Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нудӕсӕм сӕр

Дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас уӕндонӕй дзур

1. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цавӕр хорз хабар хъусын кодтой ӕмӕ иудейтӕй иутӕ уымӕ цы цӕстӕй кастысты? ӕ) Цавӕр фарстытыл уаид хорз ахъуыды кӕнын?

Дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас уӕндонӕй дзур

 ИУ-2 000 азы размӕ Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти сӕрст ӕрцыд фидӕны Паддзахӕй ӕгас зӕххӕн дӕр. Дины разамонджыты ардыдӕй Йесойы амардтой, фӕлӕ йӕ Иегъовӕ райгас кодта. Ӕмӕ Йесойы руаджы адӕмӕн фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны фадат. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хорз хабар куы хъусын кодтой, уӕд сӕ ныхмӕ цыдысты. Ӕппӕрстой сӕ ахӕстӕтты, надтой сӕ ӕмӕ сӕ Йесойы тыххӕй дзурын нӕ уагътой (Куыстытӕ 4:1—3, 17; 5:17, 18, 40). Куыд кодтой уыдон ахӕм уавӕры? Ӕмӕ ды та куыд кодтаис? Дарддӕр дӕр уӕндонӕй хъусын кодтаис?

2. а) Абон цавӕр диссаджы хабар хъӕуы хъусын кӕнын? ӕ) Кӕуыл ис хорз хабар хъусын кӕныны хӕс?

2 Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, 1914 азы уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕнын райдыдта «Йӕ знӕгты ’хсӕн» (Псалом 109:2). Уӕд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ӕрӕппӕрста зӕхмӕ (Раргомад 12:1—5, 7—12). Афтӕмӕй райдыдтой ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ. Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд Хуыцау Сайтаны дуне ӕдбындзар стондзӕн (Данелы 2:44; Матфейы 24:21). Чи фервӕза, уыдонӕн уыдзӕн фадат ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрынӕн. Кӕд уыцы хорз хабар дӕ зӕрдӕмӕ айстай, уӕд дӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр ӕй дзурын (Матфейы 24:14). Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, хъусдзысты дӕм?

3. а) Адӕм Хуыцауы Паддзахады уацмӕ куыд хъусынц? ӕ) Цӕуыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

3 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд дӕм, чи зоны, иутӕ хорз цӕстӕй ракӕсой, фӕлӕ дӕм сӕ фылдӕр хъусгӕ дӕр нӕ кӕндзысты (Матфейы 24:37—39). Гӕнӕн ис, ӕмӕ дыл худгӕ дӕр кӕной кӕнӕ дӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Йесо фӕдзӕхста, суанг ма дӕ хиуӕттӕ дӕр кӕй цӕудзысты дӕ ныхмӕ (Лукайы 21:16—19). Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ куысты дӕр кӕнӕ скъолайы дӕр ӕфхӕрой. Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Хуыцауӕн сӕрибарӕй кувыны бар дӕр нӕ дӕтты. Ахӕм уавӕрты куы бахауай, уӕд Хуыцауы ныхас уӕндонӕй дзурдзынӕ ӕмӕ «уырнындзинады [фидар] лӕудзынӕ»? (1 Коринфӕгтӕм 16:13).

Нӕхи хъарутӕй ма уӕм ныфсджын

4. а) Цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ сӕйраджыдӕр цы хъӕуы? ӕ) Чырыстон фембӕлдтӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

4 Иегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цытӕ дӕтты, ӕнӕ уымӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ никуы суыдзыстӕм. Уыдонӕй иу — ӕмбырды фембӕлдтӕ. Сыгъдӕг Фыстад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ макуы цух кӕнӕм (Дзуттытӕм 10:23—25). Бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыцы Ӕвдисӕнтӕ сӕ уд дӕр хъардтой, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдтӕй иу дӕр ма фӕцух кӕной. Уыцы фембӕлдты бирӕ ног хъуыдытӕ базонӕм Сыгъдӕг Фыстадӕй. Афтӕ ма ноджы хуыздӕр бамбарӕм, хорз цы ахуырӕдтӕ зонӕм, уыдон ӕмӕ сӕ нӕ царды куыд пайда кӕнӕм, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай хӕстӕгдӕр кӕнӕм, немӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи кувы, уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ нӕм фӕзыны хъарутӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын разамынд дӕтты ӕмбырды уылты ӕмӕ уыцы сыгъдӕг уды фӕрцы Йесо ис немӕ (Матфейы 18:20; Раргомад 3:6).

5. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хицауад куы фӕхъыгдары, уӕд сӕ фембӕлдтӕ куыд фӕуадзынц?

5 Алы фембӕлдмӕ дӕр фӕцӕуыс ӕмӕ дзы цы базоныс, дӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразыс? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хицауад куы фӕхъыгдары, уӕд сӕ хатгай сӕ фембӕлдтӕ уадзын бахъӕуы гыццыл къордтӕй искӕй хӕдзары. Фембӕлдтӕн сӕ бынат дӕр ӕмӕ сӕ рӕстӕг дӕр арӕх фӕивынц, кӕцыдӕртӕ та дзы ӕмбисӕхсӕв дӕр фӕуадзынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алы фембӕлдмӕ цӕуын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ кӕд зын ӕмӕ тӕссаг вӕййы, уӕддӕр нӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ иу фембӕлд дӕр никуы фӕцух кӕнынц.

6. Иегъовӕ нӕ фидар мӕсыг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн уӕндонӕй дзурынӕн?

6 Алы хъуыддаджы дӕр нӕ Иегъовӕйы ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый куы ’мбарӕм ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд ӕцӕгдӕр уыдзӕн нӕ фидар мӕсыг. Ды дӕр ӕм фӕкувыс? Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд арӕх куывта (Лукайы 3:21; 6:12, 13; 22:39—44). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цӕттӕ дарут уӕхи ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны» (Маркы 14:38, МСЕ). Адӕм Хуыцауы Паддзахады хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй мауал хъусын кӕнӕм. Куы ныл худой кӕнӕ нӕ куы сурой, уӕд та, чи зоны, нӕ ныфс афтӕ асӕтта, ӕмӕ ӕппындӕр мауал хъусын кӕнӕм. Фӕлӕ кӕд Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕна уӕндонӕй дзурынӕн, уӕд нӕ тыхыл тых ӕфтдзӕни, нӕ ныфсыл — ныфс, ӕмӕ ахӕм фӕлварӕнты нӕ фӕцуддзыстӕм (Лукайы 11:13; Ефесӕгтӕм 6:18—20).

Уӕндонӕй хъусын кодтой

7. а) Апостолты куыстыты чиныджы цы фыст ис, уый нын уӕлдай цымыдисаг цӕмӕн у? ӕ) Ацы абзацы кӕрон цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ ахъуыды кӕн, цы фыст дзы ис, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн.

7 Апостолты куыстыты чиныджы цы фыст ис, уый уӕлдай цымыдисаг у махӕй алкӕмӕндӕр. Уыцы чиныджы кӕсӕм, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ (махау туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕм) алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты дӕр Иегъовӕйы ныфсӕй ныфсджын куыд уыдысты ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ куыд нӕ сивтой, уыдӕтты тыххӕй. Уӕдӕ, дӕлдӕр цы фарстытӕ ӕмӕ Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоны фӕрцы ӕркӕсӕм уыцы чиныгӕй цалдӕр скъуыддзагмӕ. Уыцыиу рӕстӕг хъуыды кӕн, цы кӕсыс, уый дӕуӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

 Цымӕ апостолтӕ стыр ахуыргонд адӕм уыдысты? Кӕнӕ, мыййаг, ахӕм адӕймӕгтӕ уыдысты, ӕмӕ тӕрсын цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой? (Иоанны 18:17, 25—27; 20:19; Куыстытӕ 4:13).

 Хуыцауы Фыртӕн мӕлӕты тӕрхон кӕм рахастой, иудейты уыцы тӕрхондоны раз Петр уӕндонӕй цӕй фӕрцы дзырдта? (Матфейы 10:19, 20; Куыстытӕ 4:8).

 Цы куыстой апостолтӕ, сӕйраг тӕрхондонмӕ сӕ куы ӕрбакодтой, уымӕй цалдӕр къуыри раздӕр? (Куыстытӕ 1:14; 2:1, 42).

 Хицӕуттӕ апостолтӕн куы загътой, цӕмӕй Йесойы номы тыххӕй мауал хъусын кӕной, уӕд сын Петр ӕмӕ Иоанн цавӕр дзуапп радтой? (Куыстытӕ 4:19, 20).

 Апостолты куы рауагътой, уӕд дӕр та ӕххуыс кӕмӕй куырдтой? Цӕмӕй сӕ мауал сурой, мыййаг, уый тыххӕй куывтой ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй? (Куыстытӕ 4:24—31).

 Ныхмӕлӕуджытӕ хъусын кӕныны куыст бауромыныл куы архайдтой, уӕд Иегъовӕ апостолтӕн ӕххуысмӕ кӕй ӕрӕрвыста? (Куыстытӕ 5:17—20).

 Апостолтӕ куыд равдыстой, цӕй тыххӕй сӕ ссӕрибар кодтой, уый кӕй ӕмбӕрстой? (Куыстытӕ 5:21, 41, 42).

 Ахуыргӕнинӕгты фӕдыл кӕй зылдысты, уый аххосӕй дзы бирӕтӕ алы рӕттӕм куы ныппырх сты, уӕд дарддӕр дӕр цы куыст кодтой? (Куыстытӕ 8:3, 4; 11:19—21).

8. Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы цавӕр ӕнтыстытӕ бафтыд сӕ къухы ӕмӕ махӕн нӕ бон куыд у уыцы хъуыддажы хай бахӕссын?

8 Хорз хабар хъусын кӕныны куыст ӕнӕхъуаджы нӕ уыд. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон 3 000 ахуыргӕнинаджы бӕрц райстой донаргъуыд. «Уырнджытӕ та фылдӕрӕй фылдӕр ӕмбырд кодтой Хицаумӕ, бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ» (Куыстытӕ 2:41; 4:4; 5:14). Фӕстӕдӕр чырыстон фӕндагыл слӕууыд ӕмӕ ӕцӕгад уӕндонӕй хъусын кӕнын райдыдта, Хуыцауы адӕмы ӕгъатырӕй чи сырдта, уыцы Савл дӕр. Зыдтой ма йӕ апостол Павелӕй дӕр (Галатӕгтӕм 1:22—24). Фыццаг ӕнусы цы куыст райдыдта, уый абон дӕр не ’рлӕууыд. Ацы фӕстаг бонты йӕ тӕмӕны бацыд ӕмӕ анхъӕвзта ӕгас зӕххы къорийыл дӕр. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ бон цыдӕр хай бахӕссын кӕй у, уый. Ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ, нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у нӕхицӕн зондӕн райсын, уыцы хъуыддаг нӕ размӕ цы ӕнувыд ӕвдисӕнтӕ кодтой, уыдоны дӕнцӕгтӕй.

9. а) Павел хорз хабар кӕм хъусын кодта? ӕ) Ды та Хуыцауы Паддзахады хабар кӕм ӕмӕ кӕмӕн хъусын кӕныс?

9 Павел куы базыдта, Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый, уӕд цы куыста? «Уайтагъд ӕргом амонын байдыдта... Йесойы тыххӕй, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у» (Куыстытӕ 9:20, НФ). Хуыцау ӕм афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй дзы тынг бузныг уыд ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг цы хорз хабар фехъуыста, уый алкӕйдӕр кӕй хъӕуы. Павел уыди иудей, ӕмӕ уӕды рӕстӕджы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цыди ӕмбырдгӕнӕнтӕм ӕмӕ уым дзырдта адӕмӕн хорз хабар. Афтӕ ма хъусын кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ ныхас кодта адӕмимӕ базары. Уый хорз хабар ӕнӕзивӕгӕй хаста, адӕм ӕй кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм бынӕттӕм дӕр (Куыстытӕ 17:17; 20:20; Ромӕгтӕм 15:23, 24).

10. а) Павел хъусынгӕнгӕйӕ канд ныфсджын нӕ, фӕлӕ ма ӕмбаргӕ дӕр кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Нӕ хиуӕттӕн, не ’мкусджытӕн кӕнӕ не ’мкъласонтӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд куыд у нӕ бон Павелы фӕзмын?

10 Павел канд ныфсджын адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ ма ӕмбаргӕ дӕр, ӕмӕ йӕ мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм. Иудейтӕн хъусынгӕнгӕйӕ Павелӕн йӕ ныхасы рахӕцӕн уыдысты, Хуыцау сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕрдӕвӕрдтӕ радта, уыдон. Грекъӕгтимӕ та-иу йӕ ныхас райдыдта, зонгӕ сын цы уыд, уымӕй. Хатт-иу адӕмы зӕрдӕтӕ ссарынӕн радзырдта, йӕхӕдӕг ӕцӕгад куыд базыдта, уыцы хабар дӕр. Уый загъта: «Ӕппӕтдӕр кӕнын Евангелийы сӕрвӕлтау, цӕмӕй дзы ӕз дӕр хайджын фӕуон» (1 Коринфӕгтӕм 9:20—23, НФ; Куыстытӕ 22:3—21).

11. а) Цӕмӕй Павел йӕ ныхмӕлӕуджыты йӕхимӕ ӕнӕхъуаджы ма фыдӕх кодтаид, уый тыххӕй цы арӕзта? ӕ) Кӕд нын уаид хорз Павелы бафӕзмын ӕмӕ куыд? б) Дарддӕр дӕр нын уӕндонӕй дзурынӕн хъару чи дӕтты?

11 Павел-иу кӕм хъусын кодта, уым-иу йӕ ныхмӕ ӕгӕр куы цыдысты, уӕд-иу цасдӕр рӕстӕгмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыд, цӕмӕй йе знӕгты йӕхимӕ ӕнӕхъуаджы ма фыдӕх кодтаид (Куыстытӕ 14:5—7; 18:5—7; Ромӕгтӕм 12:18). Фӕлӕ уый хорз хабар хъусын кӕнын никуы ӕфсӕрмы кодта (Ромӕгтӕм 1:16). Павелыл йӕ ныхмӕлӕуджытӕ кӕй худтысты ӕмӕ ма-иу ӕй суанг нӕмгӕ дӕр кӕй фӕкодтой, уый йын кӕд ӕхсызгон нӕ уыд, уӕддӕр «нӕ Хуыцауӕй ныфсхаст фӕци» ӕмӕ хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кодта. Уый загъта: «Хицау... ӕрбалӕууыд мӕнмӕ ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй мӕн сӕрты сфидар уа хорз уацхъуыд» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2, НФ; 2 Тимофеймӕ 4:17). Чырыстон ӕмбырды Хистӕр Йесо нын дарддӕр дӕр хъару дӕтты, ацы фӕстаг бонты нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕнынӕн (Маркы 13:10).

12. Уӕндон кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ кӕмӕй ныфсджын стӕм?

12 Уӕдӕ уынӕм, Йесо ӕмӕ йӕ фыццаг иузӕрдион фӕдылдзӕуджытау Хуыцауы ныхас дарддӕр дӕр уӕндонӕй кӕй хъуамӕ дзурӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ къӕйных уӕм кӕнӕ, хъусын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн дӕр Хуыцауы ныхас тыхӕй хъарӕм. Фӕлӕ нӕм кӕд адӕм нӕ хъусынц, уӕддӕр нӕ ныфс нӕ сӕтты. Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр хъусӕй нӕ лӕууӕм. Йесойау мах дӕр адӕмӕн дзурӕм, зӕхмӕ рӕстдзинад ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Афтӕ ныфсджынӕй та уый тыххӕй дзурӕм, ӕмӕ адӕммӕ нӕхи номӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы номӕй цӕуӕм ӕмӕ цы хабар хӕссӕм, уый дӕр махӕй нӕ, фӕлӕ уымӕй цӕуы. Ӕмӕ Иегъовӕйы та сӕйраджыдӕр кадджын кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй (Филиппӕгтӕм 1:27, 28; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

Цыбыр афӕлгӕст

• Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алкӕмӕндӕр цӕмӕн хъӕуы дзурын? Адӕм нӕм иууылдӕр хъусдзысты?

• Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕхи хъарутӕй ныфсджын кӕй не стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

• Апостолты куыстыты чиныгӕй нӕхицӕн зондӕн цы райстам?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 173 фарсыл]

Ивгъуыд заманты куыд уыди, афтӕ абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Хуыцауы ныхас дзурынц уӕндонӕй.