Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны»

«Цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны»

«Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД] ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны» (МАТФЕЙЫ 26:41).

 ЙЕСО ЧЫРЫСТИ, Хуыцауы Фырт, ныр куыд утӕхсӕн кодта, афтӕ никуы. Йӕ зӕххон царды кӕрон ӕрхӕстӕг. Зыдта йӕ: тагъд ӕй ӕрцахсдзысты, мӕлӕты тӕрхон ын скӕндзысты ӕмӕ йӕ стӕй хъизӕмӕртты цӕджындзыл байтындздзысты. Хорз ӕй ӕмбӕрста, йӕ алы фезмӕлд, йӕ алы хъуыддагӕй дӕр йӕ Фыды ном кӕнӕ кадджын кӕй кӕндзӕн, кӕнӕ та худинаг. Йесо зыдта уый дӕр, ӕмӕ уыцы уысм кӕй скъуыддзаг кодта ӕппӕт адӕмы фидӕн. Цы арӕзта уыцы уынгӕджыйы уавӕры?

2 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд Гефсиманы дыргъдонмӕ. Тынг уарзта уыцы бынат. Ам йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу гыццыл дӕрддзӕф ацыд ӕмӕ хибарӕй йӕ уӕларвон Фыдмӕ кувын райдыдта. Йӕ куывды Йесо куырдта хъару; йӕ зӕрдӕйы мӕт, йӕ сагъӕс цыдӕриддӕр уыди, ӕппӕт дӕр загъта йӕ Фыдӕн, зӕрдиагӕй йӕм фӕкуывта — ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ ӕртӕ хатты. Кӕд ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕны сахат йӕхи хъаруйӕ сфӕраздзӕн (Матфейы 26:36—44).

3 Абон махӕн дӕр ӕнцон нӕу. Нӕ брошюрӕйы райдианы ӕркастыстӕм, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕвдисӕг бӕлвырдгӕнӕнтӕм. Сайтаны дуне нын алы къахдзӕфӕн нӕ разы фӕлварӕнтӕ ӕвӕры, цард кӕны зынӕй-зындӕр. Махӕй, йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл чи нымайы, уыдонӕй алкӕй хъуыддӕгтӕ ӕмӕ митӕ дӕр фӕзынынц йӕ номыл. Нӕ хъуыддӕгтӕй кӕнгӕ у, йӕ ног дунейы цӕрдзыстӕм ӕви нӕ, уый дӕр. Мах уарзӕм Иегъовӕйы. Стӕй нӕ фӕнды «кӕронмӕ ныффӕразын» — йе нӕ царды кӕронмӕ, йе та ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ (раздӕр дзы чи уа, уымӕ гӕсгӕ) (Матфейы 24:13). Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ма рох кӕнӕм ӕмӕ «ма бафынӕй уӕм»?

4 Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ — фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ абон дӕр — зынтӕ кӕй ӕвзардзысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхста: «Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД] ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны» (Матфейы 26:41). Ацы ныхӕстӕ абон махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Цавӕр фыдӕвзарӕнтӕ, кӕнӕ фӕлварӕнтыл, ӕмбӕлыс? Ӕмӕ цы хъӕуы, цӕмӕй «ма бафынӕй уай»?

Фӕлварӕнтӕ цавӕр сты?

5 Алы бон дӕр махӕй алчидӕр цы фӕлварӕныл ӕмбӕлы, уый у — «хӕйрӕджы хызы» бахауын (2 Тимофеймӕ 2:26). Библи нын ӕргом зӕгъы, Сайтанӕн йӕ хъавд уӕлдайдӕр Иегъовӕйӕн кувӕг адӕммӕ кӕй у (1 Петры 5:8; Раргомад 12:12, 17). Цы йӕ фӕнды? Ӕнӕмӕнг уый нӕ, ӕмӕ нӕ маргӕ акӕна. Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ афтӕмӕй куы амӕлӕм, уӕд Сайтан уымӕй ницы ӕмбулы. Уый иттӕг хорз зоны, Иегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ уидаг кӕй стондзӕн (Лукайы 20:37, 38).

6 Сайтанӕн йӕ хъавд у, ныртӕккӕйы цардӕй нын бирӕ зынаргъдӕр цы у, уымӕ — уый йӕ фӕнды, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион мауал уӕм. Йӕ уды бицъынӕг скъуыны: хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр сбӕлвырд кӕна, йӕ бон кӕй у, ӕмӕ нын Иегъовӕйы ныууадзын кӕна. Уӕдӕ Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы сивӕм,— хорз хабар куы нал хъусын кӕнӕм кӕнӕ чырыстон ӕгъдауы сӕрты куы ахизӕм,— Сайтанӕн ӕцӕг уӕлахиз уый уыдзӕн! (Ефесӕгтӕм 6:11—13). Ӕмӕ нын растдӕр уый тыххӕй ӕвӕры «Цыбӕлгӕнӕг» йӕ цыбӕлтӕ нӕ разы, уый тыххӕй нӕ ӕппары фӕлварӕнты (Матфейы 4:3).

7 «Хӕйрӕджы хин митӕ» алыхуызӕттӕ сты (Ефесӕгтӕм 6:11). Цӕвиттон, цыбӕл нӕ кӕны ӕхца ӕмӕ мулкӕй, удӕхцондзинӕдтӕй, фӕлвары нӕ тас ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕй. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ тыхджындӕр хӕцӕнгӕрзтӕй иу уый у, ӕмӕ нӕ нӕхимӕ хъусынтыл фӕкӕна. Сайтан мӕнгард ӕмӕ фыдфӕливӕг у — зоны йӕ: нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнцонӕрцахсӕн (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Уӕдӕ куы «сфӕлмӕцӕм», кӕнӕ зӕрдӕцъӕлтӕ куы вӕййӕм, уӕлдайдӕр уӕд фӕархайы нӕ басӕттыныл (Псалом 37:9).

8 Фӕстаг бонтӕ сӕ кӕронмӕ куыд хӕццӕ кӕнынц, афтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, адӕмы зӕрдӕ цы мары, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ мах дӕр хызт не стӕм. (Кӕс фӕлгӕт «Адӕймаг йӕхимӕ цӕмӕн ныхъхъусы».) Нӕхимӕ хъусынтыл цӕйфӕнды аххосӕй ма фӕуӕм, бӕлвырд у, нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нӕм хъару нал уыдзӕн. Ӕмӕ фӕллад, фӕлмӕцыд ӕмӕ зӕрдӕдомд куы уӕм, уӕд та ӕнцон нӕ уыдзӕн «рӕстӕгӕн аргъ кӕнын», ома ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнын, чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ нӕ разы цы хӕстӕ ис, уыдонӕн — Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнынӕн (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Рох дӕ ма уӕд, Цыбӕлгӕнӕджы уый кӕй фӕнды, ӕмӕ ды Хуыцауы ныууадзай. Фӕлӕ ныртӕккӕ, нӕ цыд фӕсындӕг кӕнӕм кӕнӕ «бафынӕй уӕм», уый рӕстӕг нӕу! (Лукайы 21:34—36). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауӕм ӕмӕ «ма бафынӕй уӕм»? Ӕркӕсӕм цыппар хъуыддагмӕ.

«Кувут»

9 Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйыл — кув ӕм. Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесо Гефсиманы цӕхӕрадоны куы уыди. Уыцы уынгӕджы сахат цы куыста? Куывта Иегъовӕмӕ, ӕххуыс дзы куырдта. Кувгӕ та йӕм афтӕ зӕрдӕбынӕй кодта, ӕмӕ «Йӕ хид уыд куыд туджы ӕртӕхтӕ, зӕхмӕ хаугӕйӕ» (Лукайы 22:44). Ахъуыды ма кӕн. Йесо ӕгӕр хорз дӕр ма зыдта, Сайтан чи у, уый. Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнджыты йӕ хызы баппарыныл куыд архайы, уый уӕларвӕй уыдта, йӕ фыдфӕливӕнтӕй йын иу дӕр ӕнӕзонгӕ нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын Цыбӕлгӕнӕг йӕ разы цыфӕнды къӕппӕг ма сӕвӕра — нӕ дзы бахаудзӕн. Ау, ӕмӕ кӕд Хуыцауы Фырт, алцӕмӕй ӕххӕст уӕвгӕйӕ, уый ӕмбӕрста, ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта, ӕххуыс, хъару дзы куырдта, уӕд мах та цас ӕхсызгондӕр хъӕуы уый аразын! (1 Петры 2:21).

10 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы ныффӕдзӕхста, «кувут», зӕгъгӕ, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару» (Матфейы 26:41). Цымӕ кӕй буары кой кодта Йесо? Йӕхи буары кой нӕ кодтаид, уый бӕлвырд у — йӕ ӕххӕст адӕймаджы буары ницы лӕмӕгъдзинад, ницы хъӕн уыди (1 Петры 2:22). Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕндӕр уыд сӕ уавӕр. Ӕнӕххӕстдзинад сӕ туджы кӕй рахастой ӕмӕ гуырцӕй тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕлварӕнтӕн фидар фӕлӕууынӕн уӕлдай тынгдӕр хъуыд ӕххуыс (Ромӕгтӕм 7:21—24). Ӕмӕ куыд уыдонӕн, афтӕ сӕ фӕстӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсгӕ дӕр уымӕн кодта, фӕлварӕны Хуыцаумӕ кувут, ӕххуыс дзы курут, зӕгъгӕ (Матфейы 6:13). Иегъовӕ ахӕм куывдтытӕ хъусы (Псалом 64:3). Цӕмӕй бӕрӕг у? Ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддагӕй.

11 Фыццаджыдӕр нын Хуыцау ӕххуыс кӕны фӕлварӕнтӕ «уынынӕн». Сайтаны фӕлварӕнтӕ сты, талынджы дын дӕ фӕндагыл къӕппӕджытӕ куыд сӕвӕрой, уый хуызӕн. Зӕгъгӕ къӕппӕг нӕ федтай, уӕд дзы бахаудтӕ. Иегъовӕ нын Библийы, стӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы хурӕргом кӕны Сайтаны къӕппӕджытӕ, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Азӕй-азмӕ нӕ уыцы литературӕйы фӕрцы ӕмӕ конгрессты ногӕй ӕмӕ ногӕй фӕдзӕхсынц, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм, мулкуарзаг ма уӕм, стӕй нӕхи хизӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй, ӕмӕ нын Сайтан нӕ разы кӕй ӕвӕры, бирӕ ӕндӕр ахӕм фӕлварӕнтӕй (Ӕмбисӕндтӕ 29:25; 1 Коринфӕгтӕм 10:8—11; 1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Иегъовӕ нын Сайтаны фыдвӕндтӕ кӕй ӕргом кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Иегъовӕ нӕ кӕй фӕдзӕхсы, уымӕй дзуапп дӕтты дӕ куывдтытӕн, фӕлварӕнты мӕ фӕцудын ма бауадз, зӕгъгӕ.

12 Дыккаг та уый, ӕмӕ нын Иегъовӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ хъару дӕтты фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Йӕ Ныхас нын дзуры: «Хуыцау... нӕ бауадздзӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр, фӕлӕ фӕлварӕнты ратдзӕн ӕнцондзинад [«ӕххуыс», НФ] дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Хуыцау уый никуы ӕруадздзӕн, ӕмӕ йыл йӕ ныфс чи дары, уыдоныл фӕлварӕнтӕ афтӕ стыхджын уой, ӕмӕ сӕм сӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару мауал уа. Куыд нын «дӕтты ӕххуыс»? Чи дзы куры, уыдонӕн дӕтты сыгъдӕг уд (Лукайы 11:13). Йӕ сыгъдӕг уд нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы Библийӕ бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ нӕм уый руаджы хъару фӕзыны, цыфӕндыйӕ дӕр раст куыд у, афтӕ кӕнынӕн ӕмӕ цыфӕнды хъуыддаг лыггӕнгӕйӕ дӕр зондӕй архайынӕн (Иоанны 14:26; Иаковы 1:5, 6). Уый ӕххуысӕй нӕ бон у, нӕ зӕрдӕйы чъизи фӕндтыл уӕлахиз кӕнынӕн нӕ чи хъӕуы, нӕ удыхъӕды ахӕм хорз миниуджытӕ хъомыл кӕнын дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Хуыцауы сыгъдӕг уд ма афтӕ дӕр бакӕны, ӕмӕ нын нӕ тыхсты сахат не ’муырнджытӕ свӕййынц цин, кӕнӕ ныфсы хос (Колоссӕгтӕм 4:11). Иегъовӕ дын дӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ дын афтӕ цӕстуарзонӕй кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ?

Диссӕгтӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕс

13 Цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм», уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, ныртӕккӕ диссӕгтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нӕ хъӕуы. Иу дӕр нӕ ахӕм нӕй, ӕмӕ хатт ацы тыхст цардӕй чи нӕ сфӕлмӕцы. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Хуыцау нын афтӕ кӕй никуы загъта, ӕмӕ ацы зӕронд дунейы ӕнӕмастӕй цӕрдзыстӕм. Кӕддӕры заманты дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хызт нӕ уыдысты бӕллӕхтӕй: ӕфхӕрд ӕййӕфтой, сӕ зӕрдӕты ныфс дӕр иу асаст, уӕдӕ сын мӕгуырдзинад ӕмӕ рынчын цы у, уый дӕр ӕнӕзонгӕ нӕ уыд (Куыстытӕ 8:1; 2 Коринфӕгтӕм 8:1, 2; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ; 1 Тимофеймӕ 5:23).

14 Абон мах дӕр ӕвзарӕм зындзинӕдтӕ. Кӕм ӕфхӕрд ӕййафӕм, кӕм ӕхцайӕ фӕтыхсӕм, кӕм зӕрдӕсаст фӕвӕййӕм. Уӕдӕ рынчын дӕр кӕнӕм, стӕй ӕндӕр мӕстытӕй дӕр цух не стӕм. Иегъовӕ нӕм бӕллӕхтӕ ӕмгӕрон дӕр куы нӕ уадзид, уӕд Сайтанӕн йӕхӕдӕг нӕ раттид ӕфсон фидистӕ кӕнынӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕ бауадзы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ цыбӕлгӕнӕнтыл, фӕлварӕнтыл ӕмбӕлой, хатт та ныхмӕлӕуджыты къухӕй мӕлгӕ дӕр акӕной (Иоанны 16:2).

15 Уӕдӕ нын уӕд Иегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй — цалынмӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр ууыл дарӕм, уӕдмӕ нӕ цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фӕцудын нӕ бауадздзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты Иегъовӕ хъахъхъӕны нӕ уырнындзинад, ма дзы адард уӕм, уымӕн нын ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ йемӕ фидар тӕгтӕй баст куы уӕм, уӕд нӕ мӕлӕт дӕр уӕлахиз у. Хуыцауы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты схорзӕхджын кӕнынӕй цы бакъуылымпы кӕна, ахӕм ницы ис — суанг мӕлӕт дӕр (Дзуттытӕм 11:6). Ног дуне къӕсӕрыл ис, ӕмӕ уым Иегъовӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ма ноджыдӕр зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр (Псалом 144:16).

Дзырддаг фарстатӕ дӕ зӕрдыл дар

16 Цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцау фыддзинад цы ахсджиаг дзырддаг фарстаты тыххӕй быхсы, уыдон. Хатт нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ ныл нӕ зындзинӕдтӕ тых кӕнынц, куы нӕ фӕфӕнды ӕппӕтыл дӕр нӕ къух сисын, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Сайтан фарст кӕй ӕрӕвӕрдта — Иегъовӕ Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Уыцы Фыдфӕливӕг ма сдзырддаг кодта Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад дӕр (Иов 1:8—11; 2:3, 4). Ацы фарстатӕ сӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ Иегъовӕ сӕ аскъуыддзаг кӕнын куыд сфӕнд кодта, уый дӕр махӕй кӕйфӕндыйы цардӕй бирӕ ахсджиагдӕр у. Цӕмӕн?

17 Хуыцау рӕстӕгмӕ зындзинӕдтӕ кӕй уадзы, уый фӕрцы ӕцӕгад базоныны фадат ис иннӕтӕн дӕр. Ахъуыды ма кӕн: Йесо хъизӕмӕрттӕ уый тыххӕй бавзӕрста, цӕмӕй мах цӕрӕм (Иоанны 3:16). Уымӕй дзы бузныг не стӕм? Уӕдӕ цӕмӕй иннӕтӕ дӕр цӕрой, уый тыххӕй мах дӕр зындзинӕдтӕн гыццыл фылдӕр рӕстӕг нӕ бабыхсдзыстӕм? Цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, Иегъовӕйы зонд мах зондӕй бирӕ стырдӕр кӕй у (Исай 55:9). Иегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон уӕд скӕндзӕн, ӕмӕ уыцы дзырддаг фарстатӕ ӕнустӕм аскъуыддзаг кӕнынӕн дӕр ӕмӕ не ’нусон хӕрзӕбонӕн дӕр хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд. Уӕвгӕ, ӕндӕр куыд хъуамӕ уа? Иегъовӕ раст Хуыцау у! (Ромӕгтӕм 9:14—24).

«Баввахс у Хуыцаумӕ»

18 Цӕмӕй, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый иу уысм дӕр ма рох кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Иегъовӕмӕ ӕввахс лӕууын. Рох нӕ макуы уӕд, Сайтан йӕ уд ууыл кӕй хъары, ӕмӕ, Иегъовӕимӕ цы тӕгтӕй баст стӕм, уыдон аскъуына. Уый йӕ фӕнды, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын кӕнӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕрын у хӕрздзӕгъӕлы. Фӕлӕ Сайтан у «мӕнг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44). Мах-иу хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр «хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕууӕм». Афтӕ хъуамӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Иегъовӕимӕ цы тӕгтӕй баст стӕм, уыдон сты ӕмӕ уыдзысты. Библи нӕм уарзонӕй сиды: «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ» (НФ) (Иаковы 4:7, 8). Куыд баввахс уай Иегъовӕмӕ? Цы ис уый тыххӕй саразӕн?

19 Хъӕуы хъуыды кӕнын, Хуыцаумӕ скув, афтӕмӕй. Царды зынтӕ дыл куы тых кӕной, уӕд-иу дӕ зӕрдӕйы судзӕгтӕ сыхал йӕ разы, дӕ мӕт, дӕ сагъӕстӕ — ӕппӕт дӕр ын радзур. Цӕмӕй тыхсыс, уый йын цас бӕлвырддӕр зӕгъай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн, дӕ куывдӕн дын дзуапп куыд дӕтты, уый фенын. Чи зоны ды куыд ӕнхъӕл уай, алы хатт дын бынтон ахӕм хуызы ма радта дзуапп. Фӕлӕ кӕд дӕ зӕрдӕйы фӕндон уый у, ӕмӕ йӕ кадджын кӕнай, иузӕрдион ыл уай, уӕд дӕ фӕцудын нӕ бауадздзӕн (1 Иоанны 5:14). Ӕмӕ дын царды дӕ фӕндаг куыд аразы, уый уынгӕйӕ йӕм хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕндзынӕ. Афтӕ ма ӕнӕмӕнг хъуыддаг у, Иегъовӕйы удыхъӕды миниуджытӕ ӕмӕ йӕ фӕндӕгты тыххӕй Библи цы дзуры, уый кӕсын, стӕй цы бакӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнын дӕр. Уыдӕттыл цас фылдӕр хъуыды кӕнай, уыйас хуыздӕр зондзынӕ, цавӕр Хуыцау у; уый дын агайдзӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзынӕ (Псалом 18:15). Ӕмӕ цӕмӕй фӕлварӕнты фидар лӕууӕм ӕмӕ «ма бафынӕй уӕм», уымӕн та дын уыцы уарзондзинады хуызӕн ницы ӕххуыс кӕндзӕн (1 Иоанны 5:3).

20 Цӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм, уый тыххӕй ма нӕ ӕввахс лӕууын хъӕуы не ’муырнджытӕм дӕр. Ууыл уыдзӕн нӕ ныхас ацы брошюрӕйы фӕстаг хайы.

ФАРСТЫТӔ АХУЫР КӔНЫНӔН

• Йесо йӕ зӕххон царды кӕрон стыр утӕхсӕны куы уыд, уӕд цы арӕзта ӕмӕ цы фӕдзӕхста йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн? (1—4 абз.)

• Сайтанӕн йӕ хъавд Иегъовӕйӕн кувӕг адӕммӕ цӕмӕн у ӕмӕ сӕ цӕмӕйты фӕлвары? (5—8 абз.)

• Цӕмӕй фӕлварӕны фидар лӕууӕм, уый тыххӕй нӕ цӕмӕн хъӕуы кувын (9—12 абз.); абон диссӕгтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нӕ хъӕуы, уый ӕмбарын (13—15 абз.); дзырддаг фарстатӕ зӕрдыл дарын (16, 17 абз.) ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын (18—20 абз.)?

[Рамкӕ 25 фарсыл]

Адӕймаг йӕхимӕ цӕмӕн ныхъхъусы

Ӕнӕниздзинад куы фӕцуда/азтӕ сӕ уӕз куы ӕруадзой. Цыдӕр низ ныл куы стых уа кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзой, ӕмӕ раздӕрау рӕвдз куы нал уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕхимӕ ныхъхъусӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы афтӕ бирӕ кӕнын нӕ бон нал вӕййы (Дзуттытӕм 6:10).

Ныфс куы асӕтты. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнгӕйӕ нӕ удӕй куы цӕуӕм, фӕлӕ нӕм стӕмтӕй фӕстӕмӕ куы ничи хъуса, уӕд нӕ ныфс асӕтты (Ӕмбисӕндтӕ 13:12).

Йӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсы. Адӕймаг йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕд схуыст йеддӕмӕ ницы федта, уӕд йӕ зонды, гӕнӕн ис, ныффидар уа уыцы иу хъуыды: уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ исчи уарза, Иегъовӕ дӕр мӕ нӕ уарзы (1 Иоанны 3:19, 20).

Исчи йын йӕ зӕрдӕ куы скъаха. Зӕгъгӕ, кӕмӕндӕр йе ’муырнӕг йӕ зӕрдӕйы стыр маст бауагъта, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр мауал цӕуа (Лукайы 17:1).

Ӕфхӕрд ӕййафын. Дӕ динӕй чи нӕу, уыдон дӕ ныхмӕ куы цӕуой, куы дӕ ӕфхӕрой кӕнӕ дыл куы худой (2 Тимофеймӕ 3:12; 2 Петры 3:3, 4).

[Ныв 26 фарсыл]

Йесо нын фӕдзӕхста, фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн Хуыцаумӕ «кувут», ӕххуыс дзы курут, зӕгъгӕ.