Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссаджы фидӕн!

Диссаджы фидӕн!

Диссаджы фидӕн!

«Алкӕцы цӕрӕг ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг нӕ амӕлдзӕн мыггагмӕ» ИОАННЫ 11:26

1. Цавӕр уавӕрты райгас уыдзысты милуангай адӕймӕгтӕ?

 МИЛУАНГАЙ адӕймӕгтӕ куы райгас уой, уӕд зӕхх ӕдзӕрӕг нӕ уыдзӕн (Куыстытӕ 24:15). Уыдон райхъал уыдзысты диссаджы уавӕрты: цӕттӕ сын уыдзӕн цӕрӕнбынӕттӕ, уӕлӕдарӕс ӕмӕ алыхуызон хӕринаг. Чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххон райгасдзинады агъоммӕ ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдон. Фӕлӕ чи сты уыцы адӕм?

2—4. Ацы «фӕстаг бонты» чи цӕры, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

2 Библион пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, ацы цардыуагон системӕйы «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм a (2 Тимофеймӕ 3:1). Тагъд рӕстӕджы Иегъовӕ Хуыцау зӕххон хъуыддӕгтӕм ӕрӕвналдзӕн ӕмӕ зӕххӕй ӕппӕт фыддзинад скуынӕг кӕндзӕн (Псалом 36:10, 11; Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21, 22). Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон та цы фӕуыдзысты?

3 Фыдгӕнджытимӕ Иегъовӕ рӕстгӕнджыты нӕ фесафдзӕн (Псалом 144:20). Ивгъуыд заманты афтӕ никуы бакодта, уӕдӕ зӕхх фыддзинадӕй сыгъдӕггӕнгӕйӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн афтӕ. (Абар Уӕвынад 18:22, 23, 26.) Библийы фӕстаг чиныджы дзырдӕуы, кӕй ис «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй», кӕцытӕ ӕрбацыдысты «стыр фыддзинӕдтӕй» (Раргомад 7:9—14). О, нырыккон фыдцардыуагон системӕ цы стыр фыддзинады скуынӕг уыдзӕн, уым «тынг бирӕ адӕм» удӕгас баззайдзысты ӕмӕ Хуыцауы ног дунемӕ бахиздзысты. Уым коммӕгӕс адӕймагад пайда исдзӕн, Хуыцау адӕймагады тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн цы диссаджы лӕвӕрдтӕ ’рцӕттӕ кодта, уыдонӕй (Раргомад 22:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ, «тынг бирӕ адӕм» мӕлӕт никуы бавзардзысты. Цы диссаджы фидӕн у!

4 Ацы диссаджы зӕрдӕвӕрдыл ӕууӕндӕн ис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Йесо Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, адӕм куыннӕуал мӕлдзысты. Йӕ хӕлар Лазӕры райгас кӕныны размӕ Йесо Марфӕйӕн загъта: «Алкӕцы цӕрӕг ӕмӕ мӕныл ӕууӕндӕг нӕ амӕлдзӕн мыггагмӕ» (Иоанны 11:26).

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ӕнустӕм цӕрын

5, 6. Кӕд дӕ ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын фӕнды, уӕд цы хъуамӕ аразай?

5 Фӕнды дӕ ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын? Бӕллыс дӕ зынаргъ адӕймӕгты ногӕй фенынмӕ? Уӕд бацархай Хуыцауы фӕндӕттӕ ӕмӕ домӕнтӕ хорз базоныныл. Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, Йесо загъта: «Ӕнусон цард... уый у, цӕмӕй зоной Дӕу,— иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ).

6 Хуыцауы фӕндон у, «цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Ныр та дӕ ӕвӕстиатӕй базонын хъӕуы, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг милуангай адӕмӕгтимӕ иумӕ ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын дӕ бон куыд суыдзӕн, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты Хуыцау ӕмӕ йӕ домӕнты тыххӕй фылдӕр базонынӕн. Уыдоныл фембӕлӕн ис хӕстӕгдӕр Паддзахады залмӕ бацӕугӕйӕ, кӕнӕ иннӕ фарсыл лӕвӕрд адристӕй хӕстӕгдӕрмӕ ныффысгӕйӕ.

[Фиппаинаг]

a Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы 98—107 фӕрстӕм.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

«Тынг бирӕ адӕм» мӕлӕт никуы бавзардзысты.