Уд ӕнӕмӕлгӕ у?
Уд ӕнӕмӕлгӕ у?
▸ Динтӕн сӕ фылдӕр ахуыр кӕнынц, адӕймаджы мидӕг кӕй ис цыдӕр — уд, кӕнӕ ӕндӕрг — ӕмӕ уыцы «цыдӕр» нӕ амӕлы, фӕлӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ баззайы. Ӕцӕгдӕр афтӕ у?
▸ Куыд фӕзынд ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад?
▸ Ацы ахуырад куыд райстой абоны динтӕн сӕ фылдӕр?
▸ Цы у уд ӕцӕгӕй?
▸ Цӕмӕн мӕлӕм?
▸ Удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
▸ Цавӕр ныфс ис амӕлджытӕн дӕр, ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр?
▸ Уды тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уымӕн исты нысаниуӕг ис?
Ацы фарстытӕн раст ӕмӕ уырнинаг дзуаппытӕ ис адӕймагады рагондӕр чиныджы. Уыдон равзарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн ацы брошюрӕ.