӕм не ’рбацӕуы».

Ӕппӕты стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр скъолаты тыхми сарӕх. Раздӕр-иу сывӕллӕттӕ хаттӕй-хатт куы рахыл сты, уӕд-иу кӕрӕдзи къухӕй цавтой. Ныр та кӕрӕдзимӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ кӕрдтӕ сисынц. Сывӕллӕттӕ ӕппын ницӕй тыххӕй дӕр уайтагъд хыл кӕнынмӕ фӕвӕййынц, уымӕй дӕр амӕй-ай гыццылдӕртӕ. Хӕцӕнгарз кӕмӕ ис, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ноджы фыддӕр митӕ бакӕнынц.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бӕстӕйы дӕр уавӕр афтӕ нӕу. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахуыргӕнджытӕ ӕмбӕлынц, французаг журнал «Пуэн»-ы цӕй кой кодтой, уыимӕ: «Ахуыргӕнджытӕн кад нал ис, ницӕуылуал сӕ нымайынц».

Хорз ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг фервитынц

Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны кӕй ницӕмӕ дарынц, уый сывӕллӕттыл ӕвзӕрырдӕм зыны. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайын ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсын – уыдон сты, абоны сывӕллӕттӕй бирӕтӕм чи нӕй, уыцы миниуджытӕ.