Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Тӕрхоны сахат» ӕрцыд

«Тӕрхоны сахат» ӕрцыд

БИБЛИЙЫ фӕстаг чиныг Раргомад нын дзуры, арвы астӕуты чи фӕтӕхы, уыцы зӕдмӕ кӕй ис «мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕна». Зӕд хъӕрӕй дзуры: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта [«ӕрцыд», НФ] Йӕ тӕрхоны сахат» (Раргомад 14:6, 7). Уыцы «тӕрхоны сахатмӕ» хауы Хуыцауы тӕрхонӕн йӕ фехъусын кӕнын дӕр ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнын дӕр. «Сахат» рӕстӕджы хӕрз цыбыр ӕмгъуыд у. Тӕрхон ӕххӕст кӕнын райдайдзӕн, мах цы «фӕстаг бонты» цӕрӕм, уыдонӕн сӕ тӕккӕ кӕрон (2 Тимофеймӕ 3:1).

«Тӕрхоны сахат» ӕцӕг хорз хабар у, рӕстад чи уарзы, уыдонӕн. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ уӕд Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн, ацы тыхмондаг, фыдӕх дуне сын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, уыдонӕй.

Цалынмӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфт ӕмӕ ууыл «тӕрхоны сахат» нӕ фӕци, уӕдмӕ нӕм Библи сиды: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад». Ды афтӕ кӕныс? Уый тыххӕй, мӕн Хуыцау уырны, зӕгъгӕ, зӕгъын фаг нӕу (Матфейы 7:21—23; Иаковы 2:19, 20). Кӕд ӕмӕ нӕм Хуыцауы тас ӕцӕгдӕр ис, уӕд дзы хъуамӕ аргъуыц кӕнӕм. Хуыцауы тас нӕ хъуамӕ ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмгӕрон ма уадза (Ӕмбисӕндтӕ 8:13). Хъуамӕ нын, хорз цы у, уый уарзын кӕна — ӕвзӕрдзинад та нын кӕна ӕнӕуынон (Амос 5:14, 15). Кӕд ӕмӕ Хуыцауы нымайӕм, уӕд ӕм лӕмбынӕг хъусдзыстӕм, йӕ алы ныхасӕн дӕр ын аргъ кӕндзыстӕм. Мах ӕндӕр хъуыддӕгтыл афтӕ не суыдзыстӕм, ӕмӕ йын алы бон дӕр йӕ Ныхас, Библи, ма кӕсӕм. Стӕй ӕппынӕдзух, алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардзыстӕм ууыл (Псалом 61:9; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Ӕцӕг ын чи аргъ кӕны, уыдон ӕмбарынц, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг кӕй у, нымайынц ӕй Дунедарӕг Стыр Хуыцауыл, сӕ ӕххӕстбарджын Хицауыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ цард барвӕндӕй кӕнынц йӕ бар. Кӕд уый ӕмбарӕм, ӕмӕ нӕ ацы хъуыддӕгтӕм нӕ хъус лӕмбынӕгдӕр хъӕуы ӕрдарын, уӕд фӕстӕ мауал кӕнӕм.

Зӕд цы тӕрхон сӕххӕст кӕныны рӕстӕджы кой кодта, уый ма зонӕм «Иегъовӕйы бонӕй» дӕр. Ахӕм тӕрхоны бон н. э. агъоммӕ 607 азы баййӕфта Иерусалимы, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, Иегъовӕ сӕ йӕ пехуымпарты уылты цӕмӕй фӕдзӕхста, уый. Афтӕ кӕй хъуыды кодтой, Иегъовӕйы бон нырма тагъд нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕй сӕ цард сӕхӕдӕг карды комыл ӕвӕрдтой. Иегъовӕ сӕ фӕдзӕхста: «Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Софони 1:14). «Иегъовӕйы бон» ма уыдис ноджы иу хатт — н. э. агъоммӕ 539 азы, ӕмӕ уӕд та баййӕфта Вавилоны (Исай 13:1, 6). Вавилоны цӕрджыты сӕ фидӕрттӕ ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕй уыди ахӕм стыр ныфс, ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы пехуымпартӕ цӕмӕй фӕдзӕхстой, уый ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ хъомысджын Вавилон мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ басастой иу ӕхсӕвмӕ.

Абон махмӕ та цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Ӕндӕр, ноджы стырдӕр «Иегъовӕйы бон» (2 Петры 3:11—14). Хуыцау Стыр Вавилонӕн цы тӕрхон скодта, уый хъуыстгонд цӕуы. Раргомады 14:8 (НФ) зӕд уӕларвӕй дзуры: «Бабын, бабын стыр сахар Вавилон». Уыцы хабар ӕрцыд, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕм нал хъӕуы. Стыр Вавилонӕн йӕ бар нал цӕуы Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмыл. Алчидӕр ӕй уыны, уый йӕхӕдӕг кӕй у уӕййаг, йӕ къухтӕ кӕй сты хӕстыты туджы ӕвдылд. Ныр та тӕккӕ къӕсӕрыл ис, зӕххы цъарӕй йӕ кой бынтондӕр куы фесӕфдзӕн, уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библи сиды адӕммӕ алкуыдӕр: «Рацу уымӕй [Стыр Вавилонӕй], Мӕ адӕм, цӕмӕй сымах йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын ма уат ӕмӕ ма бахауат йӕ хъӕдгӕмтты; уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты арвмӕ, ӕмӕ Хуыцау ӕрхъуыды кодта йӕ ӕнӕрӕстдзинӕдтӕ» (Раргомад 18:4, 5).

Цы у Стыр Вавилон? Кӕддӕры Вавилоны бӕрджытӕ цыдӕриддӕр динтыл ис, уыдон иумӕ райсгӕйӕ (Раргомады чиныг, 17, 18 сӕртӕ). Ӕркӕсӕм, се ’хсӕн ӕмхуызонӕй цы ис, уымӕ:

• Рагон Вавилоны дзуарылӕгтӕ фӕстӕ нӕ лӕууыдысты паддзахады политикон хъуыддӕгты. Раст афтӕ сты абоны динтӕй дӕр бирӕтӕ.

• Вавилоны дзуарылӕгтӕ-иу арӕх уыдысты хӕстӕндзарджытӕ. Абон дӕр адӕмты ’хсӕн хӕст куы бацайдагъ вӕййы, уӕд арӕх ӕфсӕддонты «рӕствӕндаггӕнджытӕй» фыццаг вӕййы дин.

• Рагон Вавилон йӕ динахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй йӕ адӕмы уымӕ ӕркодта, ӕмӕ быныхӕлд фесты. Абон дӕр динты разамонджытӕ Библийы ӕвӕрд ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы бӕрцбарӕнтыл сӕ къух ауыгътой, ӕмӕ дины кусджытӕ дӕр ӕмӕ аргъуантӕм цӕуӕг адӕм дӕр, худинаг цы у, уый нал зонынц. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Стыр Вавилон дунеимӕ ӕмӕ паддзахӕдтимӕ йӕхи хӕтаг, уӕййаг сылгоймагау кӕй дары, уый тыххӕй йӕ Раргомады чиныг хонгӕ дӕр афтӕ кӕны — хъахбай.

• Библи ма афтӕ дӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, Стыр Вавилон йӕхицӕн цӕры «фырхъӕздыгӕй», ӕфсарм нӕ зонгӕйӕ. Кӕддӕр Вавилоны кувӕндӕттӕ сӕхи бакодтой бӕстӕйы стыр зӕххытӕ, ӕмӕ дзуарылӕгтӕ систы сӕудӕджерадон хъуыддӕгты фыццӕгтӕ. Кувӕн бӕстыхӕйттӕй дарддӕр ма Стыр Вавилонӕн абон уӕрӕх авналӕнтӕ ис базарады дӕр. Йӕ динахуырӕдтӕ ӕмӕ йӕ бӕрӕгбӕттӕй стыр ӕхца ӕфты канд йӕхимӕ нӕ, фӕлӕ ма дунейы цы ӕхцайыкуыстгӕнджытӕ ис, уыдонмӕ дӕр.

• Кӕддӕр Вавилоны адӕм табу кодтой гуымирцыртытӕн, дзуарнывтӕн, уыди дзы бирӕ дӕснытӕ, хингӕнджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, ӕмӕ уый бирӕ рӕтты абон дӕр афтӕ у. Вавилоны адӕмы уырныдта, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ахизы ӕндӕр цардмӕ. Вавилон йемыдзаг уыди йӕ хуыцӕуттӕ ӕмӕ бардуӕгты номыл стыр ӕмӕ чысыл кувӕндӕттӕй, фӕлӕ вавилойнӕгтӕ лӕууыдысты Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы ныхмӕ. Гъе ӕмӕ уыцы динуырнынӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг дары Стыр Вавилон дӕр.

Иегъовӕйы зонгӕ-зонын чи нӕ нымадта, йӕ фӕндон ын чи ницӕмӕ дардта, уыдоныл-иу йӕ фыдӕх ныккалдта хъомысджын, хӕцӕг адӕмты къухӕй. Цӕвиттон, н. э. агъоммӕ 740 азы Самари бабын кодтой ассирийӕгтӕ. Иерусалим та н. э. агъоммӕ 607 азы гӕныстон фӕци вавилойнӕгты къухӕй ӕмӕ йӕ н. э. 70 азы та ныппырх кодта Ром. Уӕвгӕ Вавилон йӕхӕдӕг дӕр нӕ аирвӕзт: н. э. агъоммӕ 539 азы йӕ мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ басастой. Библимӕ гӕсгӕ хъуыддаг абон та афтӕ у, ӕмӕ дунейы хицауӕдтӕ хъӕддаг сырдау сӕхи ныццӕвдзысты «хъахбайыл» ӕмӕ йӕ сбӕгънӕг кӕндзысты — равдисдзысты йын йӕ ӕцӕг цӕсгом. Ӕмӕ йӕ бынтондӕр фесафдзысты, йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 17:16, НФ).

Цымӕ дунейы хицауӕдтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакӕндзысты? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй сын уыцы хъуыды «Хуыцау... [сӕ] зӕрдӕйы сӕвӕрдзӕн» (Раргомад 17:17). Уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый развӕлгъау базонӕн нӕ уыдзӕн, стӕй хъуыддаг уымӕ сындӕггай не ’рцӕудзӕн — уый уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, дуне дзы арвыцӕфау фӕуыдзӕн.

Дӕу цы бакӕнын хъӕуы? Ахъуыды кӕн: «Стыр Вавилоны гакк кӕуыл ис, йӕ динуырнынӕдтӕ ӕмӕ йӕ митӕй хъӕстӕ чи у, уыцы динтӕй ма искӕцыимӕ баст дӕн?» Кӕд нӕ, уӕддӕр дӕхи бафӕрс: «Мӕ цард Стыр Вавилоны зондӕй нӕ аразын?» Ӕмӕ цавӕр у йӕ зонд? Ӕгъдау кӕй сӕфы, уый йӕм ницы кӕсы, Хуыцауы уыйас нӕ уарзы, мулк ӕмӕ ӕнцойдзардуарзаг цас у. Стӕй Иегъовӕйы Ныхасы цы фыст ис (гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр уӕнт), уый зонгӕ-зонын ницӕмӕ дары. Уӕдӕ цавӕр дзуапп ратдзынӕ, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн.

Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы хорзӕх уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕй дӕр бӕрӕг уа, Стыр Вавилонимӕ нын иумӕйагӕй ӕцӕгдӕр кӕй ницы ис. Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ абон-райсом кӕнӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы — кӕрон ӕмбойны ӕрцӕудзӕн. Мах кӕсӕм: «Ахӕм зыввыттӕй ӕрӕппардзысты дӕлӕмӕ Вавилоны, стыр сахары, ӕмӕ йӕ нал ссардзысты» (Раргомад 18:21, НФ).

Фӕлӕ тӕрхоны сахат ууыл нӕ фӕуыдзӕн. «Тӕрхоны сахат» ма Иегъовӕ Хуыцау дзуапп ӕрдомдзӕн, зӕххы къорийыл чидӕриддӕр политикӕимӕ баст у, уыдонӕй. Паддзахӕдты сӕргълӕуджытӕй дӕр ӕмӕ, дунейы ӕххӕстбарджын Хицау Иегъовӕ кӕй у, уый нымады кӕмӕ нӕй,— Йесо Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн ис, йӕхи уыцы уӕларвон Паддзахады дӕлбар чи нӕ кӕны,— уыдонӕй алкӕмӕй дӕр (Раргомад 13:1, 2; 19:19—21). Данелы 2:20—45 цы пехуымпарадон цӕстылуайӕны кой цӕуы, уым сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыгӕй конд гуымирцырты хуызы ӕвдыст цӕуынц дунейы паддзахӕдтӕ рагон Вавилоны замантӕй суанг абоны онг. Нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпарад дзуры: «Уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн, ахӕм паддзахад». Ӕмӕ уыцы Паддзахад Иегъовӕйы «тӕрхоны сахат» цы сараздзӕн, уый фӕдыл Библи зӕгъы: «Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [адӕймаджы конд] паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44).

Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты Библи фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, ма уарзут, «дунейы цы ис, уый» — ӕцӕг Хуыцауӕй иппӕрд дуне нын кӕй хъары, уыцы цардыуаг (1 Иоанны 2:15—17). Ӕгасӕй дӕр Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй дӕ, уый дӕ фӕндтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у? Ӕцӕгдӕр у дӕ бон зӕгъын, ӕмӕ дын царды уымӕй сӕйрагдӕр ницы ис? (Матфейы 6:33; Иоанны 17:16, 17).

[Рамкӕ 14 фарсыл]

Кӕрон кӕд уыдзӕн?

«Кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:44).

«Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр бон, нӕдӕр сахат» (Матфейы 25:13).

«Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3).

[Рамкӕ 14 фарсыл]

Куы йӕ зонис, уӕд уымӕй исты фӕивид?

Зӕгъгӕ йӕ зоныс, цалынмӕ Хуыцау ацы дунейыл йӕ фыдӕх ныккала, уӕдмӕ нырма къорд азы хъӕуы, уӕд — дӕ цард ныртӕккӕ куыд аразыс, дарддӕр дӕр ӕй афтӕ аразис? Кӕд ацы зӕронд дунейӕн йӕ кӕрон, ды куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, афтӕ тагъд не ’рцыд, уӕд, мыййаг, уый тыххӕй Иегъовӕйӕн раздӕры хуызӕн нал лӕггад кӕныс? (Дзуттытӕм 10:36—38).

Ӕмгъуыды бон кӕй нӕ зонӕм, уый нын дӕтты, Хуыцауӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый равдисыны фадат. Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый чи зоны, уыдон ӕй хорз ӕмбарынц, адӕймаг фӕстаг уысм цыфӕнды куы бацӕуа йӕ удӕй, уӕддӕр зӕрдӕтӕ уынӕг Хуыцауы зӕрдӕ кӕй нӕ балхӕндзӕн (Иереми 17:10; Дзуттытӕм 4:13).

Иегъовӕйы ӕцӕгӕй чи уарзы, уыдонӕн царды мидӕг уымӕй сӕйрагдӕр ничи ӕмӕ ницы у. Иннӕ адӕмӕй хъауджыдӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ӕнӕ кусгӕ не сты. Фӕлӕ уымӕ нӕ тырнынц, ӕмӕ хъӕздыг суой — куыст сӕ уымӕн хъӕуы, цӕмӕй хӕринаг ӕмӕ дзаума цух ма ӕййафой, стӕй ма сӕм иннӕтӕн фӕхай кӕнынӕн дӕр гыццыл исты уа (Ефесӕгтӕм 4:28; 1 Тимофеймӕ 6:7—12). Уӕдӕ сӕхи дӕр куыннӕ аирхӕфсынц, искуыдӕм дӕр куыннӕ ацӕуынц, фӕлӕ уый охыл нӕ, ома мах дӕр иннӕ адӕмӕй фӕсте ницӕмӕй зайӕм, зӕгъгӕ — ӕнӕуи сӕ сӕ фӕллад суадзын фӕфӕнды (Маркы 6:31; Ромӕгтӕм 12:2). Йесо Чырыстийау уыдонӕн дӕр се стырдӕр цин у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Псалом 36:4; 39:9).

Ӕцӕг чырыстӕтты фӕнды ӕнустӕм цӕрын ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ сӕ кӕд уымӕ, цас ӕнхъӕл уыдысты, уымӕй гыццыл фылдӕр хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр уыцы диссаджы ныфс йӕ аргъ нӕ сафы.

[Рамкӕ/Ныв 15 фарсыл]

Чи у Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау?

Зӕххыл адӕм цы маст ӕмӕ хъизӕмар ӕвзарынц, уымӕ Хуыцау афтӕ цӕмӕн кӕсы, уый бамбарынӕн мах хъӕуы, Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау чи у, уый фӕдыл дзырддаг фарста райхалын.

Иегъовӕ у Сфӕлдисӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕххӕн дӕр ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдонӕн дӕр у сӕ ӕххӕстбарджын Хицау. Фӕлӕ Библийӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй раджы, адӕмы царды райдианы, уыцы хъуыддаг сси дзырддаг. Сайтан Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ адӕмӕн сӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ къухтӕ бӕтты; зӕгъгӕ, Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахизой ӕмӕ сӕхи фӕндыл куы ацӕуой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕй сӕ сайгӕ акодта — ӕнӕ Хуыцауӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн куы уой хицау, уӕд сын бирӕ хуыздӕр уыдзӕн (Уӕвынады чиныг, 2, 3 сӕртӕ).

Зӕгъгӕ, Хуыцау змӕнтджыты ӕмбойны ӕрбайсӕфта, уӕд уымӕй йӕ тых, ай-гъайдӕр, равдыстаид, фӕлӕ уыцы дзырддаг фарстатӕ лыггонд не ’рцыдаиккой. Уӕдӕ сӕ уыцы тӕккӕ фесафыны бӕсты Иегъовӕ ӕппӕт хъуыдыхъом удгоймӕгтӕн дӕр радта, йӕ ныхмӕ рацӕуын цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый сӕхи цӕстӕй феныны фадат. Ӕмӕ кӕд уый бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕрхаста, уӕддӕр уый фӕрцы рантыстыстӕм дунемӕ мах дӕр.

Уымӕй дарддӕр, Иегъовӕ адӕмы сӕрвӕлтау йӕ уды стыр хардзӕй йӕ Фырты нывондӕн радта, цӕмӕй уыцы нывондыл ӕууӕндӕг ӕмӕ коммӕгӕс адӕм тӕригъӕд, ӕмӕ тӕригъӕд нӕ цардмӕ ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ӕрхаста, уыдӕттӕй фервӕзой ӕмӕ Дзӕнӕты цӕрой. Чи сӕ амӕла, уыдоны та мӕрдтӕй дӕр раздахдзӕн.

Хуыцау уыцы фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн рӕстӕг кӕй радта, уый фӕрцы ма диссаджы фадат ис йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр: йӕ уарзтӕн аргъ кӕнынхъом кӕй сты, уый равдисын ӕмӕ йыл цыфӕнды уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайын. Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл, стӕй уӕд адӕймаджы иузӕрдиондзинады фӕдыл дзырддаг фарстатӕ раиртасын ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй Дун-дунейы алчидӕр аккаг аргъ кӕна Хуыцауы ӕвӕрд закъӕттӕн. Ӕнӕ уымӕй ӕцӕг фарн, сабырдзинад никуы уыдзӕн a.

[Фиппаинаг]

a Ацы дзырддаг фарстатӕ ӕмӕ кӕмӕ хауынц, уый бӕстон-биноныг ӕмбарын кӕны чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ»; мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв]

Зӕххыл адӕмы хицаудзинадӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон.