Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕртыккаг сӕр

Фидар хӕцӕм Хуыцауы Ныхасыл

1. а) Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый рагон израилӕгтӕ куыдӕй базыдтой? ӕ) Уый мах цӕмӕн хъӕуы зонын?

Фидар хӕцӕм Хуыцауы Ныхасыл

 «СЫМАХ уӕхӕдӕг дӕр хорз зонут, уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты» (Йесо Навин 23:14—16). Афтӕ загъта Навины фырт Йесо Израилы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, Зӕрдӕвӕрд зӕххы куы ӕрцардысты, уӕд. О, Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ нӕ фӕмӕнг сты. Ацы цау ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цаутӕ дӕр Хуыцау Библийы уымӕн ныффыссын кодта ӕмӕ сӕ абоны онг фесафын уымӕн нӕ бауагъта, цӕмӕй «нын ныфс уа» (Ромӕгтӕм 15:4, НД).

2. а) Библи «Хуыцауы удӕй» фыст у, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы? ӕ) Библи Хуыцауы фыст кӕй у, уый зонгӕйӕ ныл цы хӕс ис?

2 Кӕд Библи 40 адӕймаджы бӕрц фыстой, уӕддӕр йӕ Автор у Иегъовӕ. Цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр фыст ис, уый уымӕй кӕй у? О. Иегъовӕ уыцы адӕмы йӕ хъомысджын сыгъдӕг удӕй, ома йӕ архайгӕ тыхӕй, разӕнгард кодта Библи ныффыссынмӕ. Апостол Павел раст загъта: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй... уадз уӕд ӕххӕст Хуыцауы адӕймаг, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ». Ацы ныхӕстыл чи ӕууӕнды, уыдон сӕ хъус лӕмбынӕг дарынц, Библийы цы фыст ис, уымӕ ӕмӕ сӕ цард йӕ амындтӕм гӕсгӕ аразынц (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм Библийӕн аргъ кӕнынӕн

3. Библи Хуыцауы Ныхасыл чи нӕ нымайы, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?

3 Кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕ Библи Хуыцауы Ныхасыл нӕ нымайынц. Куыд сын ис баххуыс кӕнӕн? Иууыл хуыздӕр уаид Библи байгом кӕнын ӕмӕ сын уырдыгӕй исты бакӕсын. «Хуыцауы дзырд цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын у, ӕмӕ алы дыкомон ӕхсаргардӕй цыргъдӕр у... ӕмӕ тӕрхон кӕны зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн» (Дзуттытӕм 4:12, НФ). «Хуыцауы дзырдмӕ» ахӕм цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы, цыма дзы ӕрмӕст ивгъуыд цаутыл цӕуы дзырд; цы фыст дзы ис, уый тынг ахсджиаг у абон дӕр! Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон тагъд иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. Адӕймагмӕ, Библийы цы фыст ис, уый куыд бахъара, афтӕ йӕм нӕ ныхӕстӕ нӕ бахъардзысты.

4. Иуӕй-иутӕ Библимӕ сӕ ахаст цӕмӕн фӕивтой?

4 Бирӕтӕ Библийы Хуыцауы ном куы федтой, уӕд сӕ бафӕндыд фылдӕр базонын. Иннӕтӕн та фенын кодтой, Библийӕ кӕй ис базонӕн: цы у царды нысан, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы, цы цаутӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты кӕнӕ, дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ уӕд райдыдтой ахуыр кӕнын. Мӕнгуырнындзинӕдты аххосӕй адӕмы сау тыхтӕ иу ран кӕм нӕ уадзынц, уыцы бӕстӕты бирӕты тынг цымыдис кӕны, сау тыхтӕ кӕцӕй сты ӕмӕ сӕ фервӕзӕн куыд ис, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уый. Ацы фарстаты фӕдыл Библи цы дзуры, уый сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл афтӕ тынг цӕмӕн ахады? Уымӕн ӕмӕ ахӕм ахсджиаг фарстатӕ ӕрмӕстдӕр Библи ӕмбарын кӕны раст (Псалом 118:130).

5. а) Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Библийыл не ’ууӕндӕм? ӕ) Куыд ис ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнӕн?

5 Фӕлӕ нын адӕймаг куы зӕгъа, Библийыл кӕй не ’ууӕнды, уӕд та цы кӕнгӕ у? Цымӕ нӕ ныхас ууыл хъуамӕ фӕуа? Кӕд сӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркӕсын фӕнды, уӕд нӕ. Чи зоны сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библи, чырыстоны ном ӕрмӕстдӕр хӕсгӕ чи кӕны, уыдоны чиныг у. Ӕмӕ уыдон та зындгонд сты сӕ цӕстмӕмитӕй, политикӕйы сӕхи кӕй тъыссынц ӕмӕ ӕдзухдӕр адӕмӕй ӕхца кӕй ӕмбырд кӕнынц, уымӕй. Уӕдӕ, чи зоны, адӕм Библимӕ ӕвзӕр цӕстӕй дӕр уый тыххӕй кӕсынц. Хорз нӕ уаид, куы йӕ базониккам, кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдонӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у ӕви нӕ? Чырыстон дуне цы митӕ кӕны, уыдон Библи фыдракӕндыл кӕй нымайы ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн, чырыстоны ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кӕны, уыдонимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый сын куы бамбарын кӕнӕм, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда фылдӕр базонын (Михей 3:11, 12; Матфейы 15:7—9; Иаковы 4:4).

6. а) Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл дӕу цы баууӕндын кодта? ӕ) Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй кӕй у, уый тыххӕй ма адӕмӕн ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн?

6 Иннӕтӕн та, чи зоны, хорз уыдзӕн, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый тыххӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Библи Иегъовӕ Хуыцауӕй кӕй у, ууыл дӕу цы баууӕндын кодта? Библи, йӕ автор чи у, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы дзуры, уый? Ӕви дзы фидӕны ӕрцӕуинаг хабӕрттыл бӕстон кӕм цӕуы дзырд, ахӕм пехуымпарӕдтӕ кӕй ис ӕмӕ ахӕм пехуымпарӕдтӕ та адӕймагӕн йӕ бон зӕгъын кӕй нӕу, уый? (2 Петры 1:20, 21). Йе та, Библи кӕд 1 600 азы дӕргъы 40 адӕймаджы бӕрц фыстой, уӕддӕр дзы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ кӕй нӕу, уый? Ӕви, уыцы дуджы цы чингуытӕ фыстой, уыдонӕй хъауджыдӕр зонады цӕстӕнгасӕй раст кӕй у, уый? Ӕви, йӕ фысджытӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй уыдысты, уый? Йе та, кӕд йӕ фесафыныл архайдтой, уӕддӕр абоны онг кӕй баззад, уый? Дӕу цы баууӕндын кодта, уый фӕрцы иннӕтӕ дӕр, гӕнӕн ис, баууӕндой a.

Библи куыд кӕсӕм

7, 8. а) Цавӕр хъуыддагӕн нӕ хъӕуы рӕстӕг арын? ӕ) Библи кӕсынӕй дарддӕр ма нӕ цы хъӕуы аразын? б) Иегъовӕйы фӕндтӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстай?

7 Иннӕтӕн Библийыл ӕууӕндынӕн ӕххуыс кӕнынӕй дарддӕр ма нӕхи дӕр ӕдзухдӕр хъӕуы рӕстӕг арын йӕ кӕсынӕн. Ды афтӕ аразыс? Дунейы цыдӕриддӕр чингуытӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у уыцы чиныг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг хӕдзары кӕсӕм, уый фаг у. Сыгъдӕг Фыстад нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй иннӕтӕй нӕхи ма иуварс кӕнӕм. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цыфӕнды фарстайӕн дӕр дзуапп нӕхӕдӕг ссардзыстӕм. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ уӕм, уӕд нӕ хъӕуы Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, Хуыцауы адӕмӕн цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонмӕ иудадзыг цӕуын (Ӕмбисӕндтӕ 18:1; Дзуттытӕм 10:24, 25).

8 Уый фӕдыл Библийы ис ахӕм цау: стыр бынат чи ахста, иу ахӕм ефиопаг лӕг касти Исайы пехуымпарад. Зӕды амындмӕ гӕсгӕ чырыстон хъусынгӕнӕг Филипп бацыд уыцы лӕгмӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Ефиопаг лӕг сӕрныллӕгӕй загъта: «Куыд ӕй бамбарон, исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд?» Ӕмӕ Филиппмӕ бахатыд, цӕмӕй йын Сыгъдӕг Фыстытӕй уыцы бынат райхала. Филипп ын йӕхи хъуыдытӕ нӕ райдыдта дзурын. Сыгъдӕг Фыстытӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй кӕй нӕ каст, фӕлӕ Хуыцауы зӕххон организацийы кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд ефиопаг лӕгӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, Иегъовӕ йӕ организацийы уылты цы амындтӕ лӕвӕрдта, уыдон уымӕн дӕр фӕахъаз уыдаиккой (Куыстытӕ 6:5, 6; 8:5, 26—35). Афтӕ абон дӕр иу адӕймагӕн дӕр йӕхигъӕдӕй йӕ бон нӕу Иегъовӕйы фӕндтӕ раст бамбарын. Махӕй алкӕйдӕр хъӕуы, Иегъовӕ нын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ йӕ зӕххон организацийы уылты цы ӕххуыс дӕтты, уый сӕр.

9. Цавӕр пъланмӕ гӕсгӕ уаид хорз не ’ппӕтӕн дӕр Библи кӕсын?

9 Библи ӕмбарынӕн нын Иегъовӕйы организаци дӕтты Фыстады бындурыл уагъд алыхуызон диссаджы публикацитӕ. Уымӕй дарддӕр ма нын Библи кӕсынӕн ис, ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕйы кӕмӕй пайда кӕнынц, ахӕм пълан. Стыр ахъаз ма нын у, Сыгъдӕг Фыстад нӕхӕд кӕй иртасӕм, уый дӕр (Псалом 1:1—3; 18:8, 9). Архай Библи алы бон дӕр кӕсыныл. Цы кӕсай, уый кӕронмӕ куы не ’мбарай, уӕддӕр, Сыгъдӕг Фыстады иумӕйагӕй цӕуыл цӕуы дзырд, уый кӕй зондзынӕ, ӕрмӕст уый цӕй аргъ у! Зӕгъӕм, бон дзы цыппар-фондз фарсы куы кӕсай, уӕд ӕй иу азмӕ сӕрӕй-кӕронмӕ бакӕсдзынӕ.

10. а) Библи кӕд фӕкӕсыс? ӕ) Кӕимӕ ма ис Библи кӕсӕн ӕмӕ йӕ алы бон дӕр цӕмӕн хъӕуы кӕсын?

10 Кӕд у дӕ бон Библи кӕсын? Уыцы хъуыддагӕн боны мидӕг 10—15 минуты куы хицӕн кӕнай, уӕд дын уый дӕр стыр ахъаз уыдзӕн. Кӕд дын уый фадат нӕй, уӕд та ахӕм пълан скӕн, цӕмӕй Библи къуыри иу хатт кӕсай, ӕмӕ йӕ уыцы пъланмӕ гӕсгӕ кӕс. Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд уӕ бон у уӕ кӕрӕдзийӕн Библи радгай кӕсын. Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис ӕмӕ кӕсын зонынц, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон у радгай хъӕрӕй кӕсын. Адӕймаг алы бон дӕр хӕрын ахуыр куыд у, Библи кӕсын ахуыр дӕр хъуамӕ афтӕ уа. Адӕймаг хӕрдӕй цух куы ’ййафа, уӕд йе ’нӕниздзинадӕн ӕнӕфӕцудгӕ нӕй. Уӕдӕ нӕ монон ӕнӕниздзинад та, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’нусон цард дӕр, «Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдмӕ» куыд хъусӕм, уымӕй кӕнгӕ у (Матфейы 4:4).

Цӕмӕн кӕсӕм Библи

11. Библи кӕсгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа?

11 Библи кӕсгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа? Нӕ нысан хъуамӕ ӕрмӕст уый ма уа, ӕмӕ цалдӕр сыфы бакӕсӕм. Мах хъуамӕ тырнӕм Хуыцауы хуыздӕр базонынмӕ, цӕмӕй йӕ тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ йын куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнӕм (Иоанны 5:39—42). Махӕн дӕр хъуамӕ уа псаломзарӕггӕнӕджы зондахаст. Уый загъта: «Фенын мын кӕн, Хицау [«Иегъовӕ», НД], Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ мын бацамон цӕуын Дӕ фӕндагыл» (Псалом 24:4, МГТ).

12. а) Адӕймагӕн «бӕлвырд зонындзинӕдтӕ» афтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты ӕмӕ куы фӕкӕсы, уӕд ӕй ахӕм зонындзинӕдтӕ ссарынӕн цы хъӕуы? ӕ) Цӕмӕй нын Библи кӕсын тынгдӕр фӕахъаз уа, уый тыххӕй нӕ цавӕр цыппар уынаффӕйы хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын? (Кӕс 30-ӕм фарсыл нывы бакомкоммӕ.) б) Ацы абзацы цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ пайда кӕн уыцы цыппар уынаффӕйӕ. Бакӕс стихтӕ дӕр.

12 Иегъовӕ нӕ цас фылдӕр ахуыр кӕны, уыйас хъуамӕ тынгдӕр тырнӕм «бӕлвырд зонындзинӕдтӕм». Ӕнӕ уымӕй нӕ бон куыд уыдзӕн Хуыцауы Ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын кӕнӕ йӕ иннӕтӕн раст ӕмбарын кӕнын? (Колоссӕгтӕм 3:10, НД; 2 Тимофеймӕ 2:15). Цӕмӕй нӕм бӕлвырд зонындзинӕдтӕ уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библи лӕмбынӕг кӕсын ӕмӕ дзы исты зынӕмбарӕн куы уа, уӕд та йӕ цалдӕр хатты дӕр бакӕсын, йӕ хъуыды йын дзӕбӕх куыд бамбарӕм. Афтӕ ма нын стыр ахъаз уыдзӕн, цы бакӕсӕм, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг арын дӕр. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты, 30-ӕм фарсыл цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон. Сыгъдӕг Фыстад кӕсгӕйӕ уыцы цыппар уынаффӕйӕ иу кӕнӕ цалдӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын, цы кӕсӕм, уый тынгдӕр фӕахъаз уыдзӕн. Иннӕ фӕрстыл цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ дӕхӕдӕг фендзынӕ, уымӕн куыд гӕнӕн ис, уый.

 1) Сыгъдӕг Фыстад кӕсгӕйӕ арӕх цыдӕр базонӕн вӕййы, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Псалмы 138:13, 14 нын ӕвдисынц, Хуыцауӕн, чи нӕма райгуыры, уыцы адӕймаг дӕр тынг зынаргъ кӕй у: «Ды... скодтай мӕн мӕ мады гуыбыны. Стауын Дӕу, ӕз диссаджы арӕзт кӕй дӕн, уый тыххӕй. Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ӕцӕг зоны мӕ уд» (МГТ). Куыд диссаг сты Иегъовӕйы конд хъуыддӕгтӕ! Адӕймаджы куыд скодта, уый, куыд тынг нӕ уарзы, ууыл дзурӕг у.

 Иоанны 14:9, 10 (НФ) нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, Йесо адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд фембарӕм, раст афтӕ кӕй бакодтаид Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр. Уӕдӕ нын Лукайы 5:12, 13 ӕмӕ Лукайы 7:11—15 Иегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг сты?

 2) Ахъуыды кӕн, цы кӕсыс, уый куыд баст у Библийы сӕйраг темӕимӕ: Дун-дунейы иунӕг хицау Иегъовӕ кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ ном срухс уыдзӕн, зӕрдӕвӕрд Мыггаг, Йесо Чырысти цы Паддзахады сӕргъы лӕууы, уый руаджы.

 Библийы сӕйраг темӕ Иезекил ӕмӕ Данелы чингуыты куыд зыны? (Иезекил 38:21—23; Данелы 2:44; 4:14; 7:9—14).

 Йесо зӕрдӕвӕрд Мыггаг кӕй у, уый Библи ирдӕй куыд ӕвдисы? (Галатӕгтӕм 3:16).

 Уӕларвон Паддзахад Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕндзӕн, уый тыххӕй Раргомады чиныджы цы дзырдӕуы? (Раргомад 11:15; 12:7—10; 17:16—18; 19:11—16; 20:1—3; 21:1—5).

 3) Ахъуыды кӕн: цы кӕсын, уый мӕнмӕ куыд хауы? Зӕгъӕм, Рацыды чиныгӕй Дыккаг закъоны чиныджы онг дзырд цӕуы, израилӕгтӕ цы ӕнӕгъдау ӕмӕ хивӕнд митӕ кодтой, уый тыххӕй. Мах зонӕм, сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ сӕ митӕ кӕй бабын кодтой. Цӕй уӕдӕ макуы бафӕзмӕм израилӕгты, фӕлӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразӕм! «Адӕттӕ цыдысты уыдоныл, куыд фӕлгонцтӕ; фыст та ӕрцыдысты махӕн зонд амоныны тыххӕй, фӕстаг ӕнустӕм рахӕццӕ уӕвджытӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:11).

 Каин Авелы кӕй амардта, уыцы цау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? (Уӕвынад 4:3—12; Дзуттытӕм 11:4; 1 Иоанны 3:10—15; 4:20, 21).

 Библи, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр хауынц? (Нымӕцтӕ 15:16; Иоанны 10:16).

 Кӕд нын чырыстон ӕмбырды хорз ном ис, уӕддӕр нӕ цӕмӕн хъӕуы ӕнӕуи дӕр хорз цы библион уынаффӕтӕ зонӕм, уыдон ноджы хуыздӕр куыд ӕххӕст кӕнӕм, ууыл ӕдзух хъуыды кӕнын? (2 Коринфӕгтӕм 13:5; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:1).

 4) Ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, уый ма ахъаз кӕмӕн фӕуид. Алы адӕймаг дӕр тыхсы йе ’нӕниздзинадыл, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта, уый тыххӕй бакӕсын. Ӕмӕ сын афтӕмӕй равдисӕм, Йесо, Хуыцауы Паддзахады хъомысджын Паддзах уӕвгӕйӕ, ӕгас зӕххы къорийыл дӕр цы сараздзӕн, уый: «Ӕрбамбырд Уымӕ бирӕ адӕм, семӕ уыдис къуылыхтӕ, куырмытӕ, ӕгомыгтӕ, уӕнгхъуӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ... ӕмӕ Уый сдзӕбӕх кодта уыдоны» (Матфейы 15:30).

 Йесо Иаиры чызджы кӕй райгас кодта, уыцы цау хорз кӕмӕн уаид бакӕсын? (Лукайы 8:41, 42, 49—56).

13. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы организациимӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый цы ратдзӕн?

13 Библи кӕсгӕйӕ ацы цыппар уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын цӕй стыр ахъаз фӕуыдзӕн! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи кӕсын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ йӕ куы кӕсӕм, уӕд нын ахъаз уыдзӕн цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ уый руаджы нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд хӕстӕгдӕр кӕндзыстӕм, бирӕ нӕ чи уарзы, уыцы Фыд Иегъовӕимӕ дӕр ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртимӕ дӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн «царды дзырдыл фидар хӕцынӕн» (Филиппӕгтӕм 2:16, НД).

[Фиппаинаг]

a Библимӕ биноныгӕй ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй бакӕс брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр», мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цыбыр афӕлгӕст

• Библи цӕй тыххӕй ӕрцыди фыст ӕмӕ йӕ Хуыцау цӕуылнӕ бауагъта фесафын?

• Куыд ис иннӕтӕн Библи ӕмбарынӕн ӕмӕ йын аргъ кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕн?

• Библи алы бон дӕр кӕсын хорз цӕмӕй у? Библи кӕсгӕйӕ цавӕр цыппар уынаффӕйы уаид хорз нӕ зӕрдыл дарын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 30 фарсыл]

БИБЛИ КУЫ ФӔКӔСЫС, УӔД-ИУ АХЪУЫДЫ КӔН

ацы скъуыддзагӕй цы базыдтон, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй

цы бакастӕн, уый Библийы сӕйраг темӕимӕ куыд баст у

мӕнмӕ куыд хауы

ахъаз ма кӕмӕн фӕуид