Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дыууын фыццӕгӕм сӕр

Иегъовӕйы фӕнд ӕмӕ йӕ диссаджы сӕххӕст

1, 2. а) Цы фӕнд ис Иегъовӕмӕ йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй? ӕ) Хуыцауӕн иу бинонтау ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи куывта?

Иегъовӕйы фӕнд ӕмӕ йӕ диссаджы сӕххӕст

 УӔЛАРВОН зӕдтӕ ӕмӕ зӕххон адӕм иууылдӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн ӕмӕ сӕ алкӕмӕндӕр ис Хуыцауы сывӕллӕтты диссаджы сӕрибардзинад — уый у Иегъовӕйы фӕнд. Уымӕ бӕллынц, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон иууылдӕр.

2 Иегъовӕ йе стыр фӕнд ӕххӕст кӕнын райдыдта, фӕлдисынмӕ куы ’рӕвнӕлдта, растдӕр уӕд. Ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста йӕ Фырты, ӕмӕ уый йӕ райгасӕй, фӕстӕмӕ «ӕвдисы [Хуыцауы] кад ӕмӕ цавӕр Хуыцау у, уый» (Дзуттытӕм 1:1—3, НД). Иннӕтӕй хъауджыдӕр Хуыцау уыцы Фырты йӕхӕдӕг сфӕлдыста. Уый фӕстӕ ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уыцы Фыртимӕ: фыццаг — уӕларвон зӕдты, уый фӕстӕ та — зӕххон адӕмы (Иов 38:7; Лукайы 3:38). Уыдон иууылдӕр уыдысты иу стыр бинонтӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр Иегъовӕ уыди сӕ Хуыцау, се Скӕнӕг ӕмӕ сӕ уарзон Фыд.

3. а) Нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ туджы цы рахастам? ӕ) Иегъовӕ Адамы цотыл куыд батыхстис?

3 Адӕм кӕмӕй равзӕрдысты, уыцы дыууӕ адӕймаджы зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд сын Хуыцау мӕлӕты тӕрхон рахаста, Едемы цӕхӕрадонӕй сӕ фӕсырдта ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Уыдон йӕ бинонтӕй нал уыдысты (Уӕвынад 3:22—24; Дыккаг закъон 32:4, 5). Мах сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд рахастам. Фӕлӕ Иегъовӕ зыдта, Адам ӕмӕ Евӕйы цотӕй кӕй уыдзӕн, рӕстдзинад чи уарза, ахӕмтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау батыхстис, цӕмӕй уыдон фидӕны хайджын уой «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадӕй» (Ромӕгтӕм 8:20, 21).

Израил йӕхи Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодта

4. Иегъовӕ рагон Израилӕн цавӕр фадат радта?

4 Иегъовӕ Адамы куы рафӕлдыста, уымӕй иу-2 500 азы фӕстӕ иу адӕмӕн радта уый фадат, цӕмӕй йӕм уӕлдай хӕстӕгдӕр уыдаиккой. Уый равзӕрста йӕхицӕн рагон Израилы адӕмы ӕмӕ сын радта йӕ Закъон (Уӕвынад 12:1, 2). Иегъовӕ сӕ рахицӕн кодта иннӕ адӕмтӕй йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнынӕн (Дыккаг закъон 14:1, 2; Исай 43:1). Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацары кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын нӕ уыд, сӕрысуангӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы диссаджы сӕрибардзинад уыд, ахӕм сӕрибардзинад.

5. Израилӕгтӕ сӕхи Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай куыд фӕкодтой?

5 Ӕмӕ кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр сӕ Хуыцау йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта. Уыдон та хъуамӕ сӕхицӕн хӕсыл нымадтаиккой, Иегъовӕйӕн, сӕ Фыдӕн, кад кӕнын ӕмӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ архайын. Уый сӕ хӕс кӕй уыд, уый тыххӕй дзырдта Йесо дӕр (Матфейы 5:43—48). Фӕлӕ Хуыцау Израилы адӕмӕй фыдӕнхъӕл фӕци. Ӕмӕ кӕд иудейтӕ дзырдтой, «иу Фыд нын ис, Хуыцау», зӕгъгӕ, уӕд сын Йесо та загъта, сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ зондахаст ууыл дзурӕг кӕй не сты (Иоанны 8:41, 44, 47). Н. э. 33 азы Хуыцау аивта, Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уый ӕмӕ йын уӕдӕй фӕстӕмӕ семӕ иумӕйагӕй ницыуал уыдис. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ адӕм Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын никуыуал уыдаиккой?

Ӕмбырд цӕуынц «уӕларвонтӕ»

6. Павел Ефесӕгтӕм 1:9, 10 цы «арӕзтады» кой кӕны, уымӕн йӕ нысан цы у?

6 Апостол Павел банысан кодта, адӕмӕй иуӕй-иутӕн уый фадат кӕй ис, цӕмӕй Хуыцауимӕ уӕлдай ӕввахс уой. Уый фыста, йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдон Иегъовӕйы хӕдзаронтӕ кӕй суыдзысты, уый тыххӕй: «[Хуыцау] раргом кодта махӕн Йӕ фӕндоны сусӕгдзинад Йӕхи хорз фӕндонмӕ гӕсгӕ, кӕцы Хуыцау раздӕр сӕвӕрдта Уый мидӕг, рӕстӕджыты ӕххӕстдзинад аразынмӕ, цӕмӕй ӕппӕт уӕларвонтӕ ӕмӕ зӕххонтӕ иугонд ӕрцӕуой сӕры бын Чырыстийӕ» (Ефесӕгтӕм 1:9, 10). Хуыцауы «арӕзтады» астӕуцӕджындз у Йесо Чырысти. Уый руаджы адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауы хорзӕх ссарын. Чысыл къордӕн ис уӕлӕрвты цӕрыны ныфс, ноджы фылдӕр адӕм та цӕрдзысты ӕнусмӕ зӕххыл.

7. Чи сты «уӕларвонтӕ»?

7 Фыццаджыдӕр, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй ӕмбырд цӕуынц «уӕларвонтӕ», ома Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, уыдон. Йесойы нывонд адӕмы тӕригъӕдӕй кӕй сӕрибар кӕны, ууыл кӕй баууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау банымадта рӕстгӕнджытыл (Ромӕгтӕм 5:1, 2). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уыцы «уӕларвонтӕм» иу кодтой иудейтӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй дӕр, ӕмӕ ӕдӕппӕтӕй хъуамӕ уой 144 000 (Галатӕгтӕм 3:26—29; Раргомад 14:1). Уыдонӕй ма зӕххыл ныртӕккӕ ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ ис.

Ӕмбырд цӕуынц «зӕххонтӕ»

8. Чи сты «зӕххонтӕ» ӕмӕ сын Иегъовӕимӕ цавӕр ахастытӕ ис?

8 Хуыцауы «арӕзтадмӕ» ма хауы «зӕххонты» ӕрӕмбырд кӕныны хъуыддаг дӕр. Абон милуантӕ ӕмбырд цӕуынц, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрой. Уыцы адӕм, уӕларвон Паддзахады бындартӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц Иегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ ном кадджын кӕнынц (Исай 2:2, 3; Софони 3:9). Уыдон дӕр Иегъовӕйы хонынц сӕ «Фыд», уымӕн ӕмӕ ӕмбарынц, уый кӕй у сӕ Царддӕттӕг. Йесойы тугныккалдыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз лӕууынц сыгъдӕг цӕсгомимӕ (Раргомад 7:9, 14). Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ нырма Хуыцауы ӕцӕг сывӕллӕттӕ не сты.

9. Ромӕгтӕм 8:21 адӕмӕн цавӕр зӕрдӕвӕрд ис?

9 Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, адӕм «ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй» кӕд ссӕрибар уыдзысты, уымӕ (Ромӕгтӕм 8:21). Сӕрибар кӕнын та райдайдзысты, Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ стыр бӕллӕхы кӕрон (Армагеддоны хӕсты) Сайтаны цъаммар дуне ӕгасӕй дӕр куы фесафой, уый фӕстӕ. Уӕд ралӕудзӕн, Паддзах Йесо Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн лӕудзӕн, уыцы Миназон фӕрныг хицауиуӕгад (Раргомад 19:17—21; 20:6).

10. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр кады зарӕг кӕндзысты?

10 Цӕй амондджын рӕстӕг уыдзӕн, Иегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ йӕ уӕларвон лӕггадгӕнджытимӕ сӕ хъӕлӕстӕ куы баиу кӕной ӕмӕ иумӕ куы ныззарой: «Стыр ӕмӕ диссаг [сты] Дӕ хъуыддӕгтӕ, [Иегъовӕ] Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг! Раст ӕмӕ ӕцӕг Дӕ фӕндӕгтӕ, сыгъдӕджыты Паддзах! Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, [Иегъовӕ] ӕмӕ не скадджын кӕндзӕн Дӕ ном? уымӕн ӕмӕ иунӕг Ды [дӕ] Сыгъдӕг. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бакувдзысты Дӕу размӕ, уымӕн ӕмӕ байгом сты Дӕ [раст] тӕрхӕттӕ» (Раргомад 15:3, 4). О, Иегъовӕйы ӕппӕт лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Суанг ма мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ уыдонӕн дӕр уыдзӕн иннӕтимӕ Иегъовӕйы кадджын кӕныны фадат (Куыстытӕ 24:15).

Диссаджы сӕрибардзинад

11. Стыр бӕллӕхы чи фервӕза, уыдонмӕ цавӕр диссаджы сӕрибардзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

11 Стыр бӕллӕхы ӕмӕ кӕронбӕттӕн хӕст Армагеддоны зӕхх фыдгӕнджытӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд Сайтан Хӕйрӕг нал уыдзӕн «ацы дуджы хуыцау». Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нал хъӕудзӕн Сайтаны зианхӕссӕг ӕндӕвдады ныхмӕ тох кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Раргомад 20:1, 2). Мӕнг дин Иегъовӕйы ном нал худинаг кӕндзӕн ӕмӕ адӕмы кӕрӕдзиуыл нал ардаудзӕн. Ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ничиуал ӕфхӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ничиуал ссӕнддзӕн. Цы ма уа уымӕй диссагдӕр сӕрибардзинад!

12. Куыд ссӕрибар уыдзысты адӕм тӕригъӕдӕй ӕмӕ тӕригъӕды аххосӕй цытӕ ӕвзарынц, уыдӕттӕй?

12 Йесо, «дунейы тӕригъӕд Йӕхимӕ Чи исы, Хуыцауы уыцы Уӕрыкк», йӕ нывондӕн цы тых ис, уымӕй адӕмы бынтондӕр ссӕрибар кӕндзӕн тӕригъӕдӕй (Иоанны 1:29, «Мах дуг» №5, 1992). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн хатыр кодта сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ-иу уый сбӕлвырд кодта, кӕй-иу сӕ адзӕбӕх кодта, уымӕй (Матфейы 9:1—7; 15:30, 31). Раст афтӕ, Йесо Чырысти, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах, сдзӕбӕх кӕндзӕн куырмыты, ӕгомыгты, къуырматы, уӕнгхъуӕгты, удхъуӕгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр алыхуызон низтӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдоны (Раргомад 21:3, 4). Ӕппӕт коммӕгӕс адӕм дӕр ссӕрибар уыдзысты «тӕригъӕды закъонӕй» ӕмӕ уӕд сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр уыдзысты ӕхсызгон (Ромӕгтӕм 7:21—23). Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады фӕуды адӕм алцӕмӕй дӕр суыдзысты ӕххӕст, ома сӕ удыхъӕды миниуджытӕй суыдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцауы хуызӕн (Уӕвынад 1:26).

13. Чырысти йӕ Миназон хицауиуӕгады фӕуды цы сараздзӕн ӕмӕ уӕд цы ’рцӕудзӕн?

13 Чырысти адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ куы ’ркӕна, уӕд фӕстӕмӕ йӕ Фыдмӕ ратдзӕн, уыцы куыст бакӕнынӕн ын цы бартӕ радта, уыдон: «Уый [ратдзӕн] Паддзахад Хуыцаумӕ ӕмӕ Фыдмӕ, куы фесафа алы сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых; уымӕн ӕмӕ [Йесойӕн] ӕмбӕлы паддзахиуӕг кӕнын, цалынмӕ [Хуыцау] ӕрӕвӕра ӕппӕт знӕгты [Йесойы] къӕхты бын» (1 Коринфӕгтӕм 15:24, 25). Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы уыцы Паддзахад кӕронмӕ йӕ хӕс сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ уӕд, адӕмы Иегъовӕимӕ бафидауын кӕнынӕн цы хицауад хъуыд, уый сӕр нал хъӕудзӕн. Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй нал уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы никӕйуал хъӕудзӕн тӕригъӕдӕй ӕлхӕнын. Библи нын дзуры: «Уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр, ӕппӕты Йын чи басаста, Уый бӕрны йӕхи бакӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцау уа ӕппӕт ӕппӕты» (1 Коринфӕгтӕм 15:28, НФ).

14. Алцӕмӕй ӕххӕст чи суа, уыцы адӕммӕ цавӕр фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цӕмӕн?

14 Уый фӕстӕ алцӕмӕй ӕххӕст адӕмӕн фӕзындзӕн, иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн сӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый сбӕлвырд кӕныны фадат. Раст уый тыххӕй сын скӕндзӕн Иегъовӕ фӕстаг фӕлварӕн, цалынмӕ сӕ йӕ ӕцӕг сывӕллӕттау нӕ райса, уӕдмӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ ӕнӕбын арфӕй рауадздзӕн Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты. Иегъовӕйы сыгъдӕг зӕрдӕйӕ чи уарзы, уыдонӕн уый ницы зиан ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи сива ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй нӕ бафӕнда, уыдоны фыццаг змӕнтӕг ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ фесафдзӕн (Раргомад 20:7—10).

15. Куыд та цӕрдзысты ногӕй Иегъовӕйы сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕм?

15 Уӕд, алцӕмӕй ӕххӕст адӕмӕй фӕстаг фӕлварӕны Иегъовӕйы хицаудзинады фарс чи уа, уыдон ӕцӕгдӕр йӕ сывӕллӕттӕ суыдзысты. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыдон уыдзысты Хуыцауы стыр бинонтӕй ӕмӕ хайджын уыдзысты Хуыцауы сывӕллӕтты диссаджы сӕрибардзинадӕй. Ӕмӕ та уӕд, уӕларвон зӕдтӕй зӕгъай, зӕххон адӕмӕй, се ’ппӕт дӕр ногӕй ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Афтӕ диссаджы хуызы сӕххӕст уыдзӕн Иегъовӕйы стыр фӕнд! Дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй уыцы амондджын, ӕмуд ӕмӕ стыр бинонтӕй уай? Кӕд о, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус ӕрдар, Библийы цы фыст ис, уымӕ: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

Цыбыр афӕлгӕст

• Едемы цы стыр фыдракӕнд ӕрцыд, уый размӕ, Иегъовӕйӕн чи куывта, уыдонӕн йемӕ цавӕр ахастытӕ уыд?

• Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл цы хӕс ис?

• Чи ма суыдзӕн Хуыцауы сывӕллӕттӕ ӕмӕ уый, Иегъовӕ се ’ппӕты дӕр баиу кӕнынвӕнд кӕй кӕны, уыимӕ куыд баст у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 190 фарсыл]

Коммӕгӕс адӕм дзӕнӕты зӕххыл цардӕй бафсӕддзысты.