Удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
Удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
«Адӕймаджы уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы ӕмӕ йӕ буар куы бамбийы, уӕд цӕргӕйӕ кӕй баззайы, уыцы ахуырад у чырыстон философи ӕмӕ теологийы бындуртӕй сӕ иу» НОГ КАТОЛИКОН ЭНЦИКЛОПЕДИ
1. Цӕуыл разы кӕны «Ног католикон энциклопеди», буары мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ цы уд баззайы, уый тыххӕй?
ФӔЛӔ ма уыцы куыст разы кӕны, зӕгъгӕ, «мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ цы уд баззайы, уый ӕмбарынад Библийы бӕрӕгӕй нӕ зыны». Уӕдӕ удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй Библи ӕцӕгӕй цы дзуры?
Мӕрдтӕ сты ӕнӕмбаргӕ уавӕры
2, 3. Цы уавӕры сты мӕрдтӕ ӕмӕ уый цавӕр библион стихтӕй бӕрӕг у?
2 Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тынг хорз ӕвдыст у Екклесиасты 9:5, 10-ы, цыран кӕсӕм: «Мӕрдтӕ ницы зонынц... Ингӕны, кӕдӕм ацӕуай, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр хъуыдыкӕнынад, нӕдӕр зонындзинад, нӕдӕр зондджындзинад». Уымӕ гӕсгӕ мӕлӕт у ӕдзард уавӕр. Псаломзарӕггӕнӕг фыста, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд «аздӕхы йӕ зӕхмӕ; уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр» (Псалом 145:4).
3 Уӕдӕ мӕрдтӕ сты ӕнӕмбаргӕ уавӕры, бынтондӕр ницы аразын у сӕ бон. Адамӕн тӕрхон хӕсгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Сыджыт дӕ ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Уӕвынад 3:19). Цалынмӕ йӕ Хуыцау сыджытӕй не скодта ӕмӕ дзы цард нӕ ныуулӕфыд, уӕдмӕ Адам нӕ уыд. Куы амард, уӕд та фӕстӕмӕ аздӕхт йӕ раздӕры уавӕрмӕ. Хуыцауы тӕрхонмӕ гӕсгӕ Адаммӕ ӕнхъӕлмӕ каст уӕвынады ӕндӕр сферӕмӕ ахизын нӕ, фӕлӕ мӕлӕт.
Уд амӕлы
4, 5. Ӕрхӕсс Библийӕ цӕвиттонтӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц, уд кӕй мӕлы?
4 Фӕлӕ Адам куы амард, уӕд йӕ уд цы фӕци? Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Библийы дзырд «уд» арӕх гоймагмӕ кӕй хауы. Уымӕ гӕсгӕ, Адам амард, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны, кӕй амард уд, Адам. Чи зоны, ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй уырны, уыдонмӕ уый диссаг фӕкӕса. Фӕлӕ Библи дзуры: «Тӕригъӕд саразӕг уд амӕлдзӕн» (Иезекиль 18:4). Назорейтӕ фӕдзӕхст уыдысты, «мард буармӕ [«мард удмӕ», НД] хӕстӕг ма хъуамӕ цӕуой» (Нымӕцтӕ 6:6). Нымӕцты 23:10-ы Валаам загъта: «Уадз амӕлӕд мӕ уд рӕстаг лӕджы мардӕй».
5 Уды тыххӕй ма ахӕм хъуыды ис 3 Паддзӕхӕдты 19:4-ы (АМТ). Илиа йӕ фыртыхстӕй «куырдта мӕлӕт йӕ удӕн». Ионӕ дӕр «йӕ удӕн мӕлӕт куырдта, ӕмӕ загъта: ацы цардӕй мӕлӕт хуыздӕр у» (Ионӕ 4:8, АМТ). Йесо та спайда кодта ахӕм фразӕйӕ, куыд «уды... фесафын», кӕцы епископ Кассианы тӕлмацы у «уд... амарын» (Маркы 3:4). Уӕдӕ уды мӕлӕт нысан кӕны адӕймаджы мӕлӕт.
«Рацӕуын» ӕмӕ «ӕрыздӕхын»
6. Куыд ӕмбарын хъӕуы Библийы фыст ныхӕстӕ, Рахиль йӕ «уд иста», зӕгъгӕ?
6 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис Рахилы трагикон мӕлӕты тыххӕй та, кӕцы амард йӕ дыккаг фырты аргӕйӕ? Уӕвынады 35:18-ы кӕсӕм: «Куы марди ӕмӕ йӕ уд куы иста, уӕд ыл сӕвӕрдта ном: Бенони. Фӕлӕ йӕ йӕ фыд схуыдта Вениамин». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты Рахиль куы амард, уӕд дзы цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ хай кӕй ахицӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, дзырд «уд» адӕймаджы цардмӕ дӕр кӕй хауы. Уымӕ гӕсгӕ ацы тексты Рахилы «уд» нысан кӕны йӕ «цард». Уый тыххӕй Библийы ӕндӕр тӕлмацы «йӕ уд иста» тӕлмац у куыд: «аргӕйӕ амард», (НТ). Ам Рахилы мӕлӕты фӕстӕ цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ хай цӕргӕйӕ кӕй баззад, уымӕн йӕ кой дӕр нӕй.
7. Куыд ӕмбарын хъӕуы, идӕдз сылгоймаджы фыртмӕ йӕ уд фӕстӕмӕ кӕй «ӕрыздӕхт»?
7 Ахӕм хъуыды ис 3 Паддзӕхӕдты, 17 сӕры дӕр, цыран дзырдӕуы, идӕдз сылгоймаджы фырты райгасдзинадыл. Мах 3Пд 17:22 стихы кӕсӕм, лӕппуйы буарыл скувгӕйӕ, «Хицау фехъуыста Илиайы хъӕлӕс, ӕмӕ лӕппумӕ йӕ уд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ уый райгас». Ам дӕр та дзырд «уд» нысан кӕны «цард». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «Нырыккон тӕлмацы» дзырдӕуы: «Лӕппумӕ йӕ цард фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ уый райгас». Ӕцӕгдӕр, дзырд цыди лӕппуйы буармӕ ӕрыздӕхӕг цавӕрдӕр ӕндӕргон удыл нӕ, фӕлӕ цардыл. Ацы ныхӕстӕ ӕмдзых кӕнынц, Илиа лӕппуйы мадӕн цы загъта, уыимӕ: «Уыныс, дӕ лӕппу [гоймаг ӕнӕхъӕнӕй] удӕгас у» (3 Паддзахӕдты 17:23).
«Ӕхсӕн уавӕрыл» быцӕу
8. Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ цы ’рцӕудзӕн фидӕны райгасдзинады рӕстӕджы?
8 Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕты уырны фидӕны райгасдзинад, кӕцыйы буар сиу уыдзӕн ӕнӕмӕлгӕ удимӕ. Уый фӕстӕ райгасуӕвджытӕ базондзысты сӕ хъысмӕт: уыдон райсдзысты кӕнӕ сӕ хорз царды тыххӕй хорзӕх, кӕнӕ та — се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд.
9. Цы у «ӕхсӕн уавӕр» ӕмӕ иуӕй-иуты ныхӕстӕм гӕсгӕ, удыл уыцы уавӕры цы ’рцӕуы?
9 Фыццаг бакастӕй ацы цӕстӕнгас тынг хуымӕтӕг зыны. Фӕлӕ ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй уырны, уыдонӕн сӕ бон нӕу, мӕлӕтӕй райгасдзинады онг уд цы уавӕры вӕййы, уый бамбарын кӕнын. О, «ӕхсӕн уавӕр» кӕй хонынц, уый сӕдӕазты дӕргъы ’взӕрын кӕны бирӕ ӕнхъӕлцытӕ. Иутӕ хъуыды кӕнынц, мӕлӕты фӕстӕ уд кӕй вӕййы сыгъдӕггӕнӕны, цыран ссыгъдӕг вӕййы ныббаринаг тӕригъӕдтӕй, цӕмӕй уӕларвон царды аккаг уа a.
10. Уд цасдӕр рӕстӕгмӕ сыгъдӕггӕнӕнмӕ кӕй бахауы, ууыл уырнындзинад Фыстадыл цӕуылнӕ бындуриуӕг кӕны ӕмӕ уый куыд бӕлвырд кӕны Лазӕры цау?
10 Куыд федтам, афтӕмӕй уд у адӕймаг йӕхӕдӕг. Уӕдӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд амӕлы уд. Уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты фӕстӕ ницавӕр ӕмбаргӕ уӕвынад ис. Цӕвиттонӕн, Лазӕр куы амард, уӕд Йесо Чырысти нӕ загъта, йӕ уд сыгъдӕггӕнӕны, зындоны бацӕуӕны кӕй уыд, кӕй хъизӕмар кодта, кӕнӕ цавӕрдӕр «ӕхсӕн уавӕр» кӕй бавзӕрста. Уый бӕсты Йесо хуымӕтӕгӕй загъта: «Лазӕр бафынӕй» (Иоанны 11:11). Уӕдӕ мӕлӕты фӕстӕ уд цы уавӕры вӕййы, уый бӕлвырд зонгӕйӕ, Йесойы уырныдта, Лазӕр кӕй ницы ӕмбӕрста, йӕ уӕвынадӕй кӕй банцад.
Цы у «уд» [руа́х]?
11. Цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, дзырд «уд» кӕй у адӕймаджы буарӕй ахицӕнуӕвӕг хай, кӕцы мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ баззайы?
11 Библи дзуры, адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй «рацӕуы йӕ уд, ӕмӕ уый аздӕхы йӕ зӕхмӕ» (Псалом 145:4) b. Уый ууыл дзурӕг у, уд ӕцӕгдӕр буарӕй кӕй ссӕрибар вӕййы ӕмӕ адӕймаджы мӕлӕты фӕстӕ кӕй цӕры? Уый гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дарддӕр псаломзарӕггӕнӕг афтӕ дзуры: «Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр». Уӕдӕ цы у уд ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы куыд «рацӕуы»?
12. Библийы дзырд «удӕй» тӕлмац дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ цы нысан кӕнынц?
12 Библийы дзырд «уд» (дзуттагау руа́х; грекъагау пне́ума) сӕйраджыдӕр нысан кӕны «улӕфт». Уымӕ гӕсгӕ ныхас «рацӕуы йӕ уд»-ы бӕсты Р. Э. Нокс йӕ тӕлмацы 145 псалмы, 4 стихы ныффыста, зӕгъгӕ, «буар нал фӕулӕфы». Фӕлӕ дзырд «уд» ӕрмӕст улӕфты процесс нӕ нысан кӕны. Цӕвиттонӕн, Уӕвынады 7:22-ы Ӕппӕтдунеон хъаймӕты адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цард кӕй скуынӕг, уый афтӕ ӕвдыст у: «Зӕххыл йӕ фындзыхуынчъыты царды уды улӕфт кӕмӕн уыдис, уыдон иуылдӕр амардысты». Уӕдӕ «уд» хауы царды тыхмӕ дӕр, кӕцы ис ӕппӕт удӕгас фӕлдисондтӕн, куыд адӕймӕгтӕн, афтӕ цӕрӕгойтӕн дӕр, ӕмӕ уӕвы улӕфты фӕрцы.
13. Адӕймаджы уд куыд ис абарӕн электрон токимӕ?
13 Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ: ифтонггарз кусы электрон токы ӕндӕвдадӕй. Ток куы ахицӕн кӕнынц, уӕд ифтонггарз нал фӕкусы. Уый фӕстӕ ток хицӕн механизм не свӕййы. Афтӕ адӕймаг дӕр куы амӕлы, уӕд «уд» буары чырӕгтӕн царды тых нал фӕдӕтты. Уый буар нӕ ныууадзы, ӕмӕ уӕвынады ӕндӕр сферӕмӕ нӕ ацӕуы (Псалом 103:29).
14, 15. Адӕймаджы мӕлӕты фӕстӕ уд Хуыцаумӕ кӕй сыздӕхы, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
14 Ӕмӕ уӕд Екклесиасты чиныджы 12:7-ы цӕмӕн кӕсӕм, адӕймаг куы амӕла, уӕд «уд, чи йӕ ратта, Уымӕ, Хуыцаумӕ сыздӕхдзӕн», зӕгъгӕ? Уый миййаг ууыл дзурӕг у, уд ӕцӕгдӕр тыгъдады уылты Хуыцаумӕ кӕй стӕхы? Ацы тексты уый кой бынтондӕр нӕй. Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, уд царды тых кӕй у. Адӕймагӕн царды тых куыннӕуал уа, уӕд ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон у уый фӕстӕмӕ раттын. Уӕдӕ, уд кӕй «сыздӕхдзӕн Хуыцаумӕ», уый нысан кӕны, амӕлӕг адӕймаджы дарддӕры царды ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй у баст.
15 Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон у уд, кӕнӕ царды тых фӕстӕмӕ раттын, цӕй фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон суыдзӕн ногӕй цӕрын (Псалом 103:30). Фӕлӕ Хуыцау фӕнд кӕны уый саразын?
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Ног католикон энциклопеди» куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ «[аргъуаны] Фыдтӕ бӕлвырдӕй дзырдтой сыгъдӕггӕнӕн кӕй ис, уый тыххӕй». Фӕлӕ ма уыцы куысты, ноджыдӕр, нысангонд цӕуы, «сыгъдӕггӕнӕны тыххӕй католикон догмӕ кӕй бындуриуӕг кӕны, Сыгъдӕг Фыстадыл нӕ, фӕлӕ традицитыл».
b Раззаг сӕрты мах дзырдтам дзырд «уд»-ыл, кӕцы оригиналон дзуттаг ӕвзагыл у не́феш. Ацы сӕры та дзырд цӕудзӕн «уд»-ыл, кӕцы дзуттаг ӕвзагыл у руа́х.
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ 23 фарсыл]
Раздӕры царды мысинӕгтӕ
КӔД адӕймагӕй мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ ницы баззайы, уӕд иуӕй-иутӕ цӕмӕн дзурынц, раздӕры цардӕй цыдӕртӕ кӕй хъуыды кӕнынц?
Индусаг философ Никхиланандӕ фыссы, зӕгъгӕ, «мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уымӕн зондӕй бамбарӕн нӕй». Теолог Ганс Кюнг йӕ лекцийы, кӕцы хуыйны «Ӕнӕмӕлгӕ удыл уырнындзинады цӕвиттонтӕ» («Models of Belief in Eternity in the Religions»), амоны: «Раздӕры царды мысинӕгты тыххӕй нӕм цы хъусинӕгтӕ ис, уыдонӕй иуӕн дӕр нӕй сбӕлвырдгӕнӕн (сӕ фылдӕр райстой сывӕллӕттӕй кӕнӕ та уды ахызты ахуырадыл кӕм ӕууӕндынц, уыцы бӕстӕты цӕрджытӕй)». Уый фӕстӕ Кюнг зӕгъы: «[Йӕ цард ацы фарст зонадон ӕгъдауӕй раиртасынӕн чи снывонд кодта, уыдонӕн] сӕ фылдӕр разы сты иу хъуыддаджы: цы ӕрмӕг сӕм ис, уый нӕ бӕлвырд кӕны зӕххыл цард кӕй фӕлхат кӕны, уый».
Ӕмӕ дӕм афтӕ куы кӕса, раздӕры цардӕй цыдӕртӕ кӕй хъуыды кӕныс? Ахӕм ӕнкъарӕнтӕн алыхуызон аххосӕгтӕ ис. Цы информаци райсӕм, уымӕй царды ӕххӕстӕй кӕй не спайда кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырд кӕны нӕ дӕлзонды ӕрфыты. Ӕмӕ ивгъуыды рох цаутӕ сӕ хъуыдыйы куы сног вӕййынц, уӕд иуӕй-иутӕ уый нымайынц, фыццаг хатт кӕй нӕ цӕрынц, уый бӕлвырдгӕнӕныл. Ӕцӕгӕй та нын абоны царды йеддӕмӕ ӕндӕр царды тыххӕй нӕй бӕлвырд ӕрмӕг. Уымӕй уӕлдай зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр ницы хъуыды кӕнынц раздӕры царды тыххӕй ӕмӕ хъуыды дӕр никуы акодтой, кӕддӕр ма кӕй цардысты, ууыл.