Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын

Сты хӕрзӕгъдау

Сты хӕрзӕгъдау

Историйы дӕргъы алкӕддӕр уыди, иннӕтӕй хицӕн кӕнын чи нӕ тарст, ахӕм хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Иннӕтӕ политикӕмӕ, динмӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй-иу сӕ карзӕй бафхӕрдтой, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй-иу арӕх сӕ цард дӕр радтой.

ФЫЦЦАГ ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ тынг хъӕбатыр уыдысты. Фыццаг ӕртӕ ӕнусы дӕргъы сӕ карзӕй ӕфхӕрдтой. Ромы императорӕн кӕй нӕ табу кодтой, уый тыххӕй дзы бирӕты ромӕгтӕ – мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм – маргӕ дӕр акодтой. Хатт-иу аренӕйы нывондхӕссӕн сӕвӕрдтой. Ӕмӕ-иу чырыстоны хъуыди ӕрмӕстдӕр артыл иу гыццыл буд бапырх кӕнын, Ромы император хуыцау кӕй у, уый номыл, цӕмӕй-иу ӕй ссӕрибар кодтаиккой. Фӕлӕ-иу ууыл ӕрмӕст иуӕй-иутӕ сразы сты. Сӕ фылдӕр сӕ диныл сӕ къух сисыны бӕсты мӕлӕтыл разы уыдысты.

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ фидар фӕлӕууынц, дзырд политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайыныл куы фӕцӕуы, уӕд. Зӕгъӕм, нацистты рӕстӕг куыд фидар фӕлӕууыдысты, уый истори дӕр бӕлвырд кӕны. Дыккаг дунеон хӕсты размӕ ӕмӕ хӕсты рӕстӕг Германийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ цыппӕрӕм хай амардтой (сӕ фылдӕры концлагерты), хӕстмӕ цӕуын кӕй нӕ куымдтой ӕмӕ «Хайль Гитлер!» кӕй нӕ дзырдтой, уый тыххӕй. Сывӕллӕтты-иу сӕ ныййарджытӕй тыххӕй фӕхицӕн кодтой. Нацисттӕ цы нӕ бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ диныл сӕ къух систаиккой ӕмӕ, Библийы ныхмӕ чи у, уыцы ахуырӕдтыл баууӕндыдаиккой. Фӕлӕ сын уӕддӕр ницы рауад.

Тырысайӕн табу кӕнын

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты абон афтӕ тынг не ’фхӕрынц. Фӕлӕ хатт ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕ фембарынц, се ’фсарм сӕ патриотикон церемониты архайын кӕй нӕ уадзы, уый тыххӕй. Уыцы церемонитӕй иу у тырысайӕн табу кӕнын.

«Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 22:21)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй аргъ кӕной, тырысайӕн чи табу кӕны, уыдоны хъуыдыйӕн, уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у. Фӕлӕ кӕд сӕхӕдӕг иу бӕстӕйы тырысайӕн дӕр нӕ табу кӕнынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын нӕ аргъ кӕнынц. Уыдон аргъ кӕнынц, кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕйы тырысайӕн. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, бӕстӕйы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй. Иннӕтӕ хицауады ныхмӕ куы рацӕуынц, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ фарс никуы рахӕцынц. Уыдоны фидарӕй уырны, «хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд» кӕй сты, ома Хуыцау бауагъта, цӕмӕй хицауиуӕг кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъалонтӕ фидын ӕмӕ хицӕутты нымайын, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хауы Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ (Ромӕгтӕм 13:1–7). Йесо дӕр афтӕ уый тыххӕй загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 22:21).

Фӕлӕ, чи зоны, кӕмӕдӕрты фӕзына фарста, зӕгъгӕ, уӕд тырысайӕн цӕуылнӕ табу кӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, табу кӕнын кувынӕй уӕлдай нӕу. Кувын та ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ӕмбӕлы. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн бакувдзысты (Матфейы 4:10; Хъуыддӕгтӕ 5:29). Ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй тынг бузныг вӕййынц, сӕ хъуыдыйӕн сын куы фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕтты, цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ архайын куы фӕуадзынц.

Фӕлӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ хъуыды кӕнынц афтӕ, ӕмӕ тырысайӕн табу кӕнын, искӕмӕн кӕнӕ истӕмӕн кувынӕй уӕлдай нӕу. Уый бӕрӕг у, дӕлдӕр алыхуызон чингуытӕй цы скъуыддзӕгтӕ ӕрхастам, уыдонӕй.

«Фыццаг тырысатӕ ӕмӕ дин ӕнгом баст уыдысты. [...] Ӕвӕццӕгӕн-иу цӕмӕй адӕм бӕстӕйы тырыса табуйагыл нымайын райдыдтаиккой, уый тыххӕй-иу алкӕддӕр хъуыди дины ӕххуыс» (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам) (Encyclopædia Britannica).

«Крестау тырыса дӕр у табуйаг. [...] Закъӕтты ӕмӕ хицауады уынаффӕты вӕййы, зӕгъӕм, ахӕм тыхджын дзырдбӕстытӕ: „тырысайӕн кувын“... „тырысайӕн табу кӕнын“, „тырысайы номыл ард хӕрын“ (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам). Уымӕй бӕрӕг у, адӕймаг бӕстӕйы символтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса» (The Encyclopedia Americana).

«[Ромы] император, цыма хуыцау у, афтӕ йын нывӕндтӕ хастой. Фӕлӕ йын чырыстӕттӕ нывонд ӕрхӕссыныл нӕ разы кодтой. Нӕ рӕстӕджы уый абарӕн ис, адӕймаг тырысайӕн табу кӕнын кӕнӕ бӕстӕйы номыл ард бахӕрыныл куыд нӕ разы кӕна, уыимӕ» («Those About to Die», Дэниел П. Манникс, 1958 аз, 135 фарс).

Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы нӕ бакуымдтой, Вавилоны паддзах Навуходоносор цы гуымиры скодта, уымӕн бакувын

Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тырысайӕн кӕй нӕ табу кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицауад кӕнӕ хицӕутты нӕ нымайынц. Уыдон бӕстӕйы символтӕн табу кӕнын ницӕй тыххӕй сразы уыдзысты. Библийы фыст ис, Вавилоны паддзах Навуходоносор гуымиры кӕй скодта ӕмӕ йӕ Деиры дӕлвӕзы кӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй йын адӕм иууылдӕр бакуывтаиккой. Фӕлӕ йын ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы бакувын нӕ бакуымдтой (Данел, 3-аг сӕр). Ӕмӕ уыдонау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр бӕстӕйы символтӕн табу кӕнын нымайынц гуымирытӕн кувыныл. Иннӕтӕ тырысайӕн табу кӕнынц ӕмӕ, сӕ бӕстӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты, уый номыл ард бахӕрынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сын се ’фсарм куыд дзуры, афтӕ кӕной. Се ’фсарм та ахуыр кӕнынц Библимӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм церемониты рӕстӕг ӕнӕдзургӕйӕ фӕлӕууынц ӕмӕ дзы нӕ фӕархайынц. Афтӕ фӕдарынц сӕхи, бӕстӕйы гимн куы фӕцӕгъды, уӕд дӕр.

Ныййарджыты бар

Ныййарджытӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй, сӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕ сывӕллӕттӕн дӕр дзурой. Ӕмӕ бирӕ бӕстӕты хицауад уый ныхмӕ нӕу. Динтӕ дӕр уый ныхмӕ не сты. Уый бӕрӕг у католикон аргъуаны закъӕттӕй иуӕй: «Сывӕллонӕн цард чи радта, уыцы ныййарджытӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ хъомыл кӕной ӕмӕ сын уымӕн бар дӕр ис. Уымӕ гӕсгӕ, чырыстон ныййарджытӕн сӕ хӕс фыццаджыдӕр у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной чырыстон аргъуаны ахуырӕдтӕм гӕсгӕ» (канон 226).

Сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уымӕй фылдӕр нӕ домынц. Уыдон сӕ сывӕллӕтты уарзынц ӕмӕ сын Библийы закъӕттӕ амонынц ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынц, цӕмӕй иннӕты уарзой ӕмӕ сын сӕ исбонӕн аргъ кӕной. Уыдон архайынц, апостол Павел Ефесы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ: «Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4).

Бинонтӕ иу диныл хӕст куы нӕ вӕййынц

Вӕййы афтӕ, ӕмӕ ныййарджытӕй ӕрмӕстдӕр иу вӕййы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ахӕм уавӕры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалӕн дӕр кӕй ис бар, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амона. Сывӕллӕттыл уый ӕвзӕрырдӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ никуы фӕзыны a. Алы сывӕллон дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, цавӕр дин равзардзӕн, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы сывӕллон йӕ ныййарджыты дин нӕ равзары. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй дӕр.

Сывӕллӕттӕн ис, се ’фсарм сын куыд дзуры, афтӕ кӕныны бар

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’фсармы коммӕ кӕсын тынг ахсджиаг у (Ромӕгтӕм, 14-ӕм сӕр). 1989 азы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейӕ сфидар кодта сывӕллоны бартӕ хъахъхъӕнӕг конвенци. Уым фыст ис, алы сывӕллонӕн дӕр кӕй ис бар, цӕмӕй йын «йӕхи хъуыды уа, йе ’фсармы коммӕ кӕса ӕмӕ йӕ цы дин фӕнды, уый райса». Ис ын бар, цӕмӕй, цы хъуыды кӕны, уый дзура, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕной цыфӕнды уавӕры ӕмӕ цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, уый сывӕллонӕн йӕхимӕ куы хауа, уӕд.

Дыууӕ ӕмхуызон сывӕллоны нӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарут, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ уӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алыхуызон уынаффӕтӕ кӕй хӕсдзысты цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕмӕ, сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд цӕттӕ кӕндзысты, уый фӕдыл. Ныфс нӕ ис, сымах дӕр кӕй аргъ кӕнут, алкӕмӕн дӕр йе ’фсармы коммӕ кӕсыны бар кӕй ис, уымӕн.

a Философийы доктор Стивен Карр Рубен йӕ чингуытӕй иуы ныффыста, сӕ ныййарджытӕ иу диныл хӕст кӕмӕн не сты, ахӕм сывӕллӕтты тыххӕй: «Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй се ’цӕг цӕсгом куы фембӕхсынц, абон иу куы фӕдзурынц, райсом та иннӕ, истытӕ сӕ куы фӕсусӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ дины тыххӕй семӕ куы нӕ фӕныхас кӕнынц, уӕд сывӕллӕттӕ, куыд кӕной, уый нӕ фӕзонынц. Фӕлӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ, цы сты, уый куы вӕййынц, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цӕмӕн аргъ кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ сын сӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд сывӕллӕттӕ вӕййынц уӕндондӕр. Стӕй сӕм афтӕ нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ динимӕ баст фарстаты ницы ӕмбарынц. Уый тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллон йӕхицӕн аргъ кӕнын зона ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг ма кӕса» (Raising Jewish Children in a Contemporary World).