Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарӕстӕм сӕр

Мӕрдты райгасы хабар у стыр ныфсы хос

1. Мӕрдтӕн райгасы ныфс куы нӕ уаид, уӕд дарддӕр дӕр цы уавӕры баззаиккой?

Мӕрдты райгасы хабар у стыр ныфсы хос

 ӔВӔЦЦӔГӔН, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, зиан кӕуыл не ’рцыд. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый куы нӕ зониккам, уӕд нӕ уый ныфс нӕ уаид, ӕмӕ афтӕ тынг кӕй уарзтам, уыдоны ма искуы фенӕм. Уыдон дарддӕр дӕр баззаиккой, растдӕр Библи куыд дзуры, ахӕм уавӕры: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц... уымӕн ӕмӕ шеолы [ингӕны], ды кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы ӕмбарынад ис, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 10).

2. Мӕрдтӕн райгасы ныфс кӕй ис, уый руаджы адӕмӕн цавӕр диссаджы фадат ис?

2 Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый руаджы тынг бирӕ адӕмӕн ис диссаджы фадат мӕрдтӕй раздӕхынӕн ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрынӕн. Ӕмӕ дӕуӕн та ис, дӕ зӕрдӕйӕн афтӕ адджын чи уыд ӕмӕ ныртӕккӕ мӕрдвынӕй чи кӕны, уыдонимӕ фидӕны, Хуыцауы ног дунейы, ногӕй фембӕлыны фадат (Маркы 5:35, 41, 42; Куыстытӕ 9:36—41).

3. а) Иегъовӕ мӕрдты райгас кӕнынвӕнд кӕй кӕны, уымӕн стыр нысаниуӕг цӕмӕн ис? ӕ) Райгасы хабар нын уӕлдай «стыр хъаруйы» хос кӕд вӕййы?

3 Райгасы ныфсы руаджы мах иннӕтау нӕ хъӕуы мӕлӕтӕй тӕрсын. Кӕд Иегъовӕ Сайтанӕн уый бар дӕтты, цӕмӕй цы ныхӕстӕ загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн», уыдон сбӕлвырд кӕнынӕн ӕй цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕна, уӕддӕр ын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ахӕмӕй ницы ракӕндзӕн, ӕмӕ Хуыцау хос цӕмӕн не ссара (Иов 2:4). Йесо Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг йӕ мӕлӕты онг, ӕмӕ йӕ Хуыцау райгас кодта уӕларвон цардмӕ. Афтӕмӕй Йесо, нывондӕн кӕй радта, йӕ уыцы ӕххӕст адӕймаджы царды стыр аргъ ӕрӕвӕрдта йӕ уӕларвон Фыды паддзахбадӕны раз не ’нусон амонды сӕраппонд. Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый фӕрцы «гыццыл дзугӕн», Чырыстийы ӕмбындартӕн, ис йемӕ уӕларвон Паддзахады хицауиуӕг кӕныны ныфс (Лукайы 12:32). Иннӕтӕн та — дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Псалом 36:11, 29). Чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр райгасы хабар у «стыр хъаруйы» хос, уӕлдайдӕр та сын фыдӕвзарӕнты мӕлӕтӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

Ууыл ӕнцайы чырыстон уырнындзинад

4. а) Цы хуызы у райгасы хабар чырыстон «ахуырады райдайӕнтӕй»? ӕ) Ацы дуне ӕмткӕй райсгӕйӕ райгасы тыххӕй цы хъуыды кӕны?

4 Дзуттытӕм 6:1, 2 гӕсгӕ райгасы хабар у чырыстон «ахуырады райдайӕнтӕй» иу. О, чырыстон уырнындзинад ууыл ӕнцайы ӕмӕ адӕймаг ууыл куы нӕ ӕууӕнда, уӕд фидар чырыстон никуы суыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:16—19). Фӕлӕ Библи мӕрдты райгасы тыххӕй цы дзуры, уымӕн иумӕйагӕй ницы ис, ацы дуне ӕмткӕй райсгӕйӕ уый фӕдыл цы хъуыды кӕны, уыимӕ. Бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ цардмӕ иу боны цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕм. Уыдон сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цы ацӕрой, уый йедтӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кӕнынц. Иннӕрдыгӕй та ис ахӕм динты минӕвӕрттӕ (чырыстон диныл хӕст чи у, уыдонӕй дӕр ӕмӕ чи нӕу, уыдонӕй дӕр), ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, цыма сын ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Фӕлӕ ахӕм цӕстӕнгасӕн, Библи мӕрдты райгасы тыххӕй цы дзуры, уыимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Уымӕн ӕмӕ кӕд адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис, уӕд ма йӕ ӕгас кӕнын та цӕмӕн хъӕуы. Афтӕ чи дзуры, ӕмӕ уыцыиу рӕстӕджы ӕнӕмӕлгӕ уд дӕр ис ӕмӕ мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты, уыдонӕн уый ныфсы хос нӕ вӕййы, фӕлӕ сын сӕ зонд бынтондӕр схӕццӕ кӕны. Райгасы хабар ӕцӕг куыд у, уый базонын кӕй фӕнды, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

5. а) Мӕрдтӕ райгас уой, уымӕн куыд гӕнӕн ис, уый бамбарынӕн адӕймаджы фыццаг цы хъӕуы базонын? ӕ) Уд цы у ӕмӕ мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый Фыстадӕй цавӕр бынӕтты руаджы бамбарын кӕнис? б) Адӕймаг, Библийы ӕцӕгад чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм тӕлмац куы кӕса, уӕд ын куыд ис баххуыс кӕнӕн?

5 Мӕрдтӕ райгас уой, уымӕн куыд гӕнӕн ис, уый бамбарынӕн ахӕм адӕмы фыццаг хъӕуы базонын, уд цы у ӕмӕ мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый. Ӕцӕгад чи агуры, уымӕн Фыстадӕй цалдӕр бынаты куы равдисӕм, уӕд ын уый дӕр фаг уыдзӕн йӕ бамбарынӕн (Куыстытӕ 3:23; 1 Коринфӕгтӕм 15:45, НФ). О, фӕлӕ абон Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕ раст не ’мбарын кӕнынц, мӕрдтӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ӕркӕсын, Библи иууыл райдианы цы ӕвзӕгтыл фыст уыди, уым цавӕр ныхӕстӕй пайда кодтой, уымӕ.

6. Адӕймагӕн, уд цы у, уый куыд бамбарын кӕнис?

6 Иуӕй-иу Библиты дзуттаг дзырд не́феш, грекъагау та — психе́ тӕлмац цӕуы иу дзырдӕй — «уд». Бирӕ ӕндӕр тӕлмацты та, зӕгъӕм, Библийӕ ирон ӕвзагыл цы чингуытӕ ис, уыдоны дзуттаг дзырд «нефеш», грекъагау та — «психе» тӕлмац сты алыхуызон дзырдтӕй: «уд», «удгоймаг», «цӕрӕгой», «адӕймаг» ӕмӕ «цард». Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг куы ӕркӕса, «уд»-мӕ амонӕг дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ Библийы куыд фыст сты, уымӕ, уӕд ӕй бамбардзӕн, «уд» кӕй хауы адӕммӕ дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕм дӕр. Фӕлӕ дзы иуы дӕр уыцы хъуыды нӕй, ӕмӕ уд у, адӕймаг куы амӕлы, уӕд буарӕй чи ахицӕн вӕййы ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕмдӕр чи фӕцӕры, ахӕм ӕнӕуынгӕ цыдӕр.

7. Иумӕйаг ингӕны ӕмӕ геенӕйы чи ис, уыдон цы уавӕры сты, уый Библийы руаджы куыд бамбарын кӕнис?

7 Библийӕ ирон ӕвзагыл цы чингуытӕ ис, уыдоны дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес» тӕлмац сты алыхуызон дзырдтӕй: «зындон», «мӕрдты бӕстӕ» кӕнӕ «мӕрдтӕ»; грекъаг дзырд «геенӕ» та — кӕм «зындонӕй», кӕм «зындоны артӕй», кӕм та — «геенӕ» кӕнӕ «геенӕйы артӕй». Библи фыццаг цы ӕвзӕгтыл фыст уыди, уыдоны та «шеол» дӕр ӕмӕ «гадес» дӕр амонынц адӕмы иумӕйаг ингӕнмӕ ӕмӕ нысан кӕнынц цард нӕ, фӕлӕ мӕлӕт (Псалом 88:49; Раргомад 20:13). Сыгъдӕг Фыстад ма дзуры, иумӕйаг ингӕнӕй раздӕхӕн кӕй ис, уый тыххӕй дӕр (Иов 14:13; Куыстытӕ 2:31, НФ). Фӕлӕ геенӕмӕ чи бахауа, уыдон никуыуал райгас уыдзысты ӕмӕ сӕ удтӕ уым кӕй цӕрынц, уый тыххӕй дӕр никуы дзырдӕуы (Матфейы 10:28, НФ).

8. Адӕймаг, мӕрдты райгасӕн цы ахадындзинад ис, уый куы бамбары, уӕд уый йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл куыд фӕзыны?

8 Адӕймаг адӕттӕ куы базона, уӕд ын уый фӕстӕ ис баххуыс кӕнӕн, райгасы хабарӕн йӕ царды цы ахадындзинад ис, уый бамбарынӕн. Уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзӕн, Иегъовӕ йе стыр уарзтӕй ахӕм диссаджы ныфс кӕй дӕтты, уымӕн. Йӕ хионы мӕлӕтыл йӕ зӕрдӕ кӕмӕн риссы, ахӕм адӕмӕн ӕвдадзы хосау у, Хуыцауы ног дунейы та семӕ кӕй фембӕлдзысты, уыцы ӕхсызгон хабар. Ацы хъуыддӕгтӕ чи базоны, уыдон ма бамбарынц, Чырыстийы мӕлӕтӕн цы нысаниуӕг ис, уый дӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хорз ӕмбӕрстой, Йесо Чырысти кӕй райгас, сӕ уырнындзинад ууыл кӕй ӕнцайы ӕмӕ уый руаджы иннӕтӕн дӕр кӕй ис мӕрдтӕй раздӕхыны ныфс. Уыдон зӕрдиагӕй хъусын кодтой, Йесо кӕй райгас ӕмӕ уый адӕмӕн цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй. Уӕдӕ абон дӕр, мӕрдты райгасӕн цы ахадындзинад ис, уый чи ӕмбары ӕмӕ йын чи аргъ кӕны, уыдон уыцы диссаджы хабар ӕхсызгонӕй дзурынц иннӕтӕн дӕр (Куыстытӕ 5:30—32; 10:42, 43).

«Гадесы дӕгъӕл»

9. Йесо «мӕлӕт ӕмӕ гадесы дӕгъӕлтӕй» фыццаг кӕй фервӕзын кӕнынӕн спайда кодта?

9 Чырыстиимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ амӕлой. Фӕлӕ уыдон хорз зонынц, Йесо сын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй: «Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ ныр дӕн ӕгас ӕнусӕй-ӕнустӕм ӕмӕ мӕнмӕ сты мӕлӕт ӕмӕ гадесы дӕгъӕлтӕ» (Раргомад 1:18, НД). Уымӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Уый фӕндыд, цӕмӕй ахъуыды кодтаиккой, йӕхиуыл цы ’рцыд, ууыл. Уый дӕр амард. Фӕлӕ йӕ Хуыцау нӕ ныууагъта гадесы. Ӕртыккаг бон ӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг райгас кодта уӕларвон цардмӕ ӕмӕ йын радта ӕнӕмӕлгӕ цард (Куыстытӕ 2:32, 33; 10:40). Уыимӕ ма йын Хуыцау радта «мӕлӕт ӕмӕ гадесы дӕгъӕлтӕ» дӕр, цӕмӕй иннӕты дӕр ракӕна адӕмы иумӕйаг ингӕнӕй ӕмӕ сӕ ссӕрибар кӕна Адамы тӕригъӕдӕй. Йесомӕ уыцы дӕгъӕлтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты райгас кӕнын. Йе ’мбырды уӕнгтӕй фыццаг ӕгас кӕны Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст ахуыргӕнинӕгты, ӕмӕ йын йӕ Фыд йӕхицӕн куыд балӕвар кодта цард, афтӕ уыдонӕн дӕр лӕвар кӕны ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты (Ромӕгтӕм 6:5; Филиппӕгтӕм 3:20, 21).

10. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ кӕдӕй фӕстӕмӕ ӕгас кӕнынц?

10 Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ кӕд хъуамӕ райгас уой уӕларвон цардмӕ? Библимӕ гӕсгӕ ныридӕгӕн ӕгас кӕнынц. Апостол Павел бамбарын кодта, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕдӕй уа, уӕдӕй (ома 1914 азӕй) кӕй ӕгас кӕндзысты (1 Коринфӕгтӕм 15:23). Уӕдӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй чи амӕлы, уыдоны нӕ фӕхъӕуы сӕ Хицауы ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Куы амӕлынц, уыцы тӕккӕ райгас вӕййынц уӕларвон удгоймӕгтӕй, «аивынц ӕвиппайды, цӕсты фӕныкъуылдмӕ». Куыд амондджын сты, сӕ хорз хъуыддӕгтӕ «сӕ фӕдыл [кӕй] цӕуынц»! (1 Коринфӕгтӕм 15:51, 52; Раргомад 14:13).

11. Адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕм райгас уыдзысты ӕмӕ кӕд?

11 Фӕлӕ райгасы хабар ӕрмӕст уӕларвон Паддзахады бындартӕм нӕ хауы. Сӕрстыты райгас Раргомады 20:6 хуыйны «фыццаг райгасдзинад», ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕндӕр райгасдзинад дӕр ма кӕй хъуамӕ уа. Ацы райгасы аккаг чи уа, уыдон ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты дзӕнӕты зӕххыл. Кӕд уыдзӕн уый та? Раргомады чиныг куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй «арв ӕмӕ зӕхх» — ацы фыддуне ӕд хицӕуттӕ — куынӕггонд куы ’рцӕуой, уӕд. Ацы зӕронд дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг у. Уый фӕстӕ, Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы, мӕрдтӕ зӕххыл ӕгас кӕнын райдайдзысты (Раргомад 20:11, 12).

12. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй зӕххыл чи райгас уыдзӕн ӕмӕ нын уый афтӕ ӕхсызгон цӕмӕн у?

12 Чи райгас уыдзӕн зӕххыл? Незаманты чи цард, Иегъовӕйы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ — райгасы хабарыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ цыдӕр мыздыл «ссӕрибар уӕвыныл [чи] не сразы», уыдон. Иудзырдӕй, кӕд сын ӕгъатыр мӕлӕтӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой. Куыд ӕхсызгон нын уыдзӕн, семӕ куы базонгӕ уӕм ӕмӕ нын бӕстон куы фӕдзурой, Библийы хӕрзцыбыртӕй цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон! Зӕххыл райгас уыдзысты: Авел, Иегъовӕйы фыццаг иузӕрдион ӕвдисӕн; Енох ӕмӕ Ной, Доны хъаймӕты размӕ Хуыцауы хабар уӕндонӕй чи хъусын кодта; Авраам ӕмӕ Саррӕ, зӕдты чи суазӕг кодта; Моисей, Синайы хохрӕбын Закъон кӕй руаджы ӕрцыд лӕвӕрд; хъӕбатыр пехуымпартӕ, зӕгъӕм, Иереми, н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим куыд ныппырх, уый йӕхи цӕстӕй чи федта; ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн, Хуыцау Йесойы йӕ Фырт куыд схуыдта, уый йӕхи хъустӕй чи фехъуыста. Уыимӕ ма райгас уыдзысты, ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдон дӕр (Дзуттытӕм 11:4—38; Матфейы 11:11).

13, 14. а) Гадес ӕмӕ дзы цы мӕрдтӕ ис, уыдон цы фӕуыдзысты? ӕ) Чи ма райгас уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

13 Райгас ма уыдзысты иннӕ адӕм дӕр, афтӕ ӕмӕ адӕмы иумӕйаг ингӕны иу адӕймаг дӕр нал баззайдзӕн. Уыцы ингӕны ма исчи баззайдзӕн ӕви нӕ, уый базонӕн ис, Йесо адӕмы сӕраппонд «гадесы дӕгъӕлӕй» куыд спайда кӕндзӕн, уымӕй. Уый хорз зыны, апостол Иоанны цӕстылуайӕнӕй. Иоанн федта, гадес «артын цадмӕ» ӕппӕрст куыд ӕрцыд, уый (Раргомад 20:14). Цы нысан кӕны уый? Гадес, адӕмы иумӕйаг ингӕн, ӕппындӕр нал уыдзӕн. Иунӕг мард дӕр дзы нал баззайдзӕн ӕмӕ йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ма Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ иумӕ Йесо йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ райгас кӕндзӕн суанг рӕстгӕнджытӕ чи нӕ уыд, уыдоны дӕр. Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15).

14 Уыцы ӕнӕрӕстгӕнджытӕй иу дӕр уый тыххӕй нӕ райгас уыдзӕн, цӕмӕй та фӕстӕмӕ амӕла. Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххы къорийыл дӕр цы рӕстаг ӕхсӕнад скӕндзӕн, уым сӕ алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ цард Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕркӕной. Цӕстылуайӕны куыд фенынчындӕуыд, афтӕмӕй гом уыдзӕн «царды чиныг». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдонӕн дӕр уый фадат уыдзӕн, цӕмӕй дзы сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцӕуой. Уыдонӕй «алчидӕр тӕрхонгонд уыдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ», сӕ райгасы фӕстӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕной, уыдонмӕ гӕсгӕ (Раргомад 20:12, 13). Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ «фыдтӕрхонӕн» нӕ, фӕлӕ «цӕрынӕн райгас уой» (НФ) (Иоанны 5:28, 29).

15. а) Чи нӕ райгас уыдзӕн? ӕ) Райгасы тыххӕй ӕцӕгад кӕй зонӕм, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?

15 Фӕлӕ мӕрдтӕ се ’ппӕт нӕ райгас уыдзысты. Иуӕй-иутӕ ахӕм тӕригъӕдтӕ ракодтой, ӕмӕ сын нӕй ныббарӕн. Уыдон гадесы нӕ, фӕлӕ геенӕйы сты, ома сӕ кой, сӕ фӕд дӕр нал ис. Уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы, тынг ӕввахс цы «стыр зындзинад» у, уым чи фесӕфа, уыдонмӕ дӕр (Матфейы 12:31, 32; 23:33; 24:21, 22; 25:41, 46; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9). Уӕдӕ кӕд Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ мӕрдты гадесӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уӕддӕр афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иугӕр райгас уыдзыстӕм, уӕд абон куыд цӕрӕм, уый уӕлдай нӕу. Иегъовӕйы ныхмӕ зонгӕ-зонын чи цӕуы, уыдон нӕ райгас уыдзысты. Уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй Хуыцауы ӕгӕрон хӕларзӕрдӕдзинадӕй стыр бузныг уӕм ӕмӕ йӕ фӕндоныл цӕуӕм.

Мӕрдты райгасы хабар нӕ фидар кӕны

16. Мӕрдты райгасы хабар нӕ ныфс куыд уадзы?

16 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕцӕгдӕр чи ӕууӕнды, уыдонӕн уый у стыр ныфсы хос. Азтӕ йӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, уыдон ӕмбарынц, цыфӕнды хостӕ ма кӕной, уӕддӕр мӕлӕт ӕмгъуыд кӕй нӕ зоны (Екклесиаст 8:8). Фӕлӕ кӕд Иегъовӕйӕн йӕ организациимӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, хорз фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Мах зонӕм, Хуыцау нӕ йӕ рӕстӕджы кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ та ногӕй кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ цӕй диссаджы цард уыдзӕн уӕд! Апостол Павел ӕй схуыдта «ӕцӕг цард» (1 Тимофеймӕ 6:19, НД; Дзуттытӕм 6:10—12).

17. Цы нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн?

17 Мӕрдты райгасы хабар ӕмӕ нын уыцы ныфс чи дӕтты, уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уырнындзинады фидар лӕууын. Уый руаджы, ӕгъатыр ныхмӕлӕуджыты къухӕй нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕддӕр нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл не сивдзыстӕм. Адӕм мӕлӕтӕй кӕй тӕрсынц, уый зонгӕйӕ сӕ Сайтан рагӕй фӕстӕмӕ алы мӕнгуырнындзинӕдтӕ ӕмӕ зыгъуыммӕ хъуыдытыл ӕфтауы. Фӕлӕ Йесо мӕлӕтӕй нӕ тарст. Уый Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад суанг мӕлӕты онг. Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы иннӕтӕ дӕр нал тӕрсынц мӕлӕтӕй (Дзуттытӕм 2:14, 15).

18. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цӕй фӕрцы лӕууынц йӕ разы сыгъдӕг цӕсгомимӕ?

18 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Чырыстийы нывондыл ӕмӕ мӕрдты райгасыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы раз сыгъдӕг цӕсгомимӕ лӕууын. Тыхджын сурӕнты рӕстӕджы дӕр уыдон ӕвдисынц, «сӕ удтӕй» фылдӕр Иегъовӕйы кӕй бауарзтой (Раргомад 12:11). Сӕ цард бахъахъхъӕныны сӕраппонд уыдон ницы хуызы ахиздзысты сӕ чырыстон ӕфсармы сӕрты (Лукайы 9:24, 25). Уыдон зонынц, Иегъовӕйы фарс кӕй сты, уый тыххӕй сӕ мӕлӕт куы баййафа, уӕддӕр сӕ Иегъовӕ кӕй нӕ ферох кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Дӕу дӕр уый фидарӕй уырны? Кӕд Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр уарзыс ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕн ӕцӕг аргъ кӕныс, уӕд дӕ уырндзӕн.

Цыбыр афӕлгӕст

• Мӕрдтӕ райгас уой, уымӕн куыд гӕнӕн ис, уый бамбарынӕн адӕймаджы цӕмӕн хъӕуы, уд цы у ӕмӕ мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый базонын?

• Чи раздӕхдзӕн мӕрдтӕй ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?

• Мӕрдты райгасы хабар нын ныфсы хос куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 84, 85 фарсыл]

Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытӕ дӕр кӕй райгас уыдзысты.