Ахуырад исынц иудаизм, чырыстон дин ӕмӕ пысылмон дин
Ахуырад исынц иудаизм, чырыстон дин ӕмӕ пысылмон дин
«Дин адӕймагӕн ӕххуыс кӕны, иу бон ӕнӕмӕнг кӕй амӕлдзӕн, ууыл сразы уӕвынӕн, дӕтты йын кӕнӕ мӕлӕты фӕстӕ хуыздӕр царды ныфс, кӕнӕ ногӕй райгуырыны ныфс, кӕнӕ та сӕ дыууӕтӕ дӕр» ГЕРХАРД ГЕРМ, НЕМЫЦАГ ФЫССӔГ
1. Мӕлӕты фӕстӕ цард кӕй ис, ууыл хӕст динтӕн сӕ фылдӕр цавӕр сӕйраг ахуырадыл бындуриуӕг кӕнынц?
ЗӔГЪӔН ис, мӕлӕты фӕстӕ царды ныфс дӕтгӕйӕ, алкӕцы дин дӕр кӕй бындуриуӕг кӕны ӕнӕмӕлгӕ уды уырнындзинадыл, кӕцы буары мӕлӕты фӕстӕ ахизы кӕнӕ уӕвынады ӕндӕр сферӕмӕ кӕнӕ та ӕндӕр фӕлдисондмӕ. Раззаг сӕрӕй куыд федтам, афтӕмӕй скӕсӕйнаг динтӕ куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад у се ’нӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай. Цы зӕгъӕн ис иудаизм, чырыстон дин ӕмӕ пысылмон дины тыххӕй та? Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад куыд сси уыцы динты сӕйраг ахуырад?
Иудаизм исы грекъаг ӕмбарынӕдтӕ
2, 3. «Иудейаг энциклопеди» куыд дзуры, афтӕмӕй Сыгъдӕг Дзуттаг Фыстыты ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад ис?
2 Иудаизм фӕзынд иу-4 000 азы размӕ, Авраамы рӕстӕджы. Дзуттаг сыгъдӕг фыстытӕ фыссын райдыдтой н. э. агъоммӕ XVI ӕнусы, ӕмӕ сӕ фесты Сократ ӕмӕ Платоны бонтӕм, кӕцытӕ сарӕзтой ӕнӕмӕлгӕ уды теори. Дзуттаг Фыстытӕ уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ууыл ахуыр кӕнынц?
3 Дзуапп ссарӕн ис «Иудейаг энциклопедийы» («Encyclopaedia Judaica»): «Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадыл ӕрмӕстдӕр Библи фыст куы фӕци, уый фӕстӕ райдыдтой фидарӕй ӕууӕндын... ӕмӕ [уыцы уырнындзинад] сси дзуттаг ӕмӕ чырыстон уырнындзинӕдты бындуртӕй сӕ иу». Уым ма ноджыдӕр дзырдӕуы: «Библи куы фыстой, уӕд гоймаг нымад цыдис ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ фӕлдисондыл. Уымӕ гӕсгӕ уд ӕмӕ буары ’хсӕн нӕ уыд бӕрӕг хицӕндзинад». Рагон заманты дзуттӕгтӕ ’ууӕндыдысты мӕрдты райгасдзинадыл, ӕмӕ энциклопеди куыд банысан кодта, афтӕмӕй, «уымӕн ӕнӕмӕлгӕ уды... уырнындзинадимӕ иумӕйагӕй ницы уыдис».
4—6. Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад иудаизмы «бындуртӕй сӕ иу» куыд сси?
4 Уӕдӕ уыцы ахуырад куыд сси иудаизмы «бындуртӕй сӕ иу»? Ацы фарстӕн дзуапп дӕтты истори. Н. э. агъоммӕ 332 азы грекъаг ӕфсадфӕтӕг Александр Македонский цыбыр рӕстӕгмӕ басаста Ӕввахс Скӕсӕнӕн йӕ фылдӕр хай. Александр Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд ыл дзуттӕгтӕ сӕмбӕлдысты стыр цинимӕ. I ӕнусы цӕрӕг рагон дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд дзуры, афтӕмӕй йын равдыстой Данелы чиныгӕй, «Грецийы паддзах», ома Александры хӕстон ӕнтыстыты тыххӕй пехуымпарӕдтӕ, кӕцы сӕм уыдис 200 азӕй фылдӕр (Данелы 8:5—8, 21, Байаты Гаппойы тӕлмац). Александры ивӕг паддзӕхтӕ эллинизацийы хъуыддаг — Грецийы ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ философи — дарддӕр парахат кодтой ӕгас империйы. Уый фӕстиуӕгӕн грекъаг ӕмӕ дзуттаг культурӕтӕ схӕццӕ сты.
5 Н. э. агъоммӕ III ӕнусы фыццаг ӕмбисы кусын райдыдтой Септуагинтӕйыл — грекъаг ӕвзагмӕ Дзуттаг Фыстыты фыццаг тӕлмацыл. Уый фӕрцы бирӕ адӕмтӕ фылдӕр базыдтой дзуттӕгты уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ йын аргъ кӕнын райдыдтой, иуӕй-иутӕ йӕ исгӕ дӕр ракодтой. Дзуттӕгтӕ та хуыздӕр зонгӕ кодтой грекъаг цӕстӕнгӕстимӕ; бирӕтӕ та сӕ систы философтӕ — уый дзуттӕгты царды уыд бынтон ног фӕзынд. Н. э. I ӕнусы цӕрӕг Филон Александрийский уыдис уыцы дзуттаг философтӕй сӕ иу.
6 Филоны цӕсты Платон тынг кадджын уыд ӕмӕ архайдта иудаизм грекъаг философийы ӕвзагӕй ӕмбарын кӕныныл. Иу чиныг ӕмбарын кӕны: «Платоны философи библион традициимӕ баиугӕнгӕйӕ, Филон бакодта фӕндаг фидӕны чырыстон [ӕмӕ ма дзуттаг] хъуыдыгӕнджытӕн» («Heaven—A History»). Цы хъуыды кодта Филон уды тыххӕй та? Уыцы чиныджы дарддӕр дзырдӕуы: «Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, мӕлӕт уды фӕстӕмӕ ’ркӕны йӕ фыццаг, райгуырды агъоммӕ цы уавӕры уыд, уымӕ. Уд духовон дунейӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ буары мидӕг цард вӕййы ӕрмӕстдӕр цыбыр, арӕх ӕнамонд, цау». Уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, уый уырныдта иннӕ дзуттаг философты дӕр, зӕгъӕм: X ӕнусы зындгонд дзуттаг дохтыр Исаак Израэлийы ӕмӕ XVIII ӕнусы немыцаг дзуттаг философ Мозес Мендельсоны.
7, 8. а) Цы дзырдӕуы уды тыххӕй Талмуды? ӕ) Цы дзурынц уды тыххӕй фӕстӕдӕр уагъд дзуттаг мистикон чингуытӕ?
7 Дзуттӕгты цард ӕмӕ хъуыдыкӕнынадыл ма тынг бандӕвта Талмуд — н. э. II ӕнусӕй астӕуккаг ӕнустӕм раввинты арӕзт, дзыхӕйдзургӕ закъӕтты ӕмбырдгонд комментаритӕ ӕмӕ ӕмбарынгӕнӕнтимӕ. «Талмуд чи фыста, уыцы раввинты,— дзырдӕуы «Иудейаг энциклопедийы»,— уырныдта, мӕлӕты фӕстӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы». Талмуды ма дзырдӕуы мӕрдты тыххӕй дӕр, кӕцытӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын. «Гӕнӕн ис, [раввинтӕ] платонизмы ӕндӕвдадӕй баууӕндыдысты уд райдианы кӕй уӕвыд»,— дзырдӕуы «Дин ӕмӕ этикӕйы энциклопедийы».
8 Фӕстӕдӕр цӕрӕг дзуттӕгтӕ ууыл дӕр не ’рлӕууыдысты — Каббалӕйы мистикон чингуыты уыдон ахуыр кодтой уды ахызтыл. «Ног стандартон иудейаг энциклопедийы» («The New Standard Jewish Encyclopedia») уыцы уырнынады тыххӕй дзырдӕуы: «Ацы ӕмбарынад йӕхӕдӕг, ӕвӕццӕгӕн, Индийӕ равзӕрд. [...] Каббалӕйы та фыццаг хатт фӕзынд Бахиры чиныджы ӕмӕ фӕстӕдӕр, Зохары фӕзындӕй тынг апарахат мистикты ’хсӕн ӕмӕ ахсджиаг бынат ахсын райдыдта хасидты уырнындзинад ӕмӕ литературӕйы». Абон Израилы уды ахызты ахуырад нымад у иудаизмы ахуырадыл.
9. Иудаизмы нырыккон здӕхтытӕн сӕ фылдӕр ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?
9 Уӕдӕ, ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад иудаизмы райстой грекъаг философийы ’ндӕвдадӕй, ӕмӕ абон ацы цӕстӕнгас ӕппӕтфӕткон у, ӕвӕццӕгӕн, иудаизмы ӕппӕт здӕхтыты. Чырыстон дин та куыд райста ацы ахуырад?
Чырыстон дин исы Платоны хъуыдытӕ
10. Цавӕр хатдзӕгмӕ ’рцыд испайнаг философ Йесойы ӕнӕмӕлгӕ уд уырныдта ӕви нӕ, уый тыххӕй?
10 Ӕцӕг чырыстон дины бындурӕвӕрӕг уыд Йесо Чырысти. XX ӕнусы зындгонд испайнаг философ Мигель де Унамуно Йесойы тыххӕй фыста: «Уый уырнындта, грекъаг философ Платоны хъуыды — ӕнӕмӕлгӕ уд нӕ, фӕлӕ дзуттӕгты уырнынадмӕ гӕсгӕ буары райгасдзинад... Уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарӕн ис ацы темӕйыл фыст цыфӕнды объективон чиныджы дӕр». Кӕронбӕттӕны уый загъта: «Ӕнӕмӕлгӕ уд... у мурттатаг философийы догмӕ».
11. Чырыстон дин кӕд райдыдта исын грекъаг философи?
11 Кӕд ӕмӕ куыд райста чырыстон дин «муртаттаг философийы догмӕ»? «Ног бритайнаг энциклопедийы» («New Encyclopædia Britannica») уый тыххӕй дзырдӕуы: «Н. э. II ӕнусы ӕмбисӕй, грекъаг философиимӕ зонгӕ чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ бамбӕрстой, сӕ уырнындзинад философон ӕмбарынӕдты ’ххуысӕй кӕй хъуамӕ ӕвдисой. Уымӕн уыдис дыууӕ аххосаджы: сӕ интеллектуалон ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, ӕмӕ ахуыргонд муртатты сӕ динмӕ раздахын. Уыцы хъуыддаджы сын платонизм уыдис иттӕг хорз философи».
12—14. Ориген ӕмӕ Августин куыд уыдысты ахъаз Платоны философи чырыстон ахуырадимӕ схӕццӕ кӕнынӕн?
12 Чырыстон дины ахуырӕдтыл ма тынг бандӕвтой уӕды рӕстӕджы цӕрӕг дыууӕ философы. Сӕ иу уыд Ориген (н. э. 185—254 азтӕ), иннӕ та — Августин (н. э. 354—430 азтӕ). «Ног католикон энциклопедийы» («New Catholic Encyclopedia») уыдон тыххӕй дзырдӕуы: «Скӕсӕны Ориген куы фӕзынд, Ныгуылӕны та — Сыгъдӕг Августин, уд ӕрмӕстдӕр уӕд райдыдтой нымайын духовон субстанци ӕмӕ философон ӕмбарынадыл». Цӕй бындурыл сарӕзтой Ориген ӕмӕ Августин сӕ цӕстӕнгӕстӕ уды тыххӕй?
13 «Ориген уыд Климент Александрийскийы, аргъуаны Фыдтӕй фыццаг уды ӕмбарынад грекъӕгтӕй ӕргомӕй чи райста, уый ахуыргӕнинаг»,— дзырдӕуы «Ног католикон энциклопедийы». Оригеныл тынг бандӕвта Платоны хъуыды уды тыххӕй. «[Ориген] чырыстон ахуырадмӕ ӕрбахаста уды тыххӕй иумӕйаг ӕмбарынад, кӕцы райста Платонӕй»,— бафиппайдта теолог Вернер Йегер («The Harvard Theological Review»).
14 Чырыстон дины минӕвӕрттӕй иуӕй-иутӕ Августины нымайынц рагон заманы зынгӕдӕр философыл. Августин цалынмӕ 33-аздзыдӕй «чырыстон дин» райста, уӕдмӕ тынг цымыдис кодта философийӕ ӕмӕ уыд ногплатонист a. Ног дин райсгӕйӕ дӕр нӕ фӕивта йӕ ногплатонистон цӕстӕнгӕстӕ. «Йе ’ндӕвдад ын абарӕн ис згъӕрдонгӕнӕн пецимӕ, цыран иумӕ бахсыстысты Ног Фӕдзӕхсты дин ӕмӕ грекъаг философийы платонистон традицитӕ»,— дзырдӕуы «Ног бритайнаг энциклопедийы». «Ног католикон энциклопедийы» та дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Августины «ахуырад [уды тыххӕй], кӕцыйыл суанг XII ӕнусты онг хӕст уыдысты Ныгуылӕны, бирӕ цӕмӕйдӕрты хӕсджын у... ногплатонизмӕн».
15, 16. XIII ӕнусы Аристотелы ахуырӕдтӕм фылдӕр цымыдисдзинад кӕй фӕзынд, уымӕй ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй аргъуаны цӕстӕнгас фӕивта?
15 XIII ӕнусы Аристотелы ахуырӕдтӕ ноджы тынгдӕр апарахат сты Европӕйы, сӕйраджыдӕр йӕ куыстытӕм арабаг хъуыдыгӕнджыты комментаритӕ латинаг ӕвзагыл парахат кӕй уыдысты, уый руаджы. Аристотелы хъуыдытӕ тынг фӕцыдысты католикон теолог Фома Аквинскийы зӕрдӕмӕ. Ӕмӕ йӕ куыстыты руаджы Аристотелы хъуыдытӕ Платоны хъуыдытӕй тынгдӕр бандӕвтой аргъуаны ахуырӕдтыл. Фӕлӕ уый гыццыл дӕр нӕ фӕивта ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад.
16 Аристотель амыдта, удӕн буарӕй фӕхицӕнгӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ хицӕнӕй уӕвын йӕ бон кӕй нӕу; кӕд, зӕгъгӕ, адӕймаджы цыдӕр ӕнӕмӕлгӕ ис, уӕд уый та у ӕрмӕстдӕр абстрактон, ӕгоймаг зонд. Уды тыххӕй ахӕм ӕмбарынад хицӕн кодта аргъуаны ахуырадӕй, кӕцы амыдта, уд буары мӕлӕт кӕй сфӕразы ӕмӕ дарддӕр хицӕн гоймагӕй кӕй уӕвы. Уымӕ гӕсгӕ, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, уымӕн бамбарынгӕнӕн кӕй ис, уый бӕлвырдгӕнгӕйӕ, Фома Аквинский гыццыл ивындзинӕдтӕ бахаста уды тыххӕй Аристотелы ахуырадмӕ. Афтӕмӕй, ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй аргъуаны уырнындзинад нӕ фӕивта.
17, 18. а) XVI ӕнусы Реформаци уды ахуырадмӕ исты ивындзинӕдтӕ бахаста? ӕ) Цы цӕстӕй кӕсынц ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадмӕ чырыстон дины здӕхтытӕн сӕ фылдӕр?
17 Сногкӕнынады дуджы райдианы, XIV—XV ӕнусты та Платоны куыстытӕм ногӕй цымыдисдзинад фӕзынд. Зындгонд италийӕгтӕ, Медичийы бинонтӕ ма ууыл дӕр бацархайдтой, цӕмӕй Флоренцийы арӕзт ӕрцыдаид академи, ӕмӕ уымӕй ахъаз уыдысты Платоны философи лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнынӕн. XVI—XVII ӕнусты Аристотелы куыстытӕм цымыдысдзинад зынгӕ фӕкъаддӕр. XVI ӕнусы Реформаци дӕр ницы ивындзинӕдтӕ бахаста уды ахуырадмӕ. Кӕд протестантон реформатортӕ сыгъдӕггӕнӕны ахуырадыл быцӕу кодтой, уӕддӕр ӕнусон хъизӕмӕрттӕ, кӕнӕ ӕнусон амонды хъуыдыйыл разы уыдысты.
18 Уӕдӕ чырыстон дины здӕхтытӕн сӕ фылдӕр хӕст сты ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадыл. Иу америкӕйаг философ уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Раст зӕгъгӕйӕ, нӕ фылдӕрӕн дин нысан кӕны ӕрмӕстдӕр ӕнӕмӕлгӕ цард. Хуыцау та — ӕнӕмӕлгӕ цард чи дӕтты, уый».
Ӕнӕмӕлгӕ уд ӕмӕ пысылмон дин
19. Кӕд фӕзынд пысылмон дин ӕмӕ чи уыд йӕ бындурӕвӕрӕг?
19 Пысылмон дины истори райдыдта, 40-аздзыдӕй Мӕхӕмӕт йӕхи пехуымпарӕй куы расидт, уӕд. Пысылмӕтты уырны, 20—23 азы дӕргъы (н. э. 610 азӕй йӕ мӕлӕты онг 632 азмӕ) Мӕхӕмӕт раргомӕдтӕ кӕй иста. Уыцы раргомӕдтӕ фыст сты Хъуыраны — пысылмӕтты сыгъдӕг чиныджы. Цалынмӕ пысылмон дин фӕзынд, уӕдмӕ иудаизм ӕмӕ чырыстон дин райстой платонистон цӕстӕнгас уды тыххӕй.
20, 21. Пысылмӕттӕ цы хъуыды кӕнынц мӕрдты бӕсты тыххӕй?
20 Пысылмӕттӕ сӕ дин нымайынц, ивгъуыд заманы иузӕрдион дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕн цы раргомӕдтӕ лӕвӕрд ӕрцыд, уыдоны уӕлдӕр къӕпхӕныл. Хъуыраны хаст цӕуынц куыд Дзуттаг, афтӕ Грекъаг Фыстытӕ дӕр. Ӕрмӕст ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй Хъуыран ӕмӕ Фыстадӕн нӕй иу хъуыды. Хъуыраны дзырдӕуы, адӕймагӕн кӕй ис уд, кӕцы мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ баззайы. Уым ма дзырдӕуы мӕрдты райгасдзинад, тӕрхоны бон ӕмӕ удӕн йӕ фӕстаг хъысмӕтыл дӕр: уӕларвыл дзӕнӕтон дыргъдоны цӕрдзӕн ӕви судзгӕ зындоны хъизӕмар кӕндзӕн.
21 Пысылмӕтты уырны, мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы уд кӕй ахизы барзахъмӕ, ома «цӕлхдурмӕ»,— «амӕлӕг тӕрхоны размӕ цы бынаты кӕнӕ уавӕры вӕййы, уырдӕм» (Сурӕ 23:99, 100, «The Holy Qur-an», фиппаинаг). Уд алцыдӕр кӕй ӕмбары ӕмӕ кӕй ӕнкъары, уымӕ гӕсгӕ уӕлӕуыл фыд адӕймаг чи уыд, уый удмӕ уыцы уавӕры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц мӕрдты бӕсты ӕфхӕрдтӕ, кӕд рӕстгӕнӕг уыд, уӕд та — амонд. Фӕлӕ рӕстгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ гыццыл ахъизӕмар кӕной, уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕргӕйӕ, уыдон дӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтой. Тӕрхоны бон алчидӕр базондзӕн, цавӕр ӕнусон фидӕн ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ ууыл ӕхсӕн уавӕр фӕуыдзӕн.
22. Цавӕр алыхуызон хъуыдытӕ размӕ кодтой арабаг философтӕ уды тыххӕй?
22 Кӕд иудаизм ӕмӕ чырыстон дин ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынад Платоны ахуырӕдты ӕндӕвдадӕй райстой, уӕд пысылмон дины та йӕ фӕзындӕй фӕстӕмӕ уыд. Уый ууыл дзурӕг нӕу, арабаг ахуыргӕндтӕ пысылмон ахуырӕдтӕ грекъаг философиимӕ сиу кӕныныл кӕй нӕ архайдтой. Арабаг дуне ӕгасӕй дӕр Аристотелы куыстыты стыр ӕнӕвдады бын уыд. Зынгӕ арабаг философтӕ, зӕгъӕм, Ибн Сина (Авиценнӕ) ӕмӕ Ибн Рушд (Аверроэс) та Аристотелы хъуыдытыл бындуриуӕггӕнгӕйӕ, размӕ кодтой сӕхи теоритӕ. Фӕлӕ уды тыххӕй грекъаг ӕмӕ пысылмон ӕмбарынӕдтӕ сиу кӕныныл архайгӕйӕ, уыдон сарӕзтой алыхуызон теоритӕ. Ибн Сина дзырдта, адӕймаджы уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у. Ибн Рушд та уыд ахӕм цӕстӕнгасы ныхмӕ. Фӕлӕ ахӕм хицӕндзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, пысылмӕтты абоны онг дӕр уырны, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у.
23. Иудаизм, чырыстон дин ӕмӕ пысылмон динӕн цавӕр ахаст ис ӕнӕмӕлгӕ уды фарстмӕ?
23 Уӕдӕ бӕрӕг у, иудаизм, чырыстон дин ӕмӕ пысылмон дин дӕр ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадыл хӕст кӕй сты.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Ногплатонизмы, Платоны философи ног хуызы ӕмбарынкӕнынады фарсхӕцӕг, Плотин III нусы Ромы бындур ӕрӕвӕрдта ногплатонизмӕн.
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 14 фарсыл]
Александр Македонскийы тыхӕйисӕг балцтӕ ахъаз уыдысты грекъаг ӕмӕ дзуттаг культурӕты схӕццӕйӕн.
[Нывтӕ 15 фарсыл]
Ориген (уӕлейы) ӕмӕ Августин архайдтой Платоны философи чырыстон ахуырадимӕ сиу кӕныныл.
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Ибн Сина (уӕлейы) дзырдта, адӕймаджы уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у. Ибн Рушд та уыд ахӕм цӕстӕнгасы ныхмӕ.