Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейӕн йӕ фӕндаг кӕдӕм у?

Ацы дунейӕн йӕ фӕндаг кӕдӕм у?

Лӕг алы бон дӕр цынӕ зӕрдӕриссӕн хабӕрттӕ ӕмӕ куырмӕлхынцъ фарстаты тыххӕй нӕ фехъусы дунейы алы рӕттӕй! Цымӕ уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?

АДӔЙМАДЖЫ ӔДАСДЗИНАД. Базарты рӕмудзӕнтӕ бавӕрынц ӕмӕ схӕцынц. Скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты багӕрах кӕнынц. Гыццыл сывӕллӕтты давынц ныййарджытӕн сӕ тӕккӕ разӕй: ӕрмӕст иуырдӕм фӕкӕс — ӕмӕ саби нал ис. Бонсихорафон фыдгӕнджытӕ сылгоймӕгты ӕмӕ зӕрӕдты стигъынц.

ДИНЫ УАВӔР. Аргъуантӕ ахъаз кӕнынц хӕсты архайджытӕн. Дины разамонджытӕм уыцы азым хӕссынц, ӕнӕхъӕн адӕмтӕ кӕнӕ къордтӕ цӕгъдыны хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй не сты. Сауджынтӕ тыхми кӕнынц сывӕллӕттӕн, аргъуантӕ та сын сӕ фӕдтӕ ӕмбӕрзынц. Аргъуанмӕ цӕуджыты нымӕц кӕны къаддӕрӕй-къаддӕр, аргъуанты бӕстыхӕйттӕ уӕй кӕнынц.

ӔРДЗ. Фырӕхцамондагӕй хъӕдыл калынӕй нӕ ауӕрдынц. Мӕгуыр адӕм хъӕд, бӕлӕстӕ сугӕн цӕгъдынц. Зӕххыбын дӕттӕ сты чъизи, нал бӕззынц нуазынӕн. Куыстуӕтты хауӕццӕгтӕ цӕугӕдӕттӕм ӕмӕ фурдтӕм кӕй калынц, стӕй бирӕтӕ кӕсагахсыны куыст куыд кӕнынц, уый фыдӕй кӕсӕгты мыггаг скъуыйы. Ӕрдз, уӕлдӕф афтӕ счъизи, ӕмӕ дзы улӕфӕн нал ис, адӕймаг дзы хуыдуг кӕны.

ЦАРДАМӔЛТТӔ КӔНЫН. Африкӕйы Сахарӕйы хуссарырдыгӕй афӕдзы мидӕг алы удгоймагмӕ дӕр ӕфтиаг хауы тынг гыццыл. Стыр куыстуӕтты хицӕуттӕ ӕфсис кӕй нӕ зонынц, уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгтӕ ныссуйтӕ вӕййынц, ӕмӕ мингай адӕймӕгтӕ ӕнӕ куыстӕй баззайынц. Адӕм бахъуаджы сахатмӕ банчы цы ӕхцатӕ февӕрынц, уыдон сын цӕстфӕлдахджыты азарӕй ӕрбайсӕфынц.

ХӔРИНАГ ФАГ НӔЙ. Дунейы мидӕг 800 милуан адӕймаджы алы бон дӕр схуыссынц ӕххормагӕй.

ХӔСТЫТӔ. XX ӕнусы хӕсты азар басыгъта 100 милуан адӕймагӕй фылдӕры. Ныртӕккӕ дунейы цы ядерон хӕцӕнгарз ис, уымӕй ӕппӕт адӕмы дӕр фесафӕн ис иу хатт нӕ, фӕлӕ бирӕ хӕттыты. Цӕуы мидбӕстон хӕстытӕ. Терроризм йӕ дзӕмбыты дары ӕгас зӕххы къори дӕр.

ФЫДРЫНТӔ ӔМӔ ӔНДӔР НИЗТӔ. 1918 азы сыстад грипп «испанкӕ»; уый ахаста 21 000 000 адӕймаджы цард. Ныртӕккӕ СПИД у, «адӕймаг зӕххыл кӕдӕй цӕры, уӕдӕй ардӕм тӕккӕ ӕгъатырдӕр цӕгъдӕгниз». Рак ӕмӕ зӕрдӕйы низтӕ дудгӕ маст хӕссынц адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр.

Ацы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ма ахъуыды кӕн. Мыййаг, иу ран кӕмдӕр чи ӕрцыд, ахӕм цаутӕ сты? Ӕви сӕ ӕгас дунейы дӕр уынӕм? Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы афтӕ у?

[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]

Хуыцау ныл ӕцӕг тыхсы?

Адӕм утӕппӕт ӕнамонд хабӕрттӕ кӕй хъусынц кӕнӕ та сӕхи сӕр цы маст ӕмӕ дудгӕбӕттӕ ӕвзары, уымӕй афтӕ стыхстысты, ӕмӕ бирӕтӕ фӕрсынц, Хуыцау нӕм афтӕ куыд кӕсы, цӕуылнӕ исты бакӕны, зӕгъгӕ.

Хуыцау ныл бӕгуыдӕр тыхсы. Хуыцау нын ныридӕгӕн амоны раст фӕндаг царды ӕмӕ нын дӕтты ӕцӕг удӕнцой (Матфейы 11:28—30; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уый бындур ӕрӕвӕрдта тыхдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт бынтондӕр фесафынӕн. Нӕ цардамондӕн цы аразы, уымӕй бӕрӕг у, ӕрмӕст иу кӕцыдӕр адӕмыхаттыл кӕй нӕ тыхсы, фӕлӕ алы адӕймагыл дӕр — цыфӕнды адӕмыхатт кӕнӕ знӕмӕй ма уа, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура (Куыстытӕ 10:34, 35).

Мах та — хъуыды кӕнӕм Хуыцауы хъуыддӕгтыл? Зоныс, чи у арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг? Куыд у йӕ ном? Цавӕр фӕндтӕ йӕм ис? Ацы фарстытӕн нын йӕхӕдӕг дзуапп дӕтты Библийы. Уым нын дзуры, цы аразы тыхдзинад йӕ бындзарӕй стонынӕн, стӕй уӕд низтӕ ӕмӕ мӕлӕт фесафынӕн. Цӕмӕй йӕ хорздзинӕдтӕй махӕн дӕр хай уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Мах базонын хъӕуы, чи у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндтӕ ис. Уӕвгӕ, Хуыцауыл куы нӕ ӕууӕндӕм, уӕд нын, мах сӕраппонд цы сарӕзта, уый куыд хъуамӕ фӕахъаз уа? (Иоанны 3:16; Дзуттытӕм 11:6). Афтӕ ма нӕ хъӕуы, цы нын дзуры, уымӕ хъусын дӕр (1 Иоанны 5:3). Хуыцауы уыйбӕрц нымайыс, ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай?

Ныртӕккӕ дунейы цытӕ цӕуы, уымӕ Хуыцау афтӕ цӕмӕн кӕсы, уый базонынӕн мах бамбарын хъӕуы иу ахсджиаг фарста. Уыцы фарста нын халы Библи. Биноныг ыл дзырдӕуы 15-ӕм фарсыл.