Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дыууадӕсӕм сӕр

Дӕ аргъуыды нысаниуӕг

1. Цӕмӕ нӕ хъӕуы алкӕйдӕр донаргъуыдыл ахъуыды кӕнын?

Дӕ аргъуыды нысаниуӕг

 НӔ ЭРӔЙЫ 29 азы Аргъауӕг Иоанн Иорданы цӕугӕдоны саргъуыдта Йесойы. Иегъовӕ йӕхӕдӕг кастис уыцы цаумӕ ӕмӕ загъта, уыцы хъуыддагӕй райгонд кӕй у (Матфейы 3:16, 17). Афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныууагъта дӕнцӕг. Ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:18, 19). Ды дӕр Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ донаргъуыд райстай? Кӕд нӕма, уӕд дӕхи цӕттӕ кӕныс?

2. Аргъуыды тыххӕй нӕ цытӕ хъӕуы базонын?

2 Куыдфӕнды ма уа, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ рӕстаг ног дунейы цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ хорз ӕмбара, донаргъуыд цы нысан кӕны, уый. Йесойы аргъуыдӕн цы нысаниуӕг уыдис, абон чырыстӕтты аргъуыдӕн дӕр ахӕм нысаниуӕг ис? Цы нысан кӕны «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын? Куыд ӕмбарын хъӕуы донаргъуыдмӕ гӕсгӕ цӕрын?

Иоанн цӕмӕн аргъуыдта

3. Иоанн ӕрмӕстдӕр кӕй аргъуыдта?

3 Йесо аргъуыд куы райста, уымӕй ӕхсӕз мӕйы размӕ Аргъауӕг Иоанн Иудейы ӕдзӕрӕг быдырты адӕмӕн хъусын кодта: «Фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 3:1, 2). Адӕм Иоанны ныхӕстӕ хъуыстой ӕмӕ сӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф истой. Уыдон-иу сӕ тӕригъӕдтыл басастысты, ӕрфӕсмон-иу сыл кодтой ӕмӕ цыдысты Иоанмӕ Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд райсынмӕ. Уӕд аргъуыд истой ӕрмӕстдӕр иудейтӕ (Лукайы 1:13—16; Куыстытӕ 13:23, 24).

4. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг иудейты ӕвӕстиатӕй ӕрфӕсмон кӕнын цӕмӕн хъуыди?

4 Уыцы иудейты ӕвӕстиатӕй хъуыдис ӕрфӕсмон кӕнын. Н. э. агъоммӕ 1513 азы Синайы хохрӕбын сӕ фыдӕлтӕ, Израилы адӕм, бадзырд скодтой Иегъовӕ Хуыцауимӕ. Фӕлӕ тӕригъӕдты афтӕ аныгъуылдысты ӕмӕ сыл уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ цы хӕстӕ уыд, уыдон нал ӕххӕст кодтой ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфтой. Сӕ уавӕр бынтон кӕуинаг та Йесойы рӕстӕджы уыди. Сӕ къӕсӕрыл уыд «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау бон», Малахийы пехуымпарады цы боны тыххӕй дзырдӕуыд, уый. Уыцы «бон» ралӕууыд н. э. 70 азы, Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон куы ныппырх кодтой ӕмӕ иудейтӕй милуанӕй фылдӕр куы ныццагътой, уӕд. Фӕлӕ уый размӕ раст диныл хӕцӕг Аргъауӕг Иоанн ӕрвыст уыд, цӕмӕй «Иегъовӕмӕ ӕрбакӕна цӕттӕ адӕм». Уыдоны хъуыди, Моисейы Закъон кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Фырт Йесойы, Иегъовӕ сӕм йӕхӕдӕг кӕй рарвыста, уый райсынмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕнын (Малахи 4:4—6; Лукайы 1:17, НД; Куыстытӕ 19:4).

5. а) Йесо аргъуыд райсынмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй Иоанн цӕмӕн урӕдта? ӕ) Йесо аргъуыд кӕй райста, уымӕй цы равдыста?

5 Иоанмӕ аргъуыд райсынмӕ ӕрцыд Йесо дӕр. Фӕлӕ цӕмӕн? Иоанн зыдта, Йесо тӕригъӕдджын кӕй нӕ уыд, уый ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕныл ӕмбӕлы Дӕуӕй саргъауын, афтӕмӕй Ды та мӕнмӕ ӕрцыдтӕ?» Фӕлӕ Йесойы аргъуыдӕн ӕндӕр нысаниуӕг уыди. Уымӕ гӕсгӕ йын Йесо загъта: «Ма Мӕ уром ныр: цӕмӕйдӕриддӕр ныл афтӕ ӕмбӕлы алы рӕстдзинад сӕххӕст кӕнын» (Матфейы 3:13—15, НФ). Йесо тӕригъӕдджын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ аргъуыд уымӕн нӕ райста, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон кодта; нӕ йӕ хъуыди йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуи дӕр Иегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмӕй уыди. Йесо 30-аздзыдӕй донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, йӕхи йӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй дӕтты.

6. Йесо Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цы цӕстӕй каст?

6 Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти хъуамӕ йӕхи ӕгасӕй дӕр радтаид уӕларвон Паддзахады хъуыддагӕн (Лукайы 8:1). Уыимӕ ма адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕныны ӕмӕ ног бадзырд скӕныны сӕраппонд уыцы ӕххӕст адӕймаг хъуамӕ йӕ цард нывондӕн радтаид (Матфейы 20:28; 26:26—28; Дзуттытӕм 10:5—10). Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста, уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ дзы уый рох никуы уыд. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын уыди йӕ сӕйраг куыст, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зӕххон царды кӕронмӕ йӕ уд хъардта Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл (Иоанны 4:34).

Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты донаргъуыд

7. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ аргъуыдтаиккой?

7 Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгты доны саргъуыдта Иоанн ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыдысты Йесомӕ, фидӕны йӕ уӕларвон Паддзахады уӕнгтӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ (Иоанны 3:25—30). Йесойы разамындӕй уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр иннӕты аргъуыдтой. Ӕмӕ уыцы аргъуыдӕн дӕр, Иоанны аргъуыдӕн цы нысаниуӕг уыди, уый нысаниуӕг уыд (Иоанны 4:1, 2). Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ уыдон райдыдтой аргъауын «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:19). Хорз уаид, уыцы аргъуыд цы нысан кӕны, уый куы равзарис.

8. Цы нысан кӕны «Фыды... номӕй» аргъуыд райсын?

8 Цы нысан кӕны «Фыды... номӕй» аргъуыд райсын? Йӕ номӕн, чи у, уымӕн, йӕ хицаудзинадӕн, йӕ фӕнд ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕн аргъ кӕнын. Равзарӕм сӕ иугай. 1) Йӕ номы тыххӕй Псалом 82:19 дзуры: «Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ ӕгас зӕххыл» (МГТ). 2) Чи у, уый тыххӕй 4 Паддзахӕдты 19:15 кӕсӕм: «О, Иегъовӕ... ды дӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау». 3) Йӕ хицаудзинады фӕдыл та нын Раргомады 4:11 дзуры: «Аккаг дӕ Ды, Хицау [«Иегъовӕ», НД], райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у». 4) Хъуамӕ ма ӕмбарӕм, Иегъовӕ нӕ Царддӕттӕг кӕй у ӕмӕ йӕ фӕнд кӕй у мах тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын: «Ирвӕзындзинад Иегъовӕйӕ у» (Псалом 3:9, НД; 35:10). 5) Афтӕ ма хъуамӕ ӕмбарӕм, Иегъовӕ сӕйраг Закъонӕвӕрӕг кӕй у: «Иегъовӕ у нӕ Тӕрхонгӕнӕг, Иегъовӕ у нӕ Закъонӕвӕрӕг, Иегъовӕ у нӕ Паддзах» (Исай 33:22). Растдӕр нӕм уый тыххӕй сиды Библи: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37).

9. Цы нысан кӕны «Фырты... номӕй» аргъуыд райсын?

9 «Фырты... номӕй» аргъуыд райсын та цы нысан кӕны? Уый нысан кӕны, Йесо Чырыстийы номӕн кӕй кад кӕнӕм, чи у ӕмӕ йӕм цы бартӕ ис, уый кӕй ӕмбарӕм. Йӕ ном, Йесо, нысан кӕны «Иегъовӕ у ирвӕзындзинад». Уый у Хуыцауы иунӕггуырд Фырт, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг (Матфейы 16:16; Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Уыцы Фырты тыххӕй Иоанны 3:16 дзырдӕуы: «Хуыцау [тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъӕуы, уыцы] дуне афтӕ бауарзта, ӕмӕ радта Йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй, Ууыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» («Мах дуг» №5, 1992). Йесо йӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау райгас кодта ӕмӕ йын радта ноджы фылдӕр бартӕ. Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцау афтӕ «сбӕрзонд кодта [Йесойы]», ӕмӕ Иегъовӕйӕ фӕстӕмӕ ӕгас Дун-дунейы уымӕй уӕлдӕр, уымӕй кадджындӕр ӕмӕ барджындӕр ничи ис. Иугӕр афтӕ у, уӕд хъуамӕ «Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕна алкӕцы уӕраг... ӕмӕ алы ӕвзаг ӕргом кӕна, Хицау Йесо Чырысти кӕй у Фыд Хуыцауы кадӕн» (Филиппӕгтӕм 2:9—11). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Йесо Иегъовӕйы номӕй цыдӕриддӕр фӕдзӕхсы, уый кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Иоанны 15:10).

10. Куыд ӕмбарын хъӕуы «Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын?

10 Куыд ӕмбарын хъӕуы «Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын та? Аргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ ӕмбара, сыгъдӕг уд цы у ӕмӕ куыд архайы, уый. Уӕдӕ цы у сыгъдӕг уд? Уый у, Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ цы архайгӕ тыхӕй ӕххӕст кӕны, уый. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ загъта: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы, уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ, ӕцӕгады Уды» (Иоанны 14:16, 17). Куыд сын ӕххуыс кодтаид уыцы тых? Фӕстӕдӕр сын Йесо загъта: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Иегъовӕ ма йӕ архайгӕ тыхӕй сразӕнгард кодта Библи ныффыссын дӕр: «Пехуымпариуӕг дзырд никӕд уыд загъд адӕймаджы фӕндонӕй, фӕлӕ йӕ дзырдтой Хуыцауы сыгъдӕг адӕймӕгтӕ, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ» (2 Петры 1:21). Уӕдӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах ӕвдисӕм, сыгъдӕг уд цы у, уый кӕй ӕмбарӕм. Сыгъдӕг удӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма ноджыдӕр уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕд ӕмӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм сыгъдӕг «уды дыргъ» хӕссынӕн. Ӕмӕ йӕ дыргъ та у «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

11. а) Абон донаргъуыдӕн цы нысаниуӕг ис? ӕ) Аргъуыд исгӕйӕ адӕймаг куыд амӕлы ӕмӕ куыд райгас вӕййы?

11 Н. э. 33 азы Йесойы амындтӕм гӕсгӕ аргъуыд фыццаг райстой иудейтӕ ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй сӕ диныл хӕст чи уыд, уыдон. Фӕстӕдӕр самариӕгтӕн дӕр фӕзынд фадат, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Уый фӕстӕ та, н. э. 36 азы — ӕнӕсунӕт муртаттӕн. Самариӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕй алкӕйдӕр аргъуыд райсыны размӕ хъуыди Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтын, кӕй йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ йӕ Фырты ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй уыдзысты. Донаргъуыдӕн абон дӕр ахӕм нысаниуӕг ис. Адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй иу уысммӕ доны бын кӕй фӕкӕнынц, уый хорз ӕвдисы, нывонддзырд радтын цы нысан кӕны, уый. Донаргъуыд абарӕн ис, адӕймаджы куыд баныгӕнынц, уыимӕ. Иу уысммӕ доны бын кӕй фӕдӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ раздӕры цардӕн кӕй амардтӕ. Донӕй дӕ кӕй систой, уый та — Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй райгас дӕ. Ӕцӕг чырыстӕттӕ чи свӕййы, уыдон райсынц «иу аргъуыд». Аргъуыд райсгӕйӕ уыдон свӕййынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хуыцауы ӕвӕрд лӕггадгӕнджытӕ (Ефесӕгтӕм 4:5; 2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4).

12. Цӕимӕ ис абарӕн донаргъуыд ӕмӕ цӕмӕн?

12 Цӕмӕй Хуыцау адӕймаджы фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы ахӕм аргъуыд райсын. Цӕвиттон, апостол Петр, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ Доны хъаймӕтӕй ковчегы кӕй фервӕзтысты, уый кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ ныффыста: «Афтӕ мах дӕр ныр уыцы хуызы ӕнгӕс аргъуыд, буары чъизитӕ цӕхсын нӕ, фӕлӕ дзырд раттын Хуыцауӕн хорзӕфсарм, ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасӕй» (1 Петры 3:21). Ковчег уыди цӕстуынгӕ бӕлвырдгӕнӕн, Ной, Хуыцау ын цы куыст бахӕс кодта, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй сӕххӕст кодта, уымӕн. Ковчег арӕзт куы фӕци, уӕд «уӕды дуне фесӕфт фӕдӕлдон уӕвгӕйӕ» (2 Петры 3:6). Фӕлӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, «ома аст удгоймаджы, донӕй аирвӕзтысты» (1 Петры 3:20).

13. Донаргъуыд чырыстоны цӕмӕй ирвӕзын кӕны?

13 Чырысти ӕгас кӕй у, ууыл чи баууӕнды ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд чи радты, уыдон уый равдисынц донаргъуыдӕй. Афтӕмӕй кӕнынц, Хуыцауы цӕсты абон иууыл ахсджиагдӕр цы хъуыддаг у, уый ӕмӕ хызт сты ацы фыддунейӕ (Галатӕгтӕм 1:3, 4). Уыдон нал сты, ацы фыддунеимӕ чи фесӕфдзӕн, уыцы адӕмӕй. Хуыцау сын дӕтты фервӕзыны фадат ӕмӕ сыгъдӕг цӕсгом. Апостол Иоанн Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ныфс бавӕрдта: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

Нӕхимӕ цы хӕстӕ райстам, уыдон ӕххӕст кӕнӕм

14. Аргъуыд йӕхигъӕдӕй адӕймаджы цӕуылнӕ ирвӕзын кӕны?

14 Афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, иугӕр аргъуыд райстон, уӕд мын ног дунейы бынат цӕттӕ у, уый рӕдийы. Аргъуыдӕн тых ӕрмӕстдӕр уӕд ис, кӕд ӕмӕ адӕймаг Йесо Чырыстийы номӕй йӕхи Иегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ снывонд кодта ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕронмӕ иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕна. «Кӕронмӕ ныффӕразӕг та фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13).

15. а) Абон аргъуыд чырыстӕттыл Хуыцауы раз цы хӕс ис? ӕ) Нӕ царды нын иууыл ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа?

15 Йесо Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уый ма хъуамӕ бӕрӕг уыдаид, йӕ зӕххон цардмӕ цы цӕстӕй касти, уымӕй дӕр. Уый хъуамӕ амардаид ӕмӕ афтӕмӕй йӕ цард адӕмы сӕрвӕлтау нывондӕн радтаид. Нӕхи тыххӕй куы зӕгъӕм, уӕд мах та хъуамӕ «нӕ буӕрттӕ» радтӕм Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ удуӕлдай цард кӕнӕм (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Уый зӕгъӕн нӕй, Хуыцауы фӕндоныл цӕуӕм, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ хатт, ацы дуне цы митӕ кӕны, мах дӕр зонгӕ-зонын ахӕм митӕ кӕнӕм кӕнӕ нӕхицӕн куыд хуыздӕр у ӕдзух ууыл архайӕм, Хуыцауӕн та цӕстмӕ цы лӕггад кӕнӕм, ӕндӕр ницы (1 Петры 4:1—3; 1 Иоанны 2:15, 16). Йесойы иу иудей куы бафарста, ӕнустӕм цӕрынӕн мӕ цы кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд ын загъта, кӕй хъуамӕ кӕна хӕрзӕгъдау цард. Фӕлӕ ма йын уый фӕстӕ бамбарын кодта, иууыл ахсджиагдӕр цы у, уый — хъуамӕ суа Чырыстийы ахуыргӕнинаг, ома йӕ фӕдылдзӕуӕг. Уый хъуамӕ уа адӕймаджы царды иууыл ахсджиагдӕр, йӕ бынат ын мацы хъуамӕ бацахса (Матфейы 19:16—21).

16. а) Ӕппӕт чырыстӕттыл дӕр цы хӕс ис? ӕ) 116 ӕмӕ 117-ӕм фӕрстыл цы нывтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куыд ис Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕн? б) Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдӕбынӕй кӕй архайӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?

16 Иу хатт ма зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо йӕхи ӕгасӕй дӕр хъуамӕ радтаид Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Йесо Паддзахӕй сӕрст уыд. Фӕлӕ зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ хъусын кодта уыцы Паддзахады тыххӕй. Махыл дӕр ис ахӕм хӕс ӕмӕ йӕ хъуамӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнӕм. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Иегъовӕйы хицаудзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм (Матфейы 22:36—40). Уыимӕ ма афтӕмӕй мах ӕвдисӕм, ӕгас зӕххы къорийыл дӕр не ’мкувӕг адӕмимӕ, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытимӕ, ӕмвӕнд-ӕмзонд кӕй стӕм. Мах иумӕ тырнӕм нӕ иумӕйаг нысанмӕ — уыцы Паддзахады разамындӕй зӕххыл ӕнустӕм цӕрынмӕ.

Цыбыр афӕлгӕст

• Цы ис ӕмхуызонӕй Йесойы аргъуыд ӕмӕ абоны донаргъуыды? Хицӕн та цӕмӕй кӕнынц?

• Цы нысан кӕны «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» аргъуыд райсын?

• Донаргъуыд чи райсы, уыдоныл цы хӕстӕ ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 116, 117 фарсыл]

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ТЫХХӔЙ КУЫД ИС ХЪУСЫН КӔНӔН

Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ

Дӕ хиуӕттӕн

Де ’мкусджытӕн

Де ’мкъласонтӕн

Уынджы

Цымыдисгӕнӕг адӕмы ногӕй бӕрӕг кӕнгӕйӕ

Адӕмимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнгӕйӕ