Уды тыххӕй ӕцӕгад — ахсджиаг у
Уды тыххӕй ӕцӕгад — ахсджиаг у
«Базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ ӕцӕгад скӕндзӕн сымах сӕрибар» ИОАННЫ 8:32
1. Уд ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, уый нӕ сбӕлвырд кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
МӔЛӔТ ӕмӕ мӕрдты бӕсты тыххӕй адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, ууыл тынг ӕндавы йӕ динон ӕмӕ культурон хъомылад. Куыд федтам, афтӕмӕй уыцы уырнындзинӕдтӕ тынг алыхуызон сты: удӕн йӕ фӕстаг нысан ӕрмӕстдӕр бирӕ хӕттыты ногӕй райгуыргӕйӕ кӕй бафты йӕ къухы уымӕй райдайгӕйӕ, ӕмӕ фӕстаг тӕрхоныл фӕугӕйӕ, цыран ӕрлӕууы ӕрмӕстдӕр иу цард кӕмӕн уыд, уыцы адӕймаг. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны кӕйдӕр уырны, мӕлӕты фӕстӕ уӕлдӕр реалондзинадимӕ кӕй сиу уыдзӕн, чидӕр та тырны нирванӕмӕ, ис ахӕмтӕ дӕр уӕларвон дзӕнӕтмӕ бафтыны ныфс кӕй ис. Ӕппӕт ацы хъуыдытӕй ӕцӕг кӕцы у? Цы нӕ уырны, уый нӕ цӕстӕнгас, нӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл кӕй ӕндавы, уымӕ гӕсгӕ ацы фарстӕн лӕмбынӕг ма хъуамӕ агурӕм раст дзуапп?
2, 3. а) Уды тыххӕй Библийы ахуырад ӕууӕнчы аккаг цӕмӕн у? ӕ) Библимӕ гӕсгӕ уд цы у?
2 Дунейы ’ппӕты рагондӕр чиныг Библийы фыст ис адӕймагады истори, уыимӕ ма зӕххыл фыццаг адӕймаджы уд куыд ӕрцыд фӕлдыст, уый тыххӕй дӕр. Ацы чиныджы ахуырӕдтӕ адӕймагон философитӕ ӕмӕ традицитимӕ хӕццӕ не сты. Библи тынг хуымӕтӕгӕй ӕвдисы цы у уд: дӕ уд — ды дӕхӕдӕг; мӕрдтӕ бынтондӕр банцайынц сӕ уӕвынӕй; Хуыцау йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдон та райгас уыдзысты йе снысангонд рӕстӕджы. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн ацы зонынад?
3 «Базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ ӕцӕгад скӕндзӕн сымах сӕрибар»,— загъта Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн (Иоанны 8:32). О, ӕцӕгад сӕрибар кӕны. Фӕлӕ цӕмӕй ссӕрибар кӕны уды тыххӕй ӕцӕгад?
Сӕрибардзинад тас ӕмӕ ӕвӕрӕздзинадӕй
4, 5. а) Цавӕр тас иуварс кӕны уды тыххӕй ӕцӕгад? ӕ) Райгасдзинады ныфс куыд бафидар кодта мӕлӕтдзаг рынчын чызджы?
4 «Адӕмӕн сӕ фылдӕр тӕрсынц мӕлӕтӕй ӕмӕ йыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц»,— дзырдӕуы иу энциклопедийы («The World Book Encyclopedia»). «Дзырд „мӕлӕт“ Ныгуылӕны сси ӕнӕмбӕлон ныхасау»,— бафиппайдта иу историк. Иуӕй-иу адӕмтӕм та искӕй мӕлӕты хабар бамбарын кӕнынӕн пайда кӕнынц ахӕм ныхӕстӕй, куыд «ацыд» кӕнӕ «ныууагъта нӕ». Мӕлӕтӕй адӕм афтӕ кӕй тӕрсынц, уымӕн йӕ аххосаг у ӕбӕрӕгдзинад, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн мӕлӕт у сусӕгдзинад. Мӕлӕты рӕстӕджы цы ’рцӕуы, уый тыххӕй ӕцӕгад зонын та иуварс кӕны уыцы тас.
5 Цӕвиттонӕн, ӕркӕсӕм 15-аздзыд чызг Майкэлэнӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, уымӕ. Уый рынчын уыд лейкемийӕ ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст хъизӕмайраг мӕлӕт. Йӕ мад Пола дзуры: «Майкэлэн иудадзыг мӕлӕтыл нӕ хъуыды кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, мӕлӕт ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ кӕй у. Арӕх-иу ныхас кодтам Хуыцауы ног дуне ӕмӕ уым чи райгас уыдзӕн, уыдон тыххӕй. Майкэлэн фидарӕй ӕууӕндыд Иегъовӕ Хуыцауыл ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта райгасдзинадыл». Райгасдзинады ныфс уыцы хъӕбатыр ӕвзонг чызджы ссӕрибар кодта мӕлӕты ныфссӕттӕг тасӕй.
6, 7. Уды тыххӕй ӕцӕгад нӕ куыд сӕрибар кӕны ӕвӕрӕздзинадӕй? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
6 Куыд бандӕвта ӕцӕгад зонын Майкэлэны ныййарджытыл та? «Нӕ гыццыл чызджы мӕлӕт уыд нӕ царды уӕззаудӕр цау,— загъта йӕ фыд Джефф. — Фӕлӕ мах фидарӕй ӕууӕндӕм, Иегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ зынаргъ Майкэлэнӕн зӕрдӕбынӕй куы ахъӕбыс кӕндзыстӕм, уыцы бонмӕ. Цы амондджын фембӕлд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы!»
7 О, нӕ зӕрдиаг адӕймаг куы амӕлы, уӕд нӕ уды тыххӕй ӕцӕгад сӕрибар кӕны ӕвӕрӕздзинадӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдиаг адӕймаджы мӕлӕт цы рис ӕмӕ хъыгдзинад ӕрхӕссы, уымӕн ӕххӕстӕй сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй. Фӕлӕ райгасдзинады ныфс къаддӕр кӕны зӕрдӕйы хъыгдзинад, афтӕмӕй фыдохы рис сфӕразын бирӕ ӕнцондӕр у.
8, 9. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый зонын нӕ цавӕр тасӕй сӕрибар кӕны?
8 Библийы ӕцӕгад амӕлджыты уавӕры тыххӕй мах сӕрибар кӕны уыдоны тасӕй дӕр. Кӕддӕр мӕрдтимӕ баст мӕнг ӕгъдӕуттӕ кӕй ссӕстой, уыдонӕй бирӕтӕ амӕлджыты тыххӕй ӕцӕгад базонгӕйӕ, нал ризынц кӕлӕнтӕ, нысӕнттӕ, амулеттӕ, ӕмӕ фетишты тасӕй, уыимӕ сӕ фӕллой дӕр нал хардз кӕнынц амӕлджыты удты басабыр кӕнынӕн ӕмӕ ӕндӕргтӕй сӕхи хизынӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд мӕрдтӕ «ницы зонынц», уӕд уыдон иуылдӕр ӕнӕхъуаджы хъуыддӕгтӕ сты (Екклесиаст 9:5).
9 Библийы ӕцӕгад уды тыххӕй мах ӕцӕгдӕр сӕрибар кӕны ӕмӕ нӕ фидар кӕны. Фӕлӕ дын фидӕны тыххӕй Библи цавӕр диссаджы ныфс дӕтты?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]
Уды тыххӕй ӕцӕгад сӕрибар кӕны мӕлӕты тасӕй, амӕлджыты тасӕй, зӕрдиаг адӕймаджы мӕлӕты ӕвӕрӕздзинадӕй.