Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕнхъӕл нӕ уыдысты»

«Ӕнхъӕл нӕ уыдысты»

АДӔМ фӕдзӕхст кӕй ницӕмӕ дарынц, уый арӕх ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм.

1974 азы горӕт Дарвин (Австрали) уыди йӕ бӕрӕгбоны чемыл, адӕм сӕ тӕккӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕзмӕлд кодтой, афтӕ ныццагътой фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ, тыхджын дымгӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ горӕт ныр 30 азӕй дӕр фылдӕр, тыхдымгӕ цы у, уый нӕ зыдта. Уӕд ныр цы хъуамӕ уа? Цӕрджытӕн сӕ фылдӕр бӕллӕх ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ ӕнагъӕддаджы тыхдымгӕ ӕцӕгдӕр нӕ сыстад ӕмӕ адӕм кӕм сӕмбырдтӕ сты, уыцы хӕдзӕртты сӕртӕ хӕссын ӕмӕ къултӕ пырх кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Иннӕ райсоммӕ горӕтӕй горӕты хуызӕн ницыуал уыд — зӕххӕмвӕз сси.

1985 азы ноябры Колумбийы стыдта арткалӕг хох. Чи тад, уыцы мит ӕмӕ ихӕй цы цъыфсаха рауад, уый ӕрлӕсӕн кодта, ӕмӕ горӕт Армеро ӕдцӕрджытӕ — 20 000 адӕймагӕй фылдӕр — йӕ быны фӕци. Цымӕ уыцы адӕм ницы зыдтой? Хох цалдӕр мӕйы кодта ӕнкъуысгӕ. Фӕлӕ Армеройы цӕрджытӕ арткалӕг хохы рӕбын цӕрын сахуыр сты, ӕмӕ сӕ фылдӕрмӕ уый нымады дӕр нӕ уыд. Бӕллӕх къӕсӕрыл ис, уый хицауадӕн бӕргӕ фӕхабарчындӕуыд, фӕлӕ адӕмы бафӕдзӕхсынӕн ницы сарӕзтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма радиойӕ хъусинаг хъусинаджы фӕдыл адӕмы сабыр кодтой, ницӕмӕй тас у, зӕгъгӕ. Аргъуанӕй дӕр хъӕрӕйдзурӕнтӕй адӕммӕ сидтысты — ӕппындӕр тыхсгӕ ма кӕнут. Ӕрмӕст иу изӕр арткалӕг хох дыууӕ тыхджын рӕмыгъды скодта. Зӕгъгӕ ды уыцы ран фӕдӕ,— ӕппӕтдӕр нӕ ныууагътаис ӕмӕ дӕхи уырдыгӕй нӕ айстаис? Уым та ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы бакодтой афтӕ; иннӕтӕ змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтой, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы.

Арӕх геологтӕ ӕнӕрӕдыдӕй фӕзӕгъынц, уым ӕмӕ уым уыдзӕн зӕххӕнкъуыст, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бӕлвырдӕй кӕд уыдзӕн, уый сын рагацау базонын стӕм хатт бантысы. 1999 азы ӕгас дунейы дӕр зӕххӕнкъуыстытӕ ахастой 20 000 адӕймаджы цард. Бирӕтӕ сӕ уый ӕнхъӕл никуы уыдысты, ӕмӕ уыдоныл ӕрцӕудзӕн ахӕм хабар.

Цы цӕстӕй кӕсыс, Хуыцау нӕ йӕхӕдӕг цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ?

Фӕстаг бонты цытӕ цӕудзӕн, уый Библийы бӕлвырд-биноныг фыст ӕрцыд бирӕ раздӕр. Ӕмӕ нын уыцы хабӕртты кой кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны «Нойы бонтӕ». «Хъаймӕты размӕ бонты» тыхдзинад кӕй сарӕх, уый адӕмы мӕты куыннӕ ӕфтыдтаид. Фӕлӕ уыдон цыдысты царды над фӕндӕгтыл, ӕмӕ сӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кӕнынмӕ ’вдӕлд. Хуыцау сӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Нойы дзыхӕй цӕмӕй фӕдзӕхста, уый ӕрцӕуын «ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты, уӕдмӕ» (Матфейы 24:37—39). Уыдон ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ома Хуыцау цы дзырдта, уый ницӕмӕ дардтой. Ды та? Уыцы рӕстӕг куы цардаис, уӕд Хуыцауы ныхасмӕ байхъуыстаис? Ӕмӕ абон та? Абон ӕм хъусыс?

Ӕмӕ, зӕгъгӕ, Мард денджызмӕ хӕстӕг Содомы, Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты рӕстӕджы цардтӕ, уӕд та? Уымы бӕстӕ уыди алӕмӕты бӕстӕ, раст дзӕнӕты цӕхӕрадон. Сахар — хъӕздыг, цӕрынӕн хуыздӕр зӕгъӕн нӕ уыд. Лоты бонты адӕм ӕвӕлмонӕй ӕрвыстой сӕ царды бонтӕ. Уыдон «хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой». Иннӕмӕй та ӕхсӕнад ӕгасӕй дӕр уыд ӕгъдаухӕлд, ӕфсарм цы у, уый ничиуал зыдта. Лот адӕмӕн се ’взӕр миты тыххӕй ӕргом куы дзырдта, уӕд ын йӕ фӕдзӕхсӕн ныхас дӕ зӕрдӕмӕ айстаис? Хуыцау Содом фесафинаг у, зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд ӕм байхъуыстаис? Ӕви йын йӕ фидӕны сиӕхстау йӕ ныхас хъазынмӕ айстаис? Йе та ралыгъдаис, фӕлӕ Лоты усау ӕрдӕгфӕндагыл фӕстӕмӕ фӕкастаис? Кӕд адӕм фӕдисхъӕр ницӕмӕ ӕрдардтой, уӕддӕр Лот Содомӕй цы бон рацыд, уыцы бон «ӕркалд арвӕй цӕхӕр ӕмӕ сондоны арт ӕмӕ сеппӕты дӕр ныццагъта» (Лукайы 17:28, 29).

Адӕмӕн сӕ фылдӕр абон дӕр афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ ницы уыдзӕн. Фӕлӕ ацы хабӕрттӕ Хуыцауы Ныхасы абоны онг ӕрхӕццӕ сты мах бафӕдзӕхсынӕн, ӕмӕ фӕдисхъӕр кӕнынц: МА БАФЫНӔЙ УТ!

[Рамкӕ/Ныв 22 фарсыл]

Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр уыди?

Библииртасӕг ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ зӕгъынц: «Нӕ уыди». Фӕлӕ Библи зӕгъы: «Уыди».

Йесо Чырысти йӕхӕдӕг дзырдта Доны хъаймӕты тыххӕй, ӕмӕ уый та уыцы хабар йӕхи цӕстӕй федта, уымӕн ӕмӕ уӕд цард уӕлӕрвты.

[Рамкӕ/Ныв 23 фарсыл]

Содом ӕмӕ Гоморры сахарты сӕфт ӕцӕг хабар у?

Уымӕн ис археологон ӕвдисӕйнӕгтӕ.

Йӕ кой баззад дунейы историйы.

Уыцы сахарты сӕфты тыххӕй дзырдта Йесо Чырысти дӕр, ӕмӕ уыцы хабары кой Библийы ӕмбӕлы 14 чиныджы.