Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвдӕм сӕр

Хуыцау фыддзинад цӕмӕн ӕруагъта

1, 2. а) Иегъовӕ, Едемы йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдон уыцы тӕккӕ куы фесӕфтаид, уӕд абон мах кӕм уаиккам? ӕ) Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ цӕуыл батыхстис?

Хуыцау фыддзинад цӕмӕн ӕруагъта

 «ЦЫБЫР ӕмӕ ӕнамонд уыдысты мӕ царды бонтӕ»,— хъыгзӕрдӕйӕ загъта иудейты фыдӕл Иаков (Уӕвынад 47:9). Афтӕ ма Иов дӕр загъта, зӕгъгӕ, адӕймагӕн «йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары» (Иов 14:1). Уыдонау махӕй дӕр бирӕтӕ бавзӕрстой зындзинӕдтӕ, ӕнаххос ӕфхӕрд ӕмӕ стыр зиӕнттӕ. Фӕлӕ раст нӕ уаид афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ нын Хуыцау уый бӕсты ӕппындӕр цард куы нӕ радтаид. Раст у, зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст не стӕм, уӕдӕ Адам ӕмӕ Евӕйау Дзӕнӕты дӕр нӕ цӕрӕм. Цымӕ сӕ Иегъовӕ, йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уыцы тӕккӕ куы фесӕфтаид, уӕд цы уыдаид? Уӕд нӕдӕр низтӕ уыдаид, нӕдӕр хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ нӕдӕр мӕлӕт, ай-гъай дӕр, зӕххыл иу адӕймаг дӕр нӕ уыдаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах дӕр нӕ райгуырдаиккам. Фӕлӕ Хуыцау йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг кӕныны бар радта, кӕд сӕ цот сӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад рахастой, уӕддӕр. Стӕй ма Иегъовӕ Чырыстийы уылты батыхстис, цӕмӕй та нын уа, Адам йӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уыцы ӕнусон цард дзӕнӕты зӕххыл (Иоанны 10:10; Ромӕгтӕм 5:12).

2 Цӕй стыр ныфс нын у, низтӕ, хъизӕмӕрттӕ, маст, мӕлӕтӕн, афтӕ ма ӕвзӕр адӕмӕн дӕр сӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дунейы, Дзӕнӕты зӕххыл, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, уый! (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22; Раргомад 21:4, 5). Фӕлӕ Библийӕ зонӕм уый, ӕмӕ кӕд нӕ ирвӕзындзинад нӕхицӕн дӕр ӕмӕ Иегъовӕйӕн дӕр тынг ахсджиаг у, уӕддӕр сӕйраг уый кӕй нӕу.

Йӕ кадджын номы хатырӕй

3. Иегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕсты стыр ахадындзинад цӕмӕн ис?

3 Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕсты стыр ахадындзинад ис йӕ номӕн. Уыцы ном у Иегъовӕ ӕмӕ амоны «Уый свӕййы». Йӕ ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уый у Дунедарӕг, стыр фӕндты ӕмӕ ӕцӕгады Хуыцау. Уӕдӕ Иегъовӕ иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕгас дун-дунейы фарн ӕмӕ амонды сӕраппонд алчидӕр хъуамӕ ӕмбӕлон кад кӕна йӕ номӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса.

4. Иегъовӕйы фӕнд зӕххы тыххӕй цы уыд?

4 Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын радта куыст. Уый сын биноныгӕй бамбарын кодта, йӕ фӕнд канд уый кӕй нӕу, цӕмӕй зӕхмӕ зилой ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр Дзӕнӕт скӕной, фӕлӕ ма йыл сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр кӕй хъуамӕ сбирӕ уой (Уӕвынад 1:28). Цымӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый тыххӕй уыцы фӕндӕй ницыуал рауади? Куыд фӕхудинаг уыдаид уӕд ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы ном!

5. а) Зӕгъгӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй бахордтой, уӕд кӕд амардаиккой? ӕ) Иегъовӕ, Уӕвынады 2:17 цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст кодта, зӕххы тыххӕй йӕ фӕнд нӕ фӕивгӕйӕ?

5 Иегъовӕ бафӕдзӕхста Адам ӕмӕ Евӕйы, зӕгъгӕ мӕм куы нӕ байхъусат ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй куы бахӕрат, уӕд «уыцы бон» амӕлдзыстут (Уӕвынад 2:17). Ӕмӕ сӕ куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ рауад: тӕригъӕд цы бон ракодтой, уыцы бон сӕ Иегъовӕ дзуапп ӕрдомдта ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон рахаста. Хуыцауы цӕсты Адам ӕмӕ Евӕ амардысты уыцы бон. Фӕлӕ цалынмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ нӕ аздӕхтысты, уӕдмӕ сын Иегъовӕ зӕххы тыххӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн зӕнӕг кӕныны бар радта. Хуыцауы цӕсты 1 000 азы иу бонау кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ, кӕд Адам 930-аздзыдӕй амард, уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ иу «бон» дӕр нӕ фӕцард (2 Петры 3:8; Уӕвынад 5:3—5). Уӕдӕ Иегъовӕйы ныхас нӕ фӕмӕнг ӕмӕ йын Адам ӕмӕ Евӕйы мӕлӕт дӕр йӕ фӕнд нӕ бакъуылымпы кодта. Фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕнӕххӕст адӕмӕн, уыимӕ фыдгӕнджытӕн дӕр, цӕрыны бар радта.

6, 7. а) Рацыды 9:15, 16 гӕсгӕ Иегъовӕ фыдгӕнджыты уыцы тӕккӕ цӕуылнӕ фесӕфта? ӕ) Фараоныл цы ’рцыд, уымӕй Иегъовӕ йӕ тых куыд равдыста ӕмӕ йӕ ном дардыл куыд айхъуыст? б) Хуыцау ацы фыддуне куы фесафа, уӕд уый цы ’рхӕсдзӕн?

6 Хуыцау Иегъовӕ Моисейы рӕстӕджы Египеты паддзахӕн цы загъта, уымӕй ноджы хуыздӕр зыны, фыдгӕнджытӕн цӕрыны бар цӕмӕн дӕтты, уый. Фараон израилӕгты Египетӕй куы нӕ уагъта, уӕд ӕй Иегъовӕ уыцы тӕккӕ не ’рцавта. Иегъовӕ Египетыл ӕруагъта дӕс ӕфхӕрды ӕмӕ афтӕмӕй равдыста йӕ тых. Ӕвдӕм ӕфхӕрды размӕ Иегъовӕ фараоны бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ адӕмы дӕр ацы тӕккӕ фесафин. «Фӕлӕ йӕ зон,— загъта йын Иегъовӕ,— нырмӕ дӕ уымӕн ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын мӕ тых равдисон ӕмӕ ӕгас зӕххыл мӕ ном айхъуыса» (Рацыд 9:15, 16).

7 Иегъовӕ израилӕгты куы ссӕрибар кодта, уӕд йӕ ном ӕцӕгдӕр дардыл айхъуыст (Йесо Навин 2:1, 9—11). Ӕмӕ 3 500 азы размӕ цы сарӕзта, уый абон дӕр рох нӕу. Иегъовӕйӕн канд йӕ ном нӕ айхъуыст, фӕлӕ ма дунетӕ базыдтой, ӕцӕгӕй Чи у, уый дӕр. Афтӕмӕй Иегъовӕ йӕхи равдыста, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алы хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг чи у, ахӕм Хуыцауӕй (Йесо Навин 23:14). Уыцы цау ма ноджыдӕр равдыста, ӕгӕрон хъомысы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын кӕй ницы бахъыгдардзӕн, уый дӕр (Исай 14:24, 27). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, тагъд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сӕраппонд Сайтаны фыддуне кӕй фесафдзӕн, ууыл. Уӕд Иегъовӕ йӕ ӕгӕрон хъомыс куыд равдисдзӕн ӕмӕ йын уый йӕ ном куыд скадджын кӕндзӕн, уый никуы ферох уыдзӕн. Ӕмӕ уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн алкӕмӕн дӕр (Иезекил 38:23; Раргомад 19:1, 2).

О, Хуыцауы стыр зонд!

8. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

8 Апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм ахӕм фарст ӕрӕвӕрдта: «Раст нӕу миййаг Хуыцау?» Ӕмӕ йын йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Ницӕй тыххӕй!» Уый фӕстӕ ӕрдзырдта, Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, ууыл ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ фараоны уыцы тӕккӕ цӕуылнӕ фесӕфта, уый. Павел ма загъта, зӕгъгӕ, мах, адӕм, дурынгӕнӕджы къухты ӕлыг куыд вӕййы, уымӕй уӕлдай не стӕм. Уый фӕстӕ ахӕм хатдзӕг скодта: «Хуыцау, маст равдисинаг ӕмӕ Йӕ тых фенынгӕнинаг уӕвгӕйӕ бафӕрӕзта дӕргъвӕтин заманты, сӕфтмӕ цӕуӕг масты дзӕкъултӕн, цӕмӕй Йе ‘стырады хъӕздыгад равдыстаид, рагацау стырадӕн кӕй сцӕттӕ кодта, уыцы хатыры аккаг мигӕнӕнтӕн. Цӕвиттон махыл, сидгӕ кӕмӕ бакодта, канд Иудеӕгтӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр» (Ромӕгтӕм 9:14—24, НФ).

9. а) Чи сты «сӕфтмӕ цӕуӕг масты дзӕкъултӕ»? ӕ) Иегъовӕ йӕ ныхмӕлӕуджытӕн афтӕ бирӕ цӕмӕн фӕразы ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн уый ӕппынфӕстаг куыд фӕахъаз уыдзӕн?

9 Едемы змӕст куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ закъӕты ныхмӕ чи цыди, уыдон уыдысты «сӕфтмӕ цӕуӕг масты дзӕкъултӕ». Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Иегъовӕ равдыста стыр фӕразондзинад. Фыдгӕнджытӕ худтысты йӕ хъуыддӕгтыл, зылдысты йӕ лӕггадгӕнджыты фӕдыл, суанг ма йын йӕ Фырты дӕр амардтой. Фӕлӕ Иегъовӕ у стыр фӕразондзинады хицау, уый фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй алчидӕр йӕхи цӕстӕй фена, фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм сӕхӕдӕг кӕй хицауиуӕг кӕнынц, уый ӕвзӕр йедтӕмӕ хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Фӕлӕ уыцыиу рӕстӕг Йесо йӕ цард радта, цӕмӕй фервӕзын кӕна коммӕгӕс адӕмы ӕмӕ «фехала хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ» (1 Иоанны 3:8; Дзуттытӕм 2:14, 15).

10. Иегъовӕ цӕмӕн фӕразы фыдгӕнджыты фӕстаг 1 900 азы дӕргъы?

10 Ныр Йесойы райгасӕй 1 900 азӕй фылдӕр рацыд, Иегъовӕ та ма нырма дӕр быхсы «масты дзӕкъултӕн», нӕ сӕ сафы. Цӕмӕн афтӕ? Иу уый, ӕмӕ цӕттӕ кӕны, Йесо Чырыстиимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыдоны. Сӕ нымӕц у 144 000 ӕмӕ уыдон сты, апостол Павел кӕй кой кодта, уыцы «хатыры аккаг мигӕнӕнтӕ». Райдианы уыцы уӕларвон къордмӕ хуынд цыдысты ӕрмӕстдӕр иудейтӕ. Фӕстӕдӕр та Хуыцау фӕхуыдта иннӕ адӕмты дӕр. Иегъовӕ йӕхицӕн тыхӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Фӕлӕ йе стыр уарзтӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг чи у, уыдонӕй иуӕй-иутӕн уыцы стыр кад скодта, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады хицауиуӕг кӕной. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы уӕларвон къорды чи хъуамӕ уа, уыдон ныр ӕмбырд сты (Лукайы 22:29; Раргомад 14:1—4).

11. а) Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад ахъаз кӕмӕн у? ӕ) Мӕрдтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

11 Цы зӕгъӕн ис, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдоны тыххӕй та? Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинады фӕрцы ма ӕмбырд кӕнынц «тынг бирӕ адӕм» алы адӕмтӕй дӕр. Абон уыдон сты милуантӕ. Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ацы дуне куы фесӕфа, уӕд уыцы адӕм кӕй фервӕздзысты ӕмӕ дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (Раргомад 7:9, 10; Псалом 36:29; Иоанны 10:16). Хуыцау йӕ рӕстӕджы райгас кӕндзӕн тынг бирӕ адӕмы ӕмӕ сын уыдзӕн сӕхи уӕларвон Паддзахады бӕрны бакӕнын ӕмӕ ӕнусмӕ зӕххыл цӕрыны фадат. Хуыцауы Ныхасы Куыстыты 24:15 фыст ис: «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Иоанны 5:28, 29).

12. а) Иегъовӕ фыддзинад кӕй быхсы, уый нын йӕхи тыххӕй цы дзуры? ӕ) Цы хъуыды кӕныс, Иегъовӕ дзырддаг фарстатӕ куыд алыг кодта, уый тыххӕй?

12 Цымӕ ӕппӕт ацы хъуыддӕгты Хуыцау цыдӕр раст нӕ сарӕзта? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыдгӕнджыты, «масты дзӕкъултӕ», скуынӕг кӕныныл кӕй нӕ тагъд кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ куыд сфӕнд кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ фесӕфой. Ӕвӕдза, куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ нӕ куыд бирӕ уарзы! Уымӕй уӕлдай ма, йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый дӕр нын бирӕ цӕуылдӕрты дзуры Иегъовӕйӕн йӕхи тыххӕй. Мах дисы ӕфтауы, куыд рӕстаг, куыд фӕлмӕнзӕрдӕ, куыд бирӕфӕразон ӕмӕ куыд стыр зонды хицау у, уый. Дун-дунейы Хицау чи у, уый фӕдыл цы дзырддаг фарста фӕзынд, уый Иегъовӕ афтӕ алыг кодта, ӕмӕ ӕнусмӕ сбӕлвырд кодта, йӕ хицаудзинад кӕй у иууыл хуыздӕр. Мах дӕр разы стӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «О, Хуыцауы ӕнӕбын хъӕздыгдзинӕдтӕ, бӕрзонд зонд ӕмӕ кӕнынад [«стыр зонд ӕмӕ зонындзинад», НД]! Куыд зын ӕмбарӕн сты Йӕ хъысмӕттӕ [«тӕрхӕттӕ», НД] ӕмӕ ӕнӕраиртасгӕ сты Йӕ фӕндӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33).

Хорз фадат нӕ иузӕрдиондзинад равдисынӕн

13. Хъизӕмӕрттӕ куы февзарӕм, уӕд нын цӕй фадат фӕзыны ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕм раст ахаст дарынӕн цы ӕххуыс кӕндзӕн?

13 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хъизӕмар кӕнынц. Ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыдгӕнджыты нӕма фесӕфта ӕмӕ адӕмӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сӕ ӕххӕстдзинадмӕ нӕма ӕркодта. Цымӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм? Ӕви хуыздӕр уаид хъуыды кӕнын, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уый равдисынӕн нын хорз фадат кӕй ис? Афтӕ аразын нӕ бон уыдзӕн, кӕд ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ барухс кӕн, цӕмӕй мӕ фыдкой чи кӕны, уымӕн дзуапп радтон» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕйы фыдкойгӕнӕг у Сайтан, афтӕ чи загъта, зӕгъӕ, адӕм сӕ мулк куы фесафой кӕнӕ исты уӕззау низӕй куы фӕрынчын уой, уӕд Хуыцауы аххосджын кӕндзысты ӕмӕ ма йӕ ӕлгъитгӕ дӕр кӕндзысты (Иов 1:9—11; 2:4, 5). Мах Иегъовӕйы зӕрдӕ уӕд барухс кӕндзыстӕм, кӕд ӕмӕ йыл зындзинӕдты дӕр нӕ зӕрдӕ не сивӕм. Афтӕмӕй мах равдисдзыстӕм, Сайтаны ныхӕстӕ махмӕ кӕй нӕ хауынц.

14. Фыдӕвзарӕнты нӕ ныфс Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын уый цӕмӕн фӕахъаз уыдзӕн?

14 Фыдӕвзарӕнты нӕ ныфс Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ удыхъӕды сфидар уыдзысты ахсджиаг миниуджытӕ. Зӕгъӕм, Йесо хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уый фӕрцы «сфӕлтӕрдта коммӕ кӕсыныл», уӕдмӕ йӕ куыд никуы бахъуыд афтӕ. Фыдӕвзарӕнты мах дӕр суыдзыстӕм фӕлтӕрдджындӕр, уыдзӕн нӕм фылдӕр фӕразондзинад, нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидардӕр ӕмӕ тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм Иегъовӕйы рӕстаг фӕндӕгтӕн (Дзуттытӕм 5:8, 9; 12:11; Иаковы 1:2—4).

15. Зындзинӕдты фӕразон куы уӕм, уӕд уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?

15 Нӕ уагахаст иннӕтӕн ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззайдзӕн. Рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй цытӕ ’взарӕм, уый уынгӕйӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ, чи зоны, цасдӕры фӕстӕ бамбарой, ӕцӕг чырыстӕттӕ чи сты, уый ӕмӕ немӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувын райдайой. Кӕд афтӕ уа, уӕд уыдон дӕр хайджын уыдзысты ӕнусон царды хорздзинӕдтӕй (Матфейы 25:34—36, 40, 46). Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты фӕнды, цӕмӕй адӕм уыцы фадатӕй спайда кӕной.

16. Зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый иудзинады фарстаимӕ куыд баст у?

16 Куыд хорз уаид, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр афтӕ куы хъуыды кӕниккам, зӕгъгӕ нын ныр ис фадат, Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ йӕ фӕндон кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн цыдӕр саразынӕн. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгдӕр кӕй тырнӕм, цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады уӕм. Йесо Иегъовӕмӕ куывта ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕты тыххӕй дӕр: «Ӕрмӕст уыдон [йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгты] тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ уыдон дзырдӕй чи баууӕнда Мӕныл, уыдон тыххӕй дӕр: цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа иу: О, Мӕ Фыд, Ды Мемӕ куыд дӕ, ӕмӕ Ӕз Демӕ, уыдон дӕр афтӕ Немӕ иу куыд уой, цӕмӕй дунейы бауырна, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый» (Иоанны 17:20, 21, НФ).

17. Иегъовӕйыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

17 Иегъовӕйыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй. Йӕ Ныхасы нын дзуры: «Ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр ӕнтыстджын Хицауы хъуыддаджы, зонгӕйӕ, уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу Хицауы раз» (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Афтӕ ма дзы фыст ис: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Иаковы 5:11 та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕ, мах тӕхудиаг хонӕм, фӕразондзинад чи ӕвдыста, уыдоны. Сымах фехъуыстат Иовы фӕразондзинады тыххӕй ӕмӕ уымӕн йӕ кӕрон федтат Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД], уымӕн ӕмӕ Хицау [«Иегъовӕ», НД] у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг». Иовӕн йӕ кӕрон цы уыд? «Иегъовӕ та Иовы йӕ царды фӕстаг бонты схайджын кодта йӕ царды фыццаг бонтӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй» (Иов 42:10—16). О, Иегъовӕ, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны... хорзӕхджын кӕны» (Дзуттытӕм 11:6, НД). Ӕмӕ нӕм цы диссаджы хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый та! Ӕнусон цард дзӕнӕты зӕххыл!

18. Нӕ царды уӕззау мысинӕгтӕ ӕппынфӕстаг цы фӕуыдзысты?

18 Адӕм мин азты дӕргъы цы бӕллӕхтӕ баййӕфтой, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахады сӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн. Уӕд афтӕ амондджын уыдзыстӕм, ӕмӕ абон цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдон нӕ рох дӕр фӕуыдзысты. О, мах фервӕздзыстӕм нӕ царды уӕззау мысинӕгтӕй. Ног дунейы алы бон дӕр ӕрмӕстдӕр, зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕна, ахӕм хъуыддӕгтыл кӕй хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райа, ахӕм куыст кӕй кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ раздӕры уӕззау цард сабыргай ферох уыдзӕн. Иегъовӕ дзуры: «Мӕнӕ ӕз фӕлдисын ног арв [ног уӕларвон Паддзахад адӕмыл хицауиуӕг кӕнынӕн] ӕмӕ ног зӕхх [рӕстаг адӕмы ӕхсӕнад], раздӕр чи уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзысты. Фӕлӕ сымах хъӕлдзӕг ут, ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕнут, ӕз цы фӕлдисын, ууыл». О, Иегъовӕйы ног дунейы рӕстгӕнджытӕ зӕгъдзысты: «Ӕгас зӕхх дӕр сулӕфыд, ӕрӕнцад. Адӕмӕн хъуысы сӕ цины хъӕлӕба» (Исай 14:7; 65:17, 18).

Цыбыр афӕлгӕст

• Иегъовӕ фыддзинад кӕй уадзы, уымӕй куыд равдыста, йӕ номӕн стыр кад кӕй кӕны, уый?

• Хуыцау «масты дзӕкъултӕ» кӕй быхсы, уый махӕн цы ахъаз у?

• Нӕ хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 67 фарсыл]

Иегъовӕ «Иовы йӕ царды фӕстаг бонты схайджын кодта йӕ царды фыццаг бонтӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй».