Дӕсӕм сӕр
«Ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн», уыцы Паддзахад
1. Цы равдыста рӕстӕг?
ДУНЕЙЫ алы бон дӕр цытӕ цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, адӕмӕн хорз цард скӕнын кӕй нӕ бантыст. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ адӕмы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Иегъовӕ уа сӕ Хицау, ӕмӕ хицаудзинады бартӕ сӕхи къухтӕм райстой. Адӕм цынӕхуызон хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, фӕлӕ дзы иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ. Кӕд адӕм зонады ӕмбисонд фесты, уӕддӕр иу адӕймаджы дӕр нӕдӕр низтӕй бахызтой, нӕдӕр — мӕлӕтӕй. Адӕмы хицаудзинад ницы сарӕзта, цӕмӕй ма уа хӕстытӕ, фыдмитӕ, фыдракӕндтӕ, гӕртамхортӕ кӕнӕ мӕгуыртӕ. Ныронг дӕр бирӕ бӕстӕты дурзӕрдӕ хицӕуттӕ адӕмы хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадзынц (Екклесиаст 8:9). Техникӕ размӕ кӕй цӕуы, адӕмӕй та бирӕтӕ кӕй сзыд сты ӕмӕ цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый аххосӕй зӕхх, дон ӕмӕ уӕлдӕф чъизи кӕнынц. Хицауадӕн йӕ бон экономикӕ нывыл скӕнын кӕй нӕу, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕддаджы бонтӕ ӕрвитынц. Адӕм цалдӕр миназы дӕргъы куыд хицауиуӕг кодтой, уымӕй рабӕрӕг, «лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23).
2. Адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон чи скӕндзӕн?
2 Чи скӕндзӕн кӕрон ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕн? Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады тыххӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты афтӕ ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:9, 10). Хуыцауы уӕларвон Паддзахад 2 Петры 3:13 ӕвдыст у «ног арвӕй» ӕмӕ уый хицауиуӕг кӕндзӕн «ног зӕххыл», ома рӕстаг адӕмыл. Хуыцауы уӕларвон Паддзахадӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, хъусын кӕнгӕйӕ, Йесойӕн йӕ ныхас сӕйраджыдӕр ууыл уыди (Матфейы 4:17). Ӕмӕ нӕ царды дӕр уымӕй сӕйрагдӕр кӕй мацы хъуамӕ уа, уый бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад» (Матфейы 6:33, НФ).
3. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын абон цӕмӕн хъӕуы?
3 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын хъӕуы абон, уымӕн ӕмӕ тагъд уыцы Паддзахад, а-зӕххыл цы хицаудзинад ис, уый цӕхгӕр фӕивдзӕн. Данелы 2:44 загъд уыд: «Уыцы паддзӕхты [ныры хицауӕдты] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм [уӕларвон] паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн [адӕм никуыуал хицауиуӕг кӕндзысты зӕххыл]; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [ныры] паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ». Уыцы Паддзахад ацы фыддуне бынтондӕр фесафдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕрон ӕрцӕудзӕн ацы фӕстаг бонтӕн. Ӕмӕ уӕд ӕгас зӕххыл дӕр хицаудзинады бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн уӕларвон Паддзахад. Куыд бузныг хъуамӕ уӕм Хуыцауӕй, тагъд нӕ нӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй!
4. 1914 азы уӕларвы цы ’рцыд ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
4 1914 азы Йесо Чырысти ӕвӕрд ӕрцыд Паддзахӕй ӕмӕ йын бар ис, цӕмӕй «хицауиуӕг кӕна [йе] знӕгты ’хсӕн» (Псалом 109:1, 2). Раст уыцы азӕй райдыдтой ацы фыддунейы «фӕстаг бонтӕ» дӕр (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13). Уыцы рӕстӕджы ӕрцыдысты, Данел пехуымпарадон цӕстылуайӕны цы диссаджы хабӕрттӕ федта, уыдон. «Ӕвидигӕнусон», Иегъовӕ Хуыцау, радта адӕймаджы Фыртӕн, Йесо Чырыстийӕн, «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, [цӕмӕй] адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн кусой [лӕггад кӕной]». Уыцы цӕстылуайӕны тыххӕй ма Данел ныффыста: «Йе стыр хицауад у, ӕнусмӕ чи нӕ аивгъуыйдзӕн, ахӕм стыр хицауад, ӕмӕ Йӕ паддзахад никуы фехӕлдзӕн!» (Данелы 7:13, 14). Уыцы уӕларвон Паддзахады руаджы, Йесо Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Хуыцау рӕстзӕрдӕ адӕмы схайджын кӕндзӕн, фыццаг дыууӕ адӕймагӕн Дзӕнӕты цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонӕй.
5. Паддзахады тыххӕй нӕ цы фӕнды базонын ӕмӕ цӕмӕн?
5 Фӕнды дӕ дӕхи уыцы Паддзахады бӕрны бакӕнын? Кӕд о, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг фӕнды базонын, уыцы уӕларвон хицауады чи ис ӕмӕ куыд архайы, уый, афтӕ ма, ныртӕккӕ цы кусы, фидӕны цы сараздзӕн ӕмӕ дӕу цы кӕнын хъӕуы, уый дӕр. Уыцы Паддзахады тыххӕй цас фылдӕр базонай, уыйас ын тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Дӕхи йӕ бӕрны куы бакӕнай, уӕд хуыздӕр цӕттӕ уыдзынӕ, Хуыцауы Паддзахад коммӕгӕс адӕмӕн цы стыр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурынмӕ (Псалом 47:13, 14).
Хуыцауы Паддзахады хицӕуттӕ
6. а) Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ Мессианон Паддзахады руаджы чи хицауиуӕг кӕндзӕн? ӕ) Паддзахады тыххӕй цы базонӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
6 Фыццаджыдӕр базонӕн ис, Мессианон Паддзахады руаджы Иегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн, уый. Растдӕр Иегъовӕ радта йӕ Фыртӕн «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад». Хуыцауы Фырт Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд уӕлӕрвты фехъусынчындӕуыд: «Дунейыл паддзахдзинад ӕрцыд нӕ Хуыцауы [Иегъовӕйы] ӕмӕ Йӕ Чырыстийы къухмӕ, ӕмӕ Уый [Иегъовӕ] паддзахдзинад кӕндзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Раргомад 11:15, НФ). Уӕдӕ уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй цы базонӕм, уый руаджы ӕввахсдӕр кӕнӕм Иегъовӕимӕ. Уыцы зонындзинӕдтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм нӕхи йӕ бӕрны бакӕнынмӕ.
7. Иегъовӕйы минӕвар Йесо Чырысти кӕй у, уый нын уӕлдай ӕхсызгон цӕмӕн у?
7 Ахъуыды ма кӕнӕм ноджыдӕр, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы паддзахбадӕныл йӕ минӕварӕй кӕй сбадын кодта, ууыл дӕр. Зӕхх ӕмӕ адӕмы фӕлдисгӕйӕ, Йесо — «дӕсны кусӕг» — уыди Хуыцауы фарсмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕй хуыздӕр зоны, цы нӕ хъӕуы, уый. Уыимӕ ма, адӕмы рафӕлдисынӕй фӕстӕмӕ йӕ «зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ цы уыд, уый баст уыд зӕххон адӕмимӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31; Колоссӕгтӕм 1:15—17). Адӕмы афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ барвӕндӕй зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ йӕ цард мах тыххӕй ахӕстаргъӕн радта (Иоанны 3:16). Уый фӕрцы нӕ бон у тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын (Матфейы 20:28).
8. а) Зӕххон хицауӕдтӕй хъауджыдӕр Хуыцауы хицауад ӕнустӕм цӕмӕн лӕудзӕн? ӕ) Уӕларвон хицауад ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» ’хсӕн цы бастдзинад ис?
8 Хуыцауы Паддзахад у фидар, ӕнусон хицауад. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Иегъовӕ ӕнӕмӕлгӕ у (Аввакум 1:12). Зӕххон паддзӕхтӕй хъауджыдӕр, Йесо Чырысти, Хуыцау Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый дӕр у ӕнӕмӕлгӕ (Ромӕгтӕм 6:9; 1 Тимофеймӕ 6:15, 16). Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕнтыл ӕрбаддзысты 144 000 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы «алы фӕлтӕртӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ мыггӕгтӕй». Уыдонӕн дӕр лӕвӕрд цӕуы ӕнӕмӕлгӕ цард (Раргомад 5:9, 10; 14:1—4; 1 Коринфӕгтӕм 15:42—44, 53). Бирӕтӕ дзы ныр сты уӕлӕрвты, зӕххыл та ма дзы баззад чысыл къорд. Уыцы къордӕй у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр ӕмӕ уый зӕрдиагӕй размӕ кӕны Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ ам, зӕххыл (Матфейы 24:45—47).
9, 10. а) Хуыцауы Паддзахад кӕй зианхӕссӕг тӕфагӕн скӕндзӕн кӕрон? ӕ) Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ цӕмӕй ма суӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
9 Тагъд, йе снысангонд рӕстӕджы, Иегъовӕ рарвитдзӕн йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ, цӕмӕй зӕхх ӕвзӕрдзинадӕй ссыгъдӕг кӕной. Уыдон быныскъуыд скӕндзысты, Иегъовӕйы коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ Йесо Чырыстийы уылты цы сарӕзта, уымӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыцы адӕмы (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9). Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты Иегъовӕйы бон ӕмӕ уӕд сбӕлвырд уыдзӕн Дун-дунейы Хицау чи у, уый. «Мӕнӕ, ӕрхӕстӕг Иегъовӕйы бон пиллон арт уадзгӕйӕ ӕмӕ масты цӕхӕртӕ калгӕйӕ, цӕмӕй... [зӕххӕн] йӕ тӕригъӕдджынты фесафа» (Исай 13:9). «Уыцы бон у масты бон, фыдох ӕмӕ хъизӕмары бон, ӕмтъеры ӕмӕ гӕныстоны бон, тар ӕмӕ хъуынтъыз бон, асӕст ӕмӕ саудалынг бон» (Софони 1:15).
10 Хуыцау фесафдзӕн, ацы дунейы ӕнӕуынгӕ фыдхицау адӕмы йӕ ахӕсты кӕй руаджы дары, уыцы мӕнг динтӕ ӕмӕ уыцы зӕххон хицауӕдты ӕмӕ се ’фсӕдты. Ӕрмӕст йӕхи мӕт чи кӕны ӕмӕ ацы дунейау ӕнӕуаг цард чи кӕны, уыдон дӕр сӕ мӕлӕт ссардзысты. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы нал хъыгдардзысты, уымӕн ӕмӕ мин азы уыдзысты ахӕсты. Уӕд Хуыцауы Паддзахад зӕххыл хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн. Ехх, куыд сулӕфдзысты уӕд, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон! (Раргомад 18:21, 24; 19:11—16, 19—21; 20:1, 2).
Куыд сӕххӕст уыдзысты Хуыцауы Паддзахады нысӕнттӕ
11. а) Иегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый Мессианон Паддзахад кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕндзӕн? ӕ) Уӕд зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмӕн Хуыцауы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
11 Хуыцаумӕ иууыл райдианы зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыдис, уый Мессианон Паддзахад кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзӕн (Уӕвынад 1:28; 2:8, 9, 15). Ныронг адӕм Хуыцауы фӕндӕн ницы ахъаз кодтой. Фӕлӕ «суинаг зӕххондон» (НФ) басӕтдзӕн адӕймаджы Фырт Йесо Чырыстийӕн. Иегъовӕ ацы зӕронд дунейыл йӕ рӕстаг фыдӕх куы ныккала, уӕд чи фервӕза, уыдон уӕхски-уӕхск кусдзысты Паддзах Чырыстийы разамындӕй ӕмӕ йын йӕ амындтӕм ӕхсызгонӕй хъусгӕйӕ ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скӕндзысты (Дзуттытӕм 2:5—9). Алчидӕр райгонд уыдзӕн йӕ куыстӕй ӕмӕ йӕ мондӕгтӕ суадздзӕн, зӕхх цы хъӕздыг тыллӕг дӕтдзӕн, уымӕй (Псалом 71:1, 7, 8, 16—19; Исай 65:21, 22).
12. Йӕхи Хуыцауы Паддзахады бӕрны чи бакӕна, уыдон зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст куыд суыдзысты?
12 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд алцӕмӕй дӕр уыдысты ӕххӕст. Се Сфӕлдисӕджы фӕндыд, цӕмӕй сӕ цот — зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст чи уыдаид, уыдон — зӕххыл сбирӕ уыдаиккой. Уыцы фӕнд диссаджы хуызы сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады разамындӕй. Уый тыххӕй та хъуамӕ тӕригъӕдӕн йӕ фӕд дӕр мауал баззайа, ӕмӕ растдӕр уымӕн у Чырысти канд Паддзах нӕ, фӕлӕ ма Хистӕр Сауджын дӕр. Йесо цадӕггай ӕххуыс кӕндзӕн йӕ коммӕгӕс адӕмӕн, цӕмӕй сын пайда ӕрхӕсса, тӕригъӕдӕй балхӕнынӕн йӕ зӕххон цард нывондӕн кӕй радта, уый.
13. Хуыцауы Паддзахады хицаудзинад адӕмы ӕнӕниздзинадыл куыд фӕзындзӕн?
13 Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн сӕ низтӕ фесафдзӕн. «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых фестдзӕн саджы хуызӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг зардзӕн» (Исай 35:5, 6). Азтӕ кӕнӕ низы аххосӕй йӕ буар кӕмӕн бампылд, сфыдынд, уыдонӕн сӕ буар сывӕллоны буарӕй хуыздӕр суыдзӕн, низтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, алкӕмӕндӕр уыдзӕн фидар ӕнӕниздзинад. «Уадз йӕ буар суӕд, йе ’взонджы бонтӕй хуыздӕр; ӕмӕ уадз ӕвзонгӕй куыд уыд, афтӕ та фӕстӕмӕ суӕд» (Иов 33:25). Ахӕм бон ралӕудзӕн, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн, «ӕз рынчын дӕн», зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕфсарм кӕмӕ ис, уыцы адӕм фервӕздзысты тӕригъӕды уаргъӕй ӕмӕ, тӕригъӕды фыдӕй цы ӕвирхъау хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдонӕй дӕр (Исай 33:24; Лукайы 13:11—13). О, «ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).
14. Адӕймаг ӕххӕст кӕй уыдзӕн, уый цӕуыл дзурӕг у?
14 Фӕлӕ адӕймаг ӕххӕст кӕй уыдзӕн, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕрмӕст буарӕй ӕмӕ зондӕй уыдзӕн ӕнӕниз. Адӕймагӕн ма хъуамӕ йӕ удыхъӕды сфидар уой Иегъовӕйы миниуджытӕ, уымӕн ӕмӕ мах конд стӕм «Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн» (Уӕвынад 1:26). Уый тыххӕй та хъӕуы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Ног дунейы «рӕстад... бацӕрдзӕн». Раст Исай куыд загъта, афтӕ «хъӕздыг зӕххы цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл» (2 Петры 3:13, НФ; Исай 26:9). Рӕстдзинад ахъаз у, цӕмӕй алы адӕмты ’хсӕн, ӕрдхӕрдты ’хсӕн, бинонты ’хсӕн ӕмӕ, иууыл сӕйрагдӕр та, мах ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн уа фарн (Псалом 84:11—14; Исай 32:17). Рӕстдзинадыл чи ахуыр кӕны, уыдон хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбардзысты, Хуыцауы раз сыл цы хӕс ис, уый. Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы бауарзой, уӕд сӕ царды алы фӕзилӕны дӕр архайдзысты йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ алцыдӕр араздзысты, уый куыд аразы, афтӕ. Уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн Йесойау зӕгъын: «Ӕз, [мӕ Фыдӕн] ӕхцон цы у, кӕддӕриддӕр уый аразын» (Иоанны 8:29, «Мах дуг» №5, 1992). Ӕмӕ алчидӕр афтӕ куы араза, уӕд цард дӕр хорз куыннӕ уыдзӕн!
Ныридӕгӕн цы сарӕзта
15. Ацы абзацы цы фарстытӕ ис, уыдоны ӕххуысӕй радзур, Хуыцауы Паддзахад цы сарӕзта, уый ӕмӕ бамбарын кӕн, ныридӕгӕн нӕ цы аразын хъӕуы, уый.
15 Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ, йӕ бӕрны йӕхи чи бакодта, уыдонӕн сӕ къухы цы стыр хъуыддӕгтӕ бафтыд, уый бӕрӕг у. Дӕлдӕр цы фарстытӕ ӕмӕ библион стихтӕ ис, уыдон дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ. Афтӕ ма фендзыстӕм, уыцы Паддзахады бӕрны йӕхи чи бакодта, уыдонӕн ныридӕгӕн сӕ бон цы у ӕмӕ цы хъуамӕ аразой, уый дӕр.
Хуыцауы Паддзахад фыццаг кӕй ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта? (Раргомад 12:7—10, 12).
Чырысти паддзахбадӕныл куы ӕрбадти, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕйраджыдӕр цавӕр къорды уӕнгтӕ ӕмбырд кӕнынц? (Раргомад 14:1—3).
Матфейы 25:31—33 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй, стыр утӕхсӕн куы райдайа, уӕд Йесо цы араздзӕн?
Цавӕр цӕттӕгӕнӕн куыст цӕуы абон? Чи дзы архайы? (Псалом 109:3; Матфейы 24:14; Раргомад 14:6, 7).
Хицауад ӕмӕ дины кусджытӕн сӕ бон цӕуылнӕ у хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕнын? (Захари 4:6; Куыстытӕ 5:38, 39).
Йӕхи Хуыцауы Паддзахады бӕрны чи бакӕны, уыдон цавӕр ивддзинӕдтӕ саразынц сӕ царды? (Исай 2:4; 1 Коринфӕгтӕм 6:9—11).
Миназон Паддзахад
16. а) Цас хицауиуӕг кӕндзӕн Чырысти? ӕ) Цавӕр диссаджы хъуыддӕгтӕ цӕудзӕн уыцы рӕстӕджы ӕмӕ уый фӕстӕ?
16 Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ ӕнӕбын арфмӕ ӕппӕрст куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмбындары мин азы кӕндзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынты куыст (Раргомад 20:6). Уыцы рӕстӕджы дӕргъы адӕмы ӕркӕндзысты ӕххӕстдзинадмӕ, тӕригъӕд ӕмӕ Адамы мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Миназон хицаудзинады фӕстӕ, Йесо Мессианон Паддзах ӕмӕ Сауджыны хӕс куы сӕххӕст кӕна, уӕд паддзахад ратдзӕн йӕ Фыдмӕ, «цӕмӕй алкӕмӕндӕр алкӕй бӕсты дӕр Хуыцау уа» (1 Коринфӕгтӕм 15:24—28, НД). Уӕд Иегъовӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ рауадздзӕн Сайтаны, цӕмӕй бафӕлвара, тӕригъӕдӕй цы адӕм ссӕрибар сты, уыдон Иегъовӕйыл ӕцӕг ӕнувыд сты ӕви нӕ. Уыцы фӕстаг фӕлварӕны фӕстӕ Иегъовӕ фесафдзӕн Сайтаны ӕмӕ йӕ фарс чи ӕрлӕууа, уыцы змӕнтджыты (Раргомад 20:7—10). Иегъовӕйы рӕстаг хицаудзинады фарс чи уа, уыдон кӕронмӕ сбӕлвырд кӕндзысты, ӕцӕгӕй йыл ӕнувыд кӕй сты, уый. Уӕд суыдзысты Иегъовӕйы ӕцӕг фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард (Ромӕгтӕм 8:21).
17. а) Мин азы фӕуды уӕларвон Паддзахад цы фӕуыдзӕн? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад «никуы фехӕлдзӕн»?
17 Уыйадыл, Йесо ӕмӕ уыцы 144 000 ӕмпаддзахӕн зӕххон хъуыддӕгты уӕдмӕ цы ахадындзинад уыдис, уый нал уыдзӕн. Цы кусдзысты уый фӕстӕ та? Библи нын уый тыххӕй ницы дзуры. Фӕлӕ Иегъовӕйы хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд Миназон хицаудзинады фӕуды уыдзыстӕм ӕгас ӕмӕ базондзыстӕм, Иегъовӕ сын цы ’рцӕттӕ кодта, уый. Ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма ацы ӕгӕрон дун-дуне цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уый дӕр. Куыдфӕнды ма уа, Чырыстийы миназон хицауиуӕгад уыдзӕн «ӕнусмӕ» ӕмӕ йӕ Паддзахад «никуы фехӕлдзӕн» (Данелы 7:14). Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Афтӕ ӕмӕ, ӕндӕр фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм искӕмӕн паддзахиуӕг кӕныны бар нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн Хицау. Стӕй ма Паддзахад «никуы фехӕлдзӕн», уымӕн ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕ уыдзысты ӕнусмӕ (Данелы 2:44). Мессианон Паддзах ӕмӕ Сауджын ӕмӕ йе ’мпаддзах-ӕмсауджынтӕ та Иегъовӕйӕн ӕнувыдӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй ӕнусмӕ уыдзысты кады аккаг.
Цыбыр афӕлгӕст
• Адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн скӕндзӕн кӕрон? Хуыцауы Паддзахады Паддзах хицаудзинады бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста?
• Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ уый цы хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ иууыл тынгдӕр цы цӕуы?
• Хуыцауы Паддзахад ныридӕгӕн цы сарӕзта ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты махӕн цы ахадындзинад ис?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 92, 93 фарсыл]
Хуыцауы ног дунейы адӕм иууылдӕр сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл.