Ӕхсӕрдӕсӕм сӕр
«Уӕ кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзут»
1. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уый дисы цы бафтауы?
АДӔЙМАГ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы ’рбацӕуы, уӕд ӕй дисы бафтауы, кӕрӕдзи куыд тынг уарзынц, уый. Уыцы уарзт бӕрӕг вӕййы, цы цӕстӕй йӕм ракӕсынц ӕмӕ йӕм куыд зӕрдӕхӕлар вӕййынц, уымӕй. Уӕдӕ нӕ конгресстӕм чи ӕрбацӕуы, уыдон дӕр уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц. Нӕ конгрессы тыххӕй иу уацхӕссӕг мӕнӕ цы ныффыста: «Иу дымдджын кӕнӕ дзы иу нозтджын дӕр нӕ уыд. Хъӕр ӕмӕ хъӕлӕба дӕр никӕцӕй хъуыст. Кӕрӕдзийы дӕр дзы ничи ракъуыр-бакъуыр ӕмӕ расхой-басхой кодта. Уӕдӕ дзы иу ӕнӕуаг, иу ӕвзӕр ныхас кӕнӕ дзы иу ӕлгъыст дӕр ничи скодта. Тамако дӕр дзы ничи дымдта ӕмӕ дзы давгӕ дӕр ничи кодта. Иу бырон дӕр дзы зӕхмӕ ничи ӕрӕппӕрста. Уый ӕцӕг диссаг уыд». Уыдӕттӕ иууылдӕр дзурӕг сты, «ӕнӕгъдау митӕ [чи] нӕ кӕны, йӕхион [чи] нӕ агуры», ахӕм уарзтыл (1 Коринфӕгтӕм 13:4—8).
2. а) Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ уарзондзинад цы хъуамӕ кӕна? ӕ) Чырыстийау цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарзӕм не ’фсымӕрты?
2 Ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕрӕг сты, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уымӕй (Иоанны 13:35). Хуыцаумӕ цас хӕстӕгдӕр кӕнӕм, уыйас нӕ уарзт дӕр тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны. Растдӕр уый тыххӕй куывта апостол Павел, цӕмӕй йе ’мчырыстӕтты уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна (Филиппӕгтӕм 1:9). Апостол Иоанн та загъта, не ’муырнджыты удуӕлдай уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм. Уый ныффыста: «Уарзондзинад базыдтам мах уымӕй, [Хуыцауы Фырт] кӕй ратта мах тыххӕй Йӕ уды: ӕмӕ махӕн дӕр ӕмбӕлы нӕ удты дӕттын ӕфсымӕрты тыххӕй» (1 Иоанны 3:16; Иоанны 15:12, 13). Ӕцӕгдӕр раттиккам нӕ цард не ’фсымӕрты сӕрвӕлтау? Кӕд нӕ фылдӕр хатт уый сӕр нӕ бахъӕуы, уӕддӕр хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: цымӕ алцыдӕр аразын, цӕмӕй сын ныр мӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнон, кӕд мын уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр?
3. а) Цӕуыл нӕ хъӕуы архайын? ӕ) Кӕрӕдзийы нӕ зӕрдиагӕй уарзын абон афтӕ тынг цӕмӕн хъӕуы?
3 Не ’фсымӕрты тыххӕй цыфӕнды саразынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕй дарддӕр ма сын хъуамӕ хай кӕнӕм нӕ зӕрдӕйы хъармӕй дӕр. Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны: «Уарзут уӕ кӕрӕдзи фӕлмасӕй ӕфсымӕртау» (Ромӕгтӕм 12:10, НФ). Ӕнӕмӕнг нӕ алчидӕр кӕйдӕр ахӕм уарзтӕй уарзы. Фӕлӕ нӕ бон нӕу ууыл архайын, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр нӕ зӕрдӕйӕн афтӕ адджын уой? Ацы зӕронд дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕввахс кӕны, афтӕ нӕ уӕлдай тынг хъӕуы не ’мчырыстӕттимӕ ӕмудӕй цӕрын. Библийы дзырдӕуы: «Ӕрхӕстӕг кӕрон ӕппӕтӕн дӕр... Ӕппӕтӕй... фылдӕр уӕ кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзут, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад [ӕмбӕрзы] бирӕ тӕригъӕдтӕ» (1 Петры 4:7, 8, НФ).
Зын сахат
4. а) Чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ’хсӕн зындзинӕдтӕ цӕмӕн фӕзыны? ӕ) Библи нын цы дзуры, уымӕ хъусын нӕ цӕмӕн хъӕуы, кӕд нӕ алы хатт афтӕ кӕнын нӕ фӕфӕнды, уӕддӕр?
4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ-иу хатгай кӕрӕдзийы бар-ӕнӕбары хъыг дӕр фӕкӕндзыстӕм. Уӕдӕ-иу не ’фсымӕртӕ дӕр истӕмӕй фӕрӕдийдзысты нӕ разы (1 Иоанны 1:8). Ахӕм уавӕры дын цы кӕнгӕ у? Фыстады уый фӕдыл ис хорз амындтӕ. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ, чи зоны, алыхатт нӕ фӕфӕнды, уым цы фыст ис, уый кӕнын (Ромӕгтӕм 7:21—23). Куыдфӕнды ма уа, Библимӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, ӕцӕгӕй нӕ кӕй фӕнды Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уыимӕ ма иннӕты дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм.
5. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд дзы маст исын цӕуылнӕ хъӕуы?
5 Хаттӕй-хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаджы исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд йӕ уд фӕхъары, йӕ маст дзы куыд райса, ууыл. Фӕлӕ уый ӕвзӕр йедтӕмӕ хорзмӕ нӕ кӕны. Кӕд ӕцӕгдӕр бафхӕринаг уа, уӕд ӕй Хуыцауы бар бакӕн (Ӕмбисӕндтӕ 24:29; Ромӕгтӕм 12:17—21). Иуӕй-иутӕ та, чи сӕ фӕхъыг кӕны, уымӕ ӕмгӕрон дӕр нал фӕцӕуынц. Фӕлӕ мах хъуамӕ афтӕ ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, йӕ номыл цы аразӕм, уымӕй райгонд ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм (1 Иоанны 4:20). Апостол Павел дӕр уымӕн ныффыста: «Ут кӕрӕдзийӕн хатыргӕнаг, ӕмӕ-иу ныппарут, кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст уа, уӕд: [Иегъовӕ] сымахӕн куыд ныппарста, кӕнут афтӕ сымах дӕр» (Колоссӕгтӕм 3:13, НФ). Дӕ бон афтӕ кӕнын у?
6. а) Цал хатты хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм не ’фсымӕрӕн? ӕ) Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
6 Исчи бирӕ хӕттыты куы фӕрӕдийа нӕ разы, фӕлӕ рӕдыд афтӕ стыр куы нӕ уа, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕной, уӕд та куыд? Апостол Петр афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕм тӕригъӕдтӕ «авд хатты онг» ис ныххатыр кӕнӕн. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Нӕ зӕгъын дӕуӕн: „авды онг“, фӕлӕ ӕвдайтӕй авд хатты онг». Уый банысан кодта, адӕймаг нӕ разы цыфӕнды азымджын ма уа, уӕддӕр мах Хуыцауы раз бирӕ азымджындӕр кӕй стӕм (Матфейы 18:21—35). Иу бон дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ цӕмӕйдӕр Хуыцауы зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм. Кӕм цыдӕр хиуарзон ми ракӕнӕм, кӕм ныхасӕй кӕнӕ нӕ хъуыдытӕй фӕрӕдийӕм, кӕм та цы ’мбӕлди, уый нӕ саразӕм, ӕмӕ йӕ арӕх ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм, тӕригъӕд кӕй ракодтам, уый (Ромӕгтӕм 3:23). Фӕлӕ нӕм уӕддӕр Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у (Псалом 102:10—14; 129:3, 4). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм иннӕтӕм (Матфейы 6:14, 15; Ефесӕгтӕм 4:1—3). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕцӕгдӕр уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ нӕм ис, «цал хатты йӕ фӕхъыг кодтой, уый [чи] нӕ нымайы», ахӕм уарзондзинад (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5, НД; 1 Петры 3:8, 9).
7. Не ’муырнджытӕй нӕм исчи зул цӕстӕй куы кӕса, уӕд нӕ цы саразын хъӕуы?
7 Хаттӕй-хатт, чи зоны, фӕхатӕм, ӕфсымӕрӕн ӕвзӕрӕй ницы ракодтам, афтӕмӕй нӕм зул цӕстӕй кӕй кӕсы. Уӕд хорз уаид, 1 Петры 4:8 куыд дзырдӕуы, афтӕ бакӕнын — уарзондзинадӕй йӕ бамбӕрзын. Кӕнӕ та йӕм нӕхӕдӕг куы бацӕуиккам ӕмӕ не ’хсӕн цы къӕм абадт, уый аиуварс кӕныныл куы бацархаиккам (Матфейы 5:23, 24).
8. Не ’муырнджытӕй искӕй митӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуой, уӕд нын цы кӕнгӕ у?
8 Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ не ’муырнджытӕй кӕйдӕр митӕ канд нӕ зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ иннӕты зӕрдӕмӕ дӕр нӕ фӕцӕуынц. Хорз нӕ уаид йемӕ аныхас кӕнын? Чи зоны. Хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый йын дӕхӕдӕг зӕрдӕхӕларӕй куы бамбарын кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ мауал уа. Фӕлӕ уал уый размӕ ахъуыды кӕн: Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр исты раст нӕ аразы? Ӕви хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ алыхуызон уавӕрты рӕзыдыстӕм ӕмӕ алыхуызон хъомылад райстам? Тагъд ма кӕн, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ дӕхӕдӕг цыдӕр уагӕвӕрдтӕ скодтай ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ адӕймагӕн тӕрхон кӕныс (Иаковы 4:11, 12). Иегъовӕ никӕй хъулон кӕны, алкӕйдӕр уарзы ӕмӕ сын фӕразонӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй суой йӕ хӕлӕрттӕ.
9. а) Ӕмбырды исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд уыцы хъуыддаг равзарын кӕй бӕрны ис? ӕ) Кӕй фӕхъыг кодтой, уый йӕхӕдӕг кӕд хъуамӕ архайа ӕмӕ цӕмӕн?
9 Ӕмбырды исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, зӕгъӕм, хӕтындзинад, уӕд уыцы хъуыддаг ӕвӕстиатӕй хъӕуы равзарын. Чи йӕ хъуамӕ равзара? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Иаковы 5:14, 15). Фӕлӕ кӕд исчи иу кӕйдӕр раз фӕрӕдыд, зӕгъӕм, кӕд дзырд ӕхцайыл цыди кӕнӕ иу иннӕйы ныхасӕй фӕхъыг кодта, уӕд та кӕй фӕхъыг кодтой, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг бацархайа, йӕ бафхӕрӕгимӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕ куыд уой, афтӕ хъуыддагыл аныхас кӕнын (Матфейы 18:15). Уымӕй куы ницы рауайа, уӕд та саразын хъӕуы, Матфейы 18:16, 17 куыд дзырдӕуы, афтӕ. Чи фӕрӕдыд, уыцы ӕфсымӕры кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ йе «ссарын» кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн уа (Ӕмбисӕндтӕ 16:23).
10. Исты зындзинад куы фӕзына, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн уымӕ раст цӕстӕй кӕсын?
10 Цыфӕнды зындзинад ма фӕзына, стыр уа ӕви гыццыл, йӕ аиуварс кӕнын нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Иегъовӕйы цӕстӕй йӕм куы кӕсӕм, уӕд. Уымӕн ӕнӕуынон у цавӕрфӕнды тӕригъӕд дӕр ӕмӕ йӕ рӕстӕджы, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уый цухгонд ӕрцӕудзӕн йӕ организацийӕ. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, не ’ппӕт дӕр цыдӕр гыццыл хъуыддӕгты уӕддӕр кӕй рӕдийӕм ӕмӕ нӕм Хуыцау бирӕфӕразон ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у. Цӕй уӕдӕ фӕзмӕм Иегъовӕйы ӕмӕ уый цӕстӕй кӕсӕм, нӕ зӕрдӕхудты чи бацыд, уыдонмӕ. Фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Хуыцау нӕ куыд уарзы, мах дӕр иннӕты афтӕ кӕй уарзӕм (Ефесӕгтӕм 5:1, 2).
«Нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» кӕнынӕн амӕлттӕ агурӕм
11. Павел коринфӕгтӕм сӕ зӕрдӕтӕ «уӕрӕх» кӕнынмӕ цӕмӕн ӕрсидт?
11 Апостол Павел цалдӕр мӕйы дӕргъы ӕххуыс кодта Коринфы ӕмбырдӕн (Греци). Уый йӕ уд хъардта уымы ӕфсымӕрты хорздзинадыл, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг уарзта. Фӕлӕ йӕ се ’ппӕт, уый сӕ куыд уарзта, афтӕ нӕ уарзтой. Фаутӕ йӕм хастой. Павел сӕм ӕрсидт, «ауӕрӕх» кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, зӕгъгӕ (2 Коринфӕгтӕм 6:11—13; 12:15). Хорз уаид, ӕмӕ иннӕты цӕйбӕрц уарзӕм, ууыл не ’ппӕт дӕр куы хъуыды кӕниккам ӕмӕ «нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» кӕнынӕн амӕлттӕ куы агуриккам (1 Иоанны 3:14).
12. Ӕмбырды алкӕйдӕр тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?
12 Кӕрӕдзи бамбарын нын зын кӕимӕ у, ахӕмтӕ не ’мбырды ис? Чидӕр цыдӕр мах хуызӕн кӕй нӕ аразы, уый тыххӕй дзы нӕхи дард куы нӕ ласӕм (Уӕвгӕ, махӕй дӕр исчи йӕхи дард ласа, уый нӕ нӕ фӕнды!), уӕд алкӕимӕдӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм. Иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ куы уынӕм ӕмӕ сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн кӕрӕдзийы ӕмбарынӕн. Ӕмӕ сӕ уӕд уарзгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзыстӕм (Лукайы 6:32, 33, 36).
13. Не ’муырнджытӕн нӕ зӕрдӕйы фылдӕр бынат цӕмӕй уа, уый тыххӕй цы саразӕн ис?
13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕн нӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕфӕнды саразын, фӕлӕ алцы нӕ бон нӕу. Чи зоны, фембӕлдмӕ ӕрбацӕугӕйӕ алкӕуылдӕр бацин кӕнын нӕ бон нӕу. Стӕй не ’мбӕлтты уазӕгуаты куы хонӕм, уӕд алкӕй фӕхонӕм, уый фадат дӕр нӕй. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы фылдӕр адӕмӕн бынат цӕмӕй уа, уый тыххӕй хорз нӕ уаид, алы хатт дӕр-иу ӕмбырды искӕимӕ цалдӕр минуты куы аныхас кӕниккам ӕмӕ йемӕ хуыздӕр куы базонгӕ уаиккам? Йе та хорз зонгӕ кӕимӕ не стӕм, уыдоны-иу немӕ хъусын кӕнынмӕ куы фӕхониккам?
14. Не ’муырнджытӕй кӕй нӕ зонӕм, уыдонӕн куыд ис равдисӕн, зӕрдиагӕй сӕ кӕй уарзӕм, уый?
14 Нӕ уарзтӕй иннӕтӕн фӕхай кӕнынӕн хорз фадат вӕййы нӕ конгрессты дӕр. Уым ӕрӕмбырд вӕййы мингай адӕм. Алкӕимӕ дзы кӕм базонгӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ сӕм нӕ ахастӕй нӕ бон у равдисын, нӕхи удӕй уыдоныл тынгдӕр кӕй тыхсӕм, уый. Сихоры улӕфты рӕстӕджы та хорз уаид, нӕхӕдӕг искӕмӕ куы бацӕуиккам ӕмӕ йемӕ куы базонгӕ уаиккам. Ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕцӕг Хуыцауӕн, не ’ппӕты Фыдӕн, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Цӕй диссаг уыдзӕн, алкӕимӕдӕр сӕ куы базонгӕ уӕм! Уымӕ нӕ сразӕнгард кӕндзӕн не стыр уарзт. Хорз нӕ уаид, ныридӕгӕн куы архаиккам ууыл?
Цыбыр афӕлгӕст
• Чырыстӕтты ’хсӕн зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд сӕ куыд хъуамӕ лыг кӕной ӕмӕ цӕмӕн?
• Хуыцауимӕ куыд хӕстӕгдӕр кӕнӕм, афтӕ нӕ уарзт дӕр тыхджынӕй-тыхджындӕр куыд хъуамӕ кӕна?
• Не ’рдхӕрдтӕй дарддӕр иннӕты дӕр куыд ис зӕрдиагӕй уарзӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 148 фарсыл]
Чырыстон уарзондзинад ӕвдисынӕн бирӕ амӕлттӕ ис, зӕгъӕм, ӕмбырды фембӕлдты.