Цыппӕрдӕсӕм сӕр
Иегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты
1. Иегъовӕйы организацийы тыххӕй нын Библи цы дзуры ӕмӕ нӕ уый зонын цӕмӕн хъӕуы?
ХУЫЦАУӔН дӕр организаци ис? Сыгъдӕг Фыстад нын куыд дзуры, афтӕмӕй о. Йӕ Ныхасы нӕ иучысыл зонгӕ кӕны йӕ уӕларвон организациимӕ (Иезекил 1:1, 4—14; Данелы 7:9, 10, 13, 14). Ӕмӕ кӕд ӕцӕг Хуыцауӕн зӕххыл цы кувӕг адӕм ис, уыдон уыцы организаци уынгӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр сын стыр ӕххуыс у (4 Паддзахӕдты 6:15—17). Иегъовӕйӕн ма организаци ис зӕххыл дӕр. Библи нын ӕххуыс кӕны, уыцы организаци цы у ӕмӕ йын Иегъовӕ разамынд куыд дӕтты, уый бамбарынӕн.
Йӕ зӕххон организаци
2. Цавӕр ног ӕмбырд скодта Хуыцау?
2 Израилы адӕм 1 545 азы дӕргъы уыдысты Хуыцауы ӕмбырд (Куыстытӕ 7:38). Фӕлӕ уыдон не ’ххӕст кодтой Хуыцауы закъӕттӕ, суанг ма йын йӕ Фыртыл дӕр сӕхи атигъ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ уыцы ӕмбырдыл йӕ къух систа. Йесо иудейтӕн загъта: «Мӕнӕ, зайы сымахӕн уӕ хӕдзар афтидӕй» (Матфейы 23:38, НФ). Фӕстӕдӕр Иегъовӕ скодта ног ӕмбырд ӕмӕ йемӕ сарӕзта ног бадзырд. Уыцы ӕмбырд сырӕзт, Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста ӕмӕ йӕ Фыртимӕ уӕлӕрвты чи хъуамӕ уа, уыцы 144 000 адӕймагӕй (Раргомад 14:1—4).
3. Хуыцау ног ӕмбырд кӕй равзӕрста, уый н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон куыд рабӕрӕг?
3 Уыцы ӕмбырды фыццаг уӕнгтӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцыдысты н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Библийы уыцы диссаджы цауы тыххӕй кӕсӕм: «[Фӕндзайӕм бон] куы ’рцыд, уӕд уыдон та иууылдӕр ӕмудӕй иумӕ амбырд сты. Ӕмӕ ӕвиппайды арвӕй ӕрыхъуыст иу гуыр-гуыр, цыма тыхджын зилгӕдымгӕйӕ, ӕмӕ, уыдон цы хӕдзары бадтысты, уый ӕгасӕйдӕр айдзаг кодта. Ӕмӕ сыл фӕзынд дихгонд ӕртхуыз ӕвзӕгтӕ, ӕмӕ иугӕйттӕй ӕрынцадысты сӕ алкӕуыл. Ӕмӕ се ’ппӕтдӕр зӕрдӕргъӕвд фесты Сыгъдӕг Удӕй» (Куыстытӕ 2:1—4, НФ). Афтӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды руаджы рабӕрӕг, Хуыцау йӕ фӕнд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн ныр ацы адӕмы къорд кӕй равзӕрста, ӕмӕ сын разамынд та уӕларвӕй Йесо Чырысти кӕй дӕтты.
4. Чи ис Иегъовӕйы зӕххон организацийы?
4 Абон уыцы 144 000-ӕй зӕххыл бирӕ нал ис. Фӕлӕ Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уыцы сӕрст чырыстӕттимӕ ӕмгуыст кӕнынц «тынг бирӕ адӕм» — милуантӕ; уыдон сты «ӕндӕр фысты» къордӕй. Йесо, хорз Фыййау, баиу кодта уыцы «ӕндӕр фысты», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ. Уыцы дыууӕ къорды сты иу дзуг, сӕ Фыййау та у йӕхӕдӕг (Раргомад 7:9; Иоанны 10:11, 16). Уыдон иумӕ сты иу ӕмбырд — Иегъовӕйы зӕххон организаци.
Хуыцауы разамындӕй архайӕг организаци
5. Хуыцауы организацийӕн разамынд чи дӕтты ӕмӕ куыд?
5 Сыгъдӕг Фыстады ис ахӕм ӕмбарынад, «ӕгас Хуыцауы ӕмбырд» (НД), зӕгъгӕ, ӕмӕ хорз ӕвдисы, чи йын дӕтты разамынд, уый. О, уыцы организацийӕн разамынд дӕтты Хуыцау. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты Йесойы руаджы (уый сӕвӕрдта ӕмбырды ӕнӕуынгӕ Хистӕрӕй) ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы руаджы (1 Тимофеймӕ 3:14, 15; Ефесӕгтӕм 1:22, 23; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
6. а) Фыццаг ӕнусы ӕмбырдӕн уӕларвӕй разамынд куыд цыди лӕвӕрд? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо ныр дӕр ӕмбырды Хистӕр кӕй у, уый?
6 Уыцы разамынд уӕлдай бӕрӕг уыди Фӕндзайӕм бон (Куыстытӕ 2:14—18, 32, 33). Уый фӕстӕ та — Иегъовӕйы ӕрвыст зӕды разамындӕй хорз хабар Африкӕмӕ куы анхъӕвзта, Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ тарсаг Савл чырыстон куы сси ӕмӕ Петр муртаттӕн хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд (Куыстытӕ 8:26, 27; 9:3—7; 10:9—16, 19—22). Фӕлӕ фӕстӕдӕр уӕларвӕй хъӕлӕстӕ дӕр нал хъуысти, зӕдтӕ дӕр сӕхи нал ӕвдыстой ӕмӕ сыгъдӕг уд дӕр адӕмы диссаджы курдиӕттӕй нал хайджын кодта. Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ» (Матфейы 28:20; 1 Коринфӕгтӕм 13:8). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, разамынд сын Йесо кӕй дӕтты, уый. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд нӕм знаджы цӕстӕй цы дуне кӕсы, уым Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын нӕ бон кӕцӕй уаид?!
7. а) Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ цӕмӕн афтӕ зӕгъыс? ӕ) Йесо «цагъарӕн» цы бахӕс кодта?
7 Хицау Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, ахсджиаг куыст кӕй бӕрны бакӕндзӕн, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй. Уыцы цагъар хъуамӕ йӕ куыст райдыдтаид, Хицау уӕларвмӕ куы ацыди, уӕд ӕмӕ йӕ хъуамӕ кодтаид, Чырысти Паддзахы бартӕ куы райстаид ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уыдаид, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы цагъар иу цавӕрдӕр адӕймаг нӕу, фӕлӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд. Йесо йӕ йӕ «цагъар» та уымӕн хоны, ӕмӕ йӕ йӕ тугӕй балхӕдта. Уыцы ӕмбырды уӕнгтӕн уый бахӕс кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сын «афоныл [монон] хӕринаг дӕттын» (Матфейы 24:45—47; 28:19; Исай 43:10; Лукайы 12:42; 1 Петры 4:10).
8. а) Цы хӕстӕ ис абон «цагъары» къордыл? ӕ) «Цагъар» нын Хуыцауы номӕй цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?
8 Хицау 1914 азы ӕнӕуынгӕ хуызы куы ӕрыздӕхт, уӕд ын уыцы «цагъары» къорд йӕ куыст ӕнувыдӕй ӕххӕст кодта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ 1919 азы йӕ бӕрны бакодта ноджы фылдӕр хӕстӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ӕмбырд цӕуынц, стыр бӕллӕхы фервӕзыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕм» — Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм (Матфейы 24:14, 21, 22; Раргомад 7:9, 10). Уыдоны дӕр хъӕуы монон хӕринаг ӕмӕ сын ӕй цӕттӕ кӕны «цагъары» къорд. Уӕдӕ нӕ кӕд Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд нӕ хъӕуы, уыцы «цагъар» нын йӕ номӕй цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын.
9, 10. а) Фыццаг ӕнусы-иу Библийӕ исты фарст куы фӕзынд, уӕд-иу ӕй куыд скъуыддзаг кодтой ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд куыд лӕвӕрдтой? ӕ) Абон Иегъовӕйы адӕмы архайдмӕ йӕ цӕст чи дары?
9 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕм фӕзыны алыхуызон фарстытӕ Библийӕ. Куыд кӕнгӕ у уӕд? Апостолты куыстыты чиныджы 15-ӕм сӕры дзырдӕуы, муртаттӕй чырыстон фӕндагыл чи слӕууыд, уыдон тыххӕй цы фарст фӕзынд, ууыл. Уыцы хъуыддаг алӕвӕрдтой, сӕйраг разамонӕг советы чи уыд, уыцы апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм Иерусалиммӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау пайда кодта. Уыдон ӕркастысты, Сыгъдӕг фыстыты уыцы фарсты фӕдыл цы дзырдӕуы, уымӕ, стӕй ма Хуыцауы сыгъдӕг уд муртаттӕн ӕцӕгад фехъусын кӕнынӕн фӕндаг куыд бакодта, уымӕ дӕр. Уый фӕстӕ рахастой уынаффӕ. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы Хуыцау ахъазгӕнӕг уыди (Куыстытӕ 15:1—29; 16:4, 5). Уыцы разамонӕг совет ма скъуыддзаг кодта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ кӕй кӕдӕм арвитын хъуыди, уый дӕр.
10 Абон Иегъовӕйы зӕххон организацийы Разамонӕг советы сты сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕфсымӕртӕ алыхуызон бӕстӕтӕй ӕмӕ уыцы совет ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Йесо Чырыстийы разамындӕй Разамонӕг совет размӕ кӕны Хуыцауы хъуыддаг алы бӕстӕты дӕр ӕмӕ йӕ цӕст дары, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты мингай ӕмбырдты хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕвӕрд у, уымӕ. Разамонӕг советы уӕнгтӕн дӕр ис апостол Павелы цӕстӕнгас. Уый йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Уый тыххӕй нӕ, цыма мах уӕ уырнындзинадыл хицауиуӕг кӕнӕм; фӕлӕ уӕ циндзинадӕн ахъаз кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадӕй сымах стут фидар» (2 Коринфӕгтӕм 1:24).
11. а) Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты куыд снысан кӕнынц? ӕ) Ӕмбырды кӕй снысан кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртимӕ нӕ ӕмвӕндӕй архайын цӕмӕн хъӕуы?
11 Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ каст у Разамонӕг советмӕ. Уый бабар кӕны бӕрнон ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй нысан кӕной, ӕмбырдтыл чи ауда, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты. Ӕмбырды кӕй снысан кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртыл цы хӕстӕ ис, уыдон фыст сты Библийы. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕрӕдийгӕ кӕй не сты. Уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй фӕндон чи бахӕссы ӕмӕ сӕ чи снысан кӕны, уыдоныл стыр бӕрн ис Хуыцауы раз (1 Тимофеймӕ 3:1—10, 12, 13; Титмӕ 1:5—9). Уымӕ гӕсгӕ уыдон фӕкувынц Хуыцаумӕ, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕна. Афтӕ ма разамынд фӕагурынц йӕ Ныхасы дӕр (Куыстытӕ 6:2—4, 6; 14:23). Цӕй уӕдӕ аргъ кӕнӕм, «уырнындзинады иудзинадмӕ» ӕрцӕуынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы «лӕвӕрттӕн адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД; 11—16).
12. Иегъовӕйы организацийы сылгоймӕгтӕн цы ахадындзинад ис?
12 Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕмбырды уынаффӕгӕнӕг сты ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сылгоймӕгтӕн ницы ахадындзинад ис: уыдонӕй дӕр ис уӕларвон Паддзахады бындартӕ, стӕй тынг бирӕ аразынц хъусын кӕныны хъуыддаджы (Псалом 67:12). Сӕ бинонтыл зӕрдӕбынӕй кӕй аудынц, уый руаджы та ӕмбырды кад дӕлӕмӕ нӕ уадзынц (Титмӕ 2:3—5). Фӕлӕ ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕныны бар ис, кӕй снысан кодтой, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕфсымӕртӕн (1 Тимофеймӕ 2:12, 13).
13. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бынатмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый тыххӕй Библи цы дзуры? ӕ) Цавӕр кадджын хӕс нӕ ис алкӕуылдӕр?
13 Ацы дунейы стыр бынат чи ахсы, уый йӕхимӕ цыдӕр фӕкӕсы, фӕлӕ Хуыцауы организацийы афтӕ нӕу: «Сымахӕй ӕппӕтӕй ныллӕгдӕр чи у, уый уыдзӕн бӕрзонд» (Лукайы 9:46—48; 22:24—26). Сыгъдӕг Фыстад фӕдзӕхсы хистӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй Хуыцауы «дзугыл» ӕлдариуӕг ма кӕной, фӕлӕ сын уой фӕзминаг (1 Петры 5:2, 3). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕвзӕрстытыл нӕ, фӕлӕ нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй алкӕуылдӕр ис кадджын хӕс: Дунескӕнӕг Стыр Хуыцауы номӕй адӕмӕн йӕ Паддзахады тыххӕй сӕрныллӕгӕй дзурын.
14. Абзацы кӕрон цы фарстытӕ ис, уыдоныл ӕрныхас кӕн, Библийӕ сӕм цы стихтӕ ис, уыдон ӕххуысӕй.
14 Алчидӕр нӕ ахъуыды кӕнӕд: Иегъовӕ йӕ зӕххон организацийӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕнын? Уый мӕ зондахаст, мӕ ныхасы уаг ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у? Ацы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон. Цӕй уӕдӕ сыл ахъуыды кӕнӕм.
Кӕд ӕмбырды Хистӕр Чырыстийы коммӕ ӕцӕгдӕр кӕсын, уӕд ацы стихтӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ аразон? (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Иоанны 13:34, 35).
«Цагъары» къорд ӕмӕ йӕ Разамонӕг совет мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы аразы, уымӕн куы аргъ кӕнон, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн? (Лукайы 10:16).
Ӕмбырды алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, иннӕтӕм цавӕр ахаст хъуамӕ уа? (Ромӕгтӕм 12:10, НФ).
15. а) Иегъовӕйы зӕххон организацимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Куыд у нӕ бон, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уый ӕвдисын ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?
15 Иегъовӕ нын абон разамынд дӕтты, Чырысти кӕй сӕргъы лӕууы, йӕ уыцы зӕххон организацийы руаджы. Уыцы организаци нын цы дзуры, уымӕ куыд хъусӕм, уымӕй бӕрӕг у, хицаудзинады фӕдыл дзырддаг фарстайы кӕй фарс стӕм, уый (Дзуттытӕм 13:17). Сайтан зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕрмӕст нӕхи мӕт кӕнӕм. Фӕлӕ Иегъовӕйы хъуыддаджы цыфӕнды аразынмӕ дӕр цӕттӕ куы уӕм ӕмӕ нӕхиуыл куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у. Не ’хсӕн йӕхимӕ стыр бӕрн чи исы, уыдоны куы уарзӕм, куы сын аргъ кӕнӕм ӕмӕ «ӕфтиаджы тыххӕй... цӕстмӕхъус митӕ» куы нӕ кӕнӕм, уӕд Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Иудӕйы 16, НФ; Дзуттытӕм 13:7). Иегъовӕйы организацийыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, уый кӕй у нӕ Хуыцау ӕмӕ йын йӕ адӕмимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй кувӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
Цыбыр афӕлгӕст
• Абон Иегъовӕйы зӕххон организацийы чи ис? Йӕ нысан цы у?
• Чи у ӕмбырды Хистӕр ӕмӕ нын разамынд куыд дӕтты?
• Иегъовӕйы организацийы чи ис, уыдонмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 133 фарсыл]
Иегъовӕ нын разамынд дӕтты, Чырысти кӕй сӕргъы лӕууы, йӕ уыцы зӕххон организацийы руаджы.