Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы у уд Библимӕ гӕсгӕ?

Цы у уд Библимӕ гӕсгӕ?

Цы у уд Библимӕ гӕсгӕ?

«Ӕмӕ адӕймаг сси удӕгас уд» УӔВЫНАД 2:7

1. Библи уды тыххӕй цы дзуры, уый бамбарынӕн нӕ цы хъӕуы равзарын?

 КУЫД федтам, афтӕмӕй уды тыххӕй бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Суанг ма афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, сӕ уырнындзинӕдтӕ Библийӕ ист сты, уыдонӕн дӕр уд цы у ӕмӕ йыл адӕймаджы мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй ис бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй Библи цы дзуры уды тыххӕй? Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ равзарын хъӕуы Библийы «уд»-ӕй тӕлмац дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдты нысаниуӕг.

«Уд» куыд удӕгас фӕлдисонд

2, 3. а) Дзуттаг Фыстыты «уд»-ӕй цавӕр дзырд ратӕлмац кодтой ӕмӕ сӕйраджыдӕр цы нысан кӕны? ӕ) Дзырд «уд» гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕй хауы, уый куыд бӕлвырд кӕны Уӕвынады 2:7 стих?

2 «Уд»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд не́феш 754 хатты ӕмбӕлы Дзуттаг Фыстыты — хонынц ма сӕ Рагон Фӕдзӕхст дӕр. Цы нысан кӕны не́феш? «Библи ӕмӕ дины дзырдуат» («The Dictionary of Bible and Religion») куыд амоны, афтӕмӕй уый «арӕхдӕр нысан кӕны удӕгас фӕлдисонд, гоймаг ӕнӕхъӕнӕй».

3 Зӕгъӕм, Уӕвынады 2:7-ы дзырдӕуы: «Хицау Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы зӕххы рыгӕй, ӕмӕ дзы ныффу кодта царды улӕфт, ӕмӕ адӕймаг сси удӕгас уд». Дохтыр чи сси, уый дохтыр куыд у, афтӕ Адамӕн дӕр уд нӕ уыд — уый йӕхӕдӕг уыд уд. Уӕдӕ дзырд «уд» амоны гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй.

4, 5. а) Дзырд «уд» гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕм хауы, ахӕм цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. ӕ) Адӕймаг уд кӕй у, уый «Библи ӕмӕ дины дзырдуат» куыд бӕлвырд кӕны?

4 Ацы хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕн ссарӕн ис Дзуттаг Фыстыты райдианӕй кӕронмӕ, цыран мах ӕмбӕлӕм ахӕм ныхӕстыл, куыд «искӕцы уд тӕригъӕд куы ракӕна» (Левит 4:2), «уд араздзӕн исты хъуыддаг» (Левит 23:30), «иу уды дӕр удӕгас ма ныууадз» (Дыккаг закъон 20:16), «йӕ уд сфӕлмӕцыд» (Тӕрхонгӕнджыты чиныг 16:16), «кӕдмӕ мын хъизӕмар кӕндзыстут мӕ уды?» (Иов 19:2), ӕмӕ «мӕ уд тайы ӕнкъарддзинадӕй» (Псалом 118:28).

5 Ацы тексты, уд ӕндӕрг кӕй у ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ кӕй баззайы, уымӕн йӕ кой дӕр нӕй. «Ахӕм ныхӕстӕ куыд „нӕ уарзон адӕймаджы уд Хуыцаумӕ ацыд“, кӕнӕ та „уд ӕнӕмӕлгӕ у“, Рагон фӕдзӕхсты заманты ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтаиккой»,— ӕмбарын кӕны «Библи ӕмӕ дины дзырдуат».

6, 7. Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «уд»-ӕй цавӕр ныхас ӕрцыд тӕлмац ӕмӕ цы нысан кӕны?

6 Чырыстон Грекъаг Фыстыты, хонынц ма сӕ Ног Фӕдзӕхст, сӕдӕ хаттӕй фылдӕр ӕмбӕлы «уд»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд психе́. Куыд не́феш, афтӕ ацы дзырд дӕр арӕх хауы гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм цалдӕр текстмӕ: «Мӕ уд сӕзмӕст ныр» (Иоанны 12:27); «Уыд тасдзинад алкӕцы удыл дӕр» (Куыстытӕ 2:43); «Сымахӕй иу уд дӕр нӕ фесӕфдзӕн» (Куыстытӕ 27:22, НФ); «Амардысты Сывӕллоны уды агурджытӕ» (Матфейы 2:20).

7 Не́феш дӕр ӕмӕ психе́ дӕр хауынц гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Библийы иртасӕг Найджел Тернер бахахх кодта, ацы дзырд кӕй «хауы адӕймагӕн йӕхимӕ, йӕ физикон буармӕ, кӕцыйы Хуыцау баулӕфыд руа́х [уд]. [...] Дзырд цӕуы адӕймагыл ӕнӕхъӕнӕй».

8. Цӕрӕгойтӕ дӕр удтӕ сты? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Библийы дзырд «уд» ӕрмӕст адӕймӕгтӕм нӕ хауы, фӕлӕ цӕрӕгойтӕм дӕр. Цӕвиттонӕн, доны цӕрӕгойты фӕлдисыны процесс ӕвдисгӕйӕ, Уӕвынады 1:20 хъусын кӕны Хуыцауы ныхӕстӕ: «Уадз доны сӕвзӕрӕд уырынгонтӕ, удӕгас удтӕ». Иннӕ сфӕлдыстадон бон та Хуыцау загъта: «Уадз сӕвзӕрӕд зӕххыл удӕгас удтӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, фос, ӕмӕ хилджытӕ, ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ» (Уӕвынад 1:24; абар Нымӕцтӕ 31:28). Уӕдӕ дзырд «уд» ахӕссӕн ис алы удӕгас фӕлдисондмӕ дӕр: адӕймагмӕ дӕр ӕмӕ цӕрӕгоймӕ дӕр.

«Уд» — цард

9. а) Цы хуызы ма пайдагонд цӕуы дзырд «уд»? ӕ) Уый «уд» адӕймаг йӕхӕдӕг кӕй у, уыцы хъуыдыйы ныхмӕ у?

9 Иуӕй-иу хатт дзырд «уд» фӕамоны адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цардмӕ. Уый нӕ ивы адӕймагмӕ кӕнӕ цӕрӕгоймӕ амонӕг дзырд «уд»-ы библион нысаниуӕг. Цӕвиттонӕн, адӕймагӕй фӕдзурынц, зӕгъгӕ, йын иуыл зынаргъдӕр цы ис, уый у йӕ цард. Афтӕ, удӕгас адӕймаг дӕр у уд. Ӕмӕ дзырд удӕгас адӕймагыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ «уд»-ӕй зӕгъӕн ис, уый кӕй ис адӕймагӕн.

10. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, кӕцытӕ ’вдисынц «уд» адӕймӕгты ӕмӕ цӕрӕгойты цардмӕ дӕр кӕй хауы.

10 Цӕвиттонӕн, Хуыцау Моисейӕн загъта: «Дӕ уд агурджытӕ се ’ппӕтдӕр амардысты» (Рацыд 4:19). Бӕрӕг у, знӕгтӕ Моисейы кӕй хъавыдысты марынмӕ. Раст ахӕм нысаниуӕджы пайдагонд цӕуы «уд» дӕлдӕр лӕвӕрд текстты: «Уӕ бӕсты нӕ уд мӕлӕтмӕ лӕвӕрд ӕрцӕуӕд» (Навины фырт Йесо 2:14); «Мӕ фырт мын... агуры мӕ уды» (2 Паддзахӕдты 16:11); «Рӕстгӕнӕг мӕт кӕны йӕ фосы удыл» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:10, АМТ); «Адӕймаджы Фырт... ӕрцыд, цӕмӕй... ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28); «Уыдон... сӕ удты нӕ бауарзтой суанг мӕлӕты онг» (Раргомад 12:11). Ацы цӕвиттонтӕй алкӕцыйы дӕр дзырд «уд» нысан кӕны «цард».

11. Цы зӕгъӕн ис Библи дзырд «удӕй» куыд пайда кӕны, уый тыххӕй?

11 Уӕдӕ, дзырд «уд» Библийы хауы адӕймагмӕ дӕр ӕмӕ цӕрӕгоймӕ дӕр, афтӕ ма нысан кӕны адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цард дӕр. Удӕн Библи цы бӕрӕггӕнӕн дӕтты, уый у хуымӕтӕг, фӕдфӕдылон ӕмӕ сӕрибар у ныхмӕдзыд философон ахуырӕдтӕ ӕмӕ адӕймаджы мӕнгуырнындзинадӕй. Фӕлӕ мӕлӕты фӕстӕ удыл цы ’рцӕуы? Цалынмӕ ацы фарстӕн дзуапп раттӕм, уӕдмӕ уал нӕ базонын хъӕуы, цӕмӕн мӕлӕм.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Уыдон иуылдӕр сты удтӕ.