Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дыккаг сӕр

Кадджын кӕн Иегъовӕйы — Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауы

1. Чи у иунӕг ӕцӕг Хуыцау?

Кадджын кӕн Иегъовӕйы — Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауы

 БИБЛИ дзуры, зӕгъгӕ, кӕд адӕм бирӕ цыдӕртӕ нымайынц хуыцӕуттыл, уӕддӕр «махӕн ис иу Хуыцау, Фыд» (1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6). Уыцы «иу Хуыцау» у ӕппӕт Сфӕлдисӕг Хуыцау Иегъовӕ (Дыккаг закъон 6:4; Раргомад 4:11). Йесо йӕ схуыдта «Мӕ Хуыцау ӕмӕ уӕ Хуыцау» (Иоанны 20:17, НФ). Раст ахӕм ныхӕстӕ загъта кӕддӕр Моисей дӕр: «Иегъовӕ... у ӕцӕг Хуыцау; уый йедтӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй» (Дыккаг закъон 4:35). Иегъовӕимӕ нӕй абарӕн, адӕм цӕмӕ кувынц, уыдонӕй иуы дӕр, зӕгъӕм, гуымирыты, хуыцӕуттыл цы адӕймӕгты нымайынц, уыдоны, кӕнӕ Хуыцауы цыфыддӕр знаг, «ацы дуджы хуыцау», Сайтан Хӕйрӕджы (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Уыдонӕй хъауджыдӕр, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Иегъовӕ у «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» (Иоанны 17:3).

2. Адӕймаг Хуыцауы хуыздӕр куы базоны, уӕд уый йӕ цардыл куыд фӕзыны?

2 Хорздзинад чи нӕ рох кӕны, ахӕм адӕм куы базонынц Хуыцауы хорз миниуджытӕ, стӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма цы сараздзӕн, уый дӕр, уӕд сӕ бафӕнды Хуыцауы ноджы хуыздӕр базонын. Иегъовӕйы цас тынгдӕр бауарзынц, уыйас сӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕ ном кадджын кӕнын. Куыд? Иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзургӕйӕ. «Дзыхӕй... ӕргом хъусын кӕнынц фервӕзынӕн»,— дзырдӕуы Ромӕгтӕм 10:10 (НД). Стӕй ма йӕ ныхасӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй кӕй фӕзмынц, уымӕй дӕр. «Бафӕзмут Хуыцауы, уарзон сывӕллӕттау»,— дзырдӕуы Ефесӕгтӕм 5:1 (НФ). Цӕмӕй афтӕ аразын нӕ бон хуыздӕр уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, Иегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый базонын.

3. Цавӕртӕ сты Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуджытӕ?

3 Библийы бирӕ рӕтты дзырдӕуы Хуыцауы диссаджы миниуджытыл. Йӕ сӕйрагдӕр миниуджытӕ сты цыппар: зонд, рӕстдзинад, хъару ӕмӕ уарзондзинад. «Уый стыр зонды хицау у» (Иов 12:13). «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты» (Дыккаг закъон 32:4). Уый «хъаруйӕ фидар... у» (Исай 40:26). «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Фӕлӕ Хуыцауы цыппар сӕйраг миниуӕгӕй иууыл ахсджиагдӕр кӕцы у? Цавӕр Хуыцау у, уый дзы иууыл хуыздӕр кӕцы ӕвдисы?

«Хуыцау у уарзондзинад»

4. Цӕмӕн сфӕлдыста Хуыцау Дун-дуне ӕмӕ чидӕриддӕр уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл ис, уыдоны?

4 Цымӕ Иегъовӕ цӕмӕн сфӕлдыста Дун-дуне ӕмӕ, йӕ бон хъуыды кӕнын кӕмӕн у, ахӕм зӕдты уӕлӕрвты ӕмӕ адӕймӕгты зӕххыл? Йе стыр зонд ӕмӕ йӕ хъару цы фӕкодтаид, уый нӕ зыдта? Нӕ. Кӕд сӕ Хуыцау йе стыр зонд ӕмӕ хъаруйӕ сфӕлдыста, уӕддӕр йӕ аххосаг уый нӕ уыд. Уӕдӕ дзы йӕ рӕстдзинад дӕр нӕ домдта искӕмӕн цард балӕвар кӕнын. Хуыцау сӕйраджыдӕр йе стыр уарзондзинадӕй ӕрӕвнӕлдта, хъуыды кӕнын йӕ бон кӕмӕн у, ахӕм зӕдтӕ ӕмӕ адӕймӕгты рафӕлдисынмӕ, цӕмӕй уыдон дӕр царды ад базыдтаиккой. Растдӕр ӕм уарзондзинадӕй фӕзынд ахӕм фӕнд, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрой (Уӕвынад 1:28; 2:15). Йӕ уарзондзинадӕй ӕппӕт дӕр сарӕзта, цӕмӕй Адамы тӕригъӕды аххосӕй адӕм цы фыдтӕрхон баййӕфтой, уымӕй сӕ фервӕзын кӕна.

5. Библимӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы иу дзырдӕй куыд ис схонӕн? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

5 Уӕдӕ Хуыцауы миниуджытӕй иууыл ахсджиагдӕр у уарзондзинад. Ӕнӕ уымӕй Хуыцау Хуыцау нӕ уаид. Кӕд йе стыр зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ хъару дӕр тынг ахсджиаг сты, уӕддӕр Библийы никуы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ у зонд кӕнӕ рӕстдзинад. Фӕлӕ дзы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый у уарзондзинад. О, Иегъовӕйӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны уарзондзинад. Уыцы уарзондзинад фыццаджыдӕр зонды коммӕ кӕсы, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ. Хуыцауы уарзондзинады рахӕцӕнтӕ сты ӕцӕгад ӕмӕ рӕстад. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ ахӕм уарзондзинады дӕнцӕг та у Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг. Ахӕм уарзондзинадӕн хиуарзондзинадимӕ иумӕйагӕй ницы ис ӕмӕ алы хатт дӕр бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй.

6. Кӕд мах Хуыцауимӕ абарӕн нӕй, уӕддӕр ӕй цӕй фӕрцы у нӕ бон фӕзмын?

6 Уыцы диссаджы миниуӕджы фӕрцы у нӕ бон Хуыцауы фӕзмын. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мах зӕххон, ӕнӕххӕст, рӕдийаг стӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕзмын нӕ бон никуы бауыдзӕн. Ӕмӕ та ам дӕр уынӕм Иегъовӕйы стыр уарзт: нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый уыны ӕмӕ нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ домы. Иегъовӕ зоны, ӕххӕстдзинадмӕ нӕ нырма бирӕ кӕй хъӕуы, уый (Псалом 50:7). Псалмы 129:3, 4 раст уымӕн дзырдӕуы: «Хицау [«Иегъовӕ», НД], Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,— Хицау [«Иегъовӕ», НД]! чи бафӕраздзӕн? Фӕлӕ Дӕумӕ хатырдзинад». О, «Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт» (Рацыд 34:6). «Ды, Хицау [«Иегъовӕ», НД], хорз ӕмӕ хӕларзӕрдӕ» дӕ (Псалом 85:5). Цӕй стыр ныфс нын дӕтты уый! Куыд ӕхсызгон у ахӕм диссаджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нӕ куыд уарзы ӕмӕ ныл куыд ауды, уый нӕхиуыл ӕнкъарын!

7. Иегъовӕйы уарзондзинад йӕ къухӕй конд хъуыддӕгты куыд зыны?

7 Иегъовӕйы уарзондзинад ма зыны йӕ къухӕй конд хъуыддӕгты дӕр. Ахъуыды ма кӕн йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл: цас циндзинад нын хӕссынц рӕсугъд хӕхтӕ, хъӕдтӕ, цадтӕ ӕмӕ океантӕ. Уый зӕхх афтӕ сарӕзта, цӕмӕй нын уа алыхуызон хӕрзад ӕмӕ адджын хӕринӕгтӕ. Иегъовӕйы фӕрцы ма нӕ алыварс ис, банымайӕн кӕмӕн нӕй, цӕст кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕды, ахӕм хӕрздӕфгӕнаг дидинджытӕ ӕмӕ рӕсугъд цӕрӕгойтӕ дӕр. Кӕд ӕнӕмӕнг нӕ хъуыди, уӕддӕр уый алцыдӕр афтӕ сарӕзта, цӕмӕй дзы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы фыддунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй нӕ бон нӕу, ӕмӕ йын йӕ сфӕлдыстадыл, нӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц цин кӕнӕм (Ромӕгтӕм 8:22). Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, Иегъовӕ нын Дзӕнӕты та цас хорздзинӕдтӕ сараздзӕн! Псаломзарӕггӕнӕг нын ныфс ӕвӕры: «Райгом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕфсадыс цӕрджыты се ’ппӕты сӕ [раст] фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Псалом 144:16, МГТ).

8. Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕн иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн цы у?

8 Иегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕн иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн цы у? Библийы дзырдӕуы: «Хуыцау дуне афтӕ бауарзта, ӕмӕ радта Йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй, Ууыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16, «Мах дуг» №5, 1992). Цымӕ адӕм афтӕ хорз кӕй сты, уый тыххӕй радта Иегъовӕ йӕ Фырты? Ацы фарстӕн дзуапп дӕтты Ромӕгтӕм 5:8 «Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй, Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд». О, алцӕмӕй ӕххӕст чи уыди, йӕ уыцы Фырты Хуыцау рарвыста зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ цард нывондӕн радтаид мах тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кӕныны сӕраппонд (Матфейы 20:28). Уый фӕрцы, Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмӕн байгом фӕндаг ӕнусон цардмӕ. Табу Хуыцауӕн, уый уарзы, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр, уымӕн ӕмӕ нын Библи дзуры: «Хуыцау... нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35).

9. Иегъовӕ йӕ Фырты мах сӕрвӕлтау кӕй радта, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?

9 Иегъовӕ йӕ Фырты мах сӕрвӕлтау кӕй радта ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕнусон цардмӕ фӕндаг кӕй бакодта, уый нӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзына? Хъуамӕ ноджы тынгдӕр уарзӕм ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы. Уыимӕ ма нӕ хъуамӕ тынгдӕр фӕнда Хуыцауы минӕвар Йесомӕ хъусын дӕр. «[Йесо]... се ’ппӕты сӕрвӕлтау амарди, ӕгӕстӕ ӕрмӕст сӕхи тыххӕй цӕмӕй ма цӕрой, фӕлӕ сӕ сӕрвӕлтау чи амард ӕмӕ чи райгас, Уый тыххӕй» (2 Коринфӕгтӕм 5:15, НФ). Йесо дӕр Иегъовӕйау адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕны, уымӕ гӕсгӕ нын тынг ӕхсызгон у йӕ фӕдыл цӕуын. Уый бӕрӕг у, Йесо сӕрныллӕг адӕмӕн цы загъта, уымӕй: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн; райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн; уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог» (Матфейы 11:28—30).

Уарзӕм иннӕты

10. Не ’мчырыстӕтты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

10 Иегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо куыд уарзынц, мах дӕр не ’мчырыстӕтты афтӕ кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Уымӕн ис бирӕ гӕнӕнтӕ: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг у, уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, уарзондзинад йӕхи уӕлиау нӕ кӕны, хъал нӕу, ӕнӕгъдау митӕ нӕ кӕны, йӕхион нӕ агуры, мӕсты нӕ кӕны, фыддзинад нӕ хъуыды кӕны, нӕ цин кӕны мӕнгдзинадыл, фӕлӕ ӕмцин кӕны ӕцӕгадыл; ӕппӕт дӕр ӕмбӕрзы, ӕппӕтыл ӕууӕнды, ӕппӕтыл ӕнхъӕлцау у, алцӕмӕн дӕр фӕразы... Уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:4—8; 1 Иоанны 3:14—18; 4:7—12).

11. Ноджыдӕр ма кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ куыд?

11 Ноджыдӕр ма кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ куыд? Йесо загъта: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ не ’муырнӕг чи нӕма сси, уыдонӕн, Хуыцауы ног дуне кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы хорз хабар кӕй хъӕуы дзурын. Канд не ’муырнджыты кӕй хъуамӕ ма уарзӕм, уый Йесо хорз бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Сымах чи уарзы, [ӕрмӕст] уыдоны куы уарзат, уӕд сымахӕн цавӕр лӕвар ис? Мытӕртӕ [«хъалонисджытӕ», НФ] дӕр афтӕ нӕ кӕнынц? Ӕмӕ кӕд сымах салам дӕттут ӕрмӕст уе ’фсымӕртӕн, уадиссагӕй цы кӕнут? Муртаттӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц?» (Матфейы 5:46, 47; 24:14; Галатӕгтӕм 6:10).

«Цӕуӕм... Иегъовӕйы номӕй»

12. Хуыцауы номӕй ӕндӕр искӕй цӕуылнӕ ис схонӕн?

12 Ӕцӕг Хуыцауы кадджын кӕнынӕн ма тынг ахсджиаг у, йӕ диссаджы ном Иегъовӕ кӕй у, уый зонын дӕр, йӕ номӕй йӕм дзурын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр амонын. Уый уыд псаломзарӕггӕнӕджы стырдӕр бӕллиц, ӕмӕ йӕ равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕмӕ зонӕнт... Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ ӕгас зӕххыл» (Псалом 82:19, МГТ). Ном «Иегъовӕ» нысан кӕны «Уый свӕййы». Уый у, стыр фӕндтӕ Кӕмӕ ис ӕмӕ сӕ алы хатт дӕр кӕронмӕ чи сӕххӕст кӕны, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауы ис схонӕн ахӕм номӕй, уымӕн ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу фидарӕй зӕгъын, зӕгъгӕ, цы сфӕнд кодтон, уый мӕ къухы бафтдзӕн (Иаковы 4:13, 14). Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн у йӕ бон зӕгъын, зӕгъгӕ, мӕ дзырд «сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11). Бирӕтӕ сӕ Библийы Хуыцауы ном фыццаг хатт куы фенынц ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы базонынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы (Рацыд 6:3). Фӕлӕ сын уый ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн ахъаз, кӕд ӕмӕ «цӕуой... Иегъовӕйы номӕй... ӕнусӕй-ӕнустӕм» (Михей 4:5).

13. Кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр зоны Иегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ номӕй цӕуы?

13 Хуыцауы номы тыххӕй Псалмы 9:11 дзырдӕуы: «Ныфсджын сты Дӕуӕй, Дӕ ном чи зоны, уыдон» (МГТ). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иугӕр адӕймаг Иегъовӕйы ном зоны, уӕд ыл ӕнӕмӕнг йӕ ныфс дӕр ӕвӕры. Адӕймаг Хуыцауы ном кӕй зоны, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый куы ӕмбара, бузныг дзы куы уа, куы йын кад кӕна, йӕ амындтӕм ын куы хъуса ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр йӕ ныфс куы дара (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Афтӕ ма адӕймаг Иегъовӕйы номӕй уӕд цӕудзӕн, ӕмӕ йын йӕхи куы снывонд кӕна, куы йын лӕггад кӕна ӕмӕ йӕ цард уый фӕндонмӕ гӕсгӕ куы араза (Лукайы 10:27). Ды дӕр афтӕ аразыс?

14. Кӕд нӕ Иегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дзы хӕсджын кӕй стӕм, уый ӕмбарынӕй дарддӕр ма нӕ ноджыдӕр цы хъӕуы?

14 Кӕд нӕ Иегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд ын ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ дзы хӕсджын стӕм. Апостол Павел, бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы Тимофейы разӕнгард кодта: «Дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай» (1 Тимофеймӕ 4:7, НД). Адӕймаг искӕуыл иузӕрдион уӕд уыдзӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы аргъ кӕна ӕмӕ дзы стыр бузныг куы уа. Уӕдӕ, адӕймаг «Хуыцауыл иузӕрдион уа», уый та нысан кӕны, Иегъовӕ Хуыцауы ӕфсарм ӕм кӕй ис. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын адӕймаг, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕн дӕр стыр аргъ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ йыл у тынг ӕнувыд. Раст нӕ уый тыххӕй фӕнды, йӕ номӕн ын алчидӕр стыр кад куы кӕнид. Кӕд нӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнустӕм цӕуын фӕнды, уӕд ыл дарддӕр дӕр хъуамӕ уӕм иузӕрдион (Псалом 36:4; 2 Петры 3:11).

15. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл уӕм иузӕрдион, уымӕн куыд гӕнӕн ис?

15 Цӕмӕй Хуыцауӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уый йедтӕмӕ макӕмӕн кувӕм, уымӕн ӕмӕ уый «домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр [ууыл] иузӕрдион уӕм» (Рацыд 20:5). Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ уыцыиу рӕстӕг Хуыцауы дӕр уарзӕм ӕмӕ, Сайтан йӕ хуыцау кӕмӕн у, уыцы фыддуне дӕр (Иаковы 4:4; 1 Иоанны 2:15—17). Иегъовӕ хорз зоны, алчидӕр нӕ цӕмӕ тырны, уый (Иереми 17:10). Кӕд рӕстдзинад ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд уый Иегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, ӕрвылбон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон фӕразынӕн. Йӕ хъомысджын сыгъдӕг удӕй нӕ кӕй фидар кӕны, уый руаджы, ацы дунейы афтӕ тынг чи абухы, уыцы фыддзинадыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Афтӕ ма нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макуы фӕдызӕрдыг уӕм, дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, ууыл. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уӕдӕ бузныг уӕм, ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй руаджы фӕзынд, уыцы ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм.

16. Бирӕ ӕндӕр адӕмтимӕ иумӕ дӕу дӕр цы аразын хъӕуы?

16 Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй милуантӕ байхъуыстой псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм: «Бӕрзонд кӕнут Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] мемӕ, ӕмӕ скадджын кӕнӕм иумӕ Йӕ ном» (Псалом 33:4). Ӕппӕт адӕмтӕй ацы сидт йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, ӕмӕ Иегъовӕ дӕу дӕр хоны, цӕмӕй сӕм уыцы хъуыддаджы ӕрбаиу уай.

Цыбыр афӕлгӕст

• Цавӕр Хуыцау у Иегъовӕ? Цы пайда нын у, йемӕ бонӕй-бонмӕ хуыздӕр кӕй зонгӕ кӕнӕм, уый?

• Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгад базонынӕн куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын?

• Кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг Иегъовӕйы ном зоны ӕмӕ йӕ номӕй цӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 14 фарсыл]

Иегъовӕ йе стыр уарзтӕй «райгом кӕндзӕн Йӕ къух ӕмӕ бафсаддзӕн цӕрджыты се ’ппӕты сӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ».