Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн мӕлӕм?

Цӕмӕн мӕлӕм?

Цӕмӕн мӕлӕм?

«Хӕхты урс цъуппытӕ талынджы хуыссынц. Комгӕрон лӕгъзытӕ фӕлмы бын нӕрсынц. Рыг куы нӕ у фӕндаг, нал ризы сыфтӕр... О, фӕлӕуу, мӕ бӕстаг, аулӕф ды дӕр». ИОГАНН ВОЛЬФГАНГ ГЕТЕ, НЕМЫЦАГ ПОЭТ

1, 2. а) Адӕм цавӕр бӕллицимӕ фӕлдыст сты? ӕ) Цавӕр цард уыдис фыццаг адӕймагон къайӕн?

 ХУЫЦАУ адӕмы сфӕлдыста ӕнусон царды стыр бӕллицимӕ. Библийы дзырдӕуы, уый сын «кӕй бавӕрдта ӕнусондзинад сӕ зӕрдӕты» (Екклесиаст 3:11, АМТ). Фӕлӕ Хуыцау адӕмы ӕрмӕст ӕнусон царды бӕллицӕй нӕ фӕхайджын кодта. Уый ма сын ратта ӕнусон царды фадат дӕр.

2 Нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, фӕлдыст уыдысты ’ххӕстӕй, нӕдӕр зондӕй уыдысты сахъат, нӕдӕр буарӕй (Дыккаг закъон 32:4). Ахъуыды ма кӕн: нӕй низтӕ, фыдӕбӕттӕ, тасдзинад ӕмӕ сагъӕстӕ! Уымӕй уӕлдай ма сӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта диссаджы дзӕнӕтон хӕдзары. Хуыцауы фӕндон уыдис, цӕмӕй адӕймаг цардаид ӕнустӕм ӕмӕ цадӕггай зӕхх байдзаг уыдаид йе ’ххӕст цӕуӕтӕй (Уӕвынад 1:31; 2:15). Кӕд афтӕ уыд, уӕд мах цӕмӕн мӕлӕм?

Ӕгоммӕгӕсдзинад ӕркодта мӕлӕтмӕ

3. Адам ӕмӕ Евӕйы ӕнусон цард цӕуыл баст уыд?

3 Хуыцау Адамӕн загъта: «Дыргъдоны алы бӕласӕй дӕр хӕрдзынӕ; фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласӕй, уымӕй ма бахӕр; цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон мӕлӕтӕй амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:16, 17). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы коммӕ куы кастаиккой, ӕрмӕстдӕр сын уӕд уыдаид ӕнусон царды ныфс.

4. Тӕригъӕд саразгӕйӕ, Адам ӕмӕ Евӕ бынтондӕр цӕмӕн фесӕфтой ӕнустӕм дзӕнӕтон царды ныфс?

4 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы закъон фехӕлдтой (Уӕвынад 3:1—6). Уыдон систы тӕригъӕдджынтӕ уымӕн ӕмӕ «тӕригъӕд у ӕнӕзакъондзинад» (1 Иоанны 3:4). Афтӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕ бынтондӕр фесӕфтой ӕнусон царды ныфс. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт» (Ромӕгтӕм 6:23). Уӕдӕ, адӕймагӕн тӕрхон рахӕсгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Сыджыт дӕ ӕмӕ сыджытмӕ ныздӕхдзынӕ». Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ рагфыдӕлтӕ дзӕнӕтон хӕдзарӕй сырд ӕрцыдысты. Тӕригъӕд цы бон ракодтой, уыцы бон сын райдыдта сындӕг, фӕлӕ ӕнӕбауромгӕ мӕлӕты процесс (Уӕвынад 3:19, 23, 24).

‘Мӕлӕт бахызт ӕппӕт адӕммӕ’

5. Мӕлӕт ӕппӕт адӕммӕ куыд бахызт?

5 Тӕригъӕд арф уидӕгтӕ ауагъта Адам ӕмӕ Евӕйы туджы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕлд формӕйы хӕрзгъӕд продукци саразӕн куыд нӕй, афтӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон нал уыд ӕххӕст зӕнӕг рауадзын (Иов 14:4). Алы адӕймаг дӕр бӕлвырд кӕны, нӕ рагфыдӕлтӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ цӕутӕн дӕр кӕй фесӕфтой ӕххӕст ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнусон цард. Чырыстон апостол Павел фыста: «Иу адӕймагӕй тӕригъӕд куыд бацыд дунемӕ, ӕмӕ тӕригъӕдӕй мӕлӕт, афтӕ мӕлӕт дӕр бахызт ӕппӕт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый мидӕг иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой» (Ромӕгтӕм 5:12; абар Псалом 50:7).

6. Цӕмӕн мӕлӕм?

6 Адӕм цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, уый абон ахуыргӕндтӕ бӕлвырдӕй нӕ зонынц. Фӕлӕ нын Библи ӕмбарын кӕны, нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уый аххоссӕй кӕй мӕлӕм. Мӕлӕты фӕстӕ та цы ’рцӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]