Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕт адӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Ӕппӕт адӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ загъта, зӕгъгӕ, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» (НД) кӕй ӕрцыд, уый базонӕн уыдзӕн хӕстытӕ, рынтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕй, стӕй уӕд, адӕм хӕринаг хъуаг кӕй ӕййафдзысты, уымӕй (Матфейы 24:1—8; Лукайы 21:10, 11).

1914 азӕй, ӕнӕхъӕн бӕстӕты ’хсӕн, стӕй гыццыл адӕмты ’хсӕн дӕр цы хӕстытӕ цӕуы, уыдоны азарӕй адӕмӕн сӕ цард царды ад нал кӕны; арӕх сӕ аххосаг вӕййы уый, ӕмӕ сауджынтӕ сӕхи тъыссынц политикӕйы. А-фӕстаг рӕстӕг та ма тынг сарӕх сты террористты фыдракӕндтӕ дӕр.

Кӕд хойраг фӕфылдӕр кӕныны хъуыддаджы зонадӕн ис стыр ӕнтыстытӕ, уӕддӕр ӕгас зӕххы къорийыл хӕринагӕй тынг цух ӕййафынц сӕдӕгай милуантӕ. Алы аз дӕр уый фыдӕй амӕлы цалдӕр милуан адӕймаджы.

Дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ бӕрӕг уыдзӕн рынтӕй дӕр, ома, дардыл чи анхъӕвзы, ахӕм хӕцгӕ низтӕй. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы грипп сыстад, уый ахаста 21 000 000 адӕймаджы цард. Кӕд-иу раздӕр хӕцгӕ низ ӕрмӕстдӕр кӕмдӕр иу ран апарахат, уӕд уыцы низ та зӕххы къорийыл кӕмӕ нӕ бавнӕлдта, ахӕм адӕм нал баззад, суанг ма дард сакъадӕхтӕм дӕр анхъӕвзта. СПИД йӕ амӕттӕгты фӕдыл зилы ӕгас дунейы дӕр; нырма сӕ рӕзты фӕндагыл чи ис, уыцы бӕстӕты уӕгъд нӕ уадзынц алы ӕмӕ алы низтӕ, зӕгъӕм рӕуджыты низ, тӕфсӕг, онхоцеркоз (куырмниз) ӕмӕ Шагасы низ.

Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕрвылаз дӕр зӕххӕнкъуыстыты нымӕц схӕццӕ вӕййы дӕсгай минтӕм — кӕм лӕмӕгъдӕр вӕййынц, кӕм та тыхджындӕр. Кӕд ныртӕккӕ, зӕххӕнкъуыст кӕм ӕмӕ кӕд уыдзӕн, уый базонын ӕмӕ адӕмы афойнадыл бафӕдзӕхсынӕн иттӕг хорз фӕрӕзтӕ ӕмӕ амӕлттӕ ис, уӕддӕр ӕдзух хъусӕм, зӕххӕнкъуыстытӕ стыр зиӕнттӕ кӕй ракӕнынц, бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм бынӕтты.

Библийы ма бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд: «Зон, фӕстаг бонты ӕрцӕудзӕн уӕззау рӕстӕджытӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕвзист уарзаг, хъал, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузн, ӕнӕраст, фыдзӕрдӕ, нӕфидауӕг, фыдкой кӕнджытӕ, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, хъӕбӕрзӕрдӕ, хорздзинад нӕуарзджытӕ, уӕйгӕнджытӕ, къӕйных, тынг арӕзт, фылдӕр адджын цард уарзджытӕ, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы уарзджытӕ, бакастӕй намысджын, йӕ тых та иппӕрд у. Ахӕмтӕй дард лӕуу» (2 Тимофеймӕ 3:1—5).

Куыд хъуыды кӕныс, ӕцӕгдӕр «уӕззау рӕстӕджыты» нӕ цӕрӕм?

Дӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ фӕхатыдтӕ, адӕм ныры хуызӕн хиуарзон ӕмӕ ӕхцайыл мард ӕмӕ ныры хуызӕн сӕрбӕрзонд кӕй никуы уыдысты?

Чи не сразы уыдзӕн, ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, адӕм кӕй цӕрынц мӕнӕнуайӕ, хорздзинадӕн та аргъ кӕнын кӕй нӕ зонынц, зындзырд ӕмӕ мӕнгард кӕй сты?

Чи йӕ нӕ уыны, фӕстаг рӕстӕг сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм кӕй нал хъусынц, бинонтӕ кӕрӕдзи кӕй нал уарзынц — ӕмӕ уый искуы иу ран нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр.

Абоны адӕмӕн удӕхцондзинӕдты мондагӕй сӕ сӕр кӕй зилы, хорздзинад та кӕй нӕ уарзынц, уый дӕр ӕнӕуынгӕ нӕ уыдзынӕ. Афтӕ дзуры Библи, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй.

Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый раиртасынӕн ма бӕлвырдгӕнӕнтӕ хъӕуы? Йесо ма загъта, раст уыцы рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа ӕгас зӕххыл дӕр — цӕрӕг кӕмдӕриддӕр ис, уым (Матфейы 24:14). Цымӕ уыцы хъуыддаг абон исчи аразы?

Библи ӕмбарынгӕнӕн журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» — йӕ нысан у Иегъовӕйы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын — ӕрвылмӕй цал ӕвзагыл цӕуы, уыйбӕрц ӕвзӕгтыл ӕндӕр иунӕг журнал дӕр нӕ цӕуы.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмимӕ фӕныхас кӕнынц миллиард сахатӕй фылдӕр.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыры уадзынц рӕстӕмбис нымадӕй 400 ӕвзагыл, уыимӕ дард кӕмдӕр армыдзаг адӕм кӕуыл дзуры, ахӕм ӕвзӕгтыл дӕр. Хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой ӕппӕт адӕмтӕм дӕр; хъусын кӕнынц, суанг политикӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ нымады дӕр чи нӕу, ахӕм къаннӕг сакъадӕхтӕ ӕмӕ бӕрӕгзӕххыты дӕр. Дунейы бӕстӕтӕн сӕ фылдӕры адӕмӕн амонынц Библийы ӕцӕгад.

Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, зӕххыл адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым — ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ ӕгас дунейӕн дӕр сӕ дин райсын кӕной, фӕлӕ цӕмӕй алчидӕр ӕвдисӕнад фехъуса. Адӕмӕн, кӕмфӕнды ма цӕрой, ис уый фадат, ӕмӕ равдисой, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг сӕ хъуыдыйы ис, нымайынц ӕй, йӕ закъӕттӕн ын аргъ кӕнынц ӕмӕ иннӕты уарзынц, ӕви нӕ (Лукайы 10:25—27; Раргомад 4:11).

Уӕдӕ рӕхджы Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн ӕппӕт фыдгӕнджыты дӕр ӕмӕ ӕгас зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт (Лукайы 23:43).

[Рамкӕ 6 фарсыл]

Фӕстаг бонтӕ кӕмӕн?

Ацы бонтӕ адӕмы мыггагӕн не сты фӕстаг бонтӕ. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм (Иоанны 3:16, 36; 1 Иоанны 2:17).

Не сты фӕстаг бонтӕ уӕдӕ зӕххӕн дӕр. Хуыцауы Ныхас зӕгъы, зӕгъгӕ, зӕхх йӕхӕдӕг дӕр уыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм дӕр цӕрдзысты ӕнустӕм (Псалом 36:29; 103:5; Исай 45:18).

Ацы бонтӕ фӕстаг бонтӕ сты ацы фыдӕздӕхт, уазал дунейӕн ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

[Рамкӕ/Ныв 7 фарсыл]

Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас у?

Библийы, пехуымпарты чингуыты, арӕх ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ» (Исай 43:14; Иереми 2:2). Хуыцауӕн йӕ Фырт Йесо Чырысти дӕр дзырдта, «Ӕз... Мӕхицӕй нӕ дзурын», зӕгъгӕ (Иоанны 14:10). Уӕвгӕ, Библи нын йӕхӕдӕг бӕлвырд зӕгъы: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Ӕндӕр иу чиныг дӕр нӕй уыйбӕрц ӕвзӕгтыл — 2 200 фылдӕр (Библийы иугонд ӕхсӕнӕдты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ). Ӕндӕр иу чиныг дӕр не ’рцыд уыйбӕрцӕй уагъд — абоны бонмӕ цыппар миллиард экземплярӕй фылдӕр. Уӕвгӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ цы хабар фӕхӕццӕ кӕнинаг у, уый уыцы чиныджы ис фыст?

Библи Хуыцауы удӕй фыст чиныг кӕй у, уымӕн ма ноджы ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарынӕн кӕс чиныг «Библи — Хуыцауы Ныхас у ӕви адӕймаджы?»; мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (уыр.).

Кӕд Библи ахӕм зондӕй кӕсыс, ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхасыл нымайыс, уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

[Рамкӕ/Нывтӕ 8 фарсыл]

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Уый у, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг, ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕ кӕй уылты хицауиуӕг кӕны, уыцы уӕларвон хицауад (Иереми 10:10, 12).

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау уыцы хицауады сӕргъы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы (Раргомад 11:15). Зӕххыл цӕргӕйӕ дӕр Йесо равдыста, Хуыцауӕй йӕм стыр бархъомыс кӕй уыд — йӕ бар цыди ӕрдзы тыхтыл, уыди йӕм алы низтӕ дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ ма мӕрдты ӕгас кӕныны тых дӕр (Матфейы 9:2—8; Маркы 4:37—41; Иоанны 11:11—44). Библийы, Хуыцауы фӕндӕй фыст пехуымпарады, бирӕ раздӕр загъд уыд, Хуыцау Йесойӕн кӕй ратдзӕн «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн кусдзысты» (Данелы 7:13, 14). Уыцы хицауад хуыйны уӕларвон Паддзахад — уӕларвӕй хицауиуӕг кӕны ныр Йесо Чырысти.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Хорз хабар хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл.