Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иуӕндӕсӕм сӕр

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад»

1. а) Йесо цӕмӕн загъта, фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад, зӕгъгӕ? ӕ) Цӕуыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад»

 ЙЕСО иу-1 900 азы размӕ, Галилейы йын йӕ раныхасмӕ чи хъуыста, уыдонӕн загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад». Фӕлӕ уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыди? Чырысти Паддзахы бартӕ бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ ма райстаид? Уый афтӕ у, фӕлӕ Мессианон Паддзахады фӕрцы Иегъовӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕна, Дун-дунейы иунӕг Хицау уый кӕй у ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕна, зӕххы тыххӕй йӕм цы диссаджы фӕнд ис, уый. Ацы хъуыддӕгтӕ куыд ахсджиаг сты, уый-иу чи бамбӕрста, уымӕн-иу царды Хуыцауы Паддзахадӕй сӕйрагдӕр ницы уыд. Кӕд афтӕ уыди фыццаг ӕнусы, уӕд цас ахсджиагдӕр у уый абон, Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд! Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: ӕз дӕр царды фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын? (Матфейы 6:33, НФ).

2. Адӕмӕн царды сӕйрагдӕр цы у?

2 Абон ӕгас дунейы дӕр милуантӕ агурынц фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады фарс кӕй сты, уый бӕрӕг у, сӕ цард ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой ӕмӕ йын сӕйраджыдӕр йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй. Адӕмӕн сӕ фылдӕр та зӕххон ӕхцондзинӕдты йедтӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кӕнынц. Ӕхца ӕмӕ мулкыл бафтыдысты; ӕмӕ сӕм цы ӕхца ӕрбахауы, уый сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕм бахӕрой, ууыл систы. Йе та сӕ цард ӕгасӕй дӕр куыстӕн снывонд кӕнынц. Ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт кӕнынц ӕмӕ кӕцӕй цы ратона кӕной, сӕ рӕстӕг адджынӕн кӕм арвитой, ӕндӕр сын мацы радт. Хуыцау сын афтӕ ахсджиаг нӕу. Уӕвгӕ йыл ӕууӕндгӕ дӕр кӕнынц? (Матфейы 6:31, 32).

3. а) Цавӕр хӕзнатӕ агурынмӕ разӕнгард кодта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Ӕрвылбон нӕ цы фӕхъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

3 Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл», уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк рӕстӕгмӕ у. Дарддӕр сын загъта: «Фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты», Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ цӕст «сыгъдӕг» дарой, ома сӕ тыхтӕ сӕйраджыдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн радтой. «Нӕ бафӕраздзыстут кусын Хуыцауӕн ӕмӕ маммонӕн [хъӕздыгдзинадӕн]»,— загъта уый. Цы зӕгъӕн ис хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ хӕдзары тыххӕй та? «Ма мӕт кӕнут»,— уыди Йесойы уынаффӕ. Загъта сын, акӕсут ма, зӕгъгӕ, Хуыцау мӕргъты куыд ӕфсады ӕмӕ дидинджыты куыд фӕлынды. Ау, уӕдӕ уӕд Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ цыфӕнды маргъ ӕмӕ дидинӕгӕй дӕр зынаргъдӕр не сты?! «Фӕлӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад,— загъта сын Йесо,— ӕмӕ [ӕхсызгонӕй цы хъӕуы] уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы» (Матфейы 6:19—34, НФ). Ацы ныхӕстыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдисыс?

Мацӕмӕн радт Хуыцауы Паддзахады ӕцӕгад «бамынӕг кӕныны» бар

4. Адӕймаг ӕхцайыл куы бафта, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн?

4 Ӕрвылбон дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр цы хъӕуы, уыдӕттыл кӕй тыхсыс, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ адӕймаг ӕхцайыл куы бафта, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Ахӕм адӕймаг, чи зоны, дзура, Хуыцауы Паддзахадыл кӕй ӕууӕнды, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр куы радта, уӕд дзы Хуыцауы Паддзахады ӕцӕгадӕн бынат кӕм уыдзӕн? (Матфейы 13:18—22). Цӕвиттон, иухатт иу хъӕздыг ӕрыгон хицау Йесойы бафарста: «Цы кӕнын хъӕуы мӕн, цӕмӕй хайджын уон ӕнусон цардӕй?» Уый уыд хӕрзӕгъдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕймаг. Фӕлӕ мулкуарзаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ не сси Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг. Афтӕмӕй, фидӕны Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады уа, уый фадат ауагъта. Ӕмӕ уӕд Йесо загъта: «Бонджынтӕн цӕй зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!» (МСЕ) (Маркы 10:17—23).

5. а) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ Тимофей разы цӕмӕй хъуамӕ уыдаид ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Сайтан «ӕхцайы зыдӕй» адӕмы сӕфты къӕппӕджы куыд ӕппары?

5 Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр апостол Павел ныффыста, Ефесы (сӕудӕджергӕнджыты артдзӕсты) цӕрӕг Тимофеймӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрхастам; ӕмӕ уый дӕр ӕргом у, нӕ бон кӕй нӕу ардыгӕй исты ахӕссын. Хӕринаг нын куы уа ӕмӕ дарӕс, уӕд хъуамӕ уымӕй разы уӕм!» Дӕхицӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн «хӕринаг... ӕмӕ дарӕс» амал кӕнын, бӕгуыдӕр, хъӕугӕ хъуыддаг у. Фӕлӕ Павел ӕндӕр цӕмӕйдӕр фӕдзӕхста: «Сбонджынмӕ чи бӕллы, уыдон бахауынц фыдӕвзарӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызджын цыбӕлты, адӕм хӕрзхӕлдмӕ ӕмӕ бынысӕфтмӕ чи цыссоны, ахӕмты мидӕг». Сайтан тынг мӕнгард у. Фыццаг уал адӕймаджы гыццыл истӕмӕй ӕрбасайы йӕхимӕ. Уый фӕстӕ та йӕ, гӕнӕн ис, сайа стырдӕр истӕмӕй. Зӕгъӕм, йӕ куысты йӕ фӕуӕлдӕр кӕндзысты, йе та йын фылдӕр ӕхца кӕм фидой, ахӕм куыст фӕзындзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал уыдзӕн. Цырддзаст куы нӕ уӕм, уӕд нӕ «ӕхцайы зыдӕй» Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕм нал ӕвдӕлдзӕн. Ӕхцайыл зыды тыххӕй Павел афтӕ загъта: «Чидӕртӕ йӕм сӕхи раттой ӕмӕ уырниадӕй ацух сты, ӕмӕ сӕхи бирӕ утӕхсӕнты хай фӕкодтой» (1 Тимофеймӕ 6:7—10, НФ).

6. а) Цӕмӕй ӕхцайы низӕй ма фӕрынчын уӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? ӕ) Ацы дунейы уавӕр цыфӕнды мӕгуырау ма уа, уӕддӕр мах мур дӕр цӕуыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

6 Павел йӕ чырыстон ӕфсымӕр Тимофейы бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдзӕхста: «Лидз адӕттӕй... Хъӕбатырӕй тох кӕн уырнындзинадыл» (1 Тимофеймӕ 6:11, 12, НД). Ацы дунейы адӕмау цӕмӕй ӕхцайы низӕй ма фӕрынчын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын. Ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр нӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ никуы ныууадздзӕн. Кӕд ӕргътӕ хизынц ӕмӕ куыст дӕр зын ссарӕн у, уӕддӕр нӕ царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй нӕ цух нӕ ныууадздзӕн. «Уӕ зӕрдӕйы уаг ӕхца уарзыны ’рдӕм ма уӕд, цы уын ис, уымӕй разы ут. Уымӕн ӕмӕ [Хуыцау] загъта: „нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн“, уымӕн мах уӕндонӕй зӕгъӕм: „Хуыцау у мӕнӕн ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ фӕтӕрсдзынӕн: цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“»,— фыста Павел (Дзуттытӕм 13:5, 6). Мӕнӕ цы загъта паддзах Давид та: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, ӕмӕ нӕ федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты ӕмӕ йӕ цоты дзул кургӕйӕ» (Псалом 36:25).

Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ сты фӕзминаг

7. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уацамынды фӕдыл цавӕр амындтӕ радта ӕмӕ уыцы амындтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты?

7 Йесо йӕ апостолты куы бацӕттӕ кодта, уӕд сӕ арвыста, цӕмӕй Израилы адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ дзырдтаиккой: «Ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад». Цы ма уыдаид уымӕй ӕхсызгондӕр хабар — Йесо Чырысти, Мессианон Паддзах, уыди се ’хсӕн! Апостолтӕ сӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй радтой, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо ныфс бавӕрдта, Хуыцау сыл кӕй батыхсдзӕн. Загъта сын: «Мацы хӕссут фӕндагмӕ: нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзул, нӕдӕр ӕвзист, ӕмӕ уӕм ма уӕд дыгай дарӕстӕ; ӕмӕ цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым баззайут, ӕмӕ уырдыгӕй ацӕут фӕндагыл» (Матфейы 10:5—10; Лукайы 9:1—6). Иегъовӕ сыл батыхстаид, се ’мзӕххон уазӕгуарзаг израилӕгты руаджы сӕ цух ницӕмӕй ныууагътаид.

8. а) Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ уацамынды фӕдыл ног амындтӕ цӕмӕн радта? ӕ) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн дарддӕр дӕр сӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уыдаид?

8 Фӕстӕдӕр, йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ, Йесо йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, фидӕны сӕ уыцы куыст ӕндӕр уавӕрты кӕй хъӕудзӕн кӕнын. Хицауад сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзӕн, уымӕ гӕсгӕ сӕм израилӕгтӕ раздӕрау хӕларзӕрдӕ нал уыдзысты. Уыимӕ ма фӕстӕдӕр Хуыцауы Паддзахады хабар хъуамӕ хастаиккой ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныр семӕ райсын хъуыди «чыссӕ» (НД) ӕмӕ «хордзен». Фӕлӕ уӕддӕр фыццаджыдӕр хъуамӕ Иегъовӕйы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад агуырдтаиккой ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, Иегъовӕ сӕ къӕбӕрцух ӕмӕ уынджы кӕй нӕ ныууадздзӕн (Лукайы 22:35—37).

9. Кӕд Павелы йӕхи дарынӕн фыдӕбон кӕнын хъуыди, уӕддӕр ын ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй уыд, уый куыд ӕвдыста ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр уынаффӕ радта?

9 Йесойы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф чи айста, уыдонӕй иу уыдис апостол Павел. Царды йын хъусын кӕныны хъуыддагӕй ахсджиагдӕр ницы уыди (Куыстытӕ 20:24, 25). Кӕм-иу хъусын кодта, уым-иу йӕхи къухтӕй амал кодта йӕ къӕбӕр, суанг ма пъалаткӕтӕ дӕр хуыдта. Павел никӕй ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ каст (Куыстытӕ 18:1—4; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:9). Фӕлӕ-иу ӕй исчи зӕрдӕхӕларӕй куы суазӕг кодта кӕнӕ-иу ын исчи исты куы балӕвар кодта, уӕд-иу дзы тынг фӕбузныг (Куыстытӕ 16:15, 34; Филиппӕгтӕм 4:15—17). Павел чырыстӕтты ууыл нӕ ахуыр кодта, цӕмӕй сӕ бинонты мӕт мауал кӕной ӕмӕ ӕрмӕстдӕр хъусын кӕныны куыст кӕной. Нӕ, уый сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ хӕстӕ иууылдӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кодтаиккой. Дзырдта сын, зӕгъгӕ, фӕллой кӕнут, уӕ бинонты уарзут ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн дӕр рӕдауӕй хай кӕнут (Ефесӕгтӕм 4:28; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:7—12). Уый сын фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ныфс мулкыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл ӕвӕрдтаиккой ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдыстаиккой, ӕппӕты ахсджиагдӕр сын цы у, уый ӕцӕгдӕр кӕй бамбӕрстой. Ӕмӕ Йесо куыд амыдта, афтӕмӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр та уыд фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад агурын (Филиппӕгтӕм 1:9—11).

Царды дын сӕйрагдӕр уӕд Хуыцауы Паддзахад

10. Цы нысан кӕны фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын?

10 Куыд арӕх фӕхъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хорз хабар? Уый нӕ алкӕмӕндӕр йӕ уавӕртӕй ӕмӕ, Иегъовӕйӕ куыд тынг бузныг стӕм, уымӕй кӕнгӕ у. Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, «агур Хуыцауы Паддзахад, ӕндӕр дын куы ницы куыст уа, уӕд». Хуыцауы Паддзахадӕн цы ахадындзинад ис, уый ӕмбаргӕйӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уый тыххӕй йӕ Фыд цы хъуыды кодта, уый: «Ӕдзухдӕр агурут йӕ паддзахад» (Лукайы 12:31, НД). Кӕд нӕ бирӕты нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарын хъӕуы, уӕддӕр нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд нын сӕйрагдӕр уыдзӕн, Хуыцау нын йӕ Паддзахады фӕдыл цы куыст бахӕс кодта, уый. Ӕцӕг нӕ рох кӕндзыстӕм, нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон дӕр (1 Тимофеймӕ 5:8).

11. а) Хуыцауы Паддзахады хабар алкӕмӕн иухуызон кӕй нӕ уыдзӕн йӕ бон хъусын кӕнын, уый Йесо цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй равдыста? ӕ) Цӕуыл баст у, адӕймаг цас хъусын кӕндзӕн, уый?

11 Иуӕй-иуты сӕ уавӕртӕ иннӕтӕй фылдӕр амонынц Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ алыхуызон мӕры тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕрхӕсгӕйӕ Йесо равдыста, йӕ зӕрдӕ хорз мӕримӕ абарӕн кӕмӕн ис, уыдон се ’ппӕт дӕр кӕй ӕрхӕсдзысты дыргъ. Цас? Алчидӕр йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Адӕймаджы кар, йе ’нӕниздзинад, бинонтӕ йын ис ӕви нӕ — адӕттӕн гыццыл нысаниуӕг нӕй. Фӕлӕ кӕд адӕймаг Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабарӕн ӕцӕгӕй аргъ кӕны, уӕд йӕ бон бирӕ бауыдзӕн (Матфейы 13:23).

12. Сӕйраджыдӕр фӕсивӕды цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

12 Цӕмӕй нын Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса, уый тыххӕй хорз уаид, нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕриккам. Фӕсивӕды хъӕуы ахъуыды кӕнын зынгзӕрдӕ ӕрыгон чырыстон Тимофейы диссаджы дӕнцӕгыл (Филиппӕгтӕм 2:19—22). Уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа, ӕмӕ скъола каст куы фӕуой, уӕд сӕ рӕстӕг ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн раттой? Хистӕртӕн дӕр ахъаз уаид, Хуыцауимӕ сӕ хӕстӕгдӕр чи фӕкӕндзӕн, ахӕм нысӕнттӕм куы тырниккой, уӕд.

13. а) Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы нӕ йӕ бон кӕмӕн цас у аразын, уый чи скъуыддзаг кӕны? ӕ) Кӕд ӕцӕгдӕр фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурӕм, уӕд уымӕй цы ’вдисӕм?

13 Иннӕтӕм фаутӕ хӕссыны бӕсты (сӕ бон фылдӕр куы у аразын, уӕд цӕуылнӕ аразынц, зӕгъгӕ) мах нӕ уырнындзинад уымӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй нӕхимӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ нӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕй зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн (Ромӕгтӕм 14:10—12; Галатӕгтӕм 6:4, 5). Иовы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Сайтан дзуры, зӕгъгӕ, мах сӕйраджыдӕр нӕ исбон, нӕ удӕнцой ӕмӕ не ’нӕниздзинадыл мӕт кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр, цӕмӕдӕр ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ кӕд ӕцӕгдӕр фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у ӕмӕ нын нӕ царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕлвырд кӕнӕм, Иегъовӕйы бирӕ кӕй уарзӕм, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый (Иов 1:9—11; 2:4, 5; Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

14. а) Цӕмӕн уаид хорз хъусын кӕнынӕн рӕстӕг арын? ӕ) Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ цас рӕстӕг хъусын кӕнынц?

14 Алы бон дӕр нӕ хъуыддӕгтӕ куы пълан кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр ӕнтысдзӕн. Иегъовӕйӕн йӕхицӕн дӕр ис «ӕмгъуыд» йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн (Рацыд 9:5; Маркы 1:15). Хорз уаид, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, къуырийы мидӕг иу кӕнӕ цалдӕр хатты уӕддӕр куы ариккам рӕстӕг хъусын кӕнынӕн. Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕдӕгай минтӕ лӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй — боны мидӕг хорз хабар фӕхъусын кӕнынц дыууӕ сахаты бӕрц. Сӕдӕгай минтӕ та лӕггад кӕнынц пионертӕй — боны мидӕг Хуыцауы Паддзахады хабар фӕхъусын кӕнынц дыууӕ сахат ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Специалон пионертӕ ӕмӕ миссионертӕ та ноджы фылдӕр рӕстӕг дӕттынц Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Кӕмфӕнды ма уӕм, алыхатт дӕр архайӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурыныл (Иоанны 4:7—15). Уыцы куысты хъуамӕ нӕ удӕй арт цӕгъдӕм, уымӕн ӕмӕ Йесо афтӕ загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14; Ефесӕгтӕм 5:15—17).

15. Цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый фӕдыл 1 Коринфӕгтӕм 15:58 цы уынаффӕ ис, уый абон афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

15 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕххы къорийыл кӕмфӕнды ма цӕрой, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, алкӕмдӕр уӕхски-уӕхск архайынц уыцы хъуыддаджы. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ айстой Библийы уынаффӕ: «Ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр ӕнтыстджын Хицауы хъуыддаджы, зонгӕйӕ, уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу Хицауы раз» (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Цыбыр афӕлгӕст

• Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад», уӕд ӕй иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй цы зӕгъын фӕндыд?

• Нӕхи ӕмӕ нӕ нӕ бинонты дарын кӕй хъӕуы, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

• Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы нӕ бон цы у аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 107 фарсыл]

Абон, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппӕт бӕстӕты дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар.