Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕхсӕзӕм сӕр

Алкӕмӕдӕр чи хауы, уыцы дзырддаг фарста

1, 2. а) Сайтан Едемы цавӕр дзырддаг фарста ӕрӕвӕрдта? ӕ) Уыцы фарста йӕ ныхӕсты куыд зынд?

Алкӕмӕдӕр чи хауы, уыцы дзырддаг фарста

 ДӔУ ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, адӕмӕй алкӕмӕдӕр цы дзырддаг фарста хауы, уым кӕй фарс уыдзынӕ, уый. Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн де ’нусон фидӕн. Ацы фарста сӕвзӕрд, Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд. Сайтан Евӕйы бафарста: «Ӕцӕг загъта Хуыцау, дыргъдоны уын алы бӕласӕй кӕй нӕй хӕрыны бар?» Евӕ йын бамбарын кодта, Хуыцау сӕ ӕрмӕстдӕр иу бӕласӕй кӕй бафӕдзӕхста: «Ма дзы бахӕрут... цӕмӕй ма амӕлат». Уӕд Сайтан загъта, зӕгъгӕ, нӕдӕр Евӕйы ӕмӕ нӕдӕр Адамы цард Хуыцауы коммӕ кӕсыныл баст нӕу, ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы сайӕгойы бынаты сӕвӕрдта. Сайтанӕн йӕ ныхас уый уыд, ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй хорз цыдӕр сусӕг кӕны, ома ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр сӕ бон у сӕ цард аразын. Сайтан Евӕйӕн загъта: «Хуыцау зоны, цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн, зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр» (Уӕвынад 3:1—5).

2 Сайтаны уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы закъӕттӕм хъусынӕй сӕхи зондыл цӕуын хуыздӕр у. Иудзырдӕй уый загъта, Хуыцау раст кӕй нӕ хицауиуӕг кӕны. Уыйадыл сӕвзӕрд иууыл ахсджиагдӕр дзырддаг фарста — Дун-дунейыл Хуыцау хъуамӕ хицауиуӕг кӕна ӕви нӕ. Фарст афтӕ ӕвӕрд уыд: адӕмӕн цы хуыздӕр у, Иегъовӕ уа сӕ хицау ӕви сӕхӕдӕг уой сӕхицӕн хицӕуттӕ? Иегъовӕйӕн йӕ бон уыди Адам ӕмӕ Евӕйы уыцы тӕккӕ фесафын, фӕлӕ афтӕмӕй уыцы фарста лыггонд не ’рцыдаид. Адӕмы дзӕвгар рӕстӕг сӕхи бар кӕй ауагъта, уый руаджы алкӕмӕндӕр фадат радта, цӕмӕй феной, ӕнӕ Хуыцауӕй ӕмӕ ӕнӕ йӕ закъӕттӕй цӕмӕ ’рцӕудзысты, уый.

3. Цавӕр дзырддаг фарста ма ӕрӕвӕрдта Сайтан?

3 Сайтан Едемы ӕрмӕст Иегъовӕйы ныхмӕ нӕ рацыд. Уый ма сдзырддаг кодта, Иегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдон ыл иузӕрдион сты ӕви нӕ, уый дӕр. Афтӕмӕй сӕвзӕрд ноджыдӕр иу, фыццагӕй ахицӕнгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фарста. Ацы фарста ӕрмӕст Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕм ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы уӕларвон фырттӕм, ома йе сконд зӕдтӕм, нӕ хауд, фӕлӕ ма суанг йӕ уарзон, йӕ фыццаггуырд Фыртмӕ дӕр. Зӕгъӕм, Иовы рӕстӕджы Сайтан загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ сыл куыд хицауиуӕг кӕны, уымӕй разы кӕй сты, уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ йӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый тыххӕй. Сайтанӕн йӕ ныхас уый уыд, зӕгъгӕ, зын сахат уыдон се Сфӕлдисӕджы хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты (Иов 2:1—6; Раргомад 12:10).

Цы равдыста рӕстӕг

4, 5. Адӕймаг йӕ къахдзӕфтӕн разамынд куыд дӕтты, уый тыххӕй рӕстӕг цы равдыста?

4 Хицаудзинады фӕдыл цы фарста сӕвзӕрд, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды уый у, ӕмӕ Хуыцау адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй амондджын уой. Сӕ хорз ӕй кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ афтӕ скодта, ӕмӕ ӕнӕ йӕ рӕстаг закъӕттӕй сӕ бон цӕрын нӕу. Афтӕ кӕй у, уый ӕмбӕрста пехуымпар Иереми дӕр: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты. О, Иегъовӕ, амон мын» (Иереми 10:23, 24). Афтӕ ма нӕ Хуыцауы Ныхас разӕнгард кӕны: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). Адӕмы фарнӕн Хуыцау ӕрдзы закъӕттӕ куыд сфидар кодта, раст афтӕ ма сфидар кодта хидарыны уагӕвӕрдтӕ дӕр, ӕмӕ сӕм адӕм куы хъуыстаиккой, уӕд цардаиккой иу бинонтау ӕмуд ӕмӕ хӕларӕй.

5 Уӕвгӕ, Хуыцау ӕй зыдта, адӕм ӕм куы нӕ хъусой, уӕд амондджын кӕй нӕ уыдзысты. Ӕнӕ Хуыцауӕй хицауиуӕг кӕнгӕйӕ адӕм скодтой алыхуызон политикон партитӕ, ӕрхъуыды кодтой экономикон закъӕттӕ ӕмӕ ӕрӕмысыдысты алыхуызон динтӕ. Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ систы, уыйадыл сарӕх фыддзинад, хӕстытӕ ӕмӕ мӕлӕт. «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Екклесиаст 8:9). Раст афтӕ у рагӕй фӕстӕмӕ дӕр. Хуыцауы Ныхасы раджы уыди фыст, фыдзӕрдӕ ӕмӕ фӕлывд адӕм дарддӕр дӕр «ӕвзӕрдзинӕдты [кӕй] сгуыхдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:13, НФ). XX ӕнусы адӕм стыр къахдзӕфтӕ акодтой зонады ӕмӕ экономикӕйы, фӕлӕ уӕд цас стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыйбӕрц никуы ма ӕрцыд. Иеремийы 10:23 ныхӕстӕ разындысты иттӕг раст — адӕм афтӕ конд не сты, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕ къахдзӕфтӕн разамынд дӕттой.

6. Адӕмы хӕдбар хицаудзинадӕн тагъд Хуыцау цы бакӕндзӕн?

6 Адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цы мӕгуырау ӕмӕ ӕгуыдзӕг уавӕрмӕ ’рцыдысты, уымӕй рабӕрӕг, адӕмы хицаудзинад ӕнтыстджын кӕй никуы уыдзӕн, уый. Адӕм, Хуыцау куы уа сӕ хицау, ӕрмӕстдӕр уӕд цӕрдзысты хӕларӕй, уӕд уыдзысты амондджын, ӕнӕниз ӕмӕ цардӕфсӕст. Хуыцауы Ныхас нын ӕвдисы, Иегъовӕ адӕмы хӕдбар хицаудзинадӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый (Матфейы 24:3—14; 2 Тимофеймӕ 3:1—5). Тагъд Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн. Библийы иу пехуымпарады дзырдӕуы: «Уыцы паддзӕхты [ныры хицауӕдты] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнустӕм чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [уӕларвыл]; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн [адӕм бартӕ сӕ къухмӕ никуыуал райсдзысты]; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [ныры] паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данелы 2:44).

Чи бацӕудзӕн Хуыцауы ног дунемӕ

7. Хуыцау ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр куы скуынӕг кӕна, уӕд чи фервӕздзӕн?

7 Хуыцау ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр куы скуынӕг кӕна, уӕд чи фервӕздзӕн? «Рӕстгӕнджытӕ [Хуыцауы хицаудзинады фарс чи у, уыдон] цӕрдзысты зӕххыл, ӕмӕ йыл ӕнӕаипп адӕм баззайдзысты. Фыдгӕнджытӕн [Хуыцауы хицаудзинады фарс чи нӕу, уыдонӕн] та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн уыцы зӕххыл»,— дзуры Библи (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Афтӕ ма псаломзарӕггӕнӕг дӕр загъта: «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст... Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:10, 29).

8. Хуыцау, Дун-дунейы иунӕг Хицау кӕй у, уый куыд сбӕлвырд кӕндзӕн?

8 Хуыцау Сайтаны дуне куы фесафа, уӕд ралӕудзӕн йӕ ног дуне. Уым, мингай азты дӕргъы адӕмӕн ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы фыддзинад, хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, хъизӕмӕрттӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Библи нын дзуры, коммӕгӕс адӕммӕ цы диссаджы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй: «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4). Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады — Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууы, уыцы хицауады — руаджы сбӕлвырд кӕндзӕн, уый кӕй у Дунедарӕг ӕмӕ нӕ иунӕг Хицау (Ромӕгтӕм 16:20; 2 Петры 3:10—13; Раргомад 20:1—6).

Иуӕй-иутӕ куыд равдыстой, дзырддаг фарстайы кӕй фарс сты, уый

9. а) Иегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн йӕ ныхасмӕ цавӕр ахаст уыд? ӕ) Ной, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста ӕмӕ нын йӕ дӕнцӕг цӕуыл дзурӕг у?

9 Ӕнусты дӕргъы уыдис, Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, ахӕм адӕм. Уыдон ӕмбӕрстой, сӕ цард, йӕ коммӕ куыд кӕсдзысты, уымӕй кӕнгӕ кӕй уыд. Ахӕм адӕймӕгтӕй иу уыди Ной. Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцыд мӕ цӕсгомы раз... Сараз дӕхицӕн ковчег». Ӕмӕ Ной байхъуыста Иегъовӕйы ныхасмӕ. Ной кӕд адӕмы фӕдзӕхста, уӕддӕр цыма ӕппындӕр ницы ӕрцӕуинаг уыди, уыйау дарддӕр сӕхицӕн сӕ царды кӕйттӕ кодтой. Ной та сарӕзта стыр ковчег ӕмӕ хъусын кодта Иегъовӕйы рӕстаг хъуыддӕгты тыххӕй. Библийы дзырдӕуы: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. О, растдӕр афтӕ бакодта» (Уӕвынад 6:13—22; Дзуттытӕм 11:7; 2 Петры 2:5).

10. а) Авраам ӕмӕ Саррӕ Иегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Авраам ӕмӕ нын Саррӕйы дӕнцӕг цӕуыл дзурӕг у?

10 Иегъовӕйы хицаудзинады фарс уыдысты Авраам ӕмӕ Саррӕ дӕр, цыдӕриддӕр сын дзырдта, уый кодтой. Уыдон цардысты тынг хъӕздыг сахары, Халдейаг Уры. Фӕлӕ Иегъовӕ Авраамӕн куы загъта, зӕгъгӕ, ацу ӕндӕр, ӕцӕгӕлон бӕстӕм, уӕд Авраам бакодта, «Иегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ». Уӕдӕ Саррӕ дӕр Уры йӕхицӕн ӕвӕлмон цард кодта — уыдис ын хи хӕдзар, хиуӕттӕ ӕмӕ ӕввахс зонгӕтӕ. Фӕлӕ уый байхъуыста Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицаумӕ ӕмӕ араст Ханаанмӕ, кӕд ӕм уым цы ’нхъӕлмӕ каст, уый нӕ зыдта, уӕддӕр (Уӕвынад 11:31—12:4; Куыстытӕ 7:2—4).

11. а) Цавӕр уавӕрты уыд Моисей Иегъовӕйы хицаудзинады фарс? ӕ) Моисейы дӕнцӕг нын цӕуыл дзурӕг у?

11 Моисей дӕр уыд Иегъовӕйы хицаудзинады фарс ӕмӕ уый ӕвдыста цыфӕнды зын уавӕрты дӕр. Зӕгъӕм, уый бахъуыд Египеты фараонимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕнын. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Моисей ӕгӕр ныфсхаст адӕймаг уыди. Уый нӕ, фӕлӕ ма рӕстмӕ дзурын кӕй сарӕхсдзӕн, ууыл дӕр гуырысхо кодта. Фӕлӕ уый байхъуыста Иегъовӕмӕ. Иегъовӕйы ныфсӕй ӕмӕ йе ’фсымӕр Аароны ӕххуысӕй Моисей Иегъовӕйы номӕй цалдӕр хатты дӕр ныхас кодта хивӕнд фараонимӕ. Стӕй канд фараон нӕ уыд йӕ ныхмӕ, фӕлӕ ма йӕ Израилы фырттӕй дӕр иуӕй-иутӕ ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр ын Иегъовӕ цыдӕриддӕр бахӕс кодта, уый бакодта, ӕмӕ Израилы адӕмы Египетӕй ракодта (Рацыд 7:6; 12:50, 51; Дзуттытӕм 11:24—27).

12. а) Иегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый ӕрмӕст йӕ фыст закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ нысан кӕны, уый цавӕр цауӕй бӕрӕг у? ӕ) Иегъовӕйыл мах дӕр афтӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн 1 Иоанны 2:15 ныхӕстӕм гӕсгӕ архайынӕн?

12 Иегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Иегъовӕ цы ныффыссын кодта, ӕрмӕстдӕр уый хъӕуы ӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, Потифары ус, цӕмӕй Иосиф йемӕ фӕуыдаид, ууыл куы архайдта, уыцы рӕстӕджы хӕтындзинады тыххӕй Хуыцау иу фӕдзӕхст дӕр нӕма ныффыссын кодта. Фӕлӕ Иосиф зыдта, Иегъовӕ Едемы фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы баиу кодта, уӕд цы загъта, уый, ӕмӕ ӕмбӕрста, искӕй усимӕ куы фӕуыдаид, уӕд Хуыцауы зӕрдӕхудт кӕй райстаид. Иосифы нӕ фӕндыд фӕлварын, алӕма, Хуыцау мӕ египетӕгты бафӕзмын кӕй онг бауадздзӕн, зӕгъгӕ. Иосиф Хуыцауы хъуыддӕгтыл арф кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ арӕзта, Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цыди, уый, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕмбӕрста, афтӕ йӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодта (Уӕвынад 39:7—12; Псалом 76:12, 13).

13. Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уый Иов ӕмӕ ӕртӕ дзуттаджы куыд сбӕлвырд кодтой?

13 Иегъовӕйы ӕцӕг чи зоны, уыдон ӕй фыдӕвзарӕнты дӕр нӕ ныууадзынц. Сайтан загъта, зӕгъгӕ, Иов (Иегъовӕйы уарзон лӕггадгӕнӕг) йӕ бирӕ мулк куы фесафа кӕнӕ йӕ низ йӕ быны куы скӕна, уӕд ныууадздзӕн Хуыцауы. Фӕлӕ кӕд Иов, утӕппӕт бӕллӕхтӕ йӕ цӕмӕн баййӕфта, уый нӕ зыдта, уӕддӕр равдыста, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у (Иов 2:9, 10). Сайтан йӕ кӕнон нӕ ныууагъта цалдӕр сӕдӕазы фӕстӕ дӕр. Мӕстӕй чи рафыхт, уыцы вавилойнаг паддзахы самидин кодта, цӕмӕй ӕртӕ дзуттаг лӕппумӕ бартхъирӕн кӕна, зӕгъгӕ, цы гуымирыцырт сӕвӕрдта, уый раз сӕ зонгуытыл куы нӕ ’рхауой ӕмӕ йын куы нӕ бакувой, уӕд зынгкалгӕ пецы сӕ мӕлӕт ссардзысты. Цы бакӕндзысты лӕппутӕ? Паддзахы бардзырдмӕ байхъусдзысты ӕви сын Иегъовӕ цы закъон радта, гуымирытӕн ма кувут, зӕгъгӕ, уымӕ? Уыдон фидарӕй загътой, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ иунӕг уый кӕй у сӕ Бардарӕг. О, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтаиккой, фӕлтау цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр! (Данелы 3:14—18).

14. Ӕнӕххӕст уӕвгӕйӕ нӕ бон куыд у, Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уый ӕвдисын?

14 Цымӕ ацы цаутӕй ахӕм хатдзӕг скӕнӕн ис, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр ӕххӕст адӕймагӕн у йӕ бон, ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уа кӕнӕ, рӕдыд чи ӕруагъта, уый бынтон сӕфт у? Нӕ! Библийӕ зонӕм, Моисей дӕр-иу хаттӕй-хатт кӕй фӕрӕдыд. Ӕмӕ-иу ӕм кӕд уый тыххӕй Иегъовӕ смӕсты, уӕддӕр ыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Хъӕндзинӕдтӕ уыди Йесо Чырыстийы апостолтӕм дӕр. Фӕлӕ Иегъовӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый, ӕмӕ йын йӕ фӕндоны сӕрты зонгӕ-зонын куы нӕ фӕхизӕм, уӕд нӕ райгонд вӕййы. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй кӕд исты ӕвзӕр ми ракодтам, уӕд хъуамӕ зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕ макуыуал саразӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Иегъовӕ хорзыл цы нымайы, уый ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм ӕмӕ, ӕвзӕрыл цы нымайы, уымӕй та не сӕфт кӕй уынӕм. Йесойы нывонды руаджы нӕ тӕригъӕдтӕ барст кӕй цӕуынц, ууыл куы ӕууӕндӕм, уӕд Хуыцауы раз нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг (Амос 5:15; Куыстытӕ 3:19; Дзуттытӕм 9:14).

15. а) Адӕмӕй Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыд ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у?

15 Фӕлӕ цымӕ адӕймагӕн йӕ бон у Иегъовӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр хъусын? Уый «сусӕггад» уыди 4 000 азы дӕргъы (1 Тимофеймӕ 3:16). Кӕд Адам алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг нӕ разынд. Уӕдӕ кӕмӕн уыд йӕ бон? Адамы ӕнӕххӕст байзӕддӕгтӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уый йӕ бон уыди ӕрмӕстдӕр иу адӕймагӕн — Йесо Чырыстийӕн (Дзуттытӕм 4:15). Йесо хъуыддагӕй равдыста, Адамы (бирӕ хуыздӕр уавӕрты чи уыд, уый) дӕр куы бафӕндыдаид, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон кӕй уыди Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Уӕдӕ сӕ Хуыцау куыд скодта, хъуыддаг уый мидӕг нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ нын Йесо Чырысти у фӕзминаг, канд Хуыцауы закъонмӕ куыд хъусын хъӕуы, уымӕй нӕ, фӕлӕ ма Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйыл иузӕрдион куыд хъуамӕ уӕм, уымӕй дӕр (Дыккаг закъон 32:4, 5).

Мах та кӕй фарс стӕм?

16. Ӕдзухдӕр цырд цӕмӕн хъуамӕ лӕууӕм?

16 Абон махӕй алкӕмӕдӕр хауы, хицауиуӕг чи хъуамӕ кӕна, уый фӕдыл цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уый. Иегъовӕйы фарс ӕргом куы ӕрлӕууӕм, уӕд нӕ Сайтан милӕн сӕвӕры. Уый нӕ алырдыгӕй ссӕнды ӕмӕ не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ йӕ фыддуне нӕ фесӕфа, уӕдмӕ. Мах хъуамӕ цырд лӕууӕм (1 Петры 5:8). Дзырддаг фарстаты кӕй фарс стӕм, уый бӕрӕг у нӕ уагахастӕй. Мах хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, кӕд ацы дунейы адӕмӕн уӕлдай нӕу, Хуыцауыл иузӕрдион уыдзысты ӕви нӕ, уӕд махӕн дӕр уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Цӕмӕй Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм, уый тыххӕй хъуамӕ царды алы хъуыддаджы дӕр архайӕм йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

17. Сайын ӕмӕ давыны тыххӕй цы зонӕм, уый нӕ куыд хъуамӕ хъахъхъӕна?

17 Цӕвиттон, мах нӕ бафӕзмдзыстӕм «мӕнгдзинады фыд» Сайтаны (Иоанны 8:44). Нӕ алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. Сайтаны дунейы сывӕллӕттӕ арӕх сӕ ныййарджыты сайгӕ дӕр акӕнынц. Фӕлӕ чырыстон фӕсивӕд афтӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Сайтаны ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, адӕм фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзысты, мӕнг кӕй сты (Иов 1:9—11; Ӕмбисӕндтӕ 6:16—19). Дзырд ӕхцайыл куы фӕцӕуы, уӕд адӕймаг арӕх ӕрлӕууы, ӕцӕгады Хуыцауы фарс нӕ, фӕлӕ «мӕнгдзинады фыды» фарс. Мах афтӕ нӕ кӕнӕм (Михей 6:11, 12). Уымӕй уӕлдай ма, исчи исты куы адава ӕмӕ афтӕ куы зӕгъа, мӕ фыртыхстӕй афтӕ бакодтон кӕнӕ уӕддӕр бонджын адӕймаг у, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ раст бакодта (Ӕмбисӕндтӕ 6:30, 31; 1 Петры 4:15). Кӕд нӕ алыварс адӕм давын ахуыр сты кӕнӕ, цы адавынц, уый уадиссаг нӕ вӕййы, уӕддӕр Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ давын у фыдракӕнд (Лукайы 16:10; Ромӕгтӕм 12:2; Ефесӕгтӕм 4:28).

18. а) Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады кӕрон адӕммӕ цавӕр фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Ныридӕгӕн нӕ цы кӕнын хъӕуы?

18 Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уыдзысты ӕнӕбын арфы ӕмӕ адӕмы нал хъыгдардзысты. Ӕвӕдза, куыд сулӕфдзыстӕм уӕд! Фӕлӕ та мин азы кӕрон цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцӕудзысты. Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ алцӕмӕй ӕххӕст, Хуыцауыл ӕнувыд адӕмы сӕ фӕдыл сайдзысты (Раргомад 20:7—10). Кӕд уыцы рӕстӕджы цӕрӕм, уӕд дзырддаг фарстайы кӕй фарс ӕрлӕудзыстӕм? Адӕм алцӕмӕй ӕххӕст кӕй уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ Сайтаны фӕдыл чи ацӕуа, уыдон уый бакӕндзысты зонгӕ-зонын ӕмӕ сӕ Хуыцау скуынӕг кӕндзӕн. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы кӕнӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ ныридӕгӕн хъусын! Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уый.

Цыбыр афӕлгӕст

• Цавӕр ахсджиаг дзырддаг фарста хауы ӕппӕт адӕммӕ дӕр? Уыцы фарста куыд фӕзынд?

• Незаманты цӕрӕг адӕмӕй иуӕй-иутӕ Иегъовӕйыл цавӕр уавӕрты уыдысты иузӕрдион?

• Алы бон дӕр нӕ Иегъовӕйы нӕ уагахастӕй кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]