Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕндзӕм сӕр

Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы сӕрибардзинад

1, 2. а) Цавӕр сӕрибардзинад радта Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн? ӕ) Адам ӕмӕ Евӕйы цард цавӕр закъӕттыл баст уыд?

Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы сӕрибардзинад

 ИЕГЪОВӔ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд куыд сӕрибар уыдысты, афтӕ абон иу адӕймаг дӕр нӕу. Цардысты Дзӕнӕты — Едемы алӕмӕттаг цӕхӕрадоны. Зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ низ цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой. Стӕй сӕм мӕлӕт дӕр не ’нхъӕлмӕ каст. Уӕдӕ роботтӕ дӕр нӕ уыдысты, уыди сын диссаджы сӕрибардзинад — сӕ хъуыды уыд сӕ бар. Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ сӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын.

2 Ахъуыды ма кӕн, Хуыцау цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдоныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы закъӕттӕй бирӕтӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн дзурын дӕр нӕ хъуыди, афтӕ конд уыдысты, ӕмӕ сӕ ӕнӕуи дӕр зыдтой. Зӕгъӕм, куы-иу сӕххормаг сты, уӕд-иу сӕ хъуыди хӕрын; куы-иу сдойны сты, уӕд та — нуазын; хур-иу куы аныгуылд, уӕд та — фынӕй кӕнын. Иегъовӕ ма сын бахӕс кодта куыст дӕр. Уыцы хӕслӕвӕрд сын закъонӕй уӕлдай нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сын уый уыд иууыл ахсджиагдӕр хъуыддаг. Уыдон хъуамӕ зӕнӕг уагътаиккой, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ уыди, уыдонмӕ кастаиккой ӕмӕ ӕгас зӕххӕй дӕр Дзӕнӕт скодтаиккой (Уӕвынад 1:28; 2:15). Цы ма уыдаид уымӕй ӕхсызгондӕр, уымӕй хуыздӕр закъон! Уыцы закъоны фӕрцы сын уыди, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта ӕмӕ се ’ппӕт курдиӕттӕ дӕр хорздзинад аразынӕн кӕм равдыстаиккой, ахӕм куыст. Стӕй ма сӕ бон уыди сӕ хӕслӕвӕрд сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ ӕххӕст кӕнын дӕр. Цы ма сын нӕ фаг кодта?

3. Кӕд Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ аразыны бар уыди, уӕддӕр раст архайын куыд хъуамӕ ахуыр кодтаиккой?

3 Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ аразыны бар кӕй уыди, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ цыфӕнды ма сарӕзтаиккой, уӕддӕр сӕ хорзмӕ кӕй ӕркодтаид. Кӕд сӕрибар уыдысты, уӕддӕр Хуыцауы закъӕтты ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты хъуамӕ ма ахызтаиккой. Куыд ын хъуамӕ базыдтаиккой йӕ закъӕттӕ? Се Скӕнӕгмӕ кӕй хъуыстаиккой ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтыл кӕй хъуыды кодтаиккой, уый руаджы. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн ахӕм зонд радта, ӕмӕ сӕ бон уыди, цы базыдтаиккой, уымӕй сӕ царды пайда кӕнын. Ӕххӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ хъуыддӕгты айдӕнау зындаиккой Хуыцауы миниуджытӕ. О, фӕлӕ уый афтӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид, кӕд ӕмӕ сын Хуыцау цы сарӕзта, уымӕн зӕрдӕйӕ аргъ кодтаиккой ӕмӕ йын ӕхсызгон цы уыд, уый кӕнын сӕ фӕндыдаид (Уӕвынад 1:26, 27; Иоанны 8:29).

4. а) Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн иу бӕласы дыргътӕй хӕрыны бар кӕй нӕ радта, уымӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ сбаста? ӕ) Уыцы фӕдзӕхст раст цӕмӕн уыдис?

4 Уӕдӕ диссаг нӕу, сӕ Радтӕг Хуыцау кӕй сфӕнд кодта, иузӕрдион ыл уыдзысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзысты ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын. Иегъовӕ Адамы бафӕдзӕхста: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕр, цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:16, 17). Хуыцау Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд уый дӕр базонгӕ уыцы закъонимӕ (Уӕвынад 3:2, 3). Цымӕ сын уыцы фӕдзӕхст сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ баста? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Дзӕнӕты цынӕхуызон хӕрзад дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ хордтой, ахӕм нӕ уыд, ӕрмӕстдӕр сын иу бӕласӕй нӕ уыди хӕрӕн (Уӕвынад 2:8, 9). Уыцы фӕдзӕхст та сын уымӕн радта, цӕмӕй ма рох кодтаиккой, зӕхх уый кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ Хицау дӕр уый кӕй у. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ бар ис, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ адӕмы амондӕн ахъаз закъӕттӕ фидар кӕна (Псалом 23:1, 10, МГТ).

5. а) Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай куыд фесты сӕ диссаджы сӕрибардзинадӕй? ӕ) Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинад цӕуыл баивтой ӕмӕ уый махыл куыд фӕзынд?

5 Фӕлӕ цы ’рцыд? Зӕддӕй иу хиуарзон ӕмӕ кадуарзаг сси. Уый йӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодта ӕмӕ сси Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг». Уый асайдта Евӕйы ӕмӕ йӕ баууӕндын кодта, Хуыцау сын цы нӕ загъта, ахӕм цӕуылдӕрыл (Уӕвынад 3:4, 5). Адам дӕр Евӕйы бафӕзмыдта ӕмӕ Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт. Цы сӕм не ’мбӕлд, уый сӕхи кӕй бакодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ диссаджы сӕрибардзинадӕй ӕнӕхай фесты. Уыдон систы тӕригъӕды цагъартӕ ӕмӕ сӕ Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхста, уый ’рцыд — ӕппынфӕстагмӕ амардысты. Уыцы тӕригъӕд сӕ туджы рахастой сӕ цот дӕр ӕмӕ уый бӕрӕг у, адӕймаг ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц кӕй у, уымӕй. Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый тыххӕй кӕны рынчын дӕр, зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Адӕм ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц кӕй сты, стӕй ма Сайтаны ахӕсты дӕр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ незамантӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзимӕ кӕсынц знаджы цӕстӕй, ӕфхӕрд ӕмӕ фыдмитӕй кӕрӕдзиуыл нӕ ауӕрдынц, милуантӕ та цагъды кӕнынц хӕстыты. Куыд дард лӕууы ахӕм сӕрибардзинад, Хуыцау иууыл райдианы адӕмӕн цы сӕрибардзинад радта, уымӕй! (Дыккаг закъон 32:4, 5; Иов 14:1, 2; Ромӕгтӕм 5:12; Раргомад 12:9).

Куыд ис сӕрибардзинад ссарӕн

6. а) Куыд ис ӕцӕг сӕрибардзинад ссарӕн? ӕ) Цавӕр сӕрибардзинады кой кодта Йесо?

6 Абон адӕм афтӕ тыхст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, дзыллӕтӕ фылдӕр сӕрибардзинадмӕ кӕй бӕллынц, уый. Фӕлӕ куыд ис ӕцӕг сӕрибардзинад ссарӕн? Йесо Чырысти загъта: «Мӕ дзырдыл куы лӕууат, уӕд бӕлвырд Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут. Ӕмӕ ӕцӕгад базондзыстут, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕни» (Иоанны 8:31, 32, НФ). Уый, адӕм иу хицауы кӕнӕ иу хицауад иннӕмӕй куы баивынц, уӕд сӕ цы сӕрибардзинадӕй вӕййы ныфс, ахӕм сӕрибардзинад нӕу. Дзырд цӕуы, адӕм хъиамӕттаг цӕй тыххӕй фесты, уымӕй ссӕрибар кӕныныл. О, Йесо дзырдта адӕмы тӕригъӕды цагъарадӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй (Иоанны 8:24, 34—36). Уӕдӕ, адӕймаг Йесо Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинаг куы свӕййы, уӕд йӕ цард бынтондӕр фӕивы — ссӕрибар вӕййы!

7. а) Тӕригъӕдӕй ныридӕгӕн цы хуызы стӕм сӕрибар? ӕ) Цӕмӕй нын ахӕм сӕрибардзинад уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

7 Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ, тӕригъӕд ракӕнын цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзысты. Тӕригъӕд сӕ туджы кӕй рахастой, уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕдзухдӕр йемӕ хъӕуы тох кӕнын (Ромӕгтӕм 7:21—25). Фӕлӕ кӕд адӕймаг ӕцӕгдӕр Йесойы амындтӕм гӕсгӕ цӕры, уӕд уый тӕригъӕдӕн йӕ цагъар нал вӕййы. Уымӕн тӕригъӕд нал вӕййы, куырмӕджы кӕй коммӕ хъуамӕ кӕса, ахӕм ӕлдар. Уый нал фӕкӕны ӕнӕсӕрфат цард ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл нал фӕхуды. Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕнды, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуынц ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы раз йӕ цӕсгом вӕййы сыгъдӕг. Тӕригъӕдджын монцтӕ йын, чи зоны, ӕнцой ма дӕттой, фӕлӕ, Чырыстийы сыгъдӕг амындтӕ хъуыдыгӕнгӕйӕ, уыцы монцты фӕдыл куы нӕ цӕуа, уӕд равдисдзӕн, тӕригъӕдӕн йӕ цагъар кӕй нал у, уый (Ромӕгтӕм 6:12—17).

8. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ цӕмӕй ссӕрибар стӕм? ӕ) Цавӕр ахаст нын хъуамӕ уа хицауадмӕ?

8 Ахъуыды ма кӕн, чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, цӕмӕй ссӕрибар стӕм, ууыл. Мах ссӕрибар стӕм мӕнг ахуырӕдты ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдты уацарӕй, нал стӕм тӕригъӕды цагъартӕ. Мӕрдты тыххӕй ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй ӕцӕгад кӕй базыдтам, уымӕ гӕсгӕ мӕлӕтӕй нал тӕрсӕм. Тагъд ӕнӕххӕст зӕххон хицауӕдтӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы рӕстаг Паддзахад ӕппӕт бартӕ дӕр йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн, уый кӕй базыдтам, уымӕ гӕсгӕ ныфссаст нал стӕм (Данелы 2:44; Матфейы 6:10). Фӕлӕ нын ахӕм сӕрибардзинад кӕй ис, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицауады ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ мацӕмӕ дарӕм (Титмӕ 3:1, 2; 1 Петры 2:16, 17).

9. а) Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, адӕймагӕн абон цы сӕрибардзинад ис, уымӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ пайда кӕнынӕн? ӕ) Куыд у нӕ бон раст архайын?

9 Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй царды иууыл хуыздӕр фӕндаг агургӕйӕ, алцыдӕр нӕхиуыл бавзарӕм. Уый хорз зоны куыд конд стӕм, ӕцӕг ӕхцондзинад нын цы хӕссы ӕмӕ не ’нусон амондӕн ахъаз цы у, уый. Иегъовӕйӕн ӕнӕзонгӕ нӕу, цавӕр зондахаст ӕмӕ цавӕр уагахаст скӕны адӕймаджы Уый ӕмӕ иннӕ адӕмы ныхмӕ, суанг ма йӕ ног дунейӕ ӕнӕхай цы фӕкӕндзӕн, уый дӕр. Иегъовӕ нӕ Библи ӕмӕ йӕ зӕххон организацийы уылты зӕрдӕхӕларӕй фӕдзӕхсы ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй (Маркы 13:10; Галатӕгтӕм 5:19—23; 1 Тимофеймӕ 1:12, 13). Дарддӕр та нӕхицӕй кӕнгӕ у, Хуыцау нын цы сӕрибардзинад радта, уымӕй куыд пайда кӕндзыстӕм, уый. Библи нын цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд Адамӕй хъауджыдӕр мах алцыдӕр араздзыстӕм раст. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, царды нын Иегъовӕимӕ хӕлардзинадӕй зынаргъдӕр кӕй ницы ис.

Ӕндӕрхуызон сӕрибардзинад

10. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ цавӕр сӕрибардзинадмӕ бабӕллынц?

10 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕсивӕдӕй иуӕй-иутӕ (ӕмӕ канд фӕсивӕд нӕ, фӕлӕ ма хистӕртӕ дӕр) хаттӕй-хатт бабӕллынц ӕндӕрхуызон сӕрибардзинадмӕ. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, цыма ацы дунейы хорздзинӕдтӕй цух зайынц, ӕмӕ цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнынц ууыл, уыйас сӕ тынгдӕр фӕфӕнды, ацы дунейы ӕвзӕрыл нымад цы нӕу, фӕлӕ чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын. Чи зоны, сӕ хъуыдыйы нӕ вӕййы наркотиктӕ аразын, фыднозт кӕнын кӕнӕ хӕтын, фӕлӕ сӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнын кӕй нӕ фӕфӕнды, уымӕ гӕсгӕ сбӕндӕн вӕййынц, не ’муырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕмимӕ. Суанг ма сӕ ныхасӕй ӕмӕ уагахастӕй дӕр бафӕзмынц (3 Иоанны 11).

11. Хатт ӕвзӕрдзинадыл чырыстоны чи бафтауы?

11 Хатт ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл чырыстоны бафтауынц, йӕхи Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, ахӕм адӕймӕгтӕ. Афтӕ уыд сӕ хабар фыццаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн ӕмӕ афтӕ, гӕнӕн ис, уа абон дӕр. Арӕх ахӕм адӕмы фӕфӕнды, сӕ удӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кӕнын, фӕлӕ уыцы митӕ вӕййынц Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ. Уыдон иннӕты фӕхонынц семӕ, нӕхи «аирхӕфсӕм», зӕгъгӕ. «Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибардзинадӕй, сӕхӕдӕг ӕмбийыны цагъартӕ уӕвгӕйӕ» (2 Петры 2:19).

12. Хуыцауы закъӕтты ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты чи хизы, уыдон цавӕр бӕллӕхты бахауынц?

12 Ахӕм сӕрибардзинад алы хатт дӕр ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймаг ахизы Хуыцауы закъӕтты сӕрты. Зӕгъӕм, адӕймаг хӕтгӕ куы кӕна, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕдзух йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл худа; исты ӕвзӕр низ ыл бахӕца (сылгоймаг та басывӕрджын уа); йӕ бинонты цард фехала; йе та мӕлгӕ дӕр акӕна (1 Коринфӕгтӕм 6:18; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3—8). Наркотиктӕй та адӕймаг сфыдзонд вӕййы, ӕрдӕгӕууылд ныхӕстӕ фӕкӕны, цӕстӕй хорз нал фӕуыны, йӕ сӕр фӕзилы, тыхулӕфт фӕкӕны, йӕ цӕстытыл цыдӕртӕ фӕуайы, суанг ма мӕлгӕ дӕр акӕны. Адӕймагӕн ӕнӕ наркотиктӕй йӕ бон кӕй нал вӕййы, уымӕ гӕсгӕ исты фыдракӕнд дӕр саразы йӕ «хос» самал кӕныны охыл. Арӕх ахӕм бӕллӕхты бахауынц, нозтӕй ӕфсис чи нӕ зоны, уыдон дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 23:29—35). Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи фӕкӕны, уыдон афтӕ ӕнхъӕл вӕййынц, ӕмӕ тынг сӕрибар сты, фӕлӕ фӕстӕдӕр, хъыгагӕн ӕрӕджиау, бамбарынц, тӕригъӕды цагъартӕ кӕй систы, уый. Цӕй ӕгъатыр ӕлдар у тӕригъӕд! Адӕттыл ныридӕгӕн арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм ахӕм бӕллӕхтӕй (Галатӕгтӕм 6:7, 8).

Бӕллӕхтӕн сӕ уидаг кӕм ис

13. а) Бӕллӕхтӕм цы монцтӕ ӕркӕнынц, уыдон арӕх кӕм сӕвзӕрынц? ӕ) Цавӕр ӕмбӕлттӕ сты ӕвзӕр, уый бамбарынӕн нӕ кӕй цӕстӕнгас хъӕуы зонын? б) 13-ӕм абзацы цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, дӕ зӕрдыл дар Иегъовӕйы цӕстӕнгас.

13 Ахъуыды ма кӕн, бӕллӕхтӕн сӕ уидаг кӕм ис, ууыл. Библи нын ӕмбарын кӕны: «Алчидӕр фӕлвӕрд цӕуы монцы фӕдыл цӕугӕйӕ ӕмӕ хи фӕндонӕй [«монцтӕй», НД] сайд уӕвгӕйӕ. Фӕндон [«монц», НД] та, сӕвзӕргӕйӕ, гуырын кӕны тӕригъӕд, раконд тӕригъӕд та гуырын кӕны мӕлӕт» (Иаковы 1:14, 15). Кӕм сӕвзӕрынц монцтӕ? Нӕ сӕры. Ӕмӕ арӕх уымӕн йӕ аххосаг вӕййы, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕмимӕ кӕй сиу вӕййӕм, уый. Уӕвгӕ, не ’ппӕт дӕр ӕй зонӕм, «ӕвзӕр ӕмбаладтӕй» нӕ нӕхи хизын кӕй хъӕуы, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Фӕлӕ цавӕр ӕмбӕлттӕ сты ӕвзӕр? Уый тыххӕй Иегъовӕ цы хъуыды кӕны? Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис ӕмӕ сӕм Библийӕ цы стихтӕ хаст цӕуы, уыдон нын баххуыс кӕндзысты раст хатдзӕгтӕ скӕнынӕн.

 Исчи адӕмы ’хсӕн нымад куы уа, уӕд цымӕ уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хорз адӕймаг у? (Уӕвынад 34:1, 2, 18, 19).

 Сӕ ныхӕстӕй, уыимӕ сӕ хъазӕн ныхӕстӕй дӕр ис базонӕн, хӕлӕрттӕн нын бӕззынц ӕви нӕ? (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

 Иегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдонимӕ куы сиу уӕм, уӕд ын уый ӕхсызгон уыдзӕн? (2 Паралипоменон 19:1, 2).

 Не ’муырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕмимӕ куы кусӕм кӕнӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын? (1 Петры 4:3, 4).

 Адӕймаг телевизоримӕ, Интернетимӕ, чингуытимӕ, журналтимӕ ӕмӕ газеттимӕ дӕр «слымӕн» вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ цавӕр ралӕвӕрдтӕй ӕмӕ ӕрмӕгӕй хъӕуы нӕхи хизын? (Ӕмбисӕндтӕ 3:31, «Мах дуг» №12, 1999; Исай 8:19; Ефесӕгтӕм 4:17—19).

 Нӕ хӕлӕрттӕ чи сты, уый Иегъовӕйӕн цӕуыл дзурӕг у? (Псалом 25:1, 4, 5; 96:10).

14. Хуыцауы Ныхасы амындтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонмӕ цавӕр диссаджы сӕрибардзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

14 Хуыцауы ног дуне нӕ къӕсӕрыл ис. Хуыцауы уӕларвон Паддзахады руаджы адӕм фервӕздзысты Сайтан ӕмӕ йӕ фыддунейӕ. Цадӕггай коммӕгӕс адӕм ссӕрибар уыдзысты тӕригъӕды ӕппӕт фӕстиуджытӕй, афтӕмӕй зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты Дзӕнӕты. Ӕппынфӕстаг Иегъовӕйы сконд адӕм уыдзысты, раст ӕй сӕрысуангӕй куыд фӕндыд, афтӕ сӕрибар (2 Коринфӕгтӕм 3:17). Цӕмӕ нӕ хъӕуы, ӕмӕ ӕппӕт ацы хорздзинӕдтӕй, Хуыцауы Ныхасмӕ кӕй нӕ хъусӕм, уый аххосӕй ӕнӕхай фӕуӕм? Цӕй уӕдӕ нын абон, чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, цы сӕрибардзинад ис, уымӕй раст пайда кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» ӕцӕгдӕр кӕй бӕллӕм, уый (Ромӕгтӕм 8:21).

Цыбыр афӕлгӕст

• Цавӕр сӕрибардзинад уыд фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн? Цавӕр сӕрибардзинад ис абоны адӕмӕн та?

• Цавӕр сӕрибардзинад ис ӕцӕг чырыстӕттӕн? Куыд хицӕн кӕны уый, ацы дуне сӕрибардзинадыл цы нымайы, уымӕй?

• «Ӕвзӕр ӕмбаладтӕй» хи хизын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Ӕвзӕр цы у, уый бамбарынӕн адӕмӕй хъауджыдӕр мах кӕй уынаффӕтӕм хъуамӕ хъусӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 46 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи ма сайут: ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ».