Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цыппӕрӕм сӕр

Уый тыххӕй пехуымпартӕ иууылдӕр ӕвдисӕн лӕууыдысты

1. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йын уӕлӕрвты Иегъовӕимӕ цавӕр ахастытӕ уыди?

Уый тыххӕй пехуымпартӕ иууылдӕр ӕвдисӕн лӕууыдысты

 «ФЫД уарзы Фырты ӕмӕ, Йӕхӕдӕг цы фӕлдисы, уый Йын ӕвдисы иууылдӕр» (Иоанны 5:20, «Мах дуг» №5, 1992). Цӕй ӕввахс хӕлӕрттӕ сты Фырт ӕмӕ йӕ Фыд Иегъовӕ! Хуыцау йӕ Фырты цард зӕхмӕ куы рахаста, уымӕй бирӕ миллиард азты размӕ дӕр уыдысты хӕлӕрттӕ. Уый у Хуыцауы иунӕггуырд Фырт, иунӕг уый сфӕлдыста Иегъовӕ йӕхӕдӕг. Уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон та сфӕлдыста йӕ уарзон фыццаггуырд Фыртимӕ (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Фырт уыди Хуыцауы Дзырд дӕр, кӕнӕ йӕ Минӕвар, ома Хуыцауы фӕндон иннӕтӕн Чи радзырдта, уый. Хуыцау афтӕ тынг кӕй уарзта, уыцы Фырт сси адӕймаг Йесо Чырысти (Ӕмбисӕндтӕ 8:22—30; Иоанны 1:14, 18; 12:49, 50).

2. Цас бӕстон дзурынц Библийы пехуымпарӕдтӕ Йесойы тыххӕй?

2 Хуыцау йӕ фыццаггуырд Фырты цард цалынмӕ диссаджы хуызы зӕхмӕ нӕ рахаста, уӕдмӕ бирӕ пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст Йесойы тыххӕй. Апостол Петр Корнилийӕн загъта: «Уый тыххӕй пехуымпартӕ иууылдӕр ӕвдисӕн лӕууынц» (Куыстытӕ 10:43, НД). Йесойӕн цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххӕй Библийы афтӕ бӕстон дзырдӕуы, ӕмӕ зӕд апостол Иоаннӕн загъта: «Пехуымпарӕдтӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн» (Раргомад 19:10, НД). Уыцы пехуымпарӕдтӕ ирдӕй ӕвдисынц, Йесо Мессиа кӕй у, уый. Стӕй ма амонынц, Хуыцауы фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны йын цы ахадындзинад ис, уымӕ дӕр. Адӕттӕ иууылдӕр абон махӕн тынг цымыдисаг сты.

Пехуымпарӕдты руаджы цы рабӕрӕг

3. а) Уӕвынады 3:15 пехуымпарады чи сты калм, «ус» ӕмӕ калмы «мыггаг»? ӕ) Калмы «сӕр цъӕл» кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты тынг цӕмӕн цымыдис кӕны?

3 Фыццаг пехуымпарад загъд ӕрцыд, Едемы цӕхӕрадоны Сайтан фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд. Иегъовӕ калмӕн загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ усы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Ацы пехуымпарад ӕцӕгӕй та хауди, калмы хуызы ӕвдыст чи у, уыцы Сайтанмӕ. «Ус» у, Иегъовӕйыл бинойнагау ӕнувыд чи у, йӕ уыцы уӕларвон организаци. Калмы «мыггагмӕ» хауынц, Сайтаны зондыл хӕст чи у, Иегъовӕ ӕмӕ Йӕ адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, ӕппӕт уыцы зӕдтӕ ӕмӕ адӕм. Калмы «сӕр ныцъцъӕл кӕнын» та нысан кӕны, Иегъовӕйыл цъыфкалӕн чи кӕны ӕмӕ адӕмӕн стыр мӕстытӕ чи ’взарын кӕны, уыцы хивӕнд Сайтан бынтондӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, уыцы «мыггаджы» сӕйраг ахадындзинад кӕмӕн ис? Бирӕ ӕнусты дӕргъы уый уыди «сусӕг» (Ромӕгтӕм 16:20; 14:24, 25).

4. Йесо цы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, зӕрдӕвӕрд Мыггаг уый кӕй у, уый бамбарынӕн?

4 Адӕмы рафӕлдисынӕй 2 000 азы бӕрц куы рацыди, уӕд Иегъовӕ бӕстондӕр бамбарын кодта ацы пехуымпарад. Уый раргом кодта, Мыггаг кӕй рацӕудзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй (Уӕвынад 22:15—18). Фӕлӕ, Мыггаг уыцы хӕдзарвӕндаджы кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уый, цотӕй хистӕр чи уыд, уымӕй кӕнгӕ нӕ уыди, фӕлӕ Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй равзӕрстаид, уымӕй. Кӕд Авраам, Агарӕй йын цы фырт уыди, уый (ома Измаилы) бирӕ уарзта, уӕддӕр ын Иегъовӕ загъта: «Мӕ бадзырд сфидар кӕндзынӕн, Саррӕ дын... кӕй ныййардзӕн, уыцы Исахъимӕ» (Уӕвынад 17:18—21). Фӕстӕдӕр уыцы бадзырд фидаргонд ӕрцыд Исахъы фыццаггуырд фырт Исавимӕ нӕ, фӕлӕ Израилы 12 фӕлтӕры кӕмӕй рацыдысты, уыимӕ, ома Иаковимӕ (Уӕвынад 28:10—14). Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ рабӕрӕг, Мыггаг кӕй хъуамӕ рацыдаид Иудӕйы фӕлтӕрӕй, Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Уӕвынад 49:10; 1 Паралипоменон 17:3, 4, 11—14).

5. Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд, Мессиа кӕй у, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

5 Мыггаг базонынӕн ма ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрцыдис лӕвӕрд? Библийы 700 азы раздӕр загъд уыди, зӕрдӕвӕрд Мыггаг Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн, уый тыххӕй. Афтӕ ма рабӕрӕг, Мыггаг «незамантӕй фӕстӕмӕ», ома йӕ Хуыцау уӕлӕрвты куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕй уыди, уый дӕр (Михей 5:2). Зӕхмӕ Мессиайӕ кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый дӕр развӕлгъау загъд уыд пехуымпар Данелы уылты (Данелы 9:24—26). Ӕмӕ Йесойыл Хуыцауы сыгъдӕг уд куы ’рцыд, ома, Иегъовӕйы Сӕрст куы сси, уӕд та уӕларвӕй ӕрыхъуыст Хуыцауы хъӕлӕс, уый у мӕ Фырт, зӕгъгӕ (Матфейы 3:16, 17). Мыггаг чи у, уый рабӕрӕг! Филипп афтӕ фидарӕй дӕр уымӕн загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны ӕмӕ пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, Уый... Йесойы» (Иоанны 1:45, «Мах дуг» №5, 1992).

6. а) Йесойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы бамбӕрстой? ӕ) Чи у, «усы мыггаджы» сӕйраг ахадындзинад кӕмӕн ис, уый, ӕмӕ калмы сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн, уый цы нысан кӕны?

6 Фӕстӕдӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ бамбӕрстой, Сыгъдӕг Фыстыты бирӕ пехуымпарӕдтӕ Йесомӕ кӕй хаудтой, уый (Лукайы 24:27). Рабӕрӕг, Йесо кӕй у, «усы мыггаджы» сӕйраг ахадындзинад кӕмӕн ис ӕмӕ калмы сӕр чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, ома Сайтаны бынтондӕр чи фесафдзӕн, уый. Йесо сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау адӕмӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ мах афтӕ тынг кӕмӕ бӕллӕм, уыцы хорздзинӕдтӕ иууылдӕр (2 Коринфӕгтӕм 1:20).

7. Пехуымпарӕдтӕ кӕй кой кӕнынц, уый бамбарынӕй дарддӕр ма цы хъӕуы саразын?

7 Ацы хабӕрттӕ кӕй базыдтам, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына? Библийы дзырдӕуы иу ефиопаг лӕджы тыххӕй. Уый каст, Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Мессиайы ӕрцыды тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис фыст, уыдонӕй иу. Уыцы лӕг хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппы тыхстхуызӕй бафарста: «Кӕмӕй зӕгъы пехуымпар адон?» Ӕмӕ дзуапп куы базыдта, уӕд ууыл не ’рлӕууыд. Филипп ын уыцы бынат куыд райхӕлдта, уымӕ лӕмбынӕг куы байхъуыста, уӕд бамбӕрста: иугӕр базыдтон, уыцы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уымӕн цы стыр нысаниуӕг ис, уый, уӕд мӕхи дӕр хъӕуы цыдӕр аразын. Уый бамбӕрста, кӕй йӕ хъӕуы донаргъуыд райсын (Куыстытӕ 8:32—38; Исай 53:3—9). Мах дӕр афтӕ сарӕзтам?

8. а) Авраам Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, уымӕй развӕлгъау ӕвдыст цы ’рцыди? ӕ) Иегъовӕ Авраамӕн куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр Мыггаджы уылты арфӕгонд цӕмӕн ӕрцӕудзысты ӕмӕ уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у?

8 Ахъуыды ма кӕн ноджыдӕр, Авраам, Саррӕйӕ йын цы иунӕг фырт уыди, уый (Исахъы) нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, ууыл дӕр (Уӕвынад 22:1—18). Ацы цауӕй развӕлгъау ӕвдыст ӕрцыди, Иегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фырты нывондӕн радтинаг кӕй уыди, уый: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). Уӕдӕ кӕд Иегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны сӕраппонд йӕ иунӕггуырд Фырты дӕр нӕ бавгъау кодта, уӕд ма уымӕй стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн цы уа, «алцыппӕт дӕр» нын кӕй ратдзӕн, уымӕн (Ромӕгтӕм 8:32, НФ). Цы кӕнын хъӕуы мах та? Уӕвынады 22:18 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ Авраамӕн загъта, зӕгъгӕ, «кӕй мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй» ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд ӕрцӕудзысты Мыггаджы уылты. Мах дӕр хъӕуы Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ хъусын: «Фыртыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард; Фыртыл нӕ ӕууӕндӕг [«Фырты коммӕ чи нӕ кӕсы, уый», НД] та нӕ фендзӕн цард, фӕлӕ Хуыцауы фыдӕхард ис йӕ уӕлӕ» (Иоанны 3:36).

9. Йесойы нывонды руаджы нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд цы араздзыстӕм?

9 Йесойы нывонды руаджы нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уый тыххӕй Иегъовӕйӕ бузныг куы уӕм, уӕд зӕрдӕрайгӕйӕ кӕндзыстӕм, Йесо нын йӕ номӕй цыдӕриддӕр дзуры, уый. Йӕ фӕдзӕхстытӕй та сӕйрагдӕр сты Хуыцауы ӕмӕ адӕмы уарзын (Матфейы 22:37—39). Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй кӕд Иегъовӕйы уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр амонын, цӕмӕй ӕххӕст кӕной, «[Йесо] нын цы бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр» (Матфейы 28:19, 20, НФ). Афтӕ ма уарздзыстӕм, немӕ Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ ӕрвылкъуыри дӕр ӕмбырды ӕмбӕлдзыстӕм (Дзуттытӕм 10:25; Галатӕгтӕм 6:10). Иегъовӕмӕ ӕмӕ нӕ йӕ Фыртмӕ хъусын кӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ, алцӕмӕй ӕххӕст уӕм, уый домынц. Дзуттытӕм 4:15 дзырдӕуы, зӕгъгӕ нын Йесо, нӕ Хистӕр Сауджын, «не ’дыхдзинӕдтӕ ӕмбары» (НД). Цӕй стыр ныфс нын дӕтты уый, уӕлдайдӕр та, цӕмӕй не ’дыхдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй Хуыцаумӕ Чырыстийы номӕй куы фӕкувӕм, уӕд! (Матфейы 6:12).

Ӕууӕндӕм Чырыстийыл

10. Ӕнӕ Йесо Чырыстийӕ фервӕзӕн цӕуылнӕ ис?

10 Апостол Петр, Библийы пехуымпарӕдтӕ Йесойыл кӕй сӕххӕст сты, уый Иерусалимы сӕйраг тӕрхондоны куы бамбарын кодта, уӕд ахӕм хатдзӕг скодта: «Ӕндӕр никӕмӕ ис ирвӕзындзинад; уымӕн ӕмӕ нӕй арвы бын ӕндӕр ном, адӕймӕгтӕн лӕвӕрд, кӕцыйӕ ӕмбӕлдаид махӕн фервӕзын» (Куыстытӕ 4:11, 12). Адамы цот иууылдӕр тӕригъӕдджын кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон мӕлӕтӕй никӕй у балхӕнын. Йесо та уыди алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ цард ратгӕйӕ йӕ бон уыди адӕмы балхӕнын (Псалом 48:7—10; Дзуттытӕм 2:9). Уый Хуыцауӕн бафыста, Адам цы ӕххӕст цард фесӕфта, растдӕр уый аргъ (1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Афтӕмӕй нын фӕзынд фадат Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрынӕн.

11. Бамбарын кӕн, Йесойы нывонд нын цӕй стыр ахъаз у, уый.

11 Йесойы ахӕстаргъы фӕрцы ма ныридӕгӕн хайджын стӕм ӕндӕр хорздзинӕдтӕй дӕр. Зӕгъӕм, кӕд тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕддӕр нӕ цӕсгом у сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Йесойы нывонды руаджы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц. Йӕ нывондӕн бирӕ стырдӕр тых ис, израилӕгтӕ Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдонӕй (Куыстытӕ 13:38, 39; Дзуттытӕм 9:13, 14; 10:22). Фӕлӕ цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, Чырыстийы нывонд нӕ куыд тынг хъӕуы, уый: «Кӕд дзурӕм, тӕригъӕд нӕм нӕй, зӕгъгӕ,— нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕй махмӕ. Кӕд нӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнӕм, уӕд Уый, ӕууӕнкджын ӕмӕ рӕстгӕнӕг уӕвгӕйӕ, ныххатыр кӕндзӕн махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн мах алы мӕнгдзинадӕй» (1 Иоанны 1:8, 9).

12. Цӕмӕй Хуыцауы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг донаргъуыд райсын цӕмӕн хъӕуы?

12 Тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон куыд у, Чырысти ӕмӕ йӕ нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый ӕвдисын? Фыццаг ӕнусы-иу уырнӕг чи сси, уый-иу ӕй ӕргом равдыста. Куыд? Донаргъуыд-иу райста. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алчидӕр донаргъуыд райса (Матфейы 28:19, 20; Куыстытӕ 8:12; 18:8). Иегъовӕ нын йӕ стыр уарзтӕй Йесойы уылты цы лӕвар скодта, уымӕн адӕймаг куы аргъ кӕна, уӕд ӕнцад нӕ баддзӕни. Йӕ царды йӕ цыдӕриддӕр фӕивын хъӕуы, уый фӕивдзӕн, Хуыцаумӕ скувгӕйӕ нывонддзырд ратдзӕн ӕмӕ стӕй донаргъуыд райсдзӕн. Ахӕм хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад куы равдиса, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауӕй куры, цӕмӕй йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа (1 Петры 3:21).

13. Тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, донаргъуыд райсыны фӕстӕ дӕр ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыдзыстӕм. Уӕд та куыд? Апостол Иоанн афтӕ загъта: «Адон фыссын сымахмӕ, цӕмӕй тӕригъӕд ма кӕнат; фӕлӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд махӕн ис Минӕвар Фыды раз, Йесо Чырысти, Рӕстгӕнӕг; Уый у зӕрдӕфӕлмӕнгӕнӕг мах тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 2:1, 2). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цавӕрфӕнды тӕригъӕд ма ракӕнӕм, уӕддӕр Хуыцауӕй хатыр куы ракурӕм, уӕд нын ӕй ныббардзӕн? Уый зӕгъӕн нӕй. Сӕйраджыдӕр хъӕуы зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнын. Афтӕ ма нӕ бахъӕудзӕн чырыстон ӕмбырды фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс дӕр. Хъуамӕ йӕ бамбарӕм, цы сарӕзтам, уый ӕвзӕр кӕй у ӕмӕ йыл зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм, ома афтӕ макуыуал бакӕнӕм (Куыстытӕ 3:19; Иаковы 5:13—16). Афтӕ куы саразӕм, уӕд нӕ ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, Йесо нын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ та Иегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын кӕй уыдзыстӕм, ууыл.

14. а) Бамбарын кӕн, Йесойы нывонд нын ахъаз цӕмӕн у, уый. ӕ) Нӕ фидар уырнындзинад цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

14 Йесойы нывонды руаджы «гыццыл дзугӕн» (Уӕвынады 3:15 цы мыггаджы тыххӕй дзырдӕуы, уым сӕйраг ахадындзинад кӕмӕн ис, уымӕн ӕххуысгӕнӕг къордӕн) фӕзынд уӕларвмӕ ацӕуыны ӕмӕ уым ӕнустӕм цӕрыны фадат (Лукайы 12:32; Галатӕгтӕм 3:26—29). Бирӕ миллиард адӕмӕн та фӕзынд фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Псалом 36:29; Раргомад 20:11, 12; 21:3, 4). Ӕнусон цард у «Хуыцауы лӕвар... нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23, НФ; Ефесӕгтӕм 2:8—10). Ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, уый нӕ кӕд уырны ӕмӕ нын ахӕм фадат кӕй фӕрцы фӕзынд, уымӕн кӕд аргъ кӕнӕм, уӕд ӕй хъуыддагӕй ӕвдисдзыстӕм. Йесойӕн Иегъовӕйы фӕндоны цы ахадындзинад ис ӕмӕ нӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын куыд тынг хъӕуы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын нӕ царды иууыл ахсджиагдӕр уыдзысты чырыстон хъуыддӕгтӕ. Нӕ уырнындзинад бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн Хуыцауы диссаджы лӕвары тыххӕй фидарӕй куы дзурӕм, уӕд (Куыстытӕ 20:24).

15. Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ кӕимӕ иу кӕны?

15 Ахӕм уырнындзинадыл ӕнцайы ӕцӕг иудзинад! Уый фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм Иегъовӕимӕ, йӕ Фыртимӕ ӕмӕ не ’муырнджытимӕ (1 Иоанны 3:23, 24). Нӕ цины сӕр уый у, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ йӕ Фыртӕн кӕй радта «ном, бӕрзонддӕр алкӕцы номӕй [Хуыцауы номӕй фӕстӕмӕ], цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕна алкӕцы уӕраг уӕларвонтӕ, зӕххонтӕ ӕмӕ дӕлзӕххонтӕй, ӕмӕ алы ӕвзаг ӕргом кӕна, Хицау Йесо Чырысти кӕй у Фыд Хуыцауы кадӕн» (Филиппӕгтӕм 2:9—11).

Цыбыр афӕлгӕст

• Мессиа зӕххыл куы фӕзынд, уӕд ӕй, Хуыцауы Ныхасыл ӕцӕгӕй чи ӕууӕндыд, ӕрмӕстдӕр уыдон цӕмӕн базыдтой?

• Йесойы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн?

• Йесойы нывонд нын ныридӕгӕн ахъаз цӕмӕн у? Куыд нын ӕххуыс кӕны, Иегъовӕйӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр куы фӕкурӕм, уӕд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 36 фарсыл]

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕной Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын.