Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕппӕтӕй фылдӕр уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад»

«Ӕппӕтӕй фылдӕр уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад»

«Хӕстӕг у кӕрон ӕппӕтӕн. [...] Ӕппӕтӕй фылдӕр... уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад кӕрӕдзимӕ» (1 ПЕТРЫ 4:7, 8).

 ЙЕСО зыдта, фӕстаг цалдӕр сахаты ма кӕй ис йӕ апостолтимӕ, ӕмӕ йын зынаргъ уыд алы уысм дӕр. Уый хорз ӕмбӕрста, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст разӕй — стыр хъуыддаг сӕ хъуыд бакӕнын, фӕлӕ йӕхиау уыдон дӕр уыдзысты адӕмӕн ӕнӕуынон, ӕфхӕрд ӕййафдзысты (Иоанны 15:18—20). Уыцы фӕстаг изӕр иумӕ куы уыдысты, уӕд сын ныффӕдзӕхста, «уарзут кӕрӕдзийы», зӕгъгӕ, ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты (Иоанны 13:34, 35; 15:12, 13, 17).

2 Йесо цы зӕгъинаг уыди, уый хорз бамбӕрста апостол Петр — уыцы изӕр уый дӕр уыд уым. Къорд азтӕ фӕстӕдӕр, Иерусалимы ныггӕныстоны хӕдразмӕ йӕ фыстӕджы фыста, уарзондзинад куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй. Петр чырыстӕттӕн фӕдзӕхста: «Хӕстӕг у кӕрон ӕппӕтӕн. [...] Ӕппӕтӕй фылдӕр... уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад кӕрӕдзимӕ» (1 Петры 4:7, 8). Йӕ ныхӕстӕ бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты, абон, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ «фӕстаг бонты» чи цӕры, уыдонӕн (2 Тимофеймӕ 3:1). Цы у «зӕрдиаг уарзондзинад»? Кӕрӕдзийы нӕ афтӕ уарзын цӕмӕн хъӕуы? Ӕмӕ нӕ уарзт куыд ис хъуыддагӕй ӕвдисӕн?

Цы у «зӕрдиаг уарзондзинад»?

3 Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ уарзондзинад у, зӕрдӕйы мидӕг йӕхигъӕдӕй чи райгуыры, ахӕм ӕнкъарӕн. Фӕлӕ Петр ӕнӕуи уарзты кой нӕ кодта — йӕ ныхас уыди тӕккӕ бӕрзонддӕр уарзтыл. 1 Петры 4:8 «уарзондзинад»-ӕй раивдӕуыд грекъаг дзырд ага́пи. Ӕмӕ уый та, йӕхицӕн чи ницы агуры ӕмӕ зондӕн коммӕгӕс чи у, ахӕм уарзт у. Мӕнӕ цы зӕгъы уый фӕдыл иу бӕрӕгуат: «Агапи ахӕм уарзт у, ӕмӕ йыл адӕймагӕн йӕ бар цӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕйраджыдӕр ӕнкъарӕн нӕу, фӕлӕ зонды фидар фӕнд; уый бӕрӕг вӕййы хъуыддагӕй». Нӕ туджы ӕвзӕр миниуӕг кӕй рахастам — фылдӕр хи удыл мӕт кӕнын — уымӕ гӕсгӕ нын фӕхъӕуы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ (Уӕвынад 8:21; Ромӕгтӕм 5:12).

4 Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ома кӕрӕдзийы ӕрмӕстдӕр уымӕн уарзӕм, ӕмӕ нӕ хӕс у. Ага́пи, зӕрдӕйы хъарм кӕм нӕй, ахӕм уарзт нӕу. Петр афтӕ загъта, зӕгъгӕ нӕм хъуамӕ «уа зӕрдиаг уарзондзинад кӕрӕдзимӕ» a. Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм уарзондзинад домы стыр хъарутӕ. «Зӕрдиаг»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырды фӕдыл библииртасӕг ахуыргӕндтӕй иу зӕгъы: «Ацы дзырдыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цӕстыты раз сысты, спортсмен дугъы кӕрон йӕ хӕцъӕфтӕ куы ныттынг кӕны ӕмӕ йӕ фӕстаг хъарутӕй размӕ куыд фезгъоры, уый».

5 Уӕдӕ уарзыны хъуыддаджы ӕнцон фӕндӕгтӕ хъуамӕ ма агурӕм, стӕй ӕвзӕрстӕй ӕрмӕст цалдӕр адӕймаджы дӕр ма уарзӕм. Чырыстон уарзт афтӕ зӕгъы, ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы дуар байтындзӕм — хъуамӕ уарзӕм зын нын куы уа, уӕд дӕр (2 Коринфӕгтӕм 6:11—13). Иудзырдӕй: спортсмены йӕ арӕхстдзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн йӕхи фӕлтӕрын, йӕхиуыл кусын куыд хъӕуы, раст мах дӕр афтӕ кусын хъӕуы уыцы уарзтыл. Кӕрӕдзийы ахӕм уарзтӕй уарзӕм, уый ӕнӕмӕнг у. Цӕмӕн? Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй.

Нӕ кӕрӕдзийы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

6 Фыццаджыдӕр «уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у» (1 Иоанны 4:7). Ацы рӕсугъд миниуӕг Иегъовӕйӕ цӕуы, ӕмӕ нӕ фыццаг уый бауарзта. Апостол Иоанн зӕгъы: «Хуыцауы уарзондзинад махмӕ райгом ис уымӕй ӕмӕ Хуыцау рарвыста дунемӕ Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй мах Уый фӕрцы райсӕм цард» (1 Иоанны 4:9). Хуыцау йӕ Фырты «рарвыста»: уый сси адӕймаг, ам зӕххыл лӕггад кодта, стӕй хъизӕмӕртты цӕджындзыл амард — ӕмӕ ӕппӕт дӕр, цӕмӕй «мах... райсӕм цард». Хуыцау нӕ ахӕм ӕгӕрон уарзтӕй кӕм бауарзта, уым ын мах та цавӕр дзуапп хъуамӕ раттӕм? «Кӕд Хуыцау афтӕ бауарзта мах, уӕд мах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм»,— зӕгъы Иоанн (1 Иоанны 4:11). Ӕркӕс ма, Иоанн фыссы, зӕгъгӕ, «кӕд Хуыцау афтӕ бауарзта мах» — ӕрмӕст дӕу нӕ, фӕлӕ мах. Уӕдӕ йӕ бӕлвырдӕй уынӕм: кӕд не ’муырнджыты Хуыцау уарзы, уӕд сӕ мах дӕр хъуамӕ уарзӕм — уый нӕ хӕс у.

7 Дыккаг: «хӕстӕг у кӕрон ӕппӕтӕн», ӕмӕ нӕ нӕ кӕрӕдзийы уарзын ныр уӕлдай ӕхсызгон хъӕуы, цӕмӕй бахъуаджы сахат кӕрӕдзийы фарсмӕ балӕууӕм (1 Петры 4:7). Мах тынг «уӕззау рӕстӕджыты» цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Дунейы уавӕр кӕны бонвыддӕр, арӕхӕй-арӕхдӕр цӕуы ӕрдзы бӕллӕхтӕ; нӕ цард нын зын кӕны, нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ ахӕм цардфӕлварӕн рӕстӕг ноджы ӕнгомдӕр лӕууын хъӕуы кӕрӕдзимӕ. Зӕрдиаг уарзондзинад нӕ бӕтдзӕн кӕрӕдзиуыл ӕмӕ кӕрӕдзийы «мӕт кӕндзыстӕм» (1 Коринфӕгтӕм 12:25, 26).

8 Ӕртыккаг: кӕрӕдзийы уарзын ма нӕ уымӕн хъӕуы, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, «хӕйрӕгӕн бынат дӕттӕм», хъазӕнхъулау нӕ хъаза, уый (Ефесӕгтӕм 4:27). Сайтан нӕ не ’муырнджыты хъӕндзинӕдтыл, сӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕ аиппытыл куыд фӕкӕлын кӕна, уымӕ гӕппӕввонгӕй лӕууы. Се ’нӕрхъуыды ныхас кӕнӕ ми нӕ зӕрдӕмӕ афтӕ хӕстӕг айсдзыстӕм, ӕмӕ ӕмбырды ӕмгӕрӕтты мауал цӕуӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Кӕд кӕрӕдзийы зӕрдиагӕй уарзӕм, уӕд ницы хуызы! Ахӕм уарзт, не ’хсӕн цы фарн ис, уый фехалын нӕ бауадздзӕн ӕмӕ Хуыцауӕн иумӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕндзыстӕм (Софони 3:9).

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн

9 Уарзондзинад фыццаджыдӕр хъуамӕ бӕрӕг уа бинонты ’хсӕн. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йын йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты уымӕй базондзысты, ӕмӕ кӕрӕдзийы куы уарзой (Иоанны 13:34, 35). Уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа канд ӕмбырды нӕ, фӕлӕ хӕдзары мидӕг дӕр — куыд лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн, афтӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты ’хсӕн дӕр. Нӕ бинонты нӕ зӕрдӕйы мидӕг уарзӕм, уый фаг нӕу — нӕ хорз хъуыддӕгтӕй йӕ хъӕуы ӕвдисын.

10 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Йӕ бинойнаджы ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, ахӕм лӕг ын дзыхыныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр — адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ хицӕнӕй куы уой, уӕд дӕр — ӕмбарын кӕны, зынаргъ ын кӕй у. Аргъ кӕны, цы дзуры, хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, цы ӕнкъары, уымӕ у къӕрцхъус (1 Петры 3:7). Ахӕм лӕг йӕ бинойнагыл йӕхи удӕй тынгдӕр тыхсы. Архайы, цӕмӕй йӕ царды ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух ма уа, уырнындзинадӕй фидар уа ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы цин, йӕ уды сагъӕстӕ ӕргом зӕгъын фӕраза (Ефесӕгтӕм 5:25, 28). Йӕ сӕрыхицауы ӕцӕг чи уарзы, ахӕм сылгоймаг ӕй «цытджын дары» — кӕд хатт, куыд ӕнхъӕл вӕййы, афтӕ нӕ бакӕны, уӕддӕр (Ефесӕгтӕм 5:22, 33, НФ). Алы хъуыддаджы дӕр ын у ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ йӕ зондмӕ хъусы. Ӕгӕр бирӕ дзы нӕ домы, фӕлӕ сын царды сӕйрагдӕр Хуыцауы хъуыддаг куыд уа, ууыл йемӕ ӕмвӕндӕй архайы (Уӕвынад 2:18; Матфейы 6:33).

11 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты кӕй уарзут, уый та цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Ӕнӕхӕдзар ма уой, хӕрд, уӕлӕдарӕс сын уа, ууыл фӕлладнӕзонгӕйӕ кӕй фыдӕбон кӕнут, уый, ай-гъайдӕр, уӕ уарзтыл дзурӕг у (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ сывӕллӕтты канд уыдӕттӕ нӕ хъӕуы. Цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы бауарзой ӕмӕ йын лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы ахуыр кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Уымӕн та ӕрвылкъуыри дӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын хъӕуы ӕгас бинонтӕй иумӕ Библи ахуыр кӕнын, хъусын кӕнын ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуынӕн (Дыккаг закъон 6:4—7). Ӕмӕ уый ӕнцон нӕу — уӕлдайдӕр абон, ацы уӕззау рӕстӕджыты. Фӕлӕ, уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцаумӕ ӕввахс уой, ууыл кӕй тыхсут ӕмӕ уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразут, уый уӕ уарзондзинадыл дзурӕг у — уымӕй ӕвдисут, ӕнустӕм амондджын уой, уый уӕ кӕй фӕнды (Иоанны 17:3).

12 Ныййарджыты ма хъӕуы сӕ сывӕллӕтты рӕвдауын, семӕ алцӕуылдӕр зӕрдӕргом ныхас кӕнын дӕр. Сывӕллон тӕссонд у — йӕ фӕлмӕн зӕрдӕ, «уарзӕм дӕ» йын дзурой, ӕдзухдӕр уый агуры. Кӕй сӕ уарзут, уый сӕ ма ӕмбӕхсут, дзурут сын ӕй, тавут сӕ уӕ зӕрдӕты хъармӕй — уӕд афтӕ никуы ахъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ мӕ ничи уарзы, никӕй хъӕуын. Зӕрдӕйӕ сӕ ӕппӕлут, ма сын ӕвгъау кӕнут уӕ хорз ныхас, ӕмӕ йӕ зондзысты, хорзӕй цы аразынц, уый кӕй уынут ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнут. Куыд сӕ ахуыр кӕнут, зонд сын куыд амонут, уый кӕддӕриддӕр ӕнцайӕд уарзондзинадыл, уымӕн ӕмӕ сын сӕ рӕдыд уарзгӕйӕ куы амонат, уӕд ӕй ӕмбардзысты, цавӕр адӕймӕгтӕ сӕ рауайдзӕн, ууыл кӕй тыхсут (Ефесӕгтӕм 6:4). Уӕ уарзт ахӕм хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд уыдзыстут амондджын, ӕмуд бинонтӕ ӕмӕ уын ӕнцондӕр уыдзӕн ацы фӕстаг бонты зынтӕ сфӕразын.

13 Уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд иннӕты рӕдыдтытӕм нӕ кӕсдзыстӕм. Хъуыды кӕныс, кӕрӕдзимӕ нӕм «зӕрдиаг уарзондзинад» цӕмӕн хъуамӕ уа, уый Петр афтӕ кӕй бамбарын кодта: «Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕрзы» (1 Петры 4:8). Тӕригъӕдтӕ «ӕмбӕрзын» уый нӕ амоны, ӕмӕ иннӕты стыр тӕригъӕдтӕ сусӕг кӕнӕм, ӕмбӕхсӕм сӕ. Зӕгъгӕ, ахӕм исты ’рцыд, уӕд ӕй зӕгъын фӕхъӕуы ӕмбырды бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕн — уыдон ӕвзарынц ахӕм фарстытӕ (Левит 5:1; Ӕмбисӕндтӕ 29:24). Фӕсмоннӕзонӕджы йӕхи бар ауадзын ӕмӕ афтӕ дарддӕр иннӕтӕн маст кӕна, уый уарзондзинад нӕу, стӕй Хуыцауы Ныхас дӕр афтӕ нӕ зӕгъы (1 Коринфӕгтӕм 5:9—13).

14 Фӕлӕ не ’муырнджыты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ фылдӕр хатт се скойы аккаг дӕр нӕ вӕййынц. Кӕм ныхасӕй, кӕм хъуыддагӕй чи нӕ фӕрӕдийы, иннӕты зӕрдӕхудт чи нӕ райсы ӕмӕ сӕ маст чи нӕ бауадзы, иу дӕр нӕ ахӕм нӕй (Иаковы 3:2). Цымӕ исчи истӕмӕй куы фӕрӕдийы, уӕд ӕй иннӕтӕн кӕуылты адзурӕм, ууыл хъуамӕ уӕм? Уый хорз нӕу, уымӕн ӕмӕ ахӕм митӕ ӕмбырд ӕддӕг-мидӕг ауайын кӕнынц (Ефесӕгтӕм 4:1—3). Уарзондзинад куы уа нӕ фӕндагамонӕг, уӕд афтӕ никуы бакӕндзыстӕм, ӕмӕ не ’фсымӕры «фыдкой кӕнӕм», йӕ рӕдыдтытӕ йын иннӕтӕн дзурӕм (Псалом 49:20). Мӕнӕ хӕдзары къултӕ куыд байсӕрдынц ӕмӕ сӕ чъырӕй куыд сцӕгъдынц, цӕмӕй сӕ хъӕнтӕ мауал зыной, афтӕ уарзондзинад дӕр бамбӕрзы иннӕты хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ нӕм нал фӕзынынц (Ӕмбисӕндтӕ 17:9).

15 Уарзондзинад нын дзуры, тыхст чи у, уыдоны фарсмӕ балӕууын. Ацы фӕстаг бонты царды уавӕртӕ кӕнынц фыддӕрӕй-фыддӕр, ӕмӕ хатт не ’мчырыстӕттӕм фӕкӕсын фӕхъӕуы кӕм ӕхца, хӕлц, исты дзаумайӕ, кӕм та лӕгдыхӕй дӕр (1 Иоанны 3:17, 18). Мыййаг, не ’мбырды чидӕр ӕхцайӕ тынг фӕтыхст кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй баззад? Нӕ къух цас амоны, уымӕй йӕм фӕкӕсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:27, 28; Иаковы 2:14—17). Йе та, мыййаг, ахӕм ацӕргӕ идӕдз хойы зонӕм, йӕ хӕдзар бацалцӕггӕнинаг кӕмӕн у? Уӕд ын йӕхи зӕгъынмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм — йӕ куыстытӕ йын ӕнӕзивӕгӕй акӕндзыстӕм (Иаковы 1:27).

16 Стӕй, хӕстӕг нӕм чи цӕры, ӕрмӕст уыдоны дӕр нӕ уарзӕм. Хатт фехъусӕм, кӕмдӕр ӕндӕр бӕстӕты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн стыр зиан кӕй ракодтой тыхдымгӕтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ кӕнӕ та бӕстӕйӕн йӕхимидӕг змӕстытӕ. Афтӕ вӕййы, ӕмӕ сын ницыуал баззайы — нӕдӕр хӕринаг, нӕдӕр дзаума. Мах ууыл нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыдон ӕндӕр адӕмыхаттӕй сты, сӕ буары хуыз ӕндӕр у. Мах уарзӕм, зӕххы къорийыл нын цыдӕриддӕр ӕфсымӕртӕ ис, — се ’ппӕты дӕр (1 Петры 2:17). Фыццаг ӕнусы ӕмбырдты куыд кодтой, афтӕ нӕ абон дӕр кӕмӕн йӕ бон цы у, уый сӕмбырд кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ тыхст ӕфсымӕртыл сӕмбӕлын кӕнӕм (Куыстытӕ 11:27—30; Ромӕгтӕм 15:26). Нӕ уарзондзинад ахӕм хъуыддӕгты куы ’вдисӕм, уӕд ацы фӕстаг бонты не ’хсӕн иудзинады тӕгтӕ кӕндзысты фидарӕй-фидардӕр (Колоссӕгтӕм 3:14).

17 Уарзондзинад нӕм кӕй ис, уый тыххӕй нӕ фӕнды адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын. Ахъуыды ма кӕн Йесойыл. Цӕмӕн хъусын кодта ӕмӕ цӕмӕн ахуыр кодта адӕмы? Сӕ удты мӕгуырдзинадмӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ рыст, «тӕригъӕд [сын] кодта» (Маркы 6:34). Дины разамонджытӕ, сӕ мӕнг фыййӕуттӕ сын сӕ зонд зыгъуыммӕ цы скодтой, ӕндӕр сӕ сӕ мӕт ӕппындӕр нӕ уыд, афтӕмӕй та сын хъуамӕ Хуыцауы Ныхас амыдтаиккой ӕмӕ сӕ ныфс уагътаиккой. Йесо та уарзта адӕмы, сӕ тӕригъӕд ӕй арф агайдта, ӕмӕ сын «Хуыцауы Паддзахады» хорз хабар дзырдта — удӕнцой сын хаста (Лукайы 4:16—21, 43).

18 Абон дӕр адӕмӕй бирӕтӕн сӕ зӕндтӕ сзыгъуыммӕ кодтой, сты ӕнӕ ныфс, Хуыцаумӕ сӕ чи ӕрбаввахс кӕна, уый нӕй. Кӕд Йесойау мах дӕр, ӕцӕг Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдоны уавӕрыл хъуыды кӕнӕм, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сын ма тӕригъӕд кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады хорз хабар сын ма дзурӕм (Матфейы 6:9, 10; 24:14). Рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕлдай ӕхсызгонӕй хъӕуы ацы цардирвӕзынгӕнӕг хабар хъусын кӕнын (1 Тимофеймӕ 4:16).

«Хӕстӕг у кӕрон ӕппӕтӕн»

19 Хъуыды кӕндзынӕ, Петр йӕ уынаффӕ, кӕрӕдзийы уарзут, зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕй кӕй райдыдта: «Хӕстӕг у кӕрон ӕппӕтӕн» (1 Петры 4:7). Тагъд ацы фыддуне фесӕфдзӕн ӕмӕ ралӕудзӕн Хуыцауы рӕстаг ног дуне (2 Петры 3:13). Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ нӕхи ауадзӕм. Йесо нын афтӕ фӕдзӕхста: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды... куыд хыз» (Лукайы 21:34, 35).

20 Цӕй уӕдӕ цыфӕндыйӕ дӕр «ма бафынӕй уӕм» — рӕстӕджы гуылфӕны кӕцыран стӕм, уымӕ ӕппынӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм (Матфейы 24:42). Цырддзаст уӕм, Сайтан нӕ йӕ фӕлварӕнтӕй, йӕ цыбӕлтӕй куыд нӕ адзӕгъӕл кӕна. Ацы уазал, ӕнӕуарзон дунейӕн нӕхи йӕхи хуызӕн скӕнын ма бауадзӕм — иннӕты нӕ уарзтӕй ӕнӕвгъауӕй тавӕм, хъуыддагӕй йӕ ӕвдисӕм. Сӕрысӕйраг та: ноджы ӕввахсдӕр балӕууӕм ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕмӕ. Тагъд йӕ ӕвӕрд Мессиайы Паддзахад кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ацы зӕххы тыххӕй йӕм цы стыр фӕнд ис, уый! (Раргомад 21:4, 5).

[Фиппаинаг]

a Библийы ӕндӕр тӕлмацты 1 Петры 4:8 фыст ис, кӕрӕдзийы кӕй хъуамӕ уарзӕм «сыгъдӕг», «зӕрдӕбын» кӕнӕ «ӕхсидгӕ» уарзтӕй.

ФАРСТЫТӔ АХУЫР КӔНЫНӔН

• Фӕстагмӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы ныффӕдзӕхста ӕмӕ цы зӕгъинаг уыди, уый Петр хорз кӕй бамбӕрста, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (1, 2 абз.)

• Цы у «зӕрдиаг уарзондзинад»? (3—5 абз.)

• Нӕ кӕрӕдзийы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? (6—8 абз.)

• Иннӕты кӕй уарзыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (9—18 абз.)

• Ныртӕккӕ уый рӕстӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ нӕхи ауадзӕм ӕмӕ цӕмӕ хъуамӕ раттӕм нӕ хъарутӕ? (19, 20 абз.)

[Ныв 29 фарсыл]

Ӕмуд бинонтӕн ӕнцондӕр у ацы фӕстаг бонты зынтӕ сфӕразын.

[Ныв 30 фарсыл]

Уарзондзинад нын дзуры, тыхст чи у, уыдоны фарсмӕ балӕууын.

[Ныв 31 фарсыл]

Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый дзурӕг у нӕ уарзондзинадыл.